Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдтон, Хуыцауы адӕм Корейы куыд фылдӕр кодтой

Уыдтон, Хуыцауы адӕм Корейы куыд фылдӕр кодтой

Уыдтон, Хуыцауы адӕм Корейы куыд фылдӕр кодтой

Радзырдта йӕ Милтон Хамильтон

«Хъыгагӕн, Республикӕ Корейы хицауад сымахӕн, миссионертӕн, бар нӕ радта, цӕмӕй сӕ бӕстӕмӕ ӕрцӕуат ӕмӕ сӕ куыд бамбӕрстам, афтӕмӕй сӕ уе ’рцыд нӕ фӕнды... Хабар афтӕ кӕй рауад, уымӕ гӕсгӕ уӕ рӕстӕгмӕ нысан кӕнӕм Японмӕ».

АЦЫ писмо мӕ бинойнагимӕ райстам 1954 азы кӕрон Бруклинӕй (Нью-Йорк, АИШ). Уыцы азы райдианы каст фестӕм Галаады скъолайы 23-ӕм кълас штат Нью-Йорчы. Уыцы писмо куы райстам, уӕд рӕстӕгмӕ лӕггад кодтам горӕт Индианаполисы (штат Индиана).

Мӕ бинойнаг Лизимӕ (чызгӕй Лиз Семок) хистӕр кълӕсты ахуыр кодтам иумӕ. Фӕстӕдӕр, 1948 азы, нӕ цард баиу кодтам. Лиз тынг уарзта ӕххӕстрӕстӕг лӕггад, фӕлӕ Америкӕйӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуа ӕмӕ уым лӕггад кӕна, уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Цы йын аивта йӕ хъуыды?

1953 азы сӕрды Нью-Йорчы, стадион Янкийы, уыд ӕппӕтдунеон конгресс. Уым уыд фембӕлд, Галаады скъолайы ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонимӕ, ӕмӕ Лиз сразы ис, цӕмӕй уырдӕм иумӕ бацыдаиккам. Уыцы фембӕлд нӕ афтӕ сразӕнгард кодта, ӕмӕ анкетӕтӕ байдзаг кодтам. Нӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, иннӕ къласмӕ нӕ куы фӕхуыдтой, уӕд. Ахуыр кӕнын та хъуамӕ райдыдтаиккам 1954 азы февралы.

Галаад куы фестӕм, уӕд нӕ снысан кодтой Кореймӕ. Корейы ӕртӕ азы цыди хӕст. 1953 азы сӕрды хӕст фӕци, фӕлӕ бӕстӕ уыд ӕдзӕллаг уавӕры. Райдианы цы писмойы кой кодтон, уым нын куыд загъд уыд, афтӕ уал фыццаг ацыдыстӕм Японмӕ. 20 боны дӕргъы фӕцыдыстӕм науыл ӕмӕ бынаты уыдыстӕм 1955 азы январы. Немӕ ма уыдысты, Кореймӕ ноджы цы ӕхсӕз миссионеры снысан кодтой, уыдон. Наулӕууӕны нӕм райсомы 6 сахатыл ӕнхъӕлмӕ каст Ллойд Бэрри, уӕды рӕстӕджы Японы филиалы цӕстдарӕг. Цасдӕры фӕстӕ араст стӕм Йокогамӕмӕ, миссионерты хӕдзармӕ. Цы бон ӕрцыдыстӕм, уыцы бон гыццыл фӕстӕдӕр ацыдыстӕм хъусын кӕнынмӕ.

