Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ лӕварӕй раст пайда кӕныс?

Дӕ лӕварӕй раст пайда кӕныс?

Дӕ лӕварӕй раст пайда кӕныс?

«Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (РОМ. 12:10).

1. Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

ХУЫЦАУЫ НЫХАС нын иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’вӕры зӕрдӕ, Йегъовӕ нӕм ӕххуысмӕ кӕй фӕзындзӕн, нӕ ныфс куы асӕтта кӕнӕ нӕ зӕрдӕ истӕуыл куы рисса, уӕд. Дӕ хъус-ма ӕрдар, зӕгъӕм, мӕнӕ ацы ныхӕстӕм: «Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл». «Уый дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны, бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ» (Пс. 145:14; 147:3). Уымӕй уӕлдай нӕ уӕларвон Фыд йӕхӕдӕг дзуры: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕ Хуыцау, ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕмӕ дын зӕгъын: „Ма тӕрс. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Ис. 41:13).

2. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны?

2 Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ уӕлӕрвты цӕры, уӕд нын цымӕ нӕ къухыл куыд хӕцы? Куыд ныл схӕцы, нӕ зӕрдӕ истӕуыл куы фӕриссы ӕмӕ нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд? Йегъовӕ Хуыцау нын ӕххуыс кӕны алыхуызӕтты. Зӕгъӕм, йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы йӕ адӕмы хайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7; Иоан. 14:16, 17). Хуыцауы лӕггадгӕнджыты хъаруйыл ма хъару бафты Хуыцауы Ныхас Библийы фӕрцы дӕр (Дзут. 4:12). Цымӕ ма нӕ Йегъовӕ уымӕй уӕлдай куыд фидар кӕны? Ацы фарстӕн дзуапп ссардзыстӕм Петры фыццаг фыстӕджы.

«Хуыцау алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, йӕ уыцы стыр хорзӕх»

3. а) Фӕлварӕнты тыххӕй апостол Петр цы загъта? ӕ) Цӕуыл цӕуы дзырд Петры фыццаг фыстӕджы фӕстаг хайы?

3 Апостол Петр сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста, кӕй хъуамӕ цин кӕной, уымӕн ӕмӕ сӕм стыр хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ дарддӕр загъта: «Кӕд ныртӕккӕ алыхуызон фӕлварӕнты тыххӕй гыццыл рӕстӕг фӕмаст кӕнут, уӕддӕр» (1 Пет. 1:1–6). Дӕ хъус-ма ӕрдар дзырд «алыхуызон»-мӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕлварӕнтӕ иууылдӕр иухуызон кӕй нӕ вӕййынц. Фӕлӕ Петр йӕ ныхас ууыл нӕ фӕци ӕмӕ ӕфсымӕрты ахӕм хъуыдытыл нӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, уыцы алыхуызон фӕлварӕнтӕ куыд сфӕраздзыстӕм. Уый бамбарын кодта, чырыстӕтты фидарӕй кӕй хъуамӕ уырна, Йегъовӕ сын цыфӕнды фӕлварӕн сфӕразынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Уый тыххӕй фыст ис Петры фыццаг фыстӕджы фӕстаг хайы. Уым ма алыхуызон хъуыддӕгты кой кӕнгӕйӕ апостол фыссы, «тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон», зӕгъгӕ (1 Пет. 4:7).

4. Ныфс нӕ куыд уадзы, 1 Петры 4:10 цы фыст ис, уый?

4 Петр фыссы: «Чи уӕ цы лӕвар райста, уымӕй пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн – Хуыцау алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, йӕ уыцы стыр хорзӕх кӕй бар бакодта, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ» (1 Пет. 4:10). Петр та ногӕй пайда кӕны дзырд «алыхуызон»-ӕй. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Петр дзуры: «Фӕлварӕнтӕ сты алыхуызон, фӕлӕ Хуыцау дӕр йе стыр хорзӕх алыхуызонӕй ӕвдисы». Ацы ныхӕстӕ нӕ ныфс куыд уадзынц? Афтӕ, ӕмӕ нӕ фӕлварӕн цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй сфӕраздзыстӕм, Хуыцау алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, йӕ уыцы стыр хорзӕхы фӕрцы. Фӕлӕ нӕм цымӕ Йегъовӕ йе стыр хорзӕх куыд ӕвдисы? Петры ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй – не ’мчырыстӕтты уылты.

«Иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн»

5. а) Алы чырыстон дӕр цы хъуамӕ араза? ӕ) Цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

5 Чырыстӕттӕм Петр сиды: «Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы зӕрдиагӕй уарзут». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Чи уӕ цы лӕвар райста, уымӕй пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» (1 Пет. 4:8, 10). Уӕдӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ фидар кӕна йе ’мчырыстӕтты. Йегъовӕ нын нӕ бӕрны бакодта стыр хӕзна, ӕмӕ нӕ хӕс у, цӕмӕй уымӕй иннӕтӕн дӕр хай кӕнӕм. Цы у уыцы хӕзна? Петр зӕгъы, уый кӕй у «лӕвар». Цавӕр лӕвар у? Куыд дзы «пайда кӕнӕм иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн»?

6. Хуыцау чырыстӕттӕн цы лӕвӕрттӕ дӕтты, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

6 Библийы фыст ис: «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у уӕлейӕ» (Иак. 1:17). О, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы лӕвӕрттӕ радта, уыдон иууылдӕр дзурӕг сты йе стыр хорзӕхыл. Йегъовӕйы диссаджы лӕвӕрттӕй иу у йӕ сыгъдӕг уд. Уыцы лӕвары фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм ахӕм миниуджытӕ, куыд уарзондзинад, хорздзинад ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд. Уыцы миниуджытӕ та нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй не ’мчырыстӕтты зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ сын ӕнӕзивӕгӕй ӕххуыс кӕнӕм. Хуыцауы хорз лӕвӕрттӕм ма хауынц зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ дӕр, ӕмӕ нӕм уыдон дӕр сты сыгъдӕг уды фӕрцы (1 Кор. 2:10–16; Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ курдиӕттӕ нымайӕн ис, нӕ уӕларвон Фыдӕн кад кӕнын нӕ бон кӕй фӕрцы у, ахӕм лӕвӕрттыл. Махӕн Хуыцау бахӕс кодта нӕ курдиӕттӕй ӕмӕ нӕ миниуджытӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй-иу мах уылты не ’мчырыстӕттӕ схайджын уой Хуыцауы стыр хорзӕхӕй.

«Уымӕй пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн». Куыд?

7. а) Цы «лӕвар» райстам, уый тыххӕй 1 Петры 4:10 нӕ бон базонын цы у? ӕ) Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

7 1 Петры 4:10 фыст ныхӕстӕй бӕрӕг у, алчидӕр нӕ кӕй райста «лӕвар», ома миниуджытӕ ӕмӕ курдиӕттӕ. Уыцы лӕвӕрттӕ хицӕн кӕнынц, цавӕртӕ сты, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ дзы алкӕцыйӕ дӕр адӕймагмӕ цӕйбӕрц ис, уымӕй дӕр. Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр Библи алы чырыстоны дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй «уымӕй [ома йӕм цавӕрфӕнды лӕвар ма уа, уымӕй] пайда кӕна иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн». Ӕмӕ сӕ ӕрмӕст разӕнгард нӕ кӕны, фӕлӕ ма сӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр кӕны, «уымӕй пайда кӕнӕд... [йе] стыр хорзӕх кӕй бар бакодта, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ», зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цы лӕвӕрттӕ мӕм ис, уыдонӕй ӕцӕгдӕр ме ’мчырыстӕтты фидар кӕнынӕн пайда кӕнын?» (Абар 1 Тимофеймӕ 5:9, 10.) «Ӕви мӕ Йегъовӕ цы курдиӕттӕй схайджын кодта, уыдонӕй пайда кӕнын, мӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, афтӕ – чи зоны, цӕмӕй схъӕздыг уон кӕнӕ мӕхицӕн стыр ном скӕнон?» (1 Кор. 4:7). Цы лӕвӕрттӕ нӕм ис, уыдонӕй «иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» куы пайда кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ райдзӕн. (Ӕмб. 19:17; бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:16.)

