Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цу мӕ фӕдыл»

«Цу мӕ фӕдыл»

«Цу мӕ фӕдыл»

«Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд, алы бон дӕр ӕй хӕссӕд ӕмӕ... мӕ фӕдыл цӕуӕд» (ЛУК. 9:23).

1, 2. а) Йесо адӕмы цӕмӕ хуыдта? ӕ) Ды Йесойы ныхӕстӕ куы фехъуыстай, уӕд куыд бакодтай?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ йӕ зӕххон царды кӕрон ацыди Переймӕ. Уыцы бӕстӕ уыд Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарс ӕмӕ йӕм Иудейӕ цӕуын хъуыди цӕгат-хурыскӕсӕнырдӕм. Уым Йесомӕ иу ӕрыгон нӕлгоймаг бацыд ӕмӕ йӕ бафарста, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй мын ӕнусон цард уа, зӕгъгӕ. Уыцы нӕлгоймаг Моисейы Закъоны фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр кӕй ӕххӕст кӕны, Йесо уый куы бамбӕрста, уӕд ын загъта: «Ацу, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзна уӕлӕрвты. Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл» (Марчы 10:21). Ӕрмӕст-ма ахъуыды кӕн, йӕ фӕдыл цӕуынмӕ йӕ чи фӕхуыдта – Иунӕг Стыр Хуыцауы иунӕггуырд Фырт Йесо Чырысти!

2 Уыцы ӕрыгон нӕлгоймаг Йесойы фӕдыл нӕ ацыд, фӕлӕ ӕндӕртӕ ацыдысты. Уымӕй бирӕ раздӕр Йесо Филиппӕн загъта: «Мӕ фӕдыл рацу» (Иоан. 1:43). Филипп йӕ фӕдыл ацыд ӕмӕ фӕстӕдӕр сси йӕ апостол. Уыцы ныхӕстӕ Йесо загъта Матфейӕн дӕр, ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕдыл ацыд (Матф. 9:9; 10:2–4). Йесо йӕ фӕдыл цӕуынмӕ фӕхуыдта, рӕстдзинад чи уарзы, ӕппӕт уыдоны дӕр, афтӕ куы загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд, алы бон дӕр ӕй хӕссӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (Лук. 9:23). Уӕдӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон у Йесойы фӕдыл цӕуын, кӕд ӕй ӕцӕгдӕр фӕнды, уӕд. Ӕмӕ ды та? Дӕу нӕ фӕнды Йесойы фӕдыл цӕуын? Махӕн нӕ фылдӕр Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуын райдыдтой, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг иннӕты Йесойы фӕдыл цӕуынмӕ хонӕм.

3. Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй нӕ Йесойӕ иуварс ма ахӕсса?

3 Фӕлӕ хъыгагӕн, рӕстдзинад кӕй бацымыдис кодта ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын чи райдыдта, уыдонӕй чидӕртӕ сӕ ахуыр ныууагътой. Ӕппынфӕстаг сӕ Чырыстийӕ «иуварс ахаста» ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты (Дзут. 2:1). Ацы къӕппӕгӕй нӕхи куыд бахизӕм? Стыр ӕххуыс нын уыдзӕн, куы ахъуыды кӕнӕм: «Йесойы фӕдыл цӕуын мӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн бафӕндыд? Цы нысан кӕны йӕ фӕдыл цӕуын?» Ацы дыууӕ фарстӕн цы дзуапп ратдзыстӕм, уый ӕдзух нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы царды фӕндаг равзӕрстам, ууыл дарддӕр дӕр фӕндфидарӕй цӕуӕм. Уый ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты дӕр Йесойы фӕдыл цӕуынмӕ разӕнгард кӕнӕм.

Йесойы фӕдыл цӕуын цӕмӕн хъӕуы?

4, 5. Йесо Разамонӕг уа, уый аккаг цӕмӕ гӕсгӕ у?

4 Пехуымпар Йереми загъта: «О Йегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Йер. 10:23). Адӕмы цард равдыста, Йеремийы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ тынгдӕр бӕрӕг кӕны, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу сӕхицӕн разамынд дӕттын ӕмӕ хорз цард саразын. Йесо мах фӕхуыдта ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуын райдыдтам, уымӕн ӕмӕ базыдтам, Йесойы хуызӕн разамынд дӕттын иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй никуы бауыдзӕн. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, цӕмӕ гӕсгӕ у Йесо хорз Разамонӕг.

