Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл»

«Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл»

«Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл»

Эмилия Педерсоны царды хабӕрттӕ

Радзырдта сӕ Рут Паппас

МӔ МАД, Эмилия Педерсон, райгуырд 1878 азы. Кӕд ахуыргӕнӕг сси, уӕддӕр йӕ бӕллиц уыд, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаид Хуыцауы базонынӕн. Мӕ мады бӕллиццӕн ӕвдисӕн уыд иу стыр чемодан. Уый лӕууыд нӕ хӕдзары горӕт Джасперы (штат Миннесота, АИШ). Мӕ мады фӕндыд Китайы миссионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ уыцы чемодан балхӕдта, цӕмӕй дзы йӕ дзаумӕттӕ уырдӕм аластаид. Фӕлӕ йӕ мад куы амард, уӕд йӕ фӕндтӕ йӕ хъуыры фӕбадтысты, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди йӕ кӕстӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕры хъомыл кӕнын. 1907 азы смой кодта Теодор Хоулинӕй. Ӕз райгуырдтӕн 1925 азы 2 декабры, уыдтӕн ӕвдӕм, цоты кӕстӕр.

Мӕ мадмӕ Библийы фӕдыл цыдӕр фарстытӕ уыди ӕмӕ сын зӕрдиагӕй дзуаппытӕ агуырдта. Зӕгъӕм, цымыдис ӕй кодта, фыдгӕнджытӕ кӕм хъизӕмар кӕнынц, уыцы зындоны арт. Уый бафарста, лютерайнаг аргъуанӕй-иу сӕм чи ’рцыд, уыцы инспекторы, зындоны тыххӕй Библийы кӕм фыст ис, зӕгъгӕ. Цы дзуапп ын радта, уый цыбыртӕй уыд ахӕм: Библийы цы фыст ис, уый ахсджиаг нӕу,– зындоны арты тыххӕй адӕмӕн хъӕуы дзурын.

Рӕстдзинад базыдта

1900 азты райдианы мӕ мадыхо Эммӕ ацыд горӕт Нортфилдмӕ (штат Миннесота) музыкӕ ахуыр кӕнынмӕ. Эммӕ цардис йӕ ахуыргӕнӕг Милиус Кристиансонмӕ. Уымӕн йӕ ус уыдис Библииртасӕг, афтӕ хуыдтой уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты. Эммӕ йын загъта, йӕ хо бирӕ кӕй уарзы Библи кӕсын. Кристиансоны ус уайтагъд ныффыста мӕ мадмӕ. Йӕ писмойы уыди дзуаппытӕ мӕ мады фарстытӕн.

Иубон нӕм Су-Фолсӕй (штат Хуссар Дакотӕ) Джаспермӕ поездыл ӕрцыд иу Библииртасӕг, Лорӕ Оутхаут, зӕгъгӕ. Лорӕ ӕрцыд хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Мӕ мад лӕмбынӕг кӕсын райдыдта, Лорӕ йын цы литературӕ радта, уый. Ӕмӕ 1915 азы райдыдта иннӕтӕн дзурын, Библийӕ цы базыдта, уый тыххӕй ӕмӕ парахат кодта, Лорӕ кӕй ӕрласта, уыцы литературӕ.

1916 азы мӕ мад фехъуыста, Чарлз Тейз Рассел кӕй хъуамӕ уыдаид конгрессы горӕт Су-Ситийы (штат Айова) ӕмӕ йӕ тынг бафӕндыд уырдӕм ацӕуын. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг мӕ мадӕн уыди фондз сывӕллоны, ӕппӕты кӕстӕрыл, Марвиныл, уӕд фондз мӕйы йеддӕмӕ нӕ цыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фондз сывӕллонимӕ поездыл 160 километры бӕрц ацыд, цӕмӕй уыцы конгресмӕ бахаудаид. Уый байхъуыста ӕфсымӕр Расселы раныхӕстӕм, бакаст «Сфӕлдыстады фото-драма»-мӕ ӕмӕ донаргъуыд райста. Хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд конгрессы тыххӕй ныффыста статья. Уыцы статья ныммыхуыр кодтой бынӕттон журналы («Jasper Journal»).

1922 азы мӕ мад ацыди конгресмӕ Сидар-Пойнтмӕ (штат Огайо), уым уыди 18 мин адӕймаджы бӕрц. Уыцы конгрессы фӕстӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй иудадзыг хъусын кодта. Нӕ мад махӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй цӕрӕм ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл» (Ис. 30:21).

Паддзахады хабар адӕмы зӕрдӕтӕ агайы

1920 азты фыццаг ӕмбисы мӕ ныййарджытӕ цӕрынмӕ ацыдысты ӕндӕр ранмӕ, Джасперӕй гыццыл дарддӕр. Мӕ фыдӕн уыди хорз куыст, стӕй йын уыд стыр бинонтӕ ӕмӕ сӕ хъуыди дарын. Уый Библи мӕ мадау нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыдаид, ӕмӕ нӕ хӕдзары дуӕрттӕ алкӕддӕр гом уыдысты цӕугӕ цӕстдарджытӕн, уӕды рӕстӕджы сӕ хуыдтой пилигримтӕ. Цӕугӕ цӕстдарджытӕй-иу искӕмӕн нӕ хӕдзары раныхас куы уыди, уӕд-иу нӕм ӕрбацыд сӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Цӕрӕн уаты, цӕлгӕнӕны ӕмӕ кӕм фынӕй кодтам, уыцы агъуысты-иу къух бакӕнӕн нал уыд.

Авд азы мыл куы цыди, уӕд нӕм мӕ мадыхо Летти телефонӕй ӕрбадзырдта ӕмӕ загъта, йӕ сыхӕгты, Эд Ларсон ӕмӕ йӕ бинойнаджы, кӕй фӕнды Библи ахуыр кӕнын. Уыдон рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айстой. Фӕстӕдӕр ма Библи ахуыр кӕныны тыххӕй загътой ноджыдӕр иу сыхагӕн, Мартӕ ван Даленӕн. Мартӕйӕн уыди 8 сывӕллоны. Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ иууылдӕр систы Библииртасджытӕ *.

Раст уыцы рӕстӕг мӕ фыдимӕ кусын райдыдта иу лӕппу, Гордон Каммеруд. Уый царди махӕй цалдӕр километры дарддӕр. Гордоны бафӕдзӕхстой, дӕ хицауы чызджытӕй дӕхи хъахъхъӕн, цыдӕр ӕнахуыр диныл хӕст сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Гордон Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта. Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ Гордон донаргъуыд райста. Йӕ ныййарджытӕ дӕр систы Библииртасджытӕ. Нӕ бинонтӕ (Хоулинтӕ) ӕмӕ уыцы бинонтӕ – Каммерудтӕ ӕмӕ ван Далентӕ – тынг балымӕн сты.

Конгресстӕ нӕ фидар кӕнынц

Сидар-Пойнты цы конгресс уыди, уый мӕ мадыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ уый фӕстӕ иу конгресс дӕр никуы фӕцух кодта. Уымӕ гӕсгӕ хорз хъуыды кӕнын, мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ конгресстӕм дард рӕттӕм куыд цыдыстӕм. 1931 азы Колумбусы (штат Огайо) цы конгресс уыд, уый уыди тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцауы адӕм райстой ном Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10–12). Хорз ма бахъуыды кодтон конгресс Вашингтоны 1935 азы. Уым бамбарын кодтой, Раргомады чиныджы кӕй кой цӕуы, уыцы «тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый (Рарг. 7:9). Уыцы конгрессы донаргъуыд райстой 800 адӕймагӕй фылдӕр, се ’хсӕн уыдысты мӕ хотӕ Лилиан ӕмӕ Юнис дӕр.

Нӕ бинонтӕ уыдысты мӕнӕ ацы конгрессты: 1937 азы Колумбусы (штат Огайо); 1938 азы Сиэтлы (штат Вашингтон); 1939 азы Нью-Йорчы. Немӕ-ма иу конгресстӕм цыдысты ван Далентӕ, Каммерудтӕ ӕмӕ ма ӕндӕр бинонтӕ дӕр. Фӕндагыл-иу ӕхсӕвиуат дӕр кодтам иумӕ, пъалаткӕты. 1940 азы Юнис смой кодта Лео ван Даленӕй ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Уыцы аз Лилиан ӕмӕ Гордон Каммеруд дӕр сӕ цард баиу кодтой ӕмӕ уыдон дӕр райдыдтой лӕггад кӕнын пионертӕй.

1941 азы Сент-Луисы (штат Миссури) конгресс хицӕн кодта иннӕ конгресстӕй. Уым мингай ӕрыгӕттӕ райстой чиныг «Сывӕллӕттӕ». Уыцы конгресс мын мӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Уый фӕстӕ, 1941 азы 1 сентябры, ме ’фсымӕр Марвин, йӕ ус Джойс ӕмӕ ӕз райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын. Уӕд мыл цыди 15 азы.

Кӕм цардыстӕм, уым бирӕтӕ кодтой зӕххы куыст, ӕмӕ уый тыххӕй ӕфсымӕртӕн се ’ппӕтӕн конгресмӕ цӕуын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу конгресстӕ арӕх уыдысты хуымгӕрдӕн афон. Уымӕ гӕсгӕ-иу фӕсконгресс нӕ кӕрты ӕрӕмбырд стӕм, ӕмӕ-иу конгрессы программӕйыл афӕлгӕст скодтам, йӕ бон-иу ацӕуын кӕмӕн нӕ баци, уыдонӕн. Уыцы фембӕлдтӕ-иу тынг хъӕлдзӕг уыдысты.

Галаады ахуыр кӕнӕм ӕмӕ лӕггад кӕнӕм фӕсарӕнты

1943 азы февралы не ’хсӕнад бакодта Галаады скъола. Уым хъуамӕ пионерты цӕттӕ кодтаиккой миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ. Фыццаг къласы ван Далены бинонтӕй ахуыр кодтой ӕхсӕзӕй: ӕфсымӕртӕ Эмиль, Артур, Хомер ӕмӕ Лео, стӕй сӕ фыдыхойы лӕппу Доналд ӕмӕ Леойы ус – мӕ хо Юнис. Куы сӕ хизын кодтам, уӕд цин дӕр кодтам ӕмӕ хъыг дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ зыдтам, кӕрӕдзи ма кӕд фӕндзыстӕм. Скъолайы фӕстӕ се ’ппӕты дӕр снысан кодтой Пуэрто-Рикомӕ. Уыцы рӕстӕг уым Ӕвдисӕнты банымайӕн уыди къухы ӕнгуылдзтыл дӕр.

Иу азы фӕстӕ Лилиан ӕмӕ Гордоны, стӕй Марвин ӕмӕ Джойсы дӕр фӕхуыдтой Галаады 3-аг къласмӕ. Уыдоны дӕр снысан кодтой Пуэрто-Рикомӕ. Уый фӕстӕ та, 1944 азы сентябры, Галаады скъолайы 4-ӕм къласы ахуыр кодтон ӕз. Уӕд мыл цыди 18 азы. 1945 азы февралы скъола каст фӕдӕн ӕмӕ ацыдтӕн Пуэрто-Рикомӕ, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕр кӕм уыдысты, уырдӕм. Цӕй диссаджы цард мын райдыдта! Испайнаг ӕвзаг ахуыр кӕнын махӕн ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ нӕ цыбыр рӕстӕгмӕ алчидӕр Библи ахуыр кодта 20 адӕймагӕй фылдӕримӕ. Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кодта. Абон та Пуэрто-Рикойы ис 25 мины бӕрц Ӕвдисӕны!

