Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Лӕггадгӕнӕджы «барӕхуыстой нӕ фыдракӕндты тыххӕй»

Йегъовӕйы Лӕггадгӕнӕджы «барӕхуыстой нӕ фыдракӕндты тыххӕй»

Йегъовӕйы Лӕггадгӕнӕджы «барӕхуыстой нӕ фыдракӕндты тыххӕй»

«Барӕхуыстой [йӕ] нӕ фыдракӕндты тыххӕй; бафхӕрдтой йӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй... мах йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм» (ИС. 53:5).

1. Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕггӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ нын уымӕн цавӕр пехуымпарад баххуыс кӕндзӕн?

ЧЫРЫСТИЙЫ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнгӕйӕ мах фӕхъуыды кӕнӕм, Йесо йӕ цард кӕй радта ӕмӕ кӕй райгас, уый фӕрцы цы бантыст, уыдӕттыл. Ӕрымысӕн изӕр нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕйы хицаудзинад кӕй сбӕлвырд уыдзӕн, йӕ ном кӕй срухс уыдзӕн, йӕ фӕндон кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ адӕм кӕй фервӕздзысты. Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ уый фӕрцы цы бантыст, уый Исайы 53:3–12 куыд хорз ӕвдисы, афтӕ йӕ Библийы пехуымпарӕдтӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу дӕр не ’вдисы. Исай загъта, Лӕггадгӕнӕг кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн. Радзырдта ма лыстӕг хабӕрттӕ, Чырысти куыд амӕлдзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ мӕлӕт йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй дӕр (Иоан. 10:16).

2. Цы бӕлвырд кӕны Исайы пехуымпарад ӕмӕ ныл куыд хъуамӕ бандава?

2 Йесо зӕххыл куы райгуырд, уымӕй авд ӕнусы раздӕр Исай сыгъдӕг уды руаджы загъта, Йегъовӕйыл йе ’взӕрст лӕггадгӕнӕг иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн, суанг уӕззау фӕлварӕнты дӕр. Уымӕй та бӕлвырд кӕны, Йегъовӕ йӕ Фырты иузӕрдиондзинадыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый. Ацы пехуымпарадмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд тынгдӕр фӕбузныг уыдзыстӕм Йегъовӕ ӕмӕ Чырыстийӕ ӕмӕ нӕ уырнындзинад фӕфидардӕр уыдзӕн.

Се сӕфт дзы уыдтой ӕмӕ йӕ ницӕмӕ дардтой

3. Дзуттӕгтӕ Йесойыл цӕмӕн хъуамӕ бацин кодтаиккой, фӕлӕ йӕм ӕцӕгдӕр та цы цӕстӕй ракастысты?

3 Бакӕс Исайы 53:3. Хуыцауы иунӕггуырд Фырт лӕггад кодта йӕ Фыдӕн уӕлӕрвты. Ӕрмӕст-ма ахъуыды кӕн, куыд зын ын уыдаид уыцы циндзинадӕй йӕхи ӕнӕ хай фӕкӕнын ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцӕуын, цӕмӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид ӕмӕ адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид! (Фил. 2:5–8). Йӕ нывонды фӕрцы адӕмы тӕригъӕдтӕ хъуамӕ кӕронмӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдон та тӕригъӕдтӕ кӕронмӕ нӕ хатыр кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы нывӕндтӕ Чырыстийы нывондӕн уыдысты ӕрмӕстдӕр йӕ аууон (Дзут. 10:1–4). Цымӕ Йесо уый аккаг нӕ уыд, цӕмӕй йыл дзуттӕгтӕ уӕддӕр бацин кодтаиккой ӕмӕ йӕ скадджын кодтаиккой? Цин та йыл хъуамӕ уымӕн бакодтаиккой, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты зӕрдӕвӕрд Мессийӕйы ’рцыдмӕ (Иоан. 6:14). Фӕлӕ, Исай куыд дзырдта, афтӕмӕй дзуттӕгтӕ Чырыстийӕ «се сӕфт уыдтой» ӕмӕ йӕ «ницӕмӕ дардтой». Апостол Иоанн ныффыста: «Уый ӕрцыд йӕ райгуырӕн бӕстӕм, фӕлӕ йыл йӕ адӕм нӕ баууӕндыдысты» (Иоан. 1:11). Апостол Петр дзуттӕгтӕн загъта: «Нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта йӕ Лӕггадгӕнӕджы, Йесойы. Сымах та йыл гадзрахатӕй рацыдыстут ӕмӕ йӕ Пилат ауадзыны фӕнд куы скодта, уӕд не сразы стут. О, уыцы сыгъдӕг ӕмӕ рӕстаг удыл уӕ къух систат» (Ап. хъ. 3:13, 14).

