Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕнӕ, Йегъовӕ райгонд кӕмӕй у, уыцы Лӕггадгӕнӕг!

Мӕнӕ, Йегъовӕ райгонд кӕмӕй у, уыцы Лӕггадгӕнӕг!

Мӕнӕ, Йегъовӕ райгонд кӕмӕй у, уыцы Лӕггадгӕнӕг!

«Мӕнӕ, мӕ... лӕггадгӕнӕг! Райгонд кӕмӕй дӕн!» (ИС. 42:1).

1. Ӕрымысӕн изӕр кӕй ӕрӕввахс кӕны, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы адӕмы сӕ зӕрдыл дарын цы хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

ӔРӔВВАХС Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕмы хъӕуы сӕ хъус ӕрдарын апостол Павелы ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, лӕмбынӕг кӕсут, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕгмӕ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уымӕ». Павел ма ныффыста: «О, лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, йӕхӕдӕг йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр чи кодта, уыцы тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн чи бафӕрӕзта, ууыл, цӕмӕй ма бафӕллайат ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕтта» (Дзут. 12:2, 3). Чырысти цы фӕндагыл рацыд, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй куыд лӕггад кодта ӕмӕ фӕстагмӕ йӕ цард нывондӕн куыд ӕрхаста, ууыл сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ, «ӕндӕр фыстӕ», лӕмбынӕг куы хъуыды кӕной, уӕд Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ «сӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн». (Абар Галатӕгтӕм 6:9.)

2. Исайы пехуымпарӕдтӕй Хуыцауы Фырты тыххӕй нӕ бон базонын цы у?

2 Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы пехуымпар Исай загъта, Хуыцауы Фыртмӕ комкоммӕ чи хаудта, цалдӕр ахӕм пехуымпарады. Уыцы пехуымпарӕдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй лӕмбынӕг кӕсӕм, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕгмӕ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уымӕ», Йесо Чырыстимӕ *. Уыдонӕй фылдӕр базондзыстӕм йӕ миниуджыты ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты тыххӕй, стӕй ма, куыд нӕ Паддзах ӕмӕ нӕ Ӕлхӕнӕг, афтӕ куыд сбӕрзонд уыдзӕн, уый дӕр. Хуыцауы пехуымпарадон ныхасы фӕрцы мах хуыздӕр бамбардзыстӕм Ӕрымысӕн изӕры нысаниуӕг – ацы аз ӕй бӕрӕг кӕндзыстӕм 9 апрелы, цыппӕрӕмы, хурныгуылды фӕстӕ.

Чи у Лӕггадгӕнӕг

3, 4. а) Исайы чиныджы дзырд «лӕггадгӕнӕг» кӕмӕ амоны? ӕ) Библи куыд ӕвдисы, Исайы чиныджы 42, 49, 50, 52 ӕмӕ 53 сӕрты цы Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй дзырдӕуы, уый чи у, уый?

3 Дзырд «лӕггадгӕнӕг» Исайы чиныджы арӕх ӕмбӕлы. Уый хатт фӕамоны пехуымпарӕн йӕхимӕ (Ис. 20:3; 44:26). Иуӕй-иу рӕтты та амоны ӕппӕт Израилы адӕммӕ, кӕнӕ Иаковмӕ (Ис. 41:8, 9; 44:1, 2, 21). Фӕлӕ кӕмӕ амонынц, Исайы чиныджы 42, 49, 50, 52 ӕмӕ 53 сӕрты Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй цы диссаджы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон та? Йегъовӕйы уыцы Лӕггадгӕнӕг чи у, уый бӕлвырд ӕвдисынц Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Цымыдисаг у Хъуыддӕгты чиныджы фыст хабар. Сыгъдӕг уд Филиппы ефиопаг хицаумӕ куы арвыста, уӕд уыцы хицау каст ацы пехуымпарӕдтӕй иу. Уый Филиппӕн бакаст, абон Исайы 53:7, 8 фыст чи ис, уыцы скъуыддзаг ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй кой кӕны пехуымпар: йӕхи ӕви ӕндӕр искӕй?» Филипп ын ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ бамбарын кодта, Исай кӕй кодта Мессийӕйы, Йесойы, кой (Ап. хъ. 8:26–35).