Нӕ бинонтыл ӕрцыд стыр бӕллӕхтӕ

Лео ӕмӕ Юнисӕн 1950 азы Пуэрто-Рикойы райгуырд лӕппу, схуыдтой йӕ Марк. 1952 азы уыдон сфӕнд кодтой отпуск райсын ӕмӕ сӕ хиуӕтты бабӕрӕг кӕнын. Цӕугӕ та хъуамӕ акодтаиккой 11 апрелы, хӕдтӕхӕгыл. Фӕлӕ ’рцыд стыр бӕллӕх: куы стахтысты, уӕд гыццыл фӕстӕдӕр хӕдтӕхӕг океаны ныххауд. Лео ӕмӕ Юнис фӕмард сты. Бӕлццӕттӕй удӕгасӕй чи баззад, уыдонӕй иу дыууӕаздзыд Маркы ирвӕзынгӕнӕн бӕлӕгъмӕ систа. Лӕппуйы ӕрчъицын кодтой ӕмӕ фервӕзт *.

Фондз азы фӕстӕ, 1957 азы 7 мартъийы, мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад машинӕйыл Паддзахады залмӕ фӕцӕйцыдысты. Фӕндагыл сӕ цалх суагъта. Мӕ фыд фӕндаггӕрон цалх куыд ивта, афтӕ йӕ цыдӕр машинӕ скъуырдта ӕмӕ уым дзыхъмард фӕци. Кӕм цардыстӕм, уым мӕ фыд нымад лӕг уыди ӕмӕ зианмӕ ӕрбацыд иу-600 адӕймаджы бӕрц. Зианы раныхасы уыдон иууылдӕр фехъуыстой, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй.

Лӕггад кӕнӕм ӕндӕр бӕстӕты

Мӕ фыд куы амард, уый хӕдразмӕ мӕ снысан кодтой Аргентинӕмӕ. 1957 азы августы ӕз ӕрхӕццӕ дӕн горӕт Мендосӕмӕ, ис Андӕты хӕхты рӕбын. 1958 азы Аргентинӕмӕ Галаады скъолайы 30-ӕм къласы фӕстӕ ӕрцыд Джордж Паппас. Джорджимӕ балымӕн стӕм ӕмӕ 1960 азы апрелы нӕ цард баиу кодтам. 1961 азы амард мӕ мад. Уӕд ыл цыди 83 азы. Уый иузӕрдионӕй цыдис рӕстдзинады фӕндагыл ӕмӕ ма уыцы фӕндагыл цӕуынӕн баххуыс кодта бирӕ ӕндӕр адӕмӕн дӕр.

Дӕс азы дӕргъы ӕз ӕмӕ Джордж лӕггад кодтам иннӕ миссионертимӕ ӕмӕ цардыстӕм, миссионертӕ кӕм цардысты, уыцы хӕдзӕрттӕй бирӕты. Уый фӕстӕ та авд азы Джордж лӕггад кодта цӕугӕ цӕстдарӕгӕй. 1975 азы ӕрыздӕхтыстӕм Иугонд Штаттӕм нӕ рынчын хӕстӕджытӕм кӕсынмӕ. 1980 азы Джорджы снысан кодтой цӕугӕ цӕстдарӕгӕй испайнаг районмӕ. Уӕд Иугонд Штатты уыди 600 испайнаг ӕмбырды. 26 азмӕ мах уыдонӕй бирӕты бабӕрӕг кодтам ӕмӕ федтам, ӕмбырдты нымӕц 3 минӕй фылдӕр куыд сси, уый.

Уыдон цыдысты «фӕндагыл»

Мӕ мад ма уыцы циндзинад дӕр бавзӕрста, ӕмӕ федта, йӕ кӕстӕртӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой. Зӕгъӕм, мӕ хистӕр хо Эстеры чызг Карол пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта 1953 азы. Карол смой кодта Деннис Трамборӕй ӕмӕ абоны онг ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц. Эстеры иннӕ чызг, Лоис, смой кодта Уэндел Йенсенӕй. Лоис ӕмӕ Уэндел каст фесты Галаады 41-ӕм кълас ӕмӕ 15 азы Нигерийы миссионертӕй фӕлӕггад кодтой. Маркы, йӕ ныййарджытӕ авиакатастрофӕйы кӕмӕн амардысты, уый, схъомыл кодтой Леойы хо Рут Ла Лонд ӕмӕ йӕ лӕг Кертисс. Марк ӕмӕ йӕ ус Лавонн бирӕ азты дӕргъы уыдысты пионертӕ ӕмӕ сӕ цыппар сывӕллоны дӕр сӕвӕрдтой Хуыцауӕн лӕггад кӕныны «фӕндагыл» (Ис. 30:21).

Мӕ мадызӕнӕгтӕй ма удӕгас у ме ’фсымӕр, Орлен, цӕуы йыл 90 азӕй фылдӕр. Уый нырмӕ дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕны Йегъовӕйӕн. Мах Джорджимӕ абоны онг дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм ӕмӕ стӕм тынг амондджын.

Мӕ мад йӕ фӕстӕ цы ныууагъта

Мӕ мадӕй мын баззад иу зынаргъ дзаума – йӕ фыссӕн стъол. Уыцы стъол ын балӕвар кодта мӕ фыд сӕ чындзӕхсӕвмӕ. Стъолы лӕгъзытӕй иуы ис мӕ мады зӕронд альбом. Уым ӕвӕрд сты писмотӕ ӕмӕ, йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, уыцы статьятӕ газеттӕй – уыдоны мӕ мад бӕстон дзырдта Паддзахады хабары тыххӕй. Уыцы статьятӕй иуӕй-иутӕ фыст сты 1900 азты райдианы. Стъолы лӕгъзты ма ис, мӕ мадмӕ йӕ миссионер-хъӕбултӕ кӕй фыстой, уыцы писмотӕ. Цал ӕмӕ сӕ цал хатты бакастӕн, фӕлӕ сӕ кӕсынӕй ӕппындӕр не ’фсӕдын! Йӕхӕдӕг нӕм цы писмотӕ фыста, уыдон нын алкӕддӕр нӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой ӕмӕ дзы иунӕг ӕрхӕндӕг хъуыды дӕр никуы уыд. Мӕ мады тынг фӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын, ӕрмӕст уыцы фӕнд йӕ къухы нӕ бафтыд. Фӕлӕ миссионерты лӕггадмӕ йӕ зӕрдӕйы цы уарзондзинад сыгъд, уый судзы, йӕ фӕстӕ цы кӕстӕртӕ ныууагъта, уыдонӕй бирӕты зӕрдӕты. Сомбоныл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ цӕстытыл фӕуайы, не стыр бинонтӕ ногӕй иууылдӕр иумӕ зӕххыл Дзӕнӕты куыд цӕрдзысты! (Рарг. 21:3, 4).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 13 абз. 1983 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 27–30 фӕрстыл (англ.) кӕс Эмиль ван Далены, Мартӕйы сывӕллӕттӕй иуы, царды хабӕрттӕ.

^ 24 абз. Кӕс 1952 азы 22 июны «Райхъал ут!», 3, 4 фф., англ.

[Ныв 17 фарсыл]

Эмилия Педерсон

[Ныв 18 фарсыл]

Мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд (йӕ къухы Марвин); фыццаг рӕнхъы галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Орлен, Эстер, Лилиан ӕмӕ Милдред, 1916 аз

[Ныв 19 фарсыл]

Лео ӕмӕ Юнис, сӕ мӕлӕты размӕ

[Ныв 20 фарсыл]

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм дыккаг рӕнхъы: Эстер, Милдред, Лилиан, Юнис, Рут; фыццаг рӕнхъы: Орлен, мӕ мад, мӕ фыд ӕмӕ Марвин, 1950 аз

[Ныв 20 фарсыл]

Джордж ӕмӕ Рут Паппас, Джордж цӕугӕ цӕстдарӕг куы уыд, уӕд. 2001 аз