5 Фыццаг, Йесойы Мессийӕйӕ, Разамонӕгӕй, равзӕрста Йегъовӕ йӕхӕдӕг. Цавӕр Разамонӕг нӕ хъӕуы, уый не Сфӕлдисӕгӕй хуыздӕр чи зоны? Дыккаг уый, ӕмӕ Чырыстимӕ ис, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы ӕмӕ нӕ бон фӕзмын кӕй у, ахӕм миниуджытӕ. (Бакӕс Исайы 11:2, 3.) Уый хуызӕн цӕвиттон нын ничи ныууагъта (1 Пет. 2:21). Ӕртыккаг, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытыл тынг тыхсы, ӕмӕ уый равдыста, йӕ цард уыдоны тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. (Бакӕс Иоанны 10:14, 15.) Уый у уарзӕгой фыййау ӕмӕ нӕ ахуыр кӕны афтӕ цӕрын, цӕмӕй абон амондджын уӕм, фидӕны та диссаджы ӕнусон цард фенӕм (Иоан. 10:10, 11; Рарг. 7:16, 17). Ацы ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ зонгӕйӕ мах раст уынаффӕ рахастам – Чырыстийы фӕдыл цӕуын сразы стӕм. Цымӕ куыд ис Чырыстийы фӕдыл цӕуӕн?

6. Йесойы фӕдыл цӕуынмӕ цы хауы?

6 Чырыстийы фӕдыл цӕуын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг йӕхи чырыстон хона. Абон сӕхи чырыстӕттӕ хонынц дыууӕ миллиард адӕймаджы бӕрц, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та бӕлвырд кӕнынц, «фыдгӕнджытӕ» кӕй сты. (Бакӕс Матфейы 7:21–23.) Адӕймаджы Йесойы фӕдыл цӕуын куы бафӕнды, уӕд ын мах бамбарын кӕнӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ цард кӕй аразынц, Йесо цы амыдта ӕмӕ куыд цард, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ афтӕ кӕнынц алы бон дӕр, цард-цӕрӕнбонты. Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Йесойы миниуджытӕй цалдӕрмӕ.

Йесойы фӕзм зондӕй

7, 8. а) Цы у зонд ӕмӕ Йесо стыр зонды хицау цӕмӕн у? ӕ) Йесо куыд равдыста, стыр зонды хицау кӕй у, уый ӕмӕ йӕ махӕн нӕ бон фӕзмын куыд у?

7 Йесо Чырыстимӕ уыд бирӕ диссаджы миниуджытӕ. Фӕлӕ дзы мах равзардзыстӕм цыппар: зонд, сӕрныллӕгдзинад, зынгзӕрдӕдзинад ӕмӕ уарзондзинад. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, куыд зондджын уыд, ома йӕ зонындзинӕдтӕй куыд пайда кодта ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куыд ӕвдыста, уымӕ. Апостол Павел ныффыста: «[Йесойы] мидӕг ӕмбӕхст сты зонд ӕмӕ зонындзинӕдты ӕппӕт хӕзнатӕ дӕр» (Кол. 2:3). Кӕцӕй йӕм уыд ахӕм зонд? Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ Фыд [мӕ] куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын» (Иоан. 8:28). Уыцы зонд ын радта Йегъовӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дис нӕ кӕнӕм, Йесо алы хъуыддаджы дӕр уӕззау зондӕй кӕй архайдта, ууыл.

8 Зӕгъӕм, Йесо уӕззау зондӕй архайдта царды фӕндаг ӕвзаргӕйӕ. Уый равзӕрста хуымӕтӕг цард ӕмӕ йын сӕйраг уыд ӕрмӕст иу хъуыдддаг: Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Йесо йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ хардз кодта Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтыл. Мах Йесойы фӕзмдзыстӕм, нӕ «цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа», уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи хиздзыстӕм, адӕймагӕн йӕ тыхтӕ ӕмӕ йӕ рӕстӕг цы ӕнӕхъуаджы хъуыддӕгтӕ фӕисынц, уыдонӕй (Матф. 6:22). Чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, цӕмӕй сын хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа. Чидӕртӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Кӕд ды дӕр афтӕ бакодтай, уӕд раппӕлинаг дӕ. «Фыццаджыдӕр... Хуыцауы паддзахад» куы агурӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райдзӕн (Матф. 6:33).

Йесойау сӕрныллӕг у

9, 10. Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд, уый куыд ӕвдыста?

