Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн хъуамӕ цӕрай рӕстӕй?

Цӕмӕн хъуамӕ цӕрай рӕстӕй?

Цӕмӕн хъуамӕ цӕрай рӕстӕй?

«О Йегъовӕ, тӕрхон мын кӕн... куыд рӕстӕй цӕрын, уымӕ гӕсгӕ» (ПС. 7:8).

1, 2. Чырыстон рӕстӕй цӕры ӕви нӕ, уый арӕх цавӕр уавӕртӕй рабӕрӕг вӕййы?

НӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕнӕм ахӕм ныв, иу лӕппу фембӕлд йе ’мкъласонтыл ӕмӕ йемӕ хылкъахӕн кӕнынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй сӕм исты сдзура кӕнӕ семӕ фӕхыл уа. Смӕсты сӕм уыдзӕн ӕмӕ сӕм исты сдзурдзӕн ӕви йӕхиуыл фӕхӕцдзӕн ӕмӕ ацӕудзӕн? Кӕнӕ та бинонты хистӕр хӕдзары иунӕгӕй ис ӕмӕ Интернеты цыдӕртӕ агуры. Ӕвиппайды экраныл фӕзынд рамкӕ. Ӕрмӕстдӕр иу къӕпп, ӕмӕ хӕлд нывты веб-сайтмӕ бахиздзӕн. Цымӕ куыд бакӕндзӕн: йӕхи бауромдзӕн ӕви нӕ? Йе та иу хо иннӕ хотимӕ ныхас кӕны ӕмӕ уӕдмӕ кӕйдӕр фыдкой кӕнын райдыдтой. Уый дӕр иннӕты ныхӕстӕм исты зӕгъдзӕн ӕви ныхас иннӕрдӕм аздахдзӕн?

2 Ацы ӕртӕ уавӕры ӕмхуызонӕй цыдӕр ис. Алкӕцыйы дӕр дзы чырыстоны хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй ӕнаиппӕй баззайа, равдиса рӕстӕй кӕй цӕры, уый. Царды цӕмӕ тырныс, цӕуыл сагъӕс кӕныс, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дарыс, рӕстӕй кӕй хъуамӕ цӕрай, ӕнаипп кӕй хъуамӕ уай? Алы бон дӕр адӕм фӕхъуыды кӕнынц сӕ конд ӕмӕ сӕ уындыл, се ’нӕниздзинадыл, цардамӕлттӕ куыд кӕной, ууыл; хъуыды ма кӕнынц, се ’мбӕлттимӕ цы хорз рӕстӕг ӕрвыстой йе та цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уыдӕттыл, ӕмӕ ма сӕ уарзӕттыл дӕр. Ахӕм хъуыддӕгтыл тынг лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕтӕ куы фесгары, уӕд ӕй цы фӕфӕнды фенын? (Пс. 139:23, 24). Уый фӕнды фенын, рӕстӕй кӕй цӕрӕм, ӕнаипп кӕй стӕм.

3. Цавӕр бар нын дӕтты Йегъовӕ ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» цӕуынц Йегъовӕйӕ, ӕмӕ нӕ уый алкӕйдӕр схайджын кодта алыхуызон лӕвӕрттӕй (Иак. 1:17). Буар, зонд, ӕнӕниздзинад ӕмӕ алыхуызон курдиӕттӕ – ӕппӕт адӕтты тыххӕй хъуамӕ бузныг уӕм Хуыцауӕй (1 Кор. 4:7). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ тыххӕй нӕ цӕрын кӕны рӕстӕй. Бар нын дӕтты, цӕмӕй нӕхӕдӕг равзарӕм, рӕстӕй цӕрдзыстӕм ӕви нӕ (Дык. з. 30:19). Уӕдӕ мах хъӕуы бамбарын, цы нысан кӕны рӕстӕй цӕрын, кӕнӕ цы у ӕнаипдзинад. Ӕркӕсдзыстӕм ма, рӕстӕй цӕрын ахсджиаг цӕмӕн у, уый чи ӕвдисы, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ дӕр.

