Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 1 хай

Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 1 хай

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 1 хай

АЦӔРГӔ апостол Иоанн Патмосы сакъадахмӕ хаст куыд уыд, уӕд федта 16 цӕстылуайӕны. Иоанн уыцы цӕстылуайӕнты федта, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти Хицауы боны цы араздзысты, уый. Уыцы бон райдыдта, 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад куы сфидар, уӕд ӕмӕ фӕуыдзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады кӕрон. Иоанны диссаджы цӕстылуайӕнтӕ фыст сты Раргомады чиныджы. Фысгӕ та сӕ ныккодта н. э. 96 азмӕ ’ввахс.

Ӕркӕсӕм Раргомады 1:1–12:17 ахсджиаг хъуыдытӕм. Уым фыст ис, Иоанн цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдонӕй авд. Ацы цӕстылуайӕнтӕ нӕ уымӕн цымыдис кӕнынц, ӕмӕ ӕвдисынц, нӕ рӕстӕджы дунейы чи цӕуы, уыцы хабӕрттӕ, стӕй тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ хъуыддӕгтӕм куыд ӕркӕсдзӕн, уый. Ацы хабӕрттӕ, чи сӕ кӕсы ӕмӕ сыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн удӕнцой хӕссынц ӕмӕ сӕ фидар кӕнынц (Дзут. 4:12).

«УӔРЫКК» АВД МЫХУЫРӔЙ ӔХСӔЗ ИСЫ

(Рарг. 1:1–7:17)

Иоанн фыццаг уыны кадджын Йесо Чырыстийы, ӕмӕ йын уый хъусын кӕны цалдӕр хабары. Иоанн сӕ хъуамӕ «тыхтоны ныффысса ӕмӕ йӕ арвита авд ӕмбырдмӕ» (Рарг. 1:10, 11). Уый фӕстӕ та уыны паддзахбадӕн уӕлӕрвты. Паддзахбадӕныл чи бады, уымӕн йӕ рахиз къухы ис тыхтон ӕмӕ йыл ӕвӕрд ис авд мыхуыры. «Тыхтоны авд мыхуыры» чи хъуамӕ сиса, уый у «Домбай Иудӕйы мыггагӕй», йе та «Уӕрыкк», ис ын «авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты» (Рарг. 4:2; 5:1, 2, 5, 6).

Ӕртыккаг цӕстылуайӕны ӕвдыст цӕуынц, «Уӕрыкк» фыццаг ӕхсӕз мыхуыр фӕд-фӕдыл куы систа, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон. Ӕхсӕзӕм мыхуыр куы систа, уӕд зӕхх тынг нынкъуыст ӕмӕ ралӕууыд стыр мастисӕн бон (Рарг. 6:1, 12, 17). Иннӕ цӕстылуайӕны та цыппар зӕды «фидар хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл», цалынмӕ 144 миныл мыхуыртӕ ӕвӕрд не ’рцыд, уӕдмӕ. Мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл нӕ уыд, уыцы «тынг бирӕ адӕм» та «лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз» (Рарг. 7:1, 9).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:4; 3:1; 4:5; 5:6 – Цӕмӕ амоны дзырдбаст «авд ӕнӕуынгӕ тыхы»? Хуыцауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ нымӕц авд амоны ӕххӕстдзинадмӕ. Уӕдӕ «авд ӕмбырдмӕ» цы хабар ӕрцыд ӕрвыст, уый хауы, ӕгас дунейы дӕр Хуыцауы ӕмбырдты чи ис, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (уыцы ӕмбырдтӕ та сты 100 минӕй фылдӕр) (Рарг. 1:11, 20). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй алкӕддӕр уыйбӕрц ратты, цӕмӕй-иу хъуыддаг кӕронмӕ сӕххӕст уа. Уымӕ гӕсгӕ дзырдбаст «авд ӕнӕуынгӕ тыхы» амоны, сыгъдӕг уд ӕххӕстӕй кӕй архайы, уымӕ. Пехуымпарадмӕ йӕ хъус чи дары, уыдоны сыгъдӕг уд хайджын кӕны ахӕм хорзӕхӕй, цӕмӕй, цы кӕсынц, уый ӕмбарой ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уой. Раргомады чиныджы нымӕц авд арӕх ӕмбӕлы. Ацы нымӕц амоны ӕххӕстдзинадмӕ, ома цыдӕр хъуыддаг кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ, ӕмӕ чиныджы дӕр дзырд ӕцӕгдӕр цӕуы, «Хуыцауы сусӕгдзинад» «кӕронмӕ [куыд] сӕххӕст уыдзӕн», ууыл (Рарг. 10:7).