4 Йесо ма дзидзидай саби куы уыд, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы рӕстаг лӕг Симеон загъта, зӕгъгӕ, «гыццыл Йесо» у, «адӕмтыл цы ӕмбӕрзӕн ис, уый чи сисдзӕн, уыцы рухс». Уыцы пехуымпарад фыст уыди Исайы 42:6 ӕмӕ 49:6 (Лук. 2:25–32). Уымӕй уӕлдай ма, Исайы 50:6–9 загъд уыди, Йесойӕ йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв куыд хынджылӕг кӕндзысты, уый дӕр (Матф. 26:67; Лук. 22:63). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ апостол Петр комкоммӕ загъта, Йегъовӕйы «Лӕггадгӕнӕг» кӕй у Йесо (Ис. 52:13; 53:11; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 3:13, 26). Ацы пехуымпарӕдтӕй Мессийӕйы тыххӕй нӕ бон базонын цы у?

Йегъовӕ ахуыр кӕны йӕ Лӕггадгӕнӕджы

5. Лӕггадгӕнӕг цавӕр ахуырад райста?

5 Хуыцауы Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй Исай цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдонӕй иу ӕмбарын кӕны, куыд ӕнувыд уыдысты кӕрӕдзийыл Йегъовӕ ӕмӕ йӕ фыццаггуырд Фырт, цалынмӕ Фырт зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ. (Бакӕс Исай 50:4–9.) Лӕггадгӕнӕг йӕхӕдӕг дзуры, Йегъовӕ йӕ ӕппынӕдзух кӕй ахуыр кодта: «Мӕ хъустӕ мын байгом кӕны, цӕмӕй хъусон, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд фӕхъусынц, афтӕ» (Ис. 50:4). Ӕппӕт уыцы рӕстӕг Хуыцауы Лӕггадгӕнӕг йӕ Фыдмӕ хъуыста ӕмӕ дзы ахуыр кодта, ӕмӕ сси коммӕгӕс ахуыргӕнинаг. Дунесфӕлдисӕг дӕ ахуыр кӕна – уый кӕуылты кад у!

6. Лӕггадгӕнӕг куыд равдыста, алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕй кӕсы, уый?

6 Ацы пехуымпарады Лӕггадгӕнӕг йӕ Фыды хоны «Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ». Уымӕй бӕрӕг у, Лӕггадгӕнӕг кӕй бамбӕрста иу ахсджиаг хабар: Йегъовӕ у Дун-дунейы иунӕг Хицау. Алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕй кӕсы, уый равдыста, цы загъта, уымӕй: «Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ мын байгом кодта мӕ хъустӕ, ӕмӕ ӕз йӕ коммӕ бакастӕн. Ӕз иннӕрдӕм нӕ фӕзылдтӕн» (Ис. 50:5). Уый Йегъовӕйӕн «уыди йӕ фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг» ӕмӕ йын ӕххуыс кодта Дун-дуне ӕмӕ адӕймаджы сфӕлдисынӕн. Ацы «дӕсны кусӕг» «алкӕддӕр цин кодта [Йегъовӕйы] раз... цин кодта, йе сконд зӕхх куыд хъӕздыг у, уый уынгӕйӕ, ӕмӕ [Хуыцауы Фырты] стыр цин уыдысты зӕххон адӕм» (Ӕмб. 8:22–31).

7. Цӕмӕй бӕрӕг у, Лӕггадгӕнӕг йӕ хъизӕмӕртты рӕстӕджы кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл?

7 Уыцы Лӕггадгӕнӕджы йӕ Фыд кӕй сахуыр кодта ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, уый йӕ бацӕттӕ кодта, зӕххыл стыр зындзинӕдтыл кӕй хъуамӕ сӕмбӕлдаид, уымӕ. Йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын ын хаста ӕгӕрон циндзинад, кӕд ӕй карзӕй ӕфхӕрдтой, уӕддӕр (Пс. 40:8; Матф. 26:42; Иоан. 6:38). Хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ Йесо фидарӕй зыдта, йӕ Фыд дзы райгонд кӕй у ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны. Исайы пехуымпарады куыд фыст уыд, афтӕ Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын: «Ӕввахс у, рӕстгӕнӕг мӕ чи хоны, уый. Чи дзурдзӕн мӕ ныхмӕ? Мӕнӕ! Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ мын йӕхӕдӕг ӕххуыс кӕндзӕн» (Ис. 50:8, 9). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кодта йӕ иузӕрдион Лӕггадгӕнӕгӕн, зӕххыл куы уыд, уӕд. Уый тыххӕй фыст ис Исайы пехуымпарӕдтӕй ӕндӕры.