Цы нысан кӕны рӕстӕй цӕрын?

4. Цы нысан кӕны рӕстӕй цӕрын ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕ нывонд хӕссыны тыххӕй цы закъон радта, уымӕй?

4 Бирӕтӕ кӕронмӕ не ’мбарынц, рӕстӕй цӕрын цы нысан кӕны, уый. Библийы рӕстӕй цӕрыны кой куы фӕцӕуы, уӕд ӕй ахӕссӕн вӕййы, адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт, хӕрзӕгъдау куы вӕййы, исты хъуыддаг ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы фӕкӕны. «Рӕстӕй цӕрын»-мӕ йӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ хӕстӕг цы рагон дзуттаг дзырдтӕ лӕууы, уыдонӕн сӕ иумӕйаг уидаг нысан кӕны «хӕрзӕгъдау», «ӕнӕхъӕн», «ӕнаипп». Ацы дзырдтӕй иуӕй пайда кӕнынц, Йегъовӕйӕн нывондӕн цы фос хастой, уыдонмӕ. Хуыцауы зӕрдӕмӕ цыд ӕрмӕстдӕр ӕнӕсахъат, кӕнӕ ӕнаипп, фос. (Бакӕс Левит 22:19, 20.) Йегъовӕ карзӕй дзырдта, йӕ фӕдзӕхст ын чи не ’ххӕст кодта, ӕмӕ йын къуылых, рынчын кӕнӕ куырм фос нывондӕн чи хаста, уыдоны ныхмӕ (Мал. 1:6–8).

5, 6. а) Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, адӕм арӕхдӕр кӕй фӕаргъ кӕнынц, ӕнӕхъӕн кӕнӕ, цъӕл цы нӕу, ахӕм дзаумӕттӕн? ӕ) Цӕмӕй адӕймаг ӕнаипп уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ ӕххӕст уа? Бамбарын ӕй кӕн.

5 Диссаг нӕу, адӕймаджы, ӕнӕхъӕн кӕнӕ ӕнаипп цы у, ахӕм цыдӕр кӕй фӕхъӕуы ӕмӕ йын кӕй фӕаргъ кӕны, уый. Зӕгъӕм, чингуытӕ чи ӕмбырд кӕны, ахӕм нӕлгоймаг бирӕ фӕагуырдта ӕмӕ ӕппынфӕстаг ссардта тынг стӕм ӕмӕ зынаргъ чиныг. Фӕлӕ йӕ куы рафӕлдӕхта, уӕд федта, цалдӕр сыфы дзы кӕй нӕй, афтӕмӕй та йӕ уыцы сыфтӕ тынг хъуыдысты. Уый йӕ, чи зоны, фӕфыдӕнхъӕл кӕна, ӕмӕ чиныг фӕстӕмӕ тӕрхӕгыл сӕвӕра. Кӕнӕ-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн: сылгоймаг денджызы былыл рацу-бацу кӕны ӕмӕ ракушкӕтӕ ӕмбырд кӕны. Цынӕхуызон дзы ис! Иу дзы сисы, ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг фӕракӕс-бакӕс кӕны, стӕй та ӕндӕр сисы. Кӕцытӕ дзы равзардзӕн? Ӕнӕхъӕнтӕ, цъӕл чи нӕу, ахӕмтӕ. Раст афтӕ Хуыцау дӕр агуры, йӕ зӕрдӕ «ӕнӕхъӕн» кӕмӕн у, ома йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи у, ахӕм адӕймӕгты (2 Аз. 16:9).