Ӕрцыдыстӕм Кореймӕ

Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ нын Республикӕ Корейӕмӕ визӕтӕ радтой. 1955 азы 7 мартъийы ратахтыстӕм Токиойы Ханедайы аэропортӕй ӕмӕ ӕртӕ сахаты фӕстӕ уыдыстӕм Сеулы аэропорт Йойдойы. Нӕ размӕ рацыдысты корейаг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, уыдысты иу-200. Куы сӕ федтам, уӕд фырцинӕй нӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. Уыцы рӕстӕг ӕнӕхъӕн Корейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иу мин йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Хурныгуылӕн бӕстӕты цӕрджытӕй бирӕтау мах дӕр хъуыды кодтам, зӕгъгӕ, Хурыскӕсӕн бӕстӕты адӕмыхӕттытӕ иууылдӕр ӕмхуызон сты бакастӕй дӕр ӕмӕ ӕгъдауӕй дӕр. Фӕлӕ тынг тагъд бамбӕрстам, уый афтӕ кӕй нӕу. Корейӕгтӕн ӕрмӕст сӕхи ӕвзаг ӕмӕ алфавит нӕй, фӕлӕ ма сӕхи хӕринӕгтӕ ӕмӕ сӕхи дарӕс, стӕй хицӕн кӕнынц хуызӕй дӕр. Хицӕн кӕнынц, сӕ хӕдзӕрттӕ куыд арӕзт сты, уымӕй дӕр ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты.

Фыццаг зын хъуыддаг нын уыдис ӕвзаг сахуыр кӕнын. Иу ахуыргӕнӕн чиныг дӕр нӕм нӕ уыд. Тагъд рӕстӕджы бамбӕрстам, корейаг ӕвзаджы мыртӕ ӕрмӕст англисаг ӕвзаджы мыртӕй кӕй нӕй радӕттӕн. Ацы ӕвзагыл раст дзурын базонӕн ис, йӕ алфавит ын куы сахуыр кӕнай, ӕрмӕстдӕр уӕд.

Дзургӕ-дзурын-иу рӕдийгӕ дӕр фӕкодтам. Иу хатт уацамынды Лиз иу сылгоймаджы бафарста, Библи дӕм ис, зӕгъгӕ. Сылгоймаг ӕм дисгӕнгӕ бакаст ӕмӕ йын спичкӕтӕ рахаста. Лиз ын Библи (сонг кёнг) рахӕссын нӕ загъта, фӕлӕ спичкӕтӕ (сонг янг).

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ нӕ снысан кодтой хуссармӕ, наулӕууӕн горӕт Пусанмӕ. Уым хъуамӕ ссардтаиккам хӕдзар миссионертӕн. Нӕ бон баци баххуырсын ӕртӕ гыццыл уаты – мӕн ӕмӕ Лизӕн, ӕмӕ ма немӕ уырдӕм цы дыууӕ хойы арвыстой, уыдонӕн. Уыцы хӕдзары нӕдӕр кърант уыди, нӕдӕр канализаци. Дыккаг уӕладзыгмӕ уагъд уыд шланг, фӕлӕ йӕм дон хӕццӕ кодта ӕрмӕстдӕр ӕхсӕвыгон. Уымӕ гӕсгӕ радгай сӕумӕцъӕхӕй стадыстӕм ӕмӕ-иу мигӕнӕнтӕ донӕй байдзаг кодтам. Дон цӕмӕй нуазынӕн бӕззыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд фыцын, кӕнӕ йыл хлор кӕнын.

Фӕлӕ ӕрмӕст уый куы уыдаид. Рухс кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй нӕ бон нӕ уыди нӕ дзаумӕттӕ машинӕйы ’хсын ӕмӕ сыл иту ӕвӕрын. Хӕринаг фыхтам ӕрбахизӕны, керосинкӕйыл – ӕндӕр дзы ницы уыд. Цыбыр рӕстӕгмӕ иууылдӕр сахуыр стӕм алкӕй фаг дӕр хӕринаг кӕнын, кӕнгӕ та кодтам радгай. Не ’рцыдӕй ӕртӕ азы фӕстӕ ӕз ӕмӕ Лиз гепатитӕй фӕрынчын стӕм. Уыцы азты миссионертӕн сӕ фылдӕрыл бахӕцыд уыцы низ. Цалдӕр мӕймӕ нӕ къахыл не слӕууыдыстӕм, фӕлӕ ӕндӕр низтӕй дӕр хызт нӕ уыдыстӕм.

Ӕфсымӕртӕн ӕххуыс стӕм фӕлварӕнты

Фӕстаг 55 азы дӕргъы дӕр Корейы ӕрдӕгсакъадахыл тӕссаг у хӕстӕй. Ацы ӕрдӕгсакъадах дыууӕ хайыл дих кӕны, ӕфсадӕн бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм зонӕ (демилитаризованная зона). Уыцы зонӕ ис Республикӕ Корейы сӕйраг горӕт Сеулӕй 55 километры дарддӕр цӕгатырдӕм. 1971 азы нӕм Бруклинӕй, сӕйраг хайадӕй, ӕрцыд Фредерик Френц. Ӕз ӕмӕ Фредерик ацыдыстӕм уыцы зонӕйы онг. Зӕххыл афтӕ тынг ӕндӕр никӕцы зонӕ хъахъхъӕнынц. Бирӕ азты дӕргъы уыцы ран арӕх ӕмбӕлдысты Иугонд Нациты Организацийы минӕвӕрттӕ дыууӕ бӕстӕйы хицауады минӕвӕрттимӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах политикӕйы хайад нӕ исӕм, ӕмӕ уый хауы, Корейы ӕрдӕгсакъадахыл цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ дӕр (Иоан. 17:14). Корейы цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ исын кӕй нӕ комынц ӕмӕ ’фсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй дзы 13 мин ӕфсымӕры ахӕстоны фӕбадтысты ӕмткӕй райсгӕйӕ 26 мин азы (2 Кор. 10:3, 4). Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ Корейы се ’ппӕт дӕр ӕмбарынц, уыдонмӕ дӕр уый кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ уымӕй нӕ тӕрсынц. Хъыгагӕн сӕ Корейы хицауад нымайы «фыдгӕнджытыл». Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ «аххос» ӕрмӕстдӕр уый мидӕг ис, сӕ чырыстон ӕфсарммӕ кӕй хъусынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц.

Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы, 1944 азы, ӕз дӕр ӕфсадмӕ цӕуын нӕ акуымдтон ӕмӕ уый тыххӕй дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг фӕбадтӕн ахӕстоны Льюисбургы (АИШ, Пенсильвани). Ӕмӕ кӕд нӕ корейаг ӕфсымӕртӕ ахӕстӕтты зындӕр уавӕрты сты, уӕддӕр ӕй зонын, цытӕ ӕвзарынц, уый. Корейы цы миссионертӕ ис, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ ахӕм зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, ӕмӕ уый бирӕтӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы (Ис. 2:4).

Бахаудыстӕм зын уавӕры

Чырыстӕттӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй 1977 азы нӕхӕдӕг дӕр бахаудыстӕм зын уавӕры. Хицауадмӕ афтӕ фӕкаст, цыма мах корейаг фӕсивӕды ахӕм зондыл сарӕзтам, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма цӕуой ӕмӕ хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ ма исой. Уымӕ гӕсгӕ хицауад уынаффӕ рахаста, зӕгъгӕ, миссионертӕй исчи Корейӕ куы ацӕуа,– цӕйфӕнды тыххӕй ма уа, уӕддӕр,– уӕд ӕй фӕстӕмӕ нал бауадздзысты. Ӕмӕ афтӕ уыд 1977 азӕй 1987 азмӕ. Уыцы азты Корейӕ куы рацыдаиккам, уӕд нӕ фӕстӕмӕ нал бауагътаиккой. Уымӕ гӕсгӕ уыцы рӕстӕджы нӕ хиуӕтты иу хатт дӕр нӕ абӕрӕг кодтам.

Бирӕ хӕттыты-иу фембӕлдыстӕм хицауады кусджытимӕ, ӕмӕ-иу сын ӕмбарын кодтам, мах Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ политикӕмӕ ӕппындӕр кӕй ницы бар дарӕм. Ӕппынфӕстаг уыдон бамбӕрстой, кӕй ницӕмӕй фӕтӕрсдзыстӕм, ӕмӕ дӕс азы куы рацыд, уӕд сӕ уынаффӕ аивтой. Уыцы азты дӕргъы цалдӕр миссионеры Корейӕ ацыдысты, кӕй фӕрынчын сты, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕ фылдӕр баззадысты ӕмӕ ууыл нӕ фӕсмон кӕнӕм.