Куыд лӕггад кодта зӕххыл

8. Цӕмӕй бӕрӕг у, Исайы 42:1 Йегъовӕ, «ме ’взӕрст», зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъы, уый Йесо кӕй у?

8 Библи нын дзуры, н. э. 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй: «Сыгъдӕг уд [ыл] бӕлоны хуызы ӕрцыд, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» (Лук. 3:21, 22). Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, Исайы пехуымпарады, «ме ’взӕрст», зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъы, уый чи у, уый. (Бакӕс Исайы 42:1–7.) Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ацы пехуымпарад сӕххӕст кодта диссаджы хуызы. Матфей йӕ Евангелийы ӕрхаста Исайы 42:1–4 фыст ныхӕстӕ ӕмӕ бамбарын кодта, уыдон Йесомӕ кӕй хауынц (Матф. 12:15–21).

9, 10. а) Йесо Исайы 42:3 фыст ныхӕстӕ йӕ лӕггады рӕстӕджы куыд сӕххӕст кодта? ӕ) Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд куыд равдыста, «цы у рӕстдзинад», уый ӕмӕ кӕд ӕрӕвӕрдзӕн «зӕххыл рӕстдзинад»?

9 Израилы дины разамонджытӕ хуымӕтӕг адӕммӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты (Иоан. 7:47–49). Адӕм сӕ фӕлмӕн ныхас нӕ зыдтой, ӕмӕ сӕ абарӕн уыди «цъӕл хъӕзимӕ» ӕмӕ ахуыссынӕввонг «цырагъимӕ». Фӕлӕ Йесо мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн тӕригъӕд кодта (Матф. 9:35, 36). Уый сын фӕлмӕнӕй загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн» (Матф. 11:28). Уымӕй уӕлдай, Йесо адӕмӕн равдыста «цы у рӕстдзинад»,– Йегъовӕ раст ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, ууыл сӕ кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы (Ис. 42:3). Уый ма бамбарын кодта, адӕймаг Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд кӕй хъуамӕ уа ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ (Матф. 23:23). Йесо рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый ма рабӕрӕг, хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ кӕй никӕй хъулон кодта – дзырдта йӕ хъӕздгуытӕн дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕн дӕр (Матф. 11:5; Лук. 18:18–23).

10 Исайы пехуымпарады фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы «ӕвзӕрст» «зӕххыл рӕстдзинад ӕрӕвӕрдзӕн» (Ис. 42:4). Тагъд рӕстӕджы Йесо, куыд Мессийӕйы Паддзахады Паддзах, афтӕ, уыцы хъуыддаг сараздзӕн. Куыд? Политикон паддзахӕдтӕ иууылдӕр ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Уый сараздзӕн, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», ахӕм ног дуне (2 Пет. 3:13; Дан. 2:44).

«Рухс» ӕмӕ «бадзырд»

11. Йесо «адӕмыхӕттытӕн рухс» фыццаг ӕнусы куыд уыд ӕмӕ абоны онг дӕр куыд у?

11 Исайы 42:6 фыст ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, Йесо ӕцӕгдӕр уыди «адӕмыхӕттытӕн рухс». Зӕххыл куы уыд, уӕд «рухс», ома хорз хабар, сӕйраджыдӕр хаста дзуттӕгтӕн (Матф. 15:24; Ап. хъ. 3:26). Фӕлӕ Йесо загъта: «Ӕз дӕн ацы дунейӕн рухс» (Иоан. 8:12). Уый дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн дӕр рухс ӕрмӕст уый тыххӕй не сси, хорз хабар сын кӕй хъусын кодта, фӕлӕ ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр йе ’ххӕст цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дӕр (Матф. 20:28). Йесо куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй йын ӕвдисӕнтӕ уой «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Ап. хъ. 1:8). Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ лӕггады рӕстӕджы пайда кодтой дзырдбастӕй «адӕмыхӕттытӕн рухс». Дзырдтой-иу ӕй, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн кӕй хъусын кодтой, уый кой кӕнгӕйӕ (Ап. хъ. 13:46–48; абар Исай 49:6). Йесойы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон ӕмӕ се ’мбӕлттӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй баууӕндой Йесойыл – «адӕмыхӕттытӕн рухсыл».