1:8, 17 – Кӕмӕ амонынц нӕмттӕ «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» ӕмӕ «Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг»? Нӕмттӕ «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» амонынц Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕвдисынц, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ размӕ дӕр кӕй нӕ уыд ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр кӕй нӕ уыдзӕн. Уый у «райдиан ӕмӕ кӕрон» (Рарг. 21:6; 22:13). Раргомады 22:13 дзырдтӕ «райдиан ӕмӕ кӕрон» амонынц Йегъовӕмӕ, ома йӕ размӕ дӕр ничи уыд ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр ничи уыдзӕн. Фӕлӕ Раргомады фыццаг сӕрмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, ам нӕмттӕ «Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг» кӕй амонынц Йесо Чырыстимӕ. Уый уыд фыццаг адӕймаг, ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цардмӕ чи райгас, уыдонӕй, ӕмӕ фӕстаг адӕймаг, ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цардмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй райгас кодта (Кол. 1:18).

2:7 – Цы у «Хуыцауы дзӕнӕт»? Ацы ныхӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕм ӕрвыст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ам дзӕнӕт, ӕвӕццӕгӕн, амоны дзӕнӕты хуызӕн уӕлӕрвтӕм – Хуыцау йӕхӕдӕг кӕм ис, уымӕ. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ райсдзысты хӕрзиуӕг: «царды бӕласы» дыргътӕй хӕрдзысты. Уыдон схайджын уыдзысты ӕнӕмӕлгӕ цардӕй (1 Кор. 15:53).

3:7 – Йесо «Давиды дӕгъӕл» кӕд райста ӕмӕ уыцы дӕгъӕлӕй куыд спайда кодта? Н. э. 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд сси нысангонд Паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй. Фӕлӕ Йесо Давиды дӕгъӕл райста ӕрмӕстдӕр н. э. 33 азы, Хуыцау ӕй куы сбӕрзонд кодта ӕмӕ йӕ йӕ рахиз фарс куы ӕрбадын кодта, уӕд. Давиды Паддзахады бартӕ иууылдӕр уӕд райста. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо уыцы дӕгъӕлӕй пайда кӕны, ӕмӕ дӕтты фылдӕр фадӕттӕ ӕмӕ кадджын хӕслӕвӕрдтӕ Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгты. 1919 азы Йесо «Давиды хӕдзары дӕгъӕл» сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уӕхскыл, ӕмӕ уыцы цагъары къордӕн йӕ бар бакодта, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» (Ис. 22:22; Матф. 24:45, 47).

3:12 – Йесойӕн цавӕр «ног ном» ис? Ацы ном баст у Йесойы ног уавӕримӕ ӕмӕ йыл цы ног хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыимӕ (Фил. 2:9–11). Ацы ном Йесо куыд зоны, афтӕ йӕ йӕ бон зонын никӕмӕн у. Уый йӕ фыссы, уӕлӕрвты йын цы иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны ныхтыл ӕмӕ сӕ йӕ ’ввахс хӕлӕрттӕ скӕны (Рарг. 19:12). Уый ма сӕ хайджын кӕны йӕ бартӕй дӕр.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:3. Хуыцау Сайтаны дунейыл йӕ тӕрхон кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы «ӕмгъуыды рӕстӕг [кӕй] ӕрхӕстӕг ис», уымӕ гӕсгӕ абон тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, Раргомады чиныджы цы фыст ис, уый бамбарӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм.

3:17, 18. Цӕмӕй Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойӕ балхӕнӕм, «арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сызгъӕрин», ома хъуамӕ хъӕздыг кӕнӕм хорз хъуыддӕгтӕй (1 Тим. 6:17–19). Стӕй ма хъуамӕ нӕ уӕлӕ скӕнӕм «урс уӕлӕдарӕс» – Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уый иууылдӕр кӕмӕ гӕсгӕ базоной, уый. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ цӕстытӕ сӕрдӕм «цӕстытӕ сӕрдӕн хосӕй»,– зӕгъӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдонӕй,– цӕмӕй ӕмбаргӕ суӕм (Рарг. 19:8).