4. Низтӕ цы сты, уый Йесо куыд базыдта?

4 Исай ма Йесойы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый «базыдта, низтӕ цы сты, уый». Йесо йӕ лӕггады рӕстӕджы фӕллайгӕ куыннӕ кодта, фӕлӕ, рынчын кодта, уый тыххӕй фыст никуы ис (Иоан. 4:6). Уӕддӕр низтӕ цы сты, уый базыдта, кӕмӕн хъусын кодта, уыдоны тухӕнтӕм кӕсгӕйӕ. Уый сын тӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу бирӕты сдзӕбӕх кодта (Марчы 1:32–34). Афтӕмӕй Йесо сӕххӕст кодта мӕнӕ ацы пехуымпарад: «Ӕцӕгдӕр нын уый хаста нӕ низтӕ ӕмӕ нын нӕ рис йӕхимӕ айста» (Ис. 53:4а; Матф. 8:16, 17).

Цыма йӕ «Хуыцау ӕфхӕрдта»

5. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йесойы мӕлӕты тыххӕй цы хъуыды кодтой ӕмӕ уымӕй йӕ хъизӕмӕрттӕ уӕззаудӕр цӕмӕн кодтой?

5 Бакӕс Исайы 53:4ӕ. Йесойы ’мдуггӕгтӕй бирӕтӕ не ’мбӕрстой, цӕмӕн хъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ Хуыцау бафхӕрдта, цыма йыл цыдӕр ӕвзӕр низ бафтыдта, уыйау (Матф. 27:38–44). Дзуттӕгтӕ Йесойӕ дзырдтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ (Марчы 14:61–64; Иоан. 10:33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо тӕригъӕд дӕр никуы ракодта ӕмӕ Хуыцауы дӕр никуы бафаудта. Йесо, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, йӕ Фыды тынг уарзта. Ӕмӕ йӕ Хуыцауы фауӕг кӕй схуыдтой, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ амардаид, уый йын йӕ хъизӕмӕрттӕ ноджы уӕззаудӕр кодта. Фӕлӕ уӕддӕр цӕттӕ уыд Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ (Матф. 26:39).

6, 7. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион Лӕггадгӕнӕджы куыд бафхӕрдта ӕмӕ уый Хуыцауы цӕмӕн «фӕндыд»?

6 Нӕ бон бамбарын у, Исайы пехуымпарады афтӕ фыст цӕмӕн ис, зӕгъгӕ, адӕм хъуыды кодтой, ӕмӕ Чырыстийы «Хуыцау ӕфхӕрдта». Фӕлӕ нӕм чи зоны диссаг фӕкӕса ӕндӕр пехуымпарад: «Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ бафхӕрдтаид» (Ис. 53:10). Кӕд Йегъовӕ афтӕ загъта, «мӕнӕ, мӕ... лӕггадгӕнӕг! Райгонд кӕмӕй дӕн, мӕ уыцы ’взӕрст», зӕгъгӕ, уӕд ӕй куыд «фӕндыд, цӕмӕй йӕ бафхӕрдтаид»? (Ис. 42:1). Ау, уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд? Цӕмӕн?

7 Цӕмӕй пехуымпарадӕн йӕ ацы хай бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Сайтан Йегъовӕйы хицаудзинад куы сдзырддаг кодта, уӕд Хуыцауы уӕларвон ӕмӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ иузӕрдиондзинад дызӕрдыггаг кӕй скодта (Иов 1:9–11; 2:3–5). Йесо мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй равдыста, Сайтан сайӕгой кӕй у. Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Чырыстийы йе знӕгтӕ амардтаиккой, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, йе ’взӕрст Лӕггадгӕнӕджы йын куыд мардтой, уымӕ кӕсгӕйӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон уыд, куы каст ӕмӕ куы уыдта, йӕ Фырт ыл куыд иузӕрдион уыд, уый (Ӕмб. 27:11). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ цин кодта, йӕ Фырты мӕлӕт ӕрфӕсмонгӕнӕг адӕмӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, ууыл (Лук. 15:7).

«Барӕхуыстой [йӕ] нӕ фыдракӕндты тыххӕй»

8, 9. а) Йесойы куыд «барӕхуыстой нӕ фыдракӕндты тыххӕй»? ӕ) Петр уый куыд равдыста?

8 Бакӕс Исайы 53:6. Тӕригъӕдджын адӕм уыдысты дзӕгъӕл фыстау ӕмӕ агуырдтой, Адамӕй сӕ туджы цы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой, уымӕй куыд фервӕзой, уый (1 Пет. 2:25). Адамы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд, Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ «балхӕнын» (Пс. 49:7). Фӕлӕ йе стыр уарзондзинадӕй Йегъовӕ йӕ уарзон Фырт ӕмӕ йе ’взӕрст Лӕггадгӕнӕгыл «сӕвӕрдта не ’ппӕты тӕригъӕдтӕ дӕр». Чырысти сразы, цӕмӕй «йӕ барӕхойой нӕ фыдракӕндты тыххӕй» ӕмӕ «йӕ бафхӕрой нӕ тӕригъӕдты тыххӕй», ӕмӕ сӕ афтӕмӕй систа йӕ хъизӕмӕртты хъӕдмӕ ӕмӕ мах бӕсты амард.

9 Апостол Петр ныффыста: «Хуынд дӕр ахӕм цардмӕ ӕрцыдыстут, уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат. Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ йӕ буары мидӕг систа хъӕдмӕ, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзӕм ӕмӕ рӕстӕй цӕрӕм». Уый фӕстӕ Петр ӕрхаста пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: «Ӕмӕ „йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сымах сдзӕбӕх стут“» (1 Пет. 2:21, 24; Ис. 53:5). Уый фӕрцы тӕригъӕдджын адӕмӕн фӕзынд фадат Хуыцауимӕ бафидауынӕн, ӕмӕ уый тыххӕй Петр дзуры дарддӕр: «Чырысти дӕр ӕрмӕстдӕр иу хатт амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй – рӕстгӕнӕг фыдгӕнджыты тыххӕй,– цӕмӕй уӕ Хуыцаумӕ ӕркӕна» (1 Пет. 3:18).

«Фыс ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ акодтой уый дӕр»

10. а) Аргъауӕг Иоанн Йесойы куыд схуыдта? ӕ) Иоанны ныхӕстӕ раст цӕмӕн сты?

10 Бакӕс Исайы 53: 7, 8. Аргъауӕг Иоанн Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дуне йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн!» (Иоан. 1:29). Иоанн Йесойы Уӕрыкк куы схуыдта, уӕд йӕ хъуыдыйы, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Исайы ныхӕстӕ: «Фыс ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ акодтой уый дӕр» (Ис. 53:7). Исай загъта: «Уый йӕ уд радта мӕлӕтмӕ» (Ис. 53:12). Цымыдисаг у, Йесо йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ’вӕрдта, уӕд йӕ 11 иузӕрдион апостолмӕ радта сӕны къус ӕмӕ загъта: «Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой» (Матф. 26:28).

11, 12. а) Исахъ ӕнӕзивӕгӕй кӕй сразы, цӕмӕй йӕ нывондӕн ӕрхастаиккой, уыцы хъуыддаг ӕмӕ Чырыстийы нывонды ’хсӕн иумӕйагӕй цы ис? ӕ) Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕггӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл Стырдӕр Авраам, Йегъовӕйы тыххӕй цы хъуамӕ дарӕм?

11 Исахъау Йесо дӕр ӕнӕзивӕгӕй сразы, цӕмӕй йӕ цард нывондхӕссӕныл ӕрхастаид. Уыцы нывондхӕссӕн та уыд, Йегъовӕмӕ Йесойы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый (Райд. 22:1, 2, 9–13; Дзут. 10:5–10). Кӕд Исахъ барвӕндонӕй сразы, цӕмӕй йӕ нывондӕн ӕрхастаиккой, уӕддӕр нывонд хъуамӕ ӕрхастаид Авраам (Дзут. 11:17). Раст афтӕ Йесо дӕр барвӕндонӕй сразы, цӕмӕй йӕ амардтаиккой, фӕлӕ ахӕсты аргъыл батыхст Йегъовӕ. Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста, адӕмы куыд тынг уарзы, уый.