12. Йегъовӕ йӕ Лӕггадгӕнӕджы «адӕмтӕн бадзырдӕн» куыд радта?

12 Уыцы пехуымпарады ма дарддӕр Йегъовӕ йе ’взӕрст Лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ адӕмтӕн бадзырдӕн ратдзынӕн» (Ис. 42:6). Сайтан тынг архайдта, цӕмӕй Йесойы амардтаид ӕмӕ йӕ бахъыгдардтаид зӕххыл йӕ хӕс сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ Йесойы хъахъхъӕдта, цалынмӕ йӕ мӕлӕты рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ (Матф. 2:13; Иоан. 7:30). Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойы райгас кодта ӕмӕ йӕ адӕмӕн скодта «бадзырд», кӕнӕ зӕрдӕвӕрд. Уыцы зӕрдӕвӕрд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион Лӕггадгӕнӕг ӕнӕмӕнгӕй дарддӕр дӕр «адӕмыхӕттытӕн рухс» кӕй уыдзӕн ӕмӕ, талынджы чи ис, уыдоны кӕй ссӕрибар кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 49:8, 9.) *

13. «Талынджы чи бады, уыдоны» Йесо, зӕххыл куы уыд, уӕд куыд ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ абоны онг дӕр куыд сӕрибар кӕны?

13 Ацы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы ӕвзӕрст Лӕггадгӕнӕг «куырмыты цӕстытӕ» бакӕндзӕн, «ныккӕндӕй ахст адӕймаджы» ракӕндзӕн ӕмӕ «талынджы чи бады, уыдоны» ссӕрибар кӕндзӕн (Ис. 42:7). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ацы пехуымпарад ӕххӕст кодта афтӕ, ӕмӕ мӕнг дины ахуырӕдтӕ ӕргом кодта ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта (Матф. 15:3; Лук. 8:1). Афтӕмӕй уый, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу чи систы, уыцы дзуттӕгты мӕнг динӕй сӕрибар кодта (Иоан. 8:31, 32). Йесо ма мӕнг динӕй ссӕрибар кодта милуангай адӕймӕгты ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дӕр. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ацӕуой ӕмӕ... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ». Ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, семӕ кӕй уыдзӕн, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (Матф. 28:19, 20). О, Йесо Чырысти уӕларвӕй разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕппӕт дунейы дӕр.

Йегъовӕ сбӕрзонд кодта йӕ «Лӕггадгӕнӕджы»

14, 15. Йегъовӕ йӕ Лӕггадгӕнӕджы цӕмӕн сбӕрзонд кодта ӕмӕ куыд?

14 Ӕндӕр пехуымпарады та Йегъовӕ йӕ Лӕггадгӕнӕджы, Мессийӕйы, тыххӕй дзуры: «Мӕ лӕггадгӕнӕг алцыдӕр араздзӕн ӕмбаргӕйӕ. Уый бацахсдзӕн бӕрзонд бынат ӕмӕ тынг суӕлиау уыдзӕн ӕмӕ уыдзӕн тынг бӕрзонд» (Ис. 52:13). Фырт алкӕддӕр йӕ Фыды хицаудзинады коммӕ кӕй каст ӕмӕ ӕппӕты зындӕр фӕлварӕнты дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ сбӕрзонд кодта.