7:13, 14. 24 хистӕр нӕлгоймаджы ӕвдисынц 144 мины сӕ уӕларвон кады. Уыдон уӕлӕрвты ӕрмӕст паддзӕхтӕ не сты, фӕлӕ ма сауджынтӕ дӕр. Сӕ рагфӕлгонц уыдысты рагон Израилы сауджынтӕ – паддзах Давид 24 къордыл кӕй адих кодта, уыдон. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу Иоаннӕн ӕргом кӕны, тынг бирӕ адӕм чи сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕ удӕгас кӕнын райдыдтой 1935 азы размӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕй зӕххыл чи уыд, уыдон уыцы аз бӕлвырд бамбӕрстой, тынг бирӕ адӕм чи сты, уый (Лук. 22:28–30; Рарг. 4:4; 7:9).

ӔВДӔМ МЫХУЫР ИСТ ЦӔУЫ ӔМӔ АВД УАДЫНДЗЫ УАСЫНЦ

(Рарг. 8:1–12:17)

Уӕрыкк исы ӕвдӕм мыхуыр. Авд зӕдмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд уадындзы. Зӕдтӕй ӕхсӕз сӕ уадындзты уасынц ӕмӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы тӕрхӕттӕ «зӕххӕн йе ’ртыккаг хайӕн» – чырыстон дунейӕн (Рарг. 8:1, 2, 7–12; 9:15, 18). Ацы хабӕрттӕ Иоанн уыны йӕ фӕндзӕм цӕстылуайӕны. Иннӕ цӕстылуайӕны Иоанн уыны, гыццыл тыхтон куыд хӕры ӕмӕ кувӕндоны сыгъдӕг бынат куыд бары. Ӕвдӕм уадындз куы ныууасыд, уӕд ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕстӕ: «Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Рарг. 10:10; 11:1, 15).

Ӕвдӕм цӕстылуайӕн хуыздӕр ӕмбарын кӕны, Раргомады 11:15, 17 цы фыст ис, уый. Уӕлӕрвты ӕрцыд стыр диссаг. Уӕларвон сылгоймаг ныййардта сывӕллон, лӕппу. Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй сырд баййӕфта. Уӕд Хӕйрӕг тынг смӕсты уӕларвон сылгоймагмӕ ӕмӕ рацыд, «сылгоймаджы цотӕй ма чи баззад, уыдонимӕ тох кӕнынмӕ» (Рарг. 12:1, 5, 9, 17).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

8:1–5 – Уӕлӕрвтӕ цӕмӕн ныссабыр сты ӕмӕ уый фӕстӕ зӕхмӕ ӕппӕрст цы ’рцыд? Уӕлӕрвтӕ уымӕн ныссабыр сты, цӕмӕй, зӕххыл цы сыгъдӕджытӕ ис, уыдоны «куывдтытӕ» фехъуыстаиккой. Ацы хабар ӕрцыд Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ. Адӕмыхӕттыты рӕстӕджыты кӕрон сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыдысты, кӕд сӕ бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, уӕддӕр. Хӕсты рӕстӕджы ӕвзӕрстой бирӕ зындзинӕдтӕ. Ӕмӕ ныр зӕрдиагӕй куывтой ӕмӕ Хуыцауӕй разамынд куырдтой. Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ фехъуыста, ӕмӕ зӕд зӕхмӕ цӕхӕр ӕрӕппӕрста ӕмӕ афтӕмӕй сӕрст чырыстӕтты зӕрдӕты зынг ссудзын кодта. Кӕд нымӕцӕй бирӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕнын райдыдтой, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар «судзын» райдыдта. Афтӕмӕй чырыстон динтыл арт бандзӕрстой. Арвнӕрдау хъуыстысты Библийы фыст карз тӕрхӕттӕ, арвӕрттывдау цӕхӕр калдтой Библийы раст ахуырӕдтӕ, ӕмӕ, зӕххӕнкъуыстӕй хӕдзӕртты бындуртӕ куыд банкъуысынц, раст афтӕ банкъуысыд мӕнг дины бындур.