6 Фӕлӕ цӕмӕй адӕймаг рӕстӕй цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст уа? Ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, йӕ сыфтӕ скъуыд кӕмӕн сты, ахӕм чиныг кӕнӕ цъӕл ракушкӕйӕ уӕлдай не стӕм. Ахӕм хъуыдытӕ дӕм фӕзыны? Кӕд о, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕ нӕ нӕ домы, цӕмӕй мах дӕр уыйау ӕххӕст уӕм. Стӕй, нӕ бон цы нӕу, уый дӕр нын никуы фӕкӕнын кӕны * (Пс. 103:14; Иак. 3:2). Ӕрмӕст ӕй фӕнды, цӕмӕй рӕстӕй цӕрӕм. Адӕймаг ӕххӕст уа ӕмӕ ӕнаипп уа, уыцы дыууӕ хъуыддаджы цымӕ истӕмӕй хицӕн кӕнынц? Куыннӕ ма. Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл: лӕппу чызджы уарзы ӕмӕ хъуамӕ сӕ цард баиу кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕппу афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ уарзон ӕххӕст адӕймаг у. Фӕлӕ уый ницӕмӕй рӕдийы, уыцы чызг ӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарздзӕн, уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Раст афтӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй «ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион» (Рац. 20:5). Ӕххӕст уӕм, уый нӕ нӕ домы, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ ӕрмӕст уымӕн кувӕм.

7, 8. а) Ӕнаипдзинад цы у, уый Йесо куыд равдыста? ӕ) Фыстадмӕ гӕсгӕ ӕнаипдзинад цы нысан кӕны?

7 Ӕвӕццӕгӕн ма йӕ хъуыды кӕнӕм, Йесойы куы бафарстой, закъӕттӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд цы дзуапп радта. (Бакӕс Марчы 12:28–30.) Йесо ӕрмӕст дзуапп нӕ радта, фӕлӕ дзургӕ куыд кодта, цӕргӕ дӕр афтӕ кодта. Уый у ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон, Йегъовӕйы ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзын куыд хъӕуы, уымӕн. Йесо равдыста, ӕнаипдзинад ӕрмӕст ныхӕстӕй кӕй нӕ вӕййы бӕрӕг, фӕлӕ, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аразы, уыцы хъуыддӕгтӕй. Уӕдӕ цӕмӕй ӕнаипп уӕм, рӕстӕй цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм (1 Пет. 2:21).

8 Фыстадмӕ гӕсгӕ ӕнаипдзинад нысан кӕны, нӕ уӕларвон Фыдыл, Йегъовӕ Хуыцауыл, иузӕрдион кӕй хъуамӕ уӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм. Хъуамӕ алы бон дӕр афтӕ цӕрӕм, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Уый ахсджиагыл цы хъуыддӕгтӕ нымайы, уыдон махӕн дӕр хъуамӕ ахсджиаг уой. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, рӕстӕй цӕрын, кӕнӕ ӕнаипдзинад ахсджиаг цӕмӕн у, уый чи ӕвдисы, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ.

1. Ӕнаипдзинад ӕмӕ дзырддаг фарст

9. Не ’наипдзинад дзырддаг фарстимӕ куыд баст у?

9 Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уыцы хъуыддагыл, мах ӕнаипп стӕм ӕви нӕ, уый не ’ндавы. Йегъовӕ у раст ӕмӕ ӕнусон хицау, ӕмӕ йӕ бар алцӕуылдӕр цӕуы. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн кӕддӕриддӕр, чифӕнды цыфӕнды ма дзура кӕнӕ ма араза, уӕддӕр. Фӕлӕ Хуыцау хицау кӕй у, уый сси дзырддаг уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, зӕдты ӕмӕ адӕмы раз дӕр хъуамӕ сбӕлвырд уа, Хуыцауӕн хицауиуӕг кӕныны бар кӕй ис, стӕй раст ӕмӕ уарзӕгой хицау кӕй у, уый. Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, уарзӕм Хуыцауы хицаудзинады тыххӕй ныхас кӕнын, зӕрдиагӕй нӕм чи байхъусы, уыдонимӕ. Уӕдӕ дзырддаг фарсты кӕй фарс стӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у? Куыд равдисӕм, Йегъовӕйы нӕ хицауыл кӕй нымайӕм? Не ’наипдзинадӕй, рӕстӕй кӕй цӕрӕм, уымӕй.