15 Апостол Петр Йесойы тыххӕй загъта: «Уый ссыд уӕларвмӕ ӕмӕ ныр ис Хуыцауы рахиз фарс. Уымӕн Хуыцау йӕ дӕлбар бакодта зӕдты, хицӕутты ӕмӕ барджынты» (1 Пет. 3:22). Афтӕ апостол Павел дӕр фыста: «Йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау дӕр сӕвӕрдта ноджы уӕлдӕр ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй бӕрзонддӕр чи у, ахӕм ном, цӕмӕй Йесойы номӕй йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа алчидӕр: уӕлӕрвты чи ис, зӕххыл чи ис ӕмӕ зӕххы бын чи ис, уыдон, ӕмӕ алчидӕр ӕргом зӕгъа, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн» (Фил. 2:8–11).

16. 1914 азы Йесо тынг куыд сбӕрзонд ӕмӕ йын уӕдӕй фӕстӕмӕ цы бантыст?

16 1914 азы Йегъовӕ Йесойы ноджы тынгдӕр сбӕрзонд кодта. Уый сси «тынг бӕрзонд», Йегъовӕ йӕ Мессийӕйы Паддзахады Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд (Пс. 2:6; Дан. 7:13, 14). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Чырысти хицауиуӕг кӕны «йе знӕгты ’хсӕн» (Пс. 110:2). Хицауиуӕг кӕнын кӕй райдыдта, уый фыццаг рабӕрӕг уымӕй, ӕмӕ Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонты зӕххы арӕнтӕм ӕрӕппӕрста (Рарг. 12:7–12). Уый фӕстӕ Чырысти, куыд Стырдӕр Кир, афтӕ, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи уыд, уыдоны ссӕрибар кодта «Стыр Вавилоны» уацарӕй (Рарг. 18:2; Ис. 44:28). Хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕппӕт дунейы дӕр разамынд дӕттын райдыдта. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырд кӕны, йе ’фсымӕртӕй ма зӕххыл «чи баззад», уыдоны ӕмӕ милуангай «ӕндӕр фысты» – «гыццыл дзуджы» иузӕрдион ӕмбӕлтты (Рарг. 12:17; Иоан. 10:16; Лук. 12:32).

17. Исай «лӕггадгӕнӕджы» тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ныффыста, уыдонӕй цы базыдтам?

17 Исайы чиныгӕй ацы диссаджы пехуымпарӕдтӕ кӕй равзӕрстам, уый фӕрцы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм Йесо Чырыстийӕн, нӕ Паддзах ӕмӕ нӕ Ӕлхӕнӕгӕн. Зӕххыл йӕ Фыды коммӕ уарзӕгой Фыртау кӕй каст, уымӕй сбӕлвырд, уӕлӕрвты дзы цӕуыл сахуыр, уый. Йесо «адӕмыхӕттытӕн рухс» кӕй у, уый рабӕрӕг, зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ӕмӕ абон дӕр бӕрӕг у, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, уымӕй. Дарддӕр аныхас кӕндзыстӕм Лӕггадгӕнӕг, Мессийӕйы тыххӕй ӕндӕр пехуымпарадыл. Уым фендзыстӕм, кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард кӕй хъуамӕ радтаид. Ныр, Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр куы ӕрӕввахс кӕны, уӕд нӕ уыдӕттыл уӕлдай тынгдӕр хъӕуы «лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын» (Дзут. 12:2, 3).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 12 абз. Исайы 49:1–12 фыст пехуымпарадыл фылдӕр ныхас цӕуы чиныджы «Пророчество Исаии – свет для всего человечества», 2 том, 136–145 фф.

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Исай йӕ пехуымпарӕдты цы «лӕггадгӕнӕджы» кой кодта, уый чи у ӕмӕ йӕ кӕцӕй зонӕм?

• Лӕггадгӕнӕг Йегъовӕйӕ цӕуыл сахуыр?

• Йесо «адӕмыхӕттытӕн рухс» куыд у?

• Лӕггадгӕнӕг куыд сбӕрзонд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Филипп хорз бамбарын кодта, Исай цы «лӕггадгӕнӕджы» кой кодта, уый кӕй у Йесо, Мессийӕ

[Ныв 23 фарсыл]

Йесо, Йегъовӕйы ӕвзӕрст Лӕггадгӕнӕг, тӕригъӕд кодта мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн

[Ныв 24 фарсыл]

Йесойы йӕ Фыд сбӕрзонд кодта ӕмӕ йӕ Мессийӕйы Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта