Цӕссыгтӕ лалымы
Цӕссыгтӕ лалымы
ИУ ӔРЫГОН нӕлгоймаг ӕмбӕхсти йе знӕгтӕй. Фырадӕргӕй цы фӕуыдаид, уый нӕ зыдта. Йӕ цӕстытӕ-иу доны зылдысты, Йегъовӕ Хуыцаумӕ-иу куы куывта, уӕд. Уый йын лӕгъстӕ кодта: «Мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр» (Пс. 56:8). Уыцы нӕлгоймаг уыд Давид, фӕстӕдӕр Израилы паддзах чи сси, уый. Фӕлӕ цавӕр лалымы кой кодта ӕмӕ нын Хуыцау нӕ цӕссыгтӕ лалымы куыд ӕвӕры?
Давид тынг хорз зыдта, лалым цы у, уый. Уым-иу дардтой дон, сой, сӕн ӕмӕ ма суанг нӕлхӕ дӕр. Абон дӕр ӕдзӕрӕг быдыр Сахарайы цӕугӕцардгӕнджытӕ, туарегтӕ, пайда кӕнынц сӕгъы цармӕй йе та фысы цармӕй конд лалымтӕй. Лалымы бацӕуы бирӕ дон, кӕд ӕй цы фысы, йе та цы сӕгъы цармӕй сарӕзтой, уый стыр уыд, уӕд. Лалымтӕй тынгдӕр уымӕн пайда кӕнынц, ӕмӕ сӕ дон уазалӕй баззайы суанг ӕдзӕрӕг быдыры судзгӕ хурмӕ дӕр. Рагзаманты лалымтӕ ластой хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл. Суанг ма абон дӕр лалым фенӕн ис, фӕндӕгтӕ кӕм нӕй, ахӕм рӕтты чи фӕцӕуы, ахӕм машинӕтыл.
Давид кувгӕйӕ цы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ загъта, уыдон махӕн бирӕ цӕуылдӕртыл дзурӕг сты. Цӕуыл? Библийы фыст ис, ацы дуне Сайтаны къухы кӕй ис, ӕмӕ Сайтан та абон тынг мӕсты у. Уый тыххӕй ис зӕххыл утӕппӕт маст ӕмӕ бӕллӕхтӕ (Рарг. 12:12). Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр Давидау бирӕтӕ сты зӕрдӕрыст, стӕй удхар кӕнынц. Уӕлдай зындӕр та у, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл чи архайы, уыдонӕн. Мыййаг уый дӕумӕ дӕр хауы? Ахӕм иузӕрдион адӕймӕгтӕ сӕ къухтӕ нӕ ауадзынц, фӕлӕ архайынц рӕстӕй цӕрыныл, кӕд хатт кӕугӕ дӕр фӕкӕнынц, уӕддӕр (Пс. 126:6). Уыдон дызӕрдыг нӕ кӕнынц, сӕ уӕларвон Фыд сын ӕрмӕст сӕ зындзинӕдтӕ кӕй нӕ уыны, фӕлӕ ма уыцы зындзинӕдтӕй сӕ зӕрдӕ куыд фӕриссы, уый дӕр. Йегъовӕ ӕмбары, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы рис ӕвзарынц, уый, ӕмӕ сын сӕ цӕссыгтӕ ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ йӕ зӕрдыл дары – ахӕсгӕ хуызы сӕ йӕ лалымы ӕвӕры.