12 Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоан. 3:16). Апостол Павел ныффыста: «Хуыцау... нӕ кӕй уарзы, уый ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:8). Уӕдӕ, Чырыстийы мӕлӕт бӕрӕггӕнгӕйӕ ӕмӕ йын афтӕмӕй кадгӕнгӕйӕ, мах хъуамӕ ма рох кӕнӕм, ахӕсты аргъ фыст куыд хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл кӕй батыхст Стырдӕр Авраам, Йегъовӕ. Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕггӕнгӕйӕ, мах кад кӕнӕм Йегъовӕйӕн.

Лӕггадгӕнӕджы фӕрцы «бирӕтӕ нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл»

13, 14. Йегъовӕйы Лӕггадгӕнӕджы фӕрцы бирӕтӕ рӕстгӕнджытыл нымад куыд ӕрцыдысты?

13 Бакӕс Исайы 53:11, 12. Йегъовӕ йе ’взӕрст Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй загъта: «Рӕстгӕнӕджы, мӕ лӕггадгӕнӕджы, фӕрцы бирӕтӕ нымад ӕрцӕудзысты рӕстгӕнджытыл». Куыд? Бӕлвырд дзуапп ссарӕн ис 12 стихы кӕрон: «Ӕмӕ [Лӕггадгӕнӕг] фыдгӕнджыты сӕрыл хӕцыд». Адамы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ сты тӕригъӕдджынтӕ, «фыдгӕнджытӕ», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд фидынц мӕлӕтӕй (Ром. 5:12; 6:23). Тӕригъӕдджын адӕмы ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы бафидауын Йегъовӕимӕ. Исайы пехуымпарады 53-ӕм сӕр хорз ӕвдисы, Йесо тӕригъӕдджын адӕмы сӕрыл куыд рахӕцыд, уый: «Кӕй йӕ бафхӕрдтой, уый нын фарн ӕрхаста ӕмӕ мах йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм» (Ис. 53:5).

14 Чырысти нын нӕ тӕригъӕдтӕ йӕхимӕ кӕй райста ӕмӕ мах бӕсты кӕй амард, уый «фӕрцы бирӕтӕ нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытыл». Павел ныффыста: «Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй йӕ Фырты мидӕг уой йӕ миниуджытӕ иууылдӕр ӕмӕ цӕмӕй йӕ Фырты фӕрцы йӕхиимӕ бафидауын кӕна алкӕй дӕр – зӕххыл чи ис, уыдон уой ӕви, уӕлӕрвты чи ис, уыдон. Фидауын та сӕ кӕны, уый хъизӕмӕртты хъӕдыл цы туг ныккалдта, уый фӕрцы» (Кол. 1:19, 20).

15. а) Чи сты, Павел афтӕ кӕмӕй загъта, «уӕлӕрвты чи ис, уыдон», зӕгъгӕ? ӕ) Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй йӕ бон аходын кӕмӕн у ӕмӕ цӕмӕн?

15 «Уӕлӕрвты чи ис, уыдон» сты, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдон Йегъовӕимӕ бафидыдтой, Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы. «Уӕларвмӕ хуынд чи у», уыцы чырыстӕттӕ «нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл, цӕмӕй цӕрой» (Дзут. 3:1; Ром. 5:1, 18). Йегъовӕ сӕ банымайы йӕ фырттыл. Сыгъдӕг уд сын ӕвдисӕн лӕууы, бынтӕй сын Чырыстиимӕ иумӕ хай кӕй ис ӕмӕ кӕй хъуамӕ суой паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уӕларвон Паддзахады (Ром. 8:15–17; Рарг. 5:9, 10). Уыдон свӕййынц уӕларвон Израилы, «Хуыцауы Израилы», уӕнгтӕ ӕмӕ уыдонимӕ арӕзт ӕрцыд «ног бадзырд» (Йер. 31:31–34; Гал. 6:16). Ног бадзырд семӕ арӕзт кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у аходын Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй. Уыцы нысӕнттӕй иу у сырх сӕн. Йесо загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, мӕ уыцы тугӕй» (Лук. 22:20).

16. «Зӕххыл чи ис, уыдон» чи сты ӕмӕ Йегъовӕйы раз рӕстгӕнджытыл нымад куыд цӕуынц?