Нӕ Ӕхсӕнад Корейы хъусын кӕныны хъуыддагмӕ йӕ хъус дарын кӕмӕн бахӕс кодта, уыцы ӕфсымӕртӕй 1980 азты не знӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, лӕппу-фӕсивӕды ардауынц, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма цӕуой. Уымӕ гӕсгӕ нӕм хицӕуттӕ радгай сидтысты ӕмӕ нӕм фарстытӕ лӕвӕрдтой. 1987 азы 22 январы прокуратурӕйы ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты. Уый фӕрцы нын фӕстӕдӕр хицӕуттимӕ ныхас кӕнын уыд ӕнцондӕр.

Хуыцау нын нӕ куыстӕн арфӕ кӕны

Политикӕйы кӕй нӕ архайӕм, уый тыххӕй Корейы не знӕгтӕ азӕй-азмӕ нӕ ныхмӕ тынгдӕр цыдысты, ӕмӕ нын зындӕрӕй-зындӕр кодта, конгресс-иу кӕм ауагътаиккам, ахӕм бынат ссарын. Уымӕ гӕсгӕ Ӕвдисӕнтӕ сӕхи хъӕппӕрисӕй Пусаны сарӕзтой Конгрессты зал – фыццаг ахӕм зал Хурыскӕсӕны. 1976 азы 5 апрелы уыцы зал Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд мӕнмӕ ахӕм стыр кад ӕрхауд, цӕмӕй 1 300 адӕймаджы раз ныхасы рацыдаин.

1950 азӕй америкаг ӕфсӕддонтӕй дӕсгай минтӕ службӕ кодтой Корейы. Иугонд Штаттӕм фӕстӕмӕ куы аздӕхтысты, уӕд сӕ бирӕтӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Арӕх нӕм фӕфыссынц писмотӕ. Йегъовӕйы базонынӕн сын кӕй баххуыс кодтам, уый мах нӕхицӕн стыр арфӕдзинадыл нымайӕм.

2006 азы 26 сентябры мыл стыр зиан ӕрцыд – йӕ цардӕй ахицӕн мӕ уарзон цардӕмбал Лиз. Тынг ӕй мысын. Ам цы 51 азы лӕггад кодтам, уыцы азты дӕргъы-иу нын цыфӕнды ма бахӕс кодтаиккой – «нӕ» никуы загъта ӕмӕ никуы бахъуыр-хъуыр кодта. Кӕд ӕй кӕддӕр Америкӕйӕ никуыдӕм фӕндыд ацӕуын, уӕддӕр «фӕстӕмӕ аздӕхӕм», зӕгъгӕ, никуы загъта, стӕй никуы ницӕмӕй равдыста, хӕдзармӕ йӕ кӕй фӕнды!

Ӕз абон дӕр лӕггад кӕнын Корейы Вефилы. Фыццаг вефилӕгтӕ цалдӕр адӕймаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты, ныр та сты 250 бӕрц. Филиалы Комитет разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн Корейы, ӕмӕ мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, уыцы комитеты цы авд ӕфсымӕры ис, уыдонӕй иу ӕз кӕй дӕн.

Кореймӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд уыд тынг мӕгуыр бӕстӕ, ныр та у дунейы хъӕздыгдӕр бӕстӕтӕй иу. Абон Корейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 95 минӕй фылдӕр ӕмӕ сӕ 40 проценты лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Ӕз тынг бузныг дӕн Хуыцауӕй, ам кӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ, Хуыцауы адӕм куыд фылдӕр кӕнынц, уый мӕхи цӕстӕй кӕй уынын.

[Ныв 24 фарсыл]

Иннӕ миссионертимӕ ӕрцыдыстӕм Кореймӕ

[Ныв 24, 25 фарсыл]

Лӕггад кӕнӕм Пусаны

[Ныв 25 фарсыл]

Френцимӕ дыууӕ Корейы арӕны цур, 1971 аз

[Ныв 26 фарсыл]

Лизимӕ йӕ мӕлӕты размӕ

[Ныв 26 фарсыл]

Корейы филиал, кӕм лӕггад кӕнын, уый