8:6–12; 9:1, 13; 11:15 – Авд зӕды сӕхи сӕ уадындзтӕй ныууасынмӕ кӕд ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ-иу кӕд ӕмӕ куыд райхъуыст сӕ уасын? Цалынмӕ авд уадындзы нӕ ныууасыдысты, уӕдмӕ 1919 азӕй 1922 азы онг Хуыцауы цӕсты чи райгас, уыцы Иоанны къордӕн зӕххыл лӕвӕрд цыдысты амындтӕ. Уыцы рӕстӕджы сӕрстытӕ зӕрдиагӕй архайдтой хъусын кӕныны хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕныныл ӕмӕ типографитӕ арӕзтой (Рарг. 12:13, 14). Уадындзты уаст нысан кӕны, Хуыцауы адӕм, зӕдты ӕххуысӕй, хъӕбатырӕй кӕй хъусын кӕнынц, Йегъовӕ Сайтаны дунейӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон. Ацы хъуыддаг райдыдта 1922 азы Сидар-Пойнты (штат Огайо) конгрессӕй ӕмӕ цӕудзӕн, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ.

8:13; 9:12; 11:14 – Куыд ӕмбарын хъӕуы, фӕстаг ӕртӕ уадындзы «додой» кӕй хъӕр кодтой, уый? Фыццаг цыппар уадындзы кӕй ныууасыдысты, уый амоны, чырыстон дуне мард уавӕры кӕй ис, уый ӕргом кӕй цӕуы. Фӕстаг ӕртӕ уадындзы та «додой» хъӕр кӕнынц, ӕмӕ уый баст у бӕлвырд хъуыддӕгтимӕ. Фӕндзӕм уадындз та уасы, 1919 азы Хуыцауы адӕм «дӕлдзӕхӕй», ома, куы ницы куыстой, уыцы уавӕрӕй кӕй ссӕрибар сты ӕмӕ иудадзыг кӕй хъусын кӕнынц. Уыцы хъуыддаг чырыстон дунейӕн сси фыднизау (Рарг. 9:1). Ӕхсӕзӕм уадындз куы райхъуыст, уӕд та бӕхты ӕфсад рацыд ӕппӕты стырдӕр хӕстмӕ историйы ӕмӕ райдыдта, 1922 азӕй фӕстӕмӕ чи цӕуы, уыцы ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны кампани. Фӕстаг уадындзы уаст фехъусын кодта Мессийӕйы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд кӕй ӕрцыд.

Зондзонӕнтӕ махӕн

9:10, 19. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы Библийы бындурыл цы хабӕрттӕ фыст вӕййы, уыдоны ныхмӕ ницы зӕгъӕн вӕййы ӕмӕ вӕййынц фатау цыргъ (Матф. 24:45). Ацы хабар ахӕсгӕ хуызы ӕвдыст цӕуы мӕтыхы къӕдзилты хуызы,– ӕмӕ мӕтыхӕн та сӕ «фаттӕ сты къӕдздымты фаттау»,– стӕй бӕхты хуызы,– уыдонӕн та «сӕ къӕдзилтӕ сты кӕлмыты хуызӕн». Цӕмӕн афтӕ? Уымӕн ӕмӕ ацы литературӕ фӕдзӕхсы Йегъовӕйы «мастисӕн бонӕй» (Ис. 61:2). Цӕй уӕдӕ цагъары уагъд литературӕ хъӕбатырӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ парахат кӕнӕм!

9:20, 21. «Чырыстон диныл» хӕст кӕм не сты, уыцы бӕстӕты хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынц бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр мах не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, «уыдон», (йе та «иннӕ адӕмтӕ», «Ног фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994), ома, чырыстон бӕстӕты чи нӕ цӕры, уыцы адӕм иууылдӕр Йегъовӕмӕ кӕй ӕрцӕудзысты. Фӕлӕ мах дарддӕр дӕр хъӕбатырӕй хъусын кӕнӕм.

12:15, 16. «Зӕхх» (Сайтаны дунемӕ чи хауы, ома, алы бӕстӕты хицауы бартӕ кӕй къухы сты, уыдон) динӕн сӕрибардзинад дӕтты. 1940 азтӕй райдайгӕйӕ, хицауы бартӕ кӕй къухы уыд, уыдон «ныхъуырдтой», «залиаг калм йӕ хъӕлӕсӕй цы [фӕдылзылды] цӕугӕдон ракалдта, уый». Йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йегъовӕйӕн йӕ бон у хицӕуттыл ӕндавын. Ӕмбисӕндты 21:1 ӕнӕхъуаджы нӕй фыст: «Паддзахы зӕрдӕ Йегъовӕйы къухы у цӕугӕдоны хуызӕн – кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм ӕй аздахы». Уый нӕ хъуамӕ фидар кӕна, цӕмӕй Хуыцауыл тынгдӕр ӕууӕндӕм.