9 Ӕркӕсӕм Йесойы миниуджытӕй дыккагмӕ – сӕрныллӕгдзинадмӕ. Ӕнӕххӕст адӕмӕн исты бартӕ куы раттынц, уӕд арӕх сӕхицӕй ныббуц вӕййынц, ссӕрбӕрзонд вӕййынц. Куыд хицӕн кӕны уыдонӕй Йесо! Кӕд Йесойӕн Йегъовӕйы фӕндты сӕйраг бынат ис, уӕддӕр уый сӕрбӕрзонд никуы уыд. Ӕмӕ хорз уаид, мах дӕр Йесойы хуызӕн сӕрныллӕг куы уаиккам. Апостол Павел ныффыста: «Йесо Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут сымах дӕр. Кӕд Хуыцауы хуызӕн уыди, уӕддӕр ӕм ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа. Фӕлӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта, райста цагъары хуыз ӕмӕ сси адӕймаг» (Фил. 2:5–7). Цӕмӕй бӕрӕг уыд уый?

10 Йесо йӕ Фыдимӕ уӕлӕрвты кӕй цард, уый нымадта стыр кадыл, фӕлӕ цӕттӕ уыд «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кӕнынмӕ». Хуыцау ын йӕ цард рахаста дзуттаг чызджы хуылфмӕ. Фараст мӕйы фӕстӕ райгуырд мӕгуыр хъӕддӕсныйы хӕдзары. Йесо хъомыл кодта Иосифы хӕдзары: къахӕй дӕр уым ацыд, дзурын дӕр уым базыдта ӕмӕ цумахъом дӕр уым сси. Уыд ӕххӕст сывӕллон, фӕлӕ цалынмӕ йӕ рӕзгӕ кары уыд, уӕдмӕ йе ’нӕххӕст ныййарджыты коммӕ каст (Лук. 2:51, 52). Куыд диссаджы сӕрныллӕг уыд!

11. Цавӕр хъуыддӕгтӕй у нӕ бон ӕвдисын, Йесойау сӕрныллӕг кӕй стӕм?

11 Мах дӕр Йесойау сӕрныллӕг уыдзыстӕм, адӕмы цӕсты кадджын чи не сты, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕнӕзивӕгӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. Цӕвиттонӕн райсӕм хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы куыст кадджыныл нымад ма уа, уӕлдайдӕр та нӕм адӕм уазал цӕстӕй куы кӕсой, куы ныл худой кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд. Фӕлӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ мах адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуын райдайой. Афтӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм адӕмы цард ирвӕзын кӕнынӕн. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:1–5.) Иннӕ хъуыддаг та у Паддзахады залмӕ зилын. Уымӕ хауы, кадджын хъуыддӕгтыл нымад чи не сты, ахӕм куыстытӕ кӕнын – бырӕттӕ калын, пъолтӕ ӕмӕ туалеттӕ ӕхсын. Фӕлӕ мах ӕмбарӕм, Паддзахады зал кӕй у, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цӕуынц, уыцы бынат. Ӕмӕ йӕм кӕй зилӕм, уымӕй дӕр лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Кадджыныл нымад цы хъуыддӕгтӕ не сты, уыдон зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, сӕрныллӕг кӕй стӕм ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы фӕдыл кӕй цӕуӕм.

Йесойау зынгзӕрдӕ у

12, 13. а) Йесо зынгзӕрдӕйӕ куыд лӕггад кодта ӕмӕ йӕ уымӕ цы разӕнгард кодта? ӕ) Цы нӕ разӕнгард кӕндзӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынмӕ?

12 Ныр та аныхас кӕнӕм, Йесо куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, ууыл. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ фыдӕбон кодта. Гыццылӕй, ӕвӕццӕгӕн, йӕ кӕнгӕ фыд Иосифимӕ хъӕддӕсныйы куыстытӕ кодта. Донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ мӕрдты удӕгас кодта. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр хъусын кодта хорз хабар, ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй чи хъуыста, уыдоны ахуыр кодта (Матф. 4:23). Мах стӕм Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ кӕнӕм уыцы куыст. Нӕ бон ӕй куыд у фӕзмын? Фыццаджыдӕр, нӕ бон у архайын, цӕмӕй, Йесойы цы разӕнгард кодта хъусын кӕнынмӕ, мах дӕр уый разӕнгард кӕна.