10. Сайтан адӕмӕй цы загъта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй дӕ бон цы у саразын?

10 Цымӕ де ’наипдзинадӕн исты нысаниуӕг ис? Хӕйрӕг куыд загъта, афтӕмӕй иу адӕймаг дӕр Хуыцауы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй йын нӕ лӕггад кӕндзӕн. Ӕппӕт зӕдты раз Сайтан Йегъовӕйӕн загъта: «Царм цармы тыххӕй, фӕлӕ адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Дӕ хъус-ма ’рдар, Сайтан ацы ныхӕстӕ ӕрмӕст рӕстаг Иовӕй кӕй нӕ загъта, фӕлӕ ӕппӕт адӕмӕй дӕр. Уӕдӕ Библи дӕр Сайтаны тыххӕй дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, у, «не ’фсымӕртыл... фаутӕ чи ӕвӕры, уый» (Рарг. 12:10). Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн фидис кӕны, кӕронмӕ йыл иузӕрдионӕй иу чырыстон дӕр кӕй нӕ баззайдзӕн – ӕмӕ афтӕ зӕгъы дӕуӕй дӕр. Сайтан ма дзуры, дӕ уд фервӕзын кӕныны тыххӕй Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ кӕй сивдзынӕ. Цы хъуыды кӕныс уыцы мӕнг ныхӕсты тыххӕй? Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын дӕ нӕ фӕнды? Уый та дӕ бон саразын у, рӕстӕй кӕй цӕрыс, уымӕй.

11, 12. а) Цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, алы бон дӕр цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдон не ’наипдзинадимӕ баст кӕй сты? ӕ) Рӕстӕй цӕрын стыр кад цӕмӕн у?

11 Алы бон дӕр рӕстӕй цӕрдзыстӕм ӕви нӕ, уый дзырддаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, алы бон дӕр цы уынаффӕтӕ хӕссӕм ӕмӕ нӕхи куыд дарӕм, уый. Ногӕй-ма нӕ хъус ӕрдарӕм, райдианы цы ӕртӕ цӕвиттоны ӕрхастам, уыдонмӕ. Цы ӕртӕ чырыстоны кой кодтам, уыдон куыд хъуамӕ бакодтаиккой, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, рӕстӕй кӕй цӕрынц, уый? Йе ’мкъласонтӕ кӕуыл худтысты, уыцы лӕппуйы тынг фӕндыд, йӕ маст сӕ куы райстаид, фӕлӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд мӕнӕ ацы фӕдзӕхст: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ром. 12:19). Ӕмӕ сӕ уый дӕр ныууагъта ӕмӕ ацыд. Интернеты цыдӕртӕ чи агуырдта, уыцы нӕлгоймагӕн йӕ бон уыд хӕлд нывтӕм бакӕсын, фӕлӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Иовы ныхӕстӕ: «Ӕз бадзырд сарӕзтон мӕ цӕстытимӕ. Уӕд ма чызгмӕ куыд хъуамӕ бакастаин?» (Иов 31:1). Ӕфсымӕр йӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм азылдта – уыцы ӕнӕгъдау нывтӕ йын маргӕй уӕлдай не сты. Иу хо иннӕ хотимӕ куы ныхас кодта ӕмӕ ныхас кӕйдӕр фыдкоймӕ куы ахызт, уӕд йӕхиуыл фӕхӕцыд ӕмӕ иннӕты ныхасмӕ йӕ ныхас нӕ баппӕрста, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд ахӕм фӕдзӕхст: «Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, фидардӕр ӕй цы фӕкӕндзӕн, ууыл» (Ром. 15:2). Уыцы дам-думтӕй никӕй бафидар кодтаид. Уыдонӕй йӕхи чырыстон ном дӕр фӕчъизи кодтаид ӕмӕ ма йӕ уӕларвон Фыды дӕр фӕхъыг кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ хо йӕ дзыхыл фӕхӕцыд ӕмӕ ныхас ӕндӕрӕрдӕм аздӕхта.

12 Ацы цӕвиттонтӕй алкӕцыйы дӕр чырыстон куыд бакодта, уымӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ у мӕ хицау. Ӕз бацархайдзынӕн, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ бакӕнын». Ды дӕр исты уынаффӕ куы фӕхӕссыс ӕмӕ исты куы фӕаразыс, уӕд, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ бакӕныныл фӕархайыс? Кӕд о, уӕд ды дӕр цӕрыс, Ӕмбисӕндты 27:11 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын». Цӕй стыр кад у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын! Уӕдӕ рӕстӕй цӕрыныл ӕппӕт тыхтӕй куыннӕ хъуамӕ архайӕм!

2. Ӕнаипдзинад ӕмӕ Хуыцауы тӕрхон

13. Иов ӕмӕ Давиды ныхӕстӕй куыд зыны, Йегъовӕ нын, рӕстӕй цӕрӕм ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ кӕй тӕрхон кӕны?

13 Куыд федтам, афтӕмӕй нын не ’наипдзинад фадат дӕтты, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый ӕвдисынӕн. Хуыцау дӕр нын растдӕр уымӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕндзӕн. Иов хорз ӕмбӕрста ацы хабар. (Бакӕс Иов 31:6.) Уый зыдта, Хуыцау ӕппӕт адӕмы дӕр «раст тӕрӕзтыл» кӕй бары ӕмӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй бӕрӕг кӕны, рӕстӕй цӕрӕм ӕви нӕ, уый. Давид дӕр загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ адӕмтӕн тӕрхон рахӕсдзӕн. О Йегъовӕ, тӕрхон мын кӕн мӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ, куыд рӕстӕй цӕрын, уымӕ гӕсгӕ. [...] Рӕстаг Хуыцау фӕлвары зӕрдӕ ӕмӕ уыргтӕ» (Пс. 7:8, 9). Мах ӕй зонӕм, Хуыцау адӕймагӕн кӕй уыны йӕ «зӕрдӕ ӕмӕ [йӕ] уыргтӕ», ома йӕ арф хъуыдытӕ дӕр. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцау цӕмӕ кӕсы, уый. Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын кӕй тӕрхон кӕны, рӕстӕй цӕрӕм ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ.

14. Ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый нӕ цӕуылнӕ хъуамӕ бахъыгдара рӕстӕй цӕрын?

14 Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ Хуыцау лӕмбынӕг кӕсы миллиардгай адӕмы зӕрдӕтӕм (1 Аз. 28:9). Цымӕ арӕх ссары ӕнаипп адӕмы? Ахӕмтӕ сты тынг стӕм. Фӕлӕ афтӕ дӕр хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ нӕм уыйбӕрц хъӕндзинӕдтӕ ис, ӕмӕ нӕ ӕнаипп нӕй схонӕн. Давид ӕмӕ Иовау махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нӕ ӕнаипп адӕймӕгтыл кӕй банымайдзӕн, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр. Цӕмӕй адӕймаг ӕнаипп уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ ӕххӕст уа. Зӕххыл уыд ӕрмӕстдӕр ӕртӕ ӕххӕст адӕймаджы, фӕлӕ дзы дыууӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, рӕстӕй цӕрын нӕ бафӕрӕзтой. Ӕнӕххӕст адӕмӕй та милуантӕн уый сӕ бон баци. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон бауыдзӕн.

3. Ӕнаипдзинад ӕмӕ не ’нусон царды ныфс

15. Давид куыд равдыста, ӕнусон царды ныфс, рӕстӕй цӕрӕм ӕви нӕ, ууыл баст кӕй у, уый?

15 О, Йегъовӕ нын тӕрхон кӕндзӕн, рӕстӕй цӕрӕм ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ не ’нусон царды ныфс дӕр баст у не ’наипдзинадыл. Афтӕ кӕй у, уый Давид дӕр зыдта. (Бакӕс Псалом 41:12.) Уый тынг аргъ кодта, Хуыцау ӕм ӕнустӕм хорз зӕрдӕ кӕй дардзӕн, уымӕн. Абоны ӕцӕг чырыстӕттау Давиды дӕр ныфс уыдис, ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн, Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕндзӕн ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕндзӕн. Давид ӕмбӕрста, цӕмӕй йӕхи цӕстӕй федтаид, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдӕттӕ, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ цардаид рӕстӕй. Мах дӕр рӕстӕй куы цӕрӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ йе ’ххуысӕй цух нӕ уадздзӕн, ахуыр нӕ кӕндзӕн, разамынд нын дӕтдзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн.

16, 17. а) Цӕмӕн дӕ фӕнды алкӕддӕр рӕстӕй цӕрын? ӕ) Цавӕр фарстытыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

16 Ӕнӕ ныфсӕй мах амондджын никуы уыдзыстӕм. Ныфс нын циндзинад дӕтты зын рӕстӕджыты. Ныфс нын хъахъхъӕны нӕ зондахаст дӕр. Рох дӕ ма уӕд, Библи ныфс згъӕрхудимӕ кӕй бары, уый (1 Фес. 5:8). Хӕсты рӕстӕджы ӕфсӕддонӕн згъӕрхуд йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ нын ныфс нӕ зонд хъахъхъӕны, Сайтан ацы зӕронд дунейы адӕмы цы ӕвзӕр ӕмӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытыл ӕфтауы, уыдонӕй. Адӕймаджы ныфс куы нӕ уа, уӕд йӕ цард ницы у. Уӕдӕ хъуамӕ лӕмбынӕг ныккӕсӕм нӕ зӕрдӕтӕм ӕмӕ раиртасӕм, рӕстӕй цӕрӕм ӕви нӕ, стӕй базонӕм, не ’наипдзинад нын цы ныфс дӕтты, уый фидар у ӕви нӕ. Рох дӕ ма уӕд: кӕд рӕстӕй цӕрыс, уӕд дзырддаг фарсты Йегъовӕйы фарс лӕууыс, ӕмӕ афтӕмӕй дӕ диссаджы ныфс хъахъхъӕныс. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр ӕнаипп уӕм!

17 Рӕстӕй цӕрын ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ-ма ӕркӕсӕм ноджы цалдӕр фарстмӕ. Куыд сахуыр уӕм уӕм рӕстӕй цӕрын? Цы аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр ӕнаипп уӕм? Ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг рӕстӕй чи нал цӕры, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон цы у бакӕнын? Ацы фарстытӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Йесо загъта: «Уӕдӕ ут ӕххӕст, уӕ уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ» (Матф. 5:48). Ацы ныхӕстӕй Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмы дӕр ӕххӕст схонӕн кӕй вӕййы. Нӕ бон у адӕмы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзын ӕмӕ уымӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ алцӕмӕй дӕр у ӕххӕст. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ, ӕнаипп у, зӕгъгӕ, куы зӕгъӕм, уӕд уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕххӕст у (Пс. 18:30).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы нысан кӕны рӕстӕй цӕрын?

• Нӕ ӕнаипдзинад дзырддаг фарстимӕ куыд баст у?

• Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг рӕстӕй куы цӕра, уӕд ӕй ӕнусон цардӕй фидар ныфс кӕй уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Алы бон дӕр не ’наипдзинад фӕлвӕрд цӕуы