16 «Зӕххыл чи ис, уыдон» сты Чырыстийы ӕндӕр фыстӕ – ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон. Йегъовӕйы ’взӕрст Лӕггадгӕнӕджы фӕрцы ӕндӕр фыстӕ Йегъовӕйы раз нымад ӕрцӕуынц рӕстгӕнджытыл. Уыдон Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц (уый та нысан кӕны, «сӕ дарӕстӕ [кӕй] ныхсадтой ӕмӕ сӕ [кӕй] сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй»), уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ банымайы рӕстгӕнджытыл, ӕрмӕст сӕ схоны йӕ уӕларвон фырттӕ нӕ, фӕлӕ йӕ хӕлӕрттӕ, ӕмӕ сын дӕтты диссаджы ныфс, «стыр бӕллӕхӕй» кӕй фервӕздзысты (Рарг. 7:9, 10, 14; Иак. 2:23). Ног бадзырд ӕндӕр фыстимӕ арӕзт кӕй не ’рцыд ӕмӕ сӕ уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ уыдон Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй нӕ фӕаходынц, фӕлӕ бӕрӕгбонӕн аргъ кӕнынц ӕмӕ йӕм ӕрбацӕуынц.

Бузныг стӕм Йегъовӕйӕ ӕмӕ, райгонд кӕмӕй у, уыцы Лӕггадгӕнӕгӕй!

17. Исайы пехуымпарӕдтӕм Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй кӕй ӕркастыстӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрыл ахъуыды кӕнынӕн?

17 Исайы пехуымпарӕдтӕм Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй кӕй ӕркастыстӕм, уый нын баххуыс кодта Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрыл ахъуыды кӕнынӕн. Уый фӕрцы нӕ бон у лӕмбынӕг кӕсын, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕгмӕ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уымӕ» (Дзут. 12:2). Мах базыдтам, Хуыцауы Фырт Хуыцауы ныхмӕ кӕй никуы цыди. Сайтанӕй уӕлдай, Йесо Йегъовӕйы нымайы Дунедарӕг Стыр Хуыцауыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, кӕй йӕ ахуыр кӕны, уый. Мах федтам, зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн куыд тӕригъӕд кодта, бирӕты дзы куыд дзӕбӕх кодта ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кодта Хуыцауимӕ бафидауынӕн. Афтӕмӕй равдыста, ног дунейы «зӕххыл рӕстдзинад куы ӕрӕвӕра», уӕд, Мессийӕ-Паддзах уӕвгӕйӕ, цы сараздзӕн, уый (Ис. 42:4). Йесо, «адӕмыхӕттытӕн рухс», Паддзахады тыххӕй куыд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ хъусын кӕной (Ис. 42:6).

18. Исайы пехуымпарады фӕрцы Йегъовӕ ӕмӕ йӕ иузӕрдион Лӕггадгӕнӕгӕй тынгдӕр бузныг цӕмӕн стӕм?

18 Исайы пехуымпарады фӕрцы ма мах хуыздӕр бамбӕрстам, цы стыр нывонд ӕрхаста Йегъовӕ, йӕ уарзон Фырты зӕхмӕ куы ӕрӕрвыста, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ мах тыххӕй амардаид. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд, йӕ Фырт кӕй хъизӕмар кодта, уый нӕ, фӕлӕ йыл мӕлӕты онг алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион кӕй уыд, уый. Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕйау цин кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо цы сарӕзта, уый. Йесо сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у, срухс кодта Йегъовӕйы ном, ӕмӕ уымӕй равдыста, Йегъовӕйӕн бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы хицау уа. Уымӕй уӕлдай ма нын Чырысти нӕ тӕригъӕдтӕ йӕхимӕ райста ӕмӕ мах бӕсты амард. Уый фӕрцы гыццыл дзуг – йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ Йегъовӕйы раз рӕстгӕнджытыл нымад цӕуынц. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ӕрӕмбырд уӕм, уӕд нӕ зӕрдыл дарӕм, куыд бузныг хъуамӕ уӕм Йегъовӕйӕ ӕмӕ, райгонд кӕмӕй у, уыцы Лӕггадгӕнӕгӕй!

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ Фырты «бафхӕрдтаид»?

• Чырыстийы «нӕ фыдракӕндты тыххӕй» куыд барӕхуыстой?

• Лӕггадгӕнӕджы фӕрцы бирӕтӕ рӕстгӕнджытыл нымад куыд ӕрцыдысты?

• Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ нын куыд баххуыс кодтой нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ саразынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

«Уымӕй се сӕфт уыдтой ӕмӕ йӕ мах ницӕмӕ дардтам»

[Ныв 28 фарсыл]

«Уый йӕ уд радта мӕлӕтмӕ»

[Ныв 29 фарсыл]

«Ӕндӕр фыстӕ» Ӕрымысӕн изӕрӕн аргъ кӕнынц ӕмӕ йӕм ӕрбацӕуынц