13 Йесо хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта сӕйраджыдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ Хуыцауы уарзта. Фӕлӕ ма уарзта, цы рӕстдзинады тыххӕй дзырдта, уый дӕр. Уый йӕ нымадта хӕзнайыл, ӕмӕ зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй рӕстдзинад иннӕтӕ дӕр базыдтаккой. Ӕмӕ куыд «зондамонджытӕ», ома ахуыргӕнджытӕ, афтӕ мах дӕр рӕстдзинадмӕ кӕсӕм Йесойы цӕстӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Хуыцауы Ныхасӕй кӕй базыдтам, уыцы диссаджы ахуырӕдтӕй иуӕй-иутыл. Мах зонӕм, Дун-дунейы хицау чи у, уый дзырддаг кӕй сси ӕмӕ уыцы фарст Хуыцау куыд аскъуыддзаг кӕндзӕн, уый. Хорз зонӕм, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Фыстад цы дзуры ӕмӕ нӕм ног дунейы цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. Ацы ахуырӕдтӕ ӕрӕджы базыдтам ӕви сӕ рагӕй зонӕм, алкӕддӕр сын уыдзӕн стыр аргъ. Уыдон, ӕцӕгдӕр, сты зынаргъ хӕзнатӕ! (Бакӕс Матфейы 13:52.) Зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй иннӕтӕм ӕвдисӕм, Йегъовӕйӕ кӕуыл сахуыр стӕм, уыцы уарзондзинад.

14. Йесойау нӕ бон куыд у адӕмы ахуыр кӕнын?

14 Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕ дӕр. Чи йӕм хъуыста, уыдоны ӕргом ӕппынӕдзух здӕхта Фыстадмӕ. Исты ахсджиаг хъуыды зӕгъыны размӕ-иу арӕх афтӕ бакодта: «Фыст у» (Матф. 4:4; 21:13). Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Йесо Дзуттаг Фыстыты чингуытӕн се ’мбисӕй фылдӕрӕй хаста скъуыддзӕгтӕ кӕнӕ та-иу дзы бацамыдта исты хъуыдымӕ. Йесойау мах дӕр уацамынды алкӕддӕр пайда кӕнӕм Библийӕ ӕмӕ нын фадат куы фӕвӕййы, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй адӕмы хъус Фыстадмӕ ӕрдарӕм. Афтӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм фенынц, мах нӕхи хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ кӕй дзурӕм. Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, адӕймаг куы сразы вӕййы Библийӕ исты скъуыддзаг бакӕсын ӕмӕ, Хуыцауы Ныхас зынаргъ ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн у, ууыл аныхас кӕнын. Ӕмӕ ахӕм адӕм Йесойы фӕдыл цӕуын куы райдайынц, уӕд нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы.

Йесойы фӕдыл цӕуын – адӕмы уарзын

15. Йесомӕ цавӕр диссаджы миниуӕг ис ӕмӕ уыцы миниуӕгыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

15 Фӕстагмӕ аныхас кӕндзыстӕм Йесойӕн йе ’ппӕты зӕрдӕмӕхъаргӕдӕр миниуӕгыл – адӕмы куыд уарзта, ууыл. Апостол Павел фыста: «Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт» (2 Кор. 5:14). Йесо адӕмы иууылдӕр ӕмӕ махӕй алкӕйдӕр хицӕнӕй куыд уарзы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдӕ бацагайы ӕмӕ нӕ бафӕнды, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн уӕм.

16, 17. Йесо адӕмы кӕй уарзы, уый куыд ӕвдыста?

16 Йесо адӕмы кӕй уарзы, уый куыд ӕвдыста? Ӕппӕты хуыздӕр ӕй цӕмӕй уыд равдисӕн, уымӕй – йӕ уд адӕмы тыххӕй барвӕндонӕй радта (Иоан. 15:13). Фӕлӕ ма Йесо йӕ уарзондзинад ӕвдыста ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Зӕгъӕм, ӕмбӕрста, чи хъизӕмар кодта, уыдоны рыст. Марийӕ ӕмӕ ма йемӕ чи уыд, уыдоны Лазӕры мардыл кӕугӕ куы федта, уӕд сын сӕ хъыг зӕрдӕйӕ банкъардта. Кӕд ӕй зыдта, ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр Лазӕры райгас кӕндзӕн, уӕддӕр йӕхи нӕ баурӕдта, ӕмӕ «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты» (Иоан. 11:32–35).

17 Йесо лӕггад кӕнын куы райдыдта, уымӕй йӕм гыццыл фӕстӕдӕр бацыд иу хъотырджын лӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Куыд бакодта Йесо? Библийы кӕсӕм: «Уый йын тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йӕм йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: „Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у“. Ӕмӕ лӕгӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт, ӕмӕ сдзӕбӕх». Уый уыд ӕцӕг диссаг, уымӕн ӕмӕ Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хъотырджынтӕ сыгъдӕгыл нымад нӕ уыдысты, ӕмӕ Йесо, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы лӕджы сдзӕбӕх кодтаид, куы нӕ йыл андзӕвыдаид, уӕд дӕр. Фӕлӕ йыл кӕй андзӕвыд, уый фӕрцы хъотырджын банкъардта, гӕнӕн ис, бирӕ азты дӕргъы цух цӕмӕй уыд, уый – ӕндӕр адӕймаджы къухӕндзӕвд. Куыд хорз зыны ацы хабарӕй, Йесо тынг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый! (Марчы 1:40–42)

18. «Иннӕты рыст» нӕм кӕй хъары, уый нӕ бон равдисын куыд у?