8, 9. а) Ӕгас зӕххы къорийыл дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн куыд лӕггад кӕнынц? ӕ) Уе ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

8 Библийы фыст ис, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн куыд лӕггад кодтой, уый тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:25, 26; 2 Тимофеймӕ 1:16–18.) Уыдонау Йегъовӕйы адӕм абон дӕр ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕдзӕхст, уӕ лӕвӕрттӕй пайда кӕнут уе ’мчырыстӕттӕн лӕггад кӕнынӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уый куыд кӕнынц, уымӕ.

9 Бирӕ ӕфсымӕртӕн алы мӕй дӕр бирӕгай сахӕттӕ ацӕуы фембӕлдты программӕйы хӕйттӕ цӕттӕ кӕныныл. Библи иртасгӕйӕ кӕй базыдтой, уыцы ахсджиаг хъуыдытӕ ӕмбырды куы фӕдзурынц, уӕд сӕ ныхӕстӕй бафидар кӕнынц ӕгас ӕмбырд дӕр (1 Тим. 5:17). Тынг бирӕ сты, йӕ зӕрдӕйы хъармӕй йе ’мчырыстӕтты чи тавы ӕмӕ сын сӕ рис чи ӕмбары, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ (Ром. 12:15). Иуӕй-иутӕ арӕх абӕрӕг кӕнынц, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоны ӕмӕ семӕ фӕкувынц (1 Фес. 5:14). Иннӕтӕ та, зын уавӕры чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм цалдӕр ныфсдӕттӕг ныхасы ныффыссынц. Ис ахӕмтӕ дӕр, рынчынтӕн фембӕлдтӕм цӕуынӕн чи ӕххуыс кӕны. Ӕвдисӕнтӕй минтӕ фӕархайынц цалцӕг кӕныны куыстыты, се ’мчырыстӕттӕн сӕ хӕдзӕрттӕ исты бӕллӕхы азарӕй куы ныппырх вӕййынц, уӕд. Ахӕм ӕнувыд ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты уарзондзинад ӕмӕ ӕххуыс дзурӕг сты, «Хуыцау алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, йӕ уыцы стыр хорзӕхыл». (Бакӕс 1 Петры 4:11.)

Сӕйрагдӕр цы у?

10. а) Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ Павел йӕ зӕрдыл цавӕр дыууӕ хъуыддаджы дардта? ӕ) Павелы куыд фӕзмӕм?

10 О, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн радта лӕвар, ӕмӕ дзы уыдон хъуамӕ пайда кӕной се ’мчырыстӕттӕн лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ ма сын уыимӕ бахӕс кодта адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын дӕр. Апостол Павел ӕмбӕрста, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ацы дыууӕ хъуыддаджы дӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна. Ефесы ӕмбырдмӕ Павел ныффыста, «Хуыцау йе стыр хорзӕх мӕ бар сымах тыххӕй... бакодта», зӕгъгӕ, ома дзы цӕмӕй уыдоны хӕрзӕбонӕн пайда кодтаид (Еф. 3:2). Фӕлӕ ма ноджыдӕр загъта: «Хуыцау... [нӕ] бафӕлвӕрдта ӕмӕ нӕ уый аккагыл... банымадта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнын нӕ бар бакӕна» (1 Фес. 2:4). Павелау мах дӕр ӕмбарӕм, Хуыцау махӕн дӕр нӕ бар кӕй бакодта йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. Зынгзӕрдӕйӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд фӕфӕзмӕм Павелы, хорз хабар ӕвӕллайгӕйӕ чи хъусын кодта, уый (Ап. хъ. 20:20, 21; 1 Кор. 11:1). Мах зонӕм, Паддзахады хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕм кӕй фервӕздзысты. Фӕлӕ ма Павелы фӕзмӕм уымӕй дӕр, фадӕттӕ кӕй агурӕм, цӕмӕй не ’мчырыстӕттӕн, сӕ «уырнындзинадӕн ахъаз чи фӕуыдзӕн, уыцы хорздзинӕдтӕй бахай кӕнӕм». (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12; 10:13–15.)

11. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, Хуыцау нын цы дыууӕ хъуыддаджы бахӕс кодта, уыдонмӕ?

11 Ацы дыууӕ хъуыддагӕй ахсджиагдӕр кӕцы у? Ацы фарст абарӕн ис ӕндӕр фарстимӕ: маргъы йӕ дыууӕ базырӕй тынгдӕр кӕцы хъӕуы? Дзырд дӕр ыл нӕй, цӕмӕй маргъӕн йӕ бон тӕхын уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуынц йӕ дыууӕ базыры дӕр. Уӕдӕ цӕмӕй мах дӕр ӕцӕг чырысттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм дыууӕ хъуыддаджы дӕр. Хуыцау нын цы дыууӕ хъуыддаджы бахӕс кодта – хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ не ’мчырыстӕтты фидар кӕнын,– уыдонмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм, цыма кӕрӕдзимӕ ӕппындӕр ницы бар дарынц. Мах сӕм кӕсдзыстӕм, апостолтӕ Петр ӕмӕ сӕм Павел цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй – иуӕн дзы ӕнӕ иннӕмӕй уӕвӕн нӕй. Куыд ӕмбарын хъӕуы уый?

12. Йегъовӕйы къухы кусӕнгӕрзтӕ куыд стӕм?

12 Мах стӕм хорз хабар хъусынгӕнджытӕ, ӕмӕ нӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хабар адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ бацагайа. Ныфс нӕ ис, афтӕмӕй сын кӕй баххуыс кӕндзыстӕм ӕмӕ уыдон дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай нӕ курдиӕттӕй ӕмӕ ӕндӕр лӕвӕрттӕй пайда кӕнӕм, цӕмӕй не ’мчырыстӕтты фидар кӕнӕм ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй – Хуыцауы стыр хорзӕх цӕмӕй бӕрӕг у, уымӕй (Ӕмб. 3:27; 12:25). Афтӕмӕй сын ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй кӕронмӕ баззайой Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй. Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕн лӕггадгӕнгӕйӕ мах стӕм кусӕнгӕрзтӕ Йегъовӕйы къухы, ӕмӕ уый та у диссаджы кад (Гал. 6:10).

«Кӕрӕдзи уарзут... фӕлмӕн уарзтӕй»

13. Не ’фсымӕртӕн куы нал лӕггад кӕнӕм, уӕд цы ’рцӕудзӕн?

13 Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ром. 12:10). Ӕцӕгдӕр, не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, Хуыцау йе стыр хорзӕх кӕй бар бакодта, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Мах хорз ӕмбарӕм, Сайтанӕн йӕ къухы куы бафтид, цӕмӕй не ’фсымӕртӕн мауал лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ иудзинад фӕцудид (Кол. 3:14). Ӕмӕ не ’хсӕн иудзинад куы нӕ уаид, уӕд та хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр ӕрлӕмӕгъ уаиккам. Сайтан тынг хорз зоны: нӕ дыууӕ базырӕй нын иу дӕр куы асӕтта, уӕд нӕ бон тӕхын нал суыдзӕн.

14. Иннӕтӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый пайда кӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Иннӕтӕн лӕггад кӕнын пайда у, Хуыцауы стыр хорзӕхӕй чи схайджын вӕййы, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау кӕй уылты схайджын кӕны, уыдонӕн дӕр (Ӕмб. 11:25). Ӕркӕсӕм Райан ӕмӕ Ронийы хабармӕ. Райан ӕмӕ Рони сты лӕг ӕмӕ ус, цӕргӕ та кӕнынц Америкӕйы Иугонд Штатты, штат Иллинойсы. Уыдон куы базыдтой, ураган «Катринӕ» Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзӕрттӕй сӕдӕгӕйттӕ кӕй ныппырх кодта, уый, уӕд сӕ дыууӕ дӕр сӕ куыст ныууагътой, сӕ хӕдзар ауӕй кодтой ӕмӕ кӕмӕйдӕр балхӕдтой иу стыр машинӕ ӕхгӕд прицепимӕ. Стӕй уыцы прицеп сцалцӕг кодтой, цӕмӕй дзы цӕрӕн уыдаид, ӕмӕ араст сты Луизианӕмӕ (цӕуын ӕм хъуыди 1 400 километры). Луизианӕйы Райан ӕмӕ Рони фӕцардысты иу азӕй фылдӕр. Уыдон ӕххуыс кодтой се ’фсымӕртӕн ӕмӕ не ’вгъау кодтой нӕдӕр сӕ рӕстӕг, нӕдӕр сӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕдӕр сӕ фӕрӕзтӕ. Райан, цӕуы йыл 29 азы, дзуры: «Не ’фсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кодтам, уый фӕрцы тынгдӕр баввахс стӕм Хуыцаумӕ. Ӕз мӕхи цӕстӕй федтон, Йегъовӕ йӕ адӕмыл куыд тыхсы, уый». Райан дарддӕр дзуры: «Ацӕргӕ ӕфсымӕртимӕ кӕй куыстон, уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтон, ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй. Базыдтон ма, Йегъовӕйы организацийы махӕн, ӕрыгӕттӕн, бирӕ куыст кӕй ис». Рони та, цӕуы йыл 25 азы, дзуры: «Ӕз тынг цин кӕнын, иннӕтӕн мӕ бон ӕххуыс кӕнын кӕй уыди, ууыл. Афтӕ амондджын мӕ царды никуыма уыдтӕн. Ацы диссаджы хъуыддаджы кӕй архайдтон, уый мын пайда уыдзӕн нырма бирӕ азты дӕргъы дӕр».

15. Хуыцау йе стыр хорзӕх кӕй бар бакодта, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарддӕр дӕр куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын цы ’нтысдзӕн?

15 Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм – хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ не ’мчырыстӕтты кӕй фидар кӕнӕм – уый арфӕдзинӕдтӕ хӕссы алкӕмӕндӕр. Кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уыдонӕн бафидар вӕййы сӕ уырнындзинад, нӕхӕдӕг та бавзарӕм стыр циндзинад – адӕймаг ӕрмӕстдӕр иннӕтӕн лӕггадгӕнгӕйӕ кӕй бавзары, ахӕм циндзинад (Ап. хъ. 20:35). Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийы куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл куы тыхсой, уӕд уый хорзырдӕм зындзӕн ӕгас ӕмбырдыл дӕр. Уымӕй уӕлдай, кӕрӕдзи зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уымӕй бӕлвырд кӕны, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Йесо загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоан. 13:35). Сӕйраджыдӕр та, афтӕмӕй кад хӕссӕм нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый фӕнды, цӕмӕй йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фидар кӕной. Уӕдӕ нын цас диссаджы хъуыддӕгтӕ ӕнтысы, цы лӕвар райстам, уымӕй иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн кӕй пайда кӕнӕм, Хуыцау йе стыр хорзӕх кӕй бар бакодта, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ! Амӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ кӕндзынӕ? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10.)

Бахъуыды кодтай?

• Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд фидар кӕны?

• Цы нын бахӕс кодта Йегъовӕ?

• Куыд у нӕ бон не ’мчырыстӕттӕн лӕггад кӕнын?

• Цы нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ лӕварӕй пайда кӕнӕм «иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Дӕ «лӕварӕй» иннӕтӕн лӕггад кӕныс ӕви дӕхицӕн?

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕххуыс кӕнӕм не ’мчырыстӕттӕн

[Ныв 16 фарсыл]

Барвӕндон кусджытӕ сӕ удуӕлдайдзинады тыххӕй раппӕлинаг сты