18 Мах стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ нӕм Библи сиды, цӕмӕй нӕм «иннӕты рыст» хъара ӕмӕ «ӕфсымӕртыл ӕнувыд уӕм», ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм нӕ уарзондзинад (1 Пет. 3:8). Чи зоны нын ӕнцон нӕу бамбарын, уӕззау низӕй рынчын чи у кӕнӕ йӕ ныфс кӕмӕн асаст ӕмӕ йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыцы чырыстон цы ӕнкъары, уый, уӕлдайдӕр та кӕд нӕхӕдӕг ахӕм уавӕры никуы уыдыстӕм, уӕд. Фӕлӕ Йесо рынчынты тынг хорз ӕмбӕрста, кӕд йӕхӕдӕг рынчын никуы уыд, уӕддӕр. Ацы хъуыддаджы йӕ нӕ бон фӕзмын куыд у? Тыхст адӕм нын, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уыддӕттӕ куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Нӕ бон ма у ахъуыды кӕнын: «Уыдоны уавӕры ӕз куыд уаин?» Иннӕты ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарыныл куы архайӕм, уӕд хуыздӕр арӕхсдзыстӕм, «ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауынмӕ» (1 Фес. 5:14). Афтӕмӕй мах цӕудзыстӕм Йесойы фӕдыл.

19. Йесойы цӕвиттон ныл куыд ӕндавы?

19 Цас диссӕгтӕ ис базонӕн, Йесо Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ куы кӕсӕм ӕмӕ сӕ куы иртасӕм, уӕд! Цас хуыздӕр зонӕм Йесойы, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн уӕм. Афтӕмӕй та ноджы тынгдӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, ӕмӕ уыдон дӕр Йесойы хуызӕн уой. Уӕдӕ уӕд зӕрдиагӕй цӕуӕм Мессийӕ-Паддзахы фӕдыл – абон дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕр!

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йесойы нӕ бон зондӕй фӕзмын куыд у?

• Нӕ бон куыд у сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм?

• Йесо адӕмы куыд уарзта, уымӕй йӕ нӕ бон фӕзмын куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 5 фарсыл]

ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔДЫЛ ЦӔУЫНӔН НЫН ЧИ ӔХХУЫС КӔНЫ, АХӔМ ЧИНЫГ

2007 азы облӕстон конгрессы райстам 192-фарсон чиныг «Приходи и следуй за мной» *. Ацы чиныг хорз ӕххуыс у чырыстӕттӕн, цӕмӕй хуыздӕр базоной Йесо Чырыстийы ӕмӕ сӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдарой йӕ миниуджытӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм. Чиныгӕн йӕ фыццаг хай райдайы фыццаг дыууӕ сӕры фӕстӕ. Уыцы хай у цыбыр афӕлгӕст Йесойы диссаджы миниуджытыл – йӕ сӕрныллӕгдзинад, йӕ хъӕбатырдзинад, йӕ зонд, йӕ коммӕгӕсдзинад ӕмӕ йӕ фидардзинадыл.

Уый фӕстӕ дзы цы дыууӕ хайы ис, уыдон нын не ’ргом здахынц, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта ӕмӕ хорз хабар куыд хъусын кодта, уымӕ, стӕй, йе стыр уарзондзинад цы хъуыддӕгты зыны, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Чиныг афтӕ арӕзт у, ӕмӕ чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йесойы фӕзмой.

Мах фидарӕй зонӕм, ацы чиныг не ’ппӕты дӕр кӕй сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм: «Йесойы фӕдыл ӕцӕгдӕр цӕуын? Уый мӕ бон ноджы хуыздӕр аразын куыд у?» Ацы чиныг ма баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, «йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у, уыдон се ’ппӕт дӕр» Чырыстийы фӕдыл цӕуын райдайой (Ап. хъ. 13:48).

[Фиппаинаг]

^ 48 абз. Иронау нӕй.

[Ныв 4 фарсыл]

Йесо сразы, цӕмӕй зӕхмӕ ӕрцыдаид ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттау райгуырдаид. Уымӕн цавӕр миниуӕг хъуыди?

[Ныв 6 фарсыл]

Цы нын баххуыс кӕндзӕн зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынӕн?