Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 2 хай

Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 2 хай

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 2 хай

ЦАВӔР фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йегъовӕ Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, стӕй йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонмӕ? Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕм та цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Коммӕгӕс адӕм Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты? Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ахсджиаг фарстытӕн дзуапп ссардзыстӕм Раргомады 13:1–22:21 *. Ацы сӕрты ис, апостол Иоанн н. э. 1 ӕнусы кӕрон цы 16 цӕстылуайӕны федта, уыдонӕй фӕстаг 9.

Иоанн фыссы: «Амондджын у, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, уый; амондджын сты, чи сӕм хъусы ӕмӕ дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон» (Рарг. 1:3; 22:7). Раргомады чиныг куы кӕсӕм ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд Хуыцауӕн зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕндзыстӕм, Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм ӕмӕ нӕ фидӕнӕй фидар ныфс уыдзӕн * (Дзут. 4:12).

ХУЫЦАУЫ МАСТЫ АВД КЪУСЫ КАЛД ЦӔУЫНЦ

(Рарг. 13:1–16:21)

Раргомады 11:18 фыст ис: «Адӕмыхӕттытӕ мӕстӕй рафыхтысты, ӕмӕ ӕрцыд [Хуыцауы] мастисӕн бон ӕмӕ ралӕууыд рӕстӕг... зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафынӕн». Хуыцауы мастисӕн бон цӕмӕн ӕрцыд, уый ӕмбарын кӕны ӕстӕм цӕстылуайӕн. Уым дзырд цӕуы, «дӕс сыкъа ӕмӕ авд сӕры» цы «сырдӕн» уыд, уый хъуыддӕгтыл (Рарг. 13:1).

Фарӕстӕм цӕстылуайӕны Иоанн уыны, «Сионы хохыл [кӕй] лӕууы Уӕрыкк, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины». Уыдон ӕлхӕд ӕрцыдысты адӕмӕй (Рарг. 14:1, 4). Дарддӕр зӕдтӕ хъусын кӕнынц ӕхсӕз хабары. Иннӕ цӕстылуайӕны Иоанн уыны «авд зӕды авд бӕллӕхимӕ». Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ ацы зӕдтӕн йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй «Хуыцауы масты авд къусы» акалой Сайтаны дунейы алы хӕйттыл. Къусты ис, Хуыцау цы тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕндзӕн, уыдоны тыххӕй хъусинӕгтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ (Рарг. 15:1; 16:1). Ацы дыууӕ цӕстылуайӕны ис лыстӕг хабӕрттӕ, Паддзахад дарддӕр цы тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕндзӕн, уыдоны фӕдыл. Ӕмӕ баст сты ӕртыккаг додойаг хабаримӕ ӕмӕ ӕвдӕм уадындзы уастимӕ (Рарг. 11:14, 15).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

13:8 – Цы у, Уӕрыкмӕ чи ис, уыцы царды тыхтон? Уыцы тыхтонӕн ис ахӕсгӕ нысаниуӕг. Уым фыст сты, Йесо Чырыстиимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады чи хицауиуӕг кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдоны нӕмттӕ. Ис ма дзы, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоны нӕмттӕ дӕр.

13:11–13 – Дыууӕ сыкъа кӕмӕн ис, уыцы сырд залиаг калмау куыд архайы ӕмӕ «арвӕй зӕхмӕ арт куыд ӕрцӕуын кӕны»? Дыууӕ сыкъа кӕмӕн ис, уыцы сырд (Англо-Америкаг дунеон паддзахад) залиаг калмау афтӕ дзуры, ӕмӕ ӕртхъирӕнтӕ, тыхми ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлтты фӕрцы адӕмы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй разы уой, йе ’вӕрд хицӕуттӕ куыд хицауиуӕг кӕнынц, уыимӕ. Арвӕй та арт уыцы хуызы цӕуын кӕны, ӕмӕ йӕхи афтӕ дары, цыма ӕцӕг пехуымпар у ӕмӕ дзуры, 20 ӕнусы цы дыууӕ дунеон хӕсты уыд, уым фыддзинадӕн кӕрон уый кӕй ӕрӕвӕрдта ӕмӕ коммунисттыл дӕр уый кӕй фӕуӕлахиз.

16:17 – Цы у, ӕвдӕм къус калд кӕуыл ӕрцыд, уыцы «уӕлдӕф»? «Уӕлдӕф» у Сайтаны зондахаст, «ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм [цы] зондӕй архайынц», уый. Уыцы хъӕстӕ уӕлдӕфӕй улӕфы Сайтаны дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр (Еф. 2:2).

Зондзонӕнтӕ махӕн

13:1–4, 18. «Сырд» (амоны адӕмы хицӕуттӕм) схизы «денджызӕй», ома, абухгӕ денджызимӕ абарӕн кӕй ис, уыцы адӕмты ’хсӕнӕй (Ис. 17:12, 13; Дан. 7:2–8, 17). Ацы сырды сфӕлдыста ӕмӕ йын тых радта Сайтан. Йӕ нымӕц у 666 ӕмӕ ӕвдисы, куыд ӕнӕххӕст у, уый. Сырд чи у, уый куы ӕмбарӕм, уӕд йӕ фӕдыл дисгӕнгӕ нӕ цӕудзыстӕм ӕмӕ йын кувгӕ дӕр нӕ кӕндзыстӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд кӕны, афтӕ (Иоан. 12:31; 15:19).

13:16, 17. Алы боны хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ, зӕгъӕм, исты ӕлхӕнгӕйӕ, йе та уӕйгӕнгӕйӕ, кӕд зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ сырдӕн уый бар ма дӕттӕм, ӕмӕ нын нӕ цардыл къухдариуӕг кӕна. Сырдӕн нӕ къухыл кӕнӕ нӕ ныхыл нысан сӕвӕрын куы бауадзӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын бар радтам нӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ нӕ зондыл ӕндавынӕн.

14:6, 7. Зӕды ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕвӕстиатӕй кӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм, Хуыцау уӕлӕрвты йӕ Паддзахад кӕй ӕрфидар кодта, уый тыххӕй хорз хабар. Ӕмӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сахуыр уой Йегъовӕ Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ йын кад кӕнын.

14:14–20. «Зӕххыл хуымтӕ», ома чи фервӕздзӕн, уыдон, ӕмбырдгонд куы ’рцӕуой, уӕд ралӕудзӕн рӕстӕг, цӕмӕй зӕд «Хуыцауы масты стыр сӕндуцӕны» ныккала «зӕххон сӕнӕфсир». Уӕд уыцы сӕнӕфсир – Сайтаны дунейы сӕфт хицӕуттӕ ӕмӕ сӕ «цупӕлттӕ», ома сӕ фыдхъуыддӕгтӕ – ӕнустӕм куынӕггонд ӕрцӕудзӕн. Мах хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй зӕххон сӕнӕфсирӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм.

16:13–16. «Ӕлгъаг пехуымпар-ныхӕстӕ» амонынц, Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ адӕмы цы зондыл ардауынц, уымӕ. Уыдон архайынц, цӕмӕй, Хуыцау йӕ масты авд къусы зӕххыл кӕй акалдта, уый зӕххон паддзӕхты ма бакъуылымпы кӕна Йегъовӕйы ныхмӕ цӕуын ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ ныхмӕ ӕмбырд кӕнын (Матф. 24:42, 44).

16:21. Ацы дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Сайтаны фыддунейӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон хъусын кӕнынмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ хауой тынг карз хабӕрттӕ Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ихы хуызы дӕр уымӕн сты ӕвдыст. Фӕлӕ уӕддӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы ӕлгъитдзысты.

УӔЛАХИЗДЗАУ ПАДДЗАХ ХИЦАУИУӔГ КӔНЫ

(Рарг. 17:1–22:21)

«Стыр Вавилон» (мӕнг динтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ) у Сайтаны фыддунейы ӕлгъаг хӕйттӕй иу. 11-ӕм цӕстылуайӕн ӕй ӕвдисы, «йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, ахӕм хӕтаг сылгоймагӕй», бадгӕ та кӕны «сырх-сырхид сырдыл». Кӕуыл бады, уыцы сырды «дӕс сыкъайы» йӕ бынысӕфт фӕкӕндзысты (Рарг. 17:1, 3, 5, 16). Иннӕ цӕстылуайӕн хӕтаг сылгоймаджы бары «стыр сахаримӕ». Хъуыстгонд дзы цӕуы, стыр сахар кӕй бабын ис ӕмӕ Хуыцауы адӕмы уырдыгӕй ӕвӕстиатӕй рацӕуын кӕй хъӕуы. Стыр сахар кӕй бабын, ууыл тынг бирӕтӕ хъыг кӕнынц. Фӕлӕ уӕлӕрвты та ис стыр циндзинад, уымӕн ӕмӕ «Уӕрыччы чындзӕхсӕв ӕрхӕццӕ» (Рарг. 18:4, 9, 10, 15–19; 19:7). 13-ӕм цӕстылуайӕны, «урс бӕхыл» чи бады, уый рацыд адӕмтимӕ схӕцынмӕ. Уый Сайтаны фыддуне бынтондӕр фесафдзӕн (Рарг. 19:11–16).

Цы зӕгъӕн ис, «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи у, уыцы рагон калмы» тыххӕй та? Кӕд ӕрцӕудзӕн ӕппӕрст «артӕй ӕмӕ сондонӕй судзгӕ цады»? Ацы хабар ӕмӕ ма ноджы ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр фыст сты 14-ӕм цӕстылуайӕны (Рарг. 20:2, 10). Фӕстаг дыууӕ цӕстылуайӕны фӕрцы нӕ бон у базонын, Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Иоанн «раргомады» кӕрон федта, «сахары стыр уынджы астӕуты» кӕй калд «царды доны цӕугӕдон», ӕмӕ фехъуыста ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд» (Рарг. 1:1; 22:1, 2, 17).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

17:16; 18:9, 10 – «Зӕххон паддзӕхтӕ» цӕмӕн хъыг кӕнынц, сӕхӕдӕг бынысӕфт цы фӕкодтой, ууыл? Уыдон уымӕн хъыг кӕнынц, ӕмӕ сӕ сӕхи мӕт ис. Зӕххон паддзӕхтӕ Стыр Вавилон куы ныппырх кодтой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, сӕ къух сын куыд арӕзта, уый. Уый сын сӕ ӕгъатыр хъуыддӕгтӕ афтӕ ӕвдыста, цыма Хуыцауы цӕсты раст уыдысты. Стыр Вавилон ма сын ӕххуыс кодта фӕсивӕд ӕфсадмӕ кӕнынӕн, ӕмӕ сӕ стӕй хӕсты быдырмӕ ӕрвитынӕн. Уымӕй уӕлдай ма йын бирӕ ӕнтыст, цӕмӕй адӕм хицӕутты зондмӕ хъуыстаиккой.

19:12 – Куыд ӕмбарын хъӕуы, Йесойӕн йӕхи йеддӕмӕ кӕй ничи зоны, ам фыст чи нӕу, уыцы ном? Ацы ном, ӕвӕццӕгӕн, амоны, Хицауы боны рӕстӕджы Йесойӕн цы бынат ӕмӕ цы кадджын хӕстӕ уыдзӕн, уымӕ. Сӕ кой цӕуы, зӕгъӕм, Исайы 9:6. Ацы ном йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны, зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбарын хъӕуы, йӕ кадджын хӕстӕ диссаг кӕй сты ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый кӕй ӕмбары, ахӕм стыр бынат ахсын цы нысан кӕны, уый. Фӕлӕ Йесо йӕ кадджын хӕстӕй иуӕй-иутӕ кӕны, «усагмӕ» чи хауы, уыдоны бар. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сыл афтӕмӕй йӕхи ног ном фыссы (Рарг. 3:12).

19:14 – Армагеддоны Йесоимӕ чи рацӕудзӕн? Йесо Хуыцауы хӕстмӕ куы рацӕуа, уӕд йемӕ «уӕларвон ӕфсӕдты» уыдзысты зӕдтӕ ӕмӕ, йӕ уӕларвон хӕрзиуӕг чи райста, уыцы сӕрст уӕлахиздзаутӕ (Матф. 25:31, 32; Рарг. 2:26, 27).

20:11–15 – Кӕй нӕмттӕ сты фыст «царды тыхтоны» (кӕнӕ «чиныджы»)? Уыцы тыхтоны фыст сты, ӕнусон цардӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдоны нӕмттӕ – сӕрст чырыстӕтты, «тынг бирӕ адӕмы» ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыцы рӕстгӕнджыты нӕмттӕ (Ап. хъ. 24:15; Рарг. 2:10; 7:9). Чи райгас уыдзӕн, уыцы фыдгӕнджыты нӕмттӕ та «царды тыхтоны» фыст ӕрмӕстдӕр уӕд ӕрцӕудзысты, ӕмӕ куы цӕрой, «тыхтоны... цы фыст уыд,» уымӕ гӕсгӕ, ома Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы цы амындтӕ ӕрцӕудзӕн лӕвӕрд, уыдонмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ сӕ нӕмттӕ ахӕм чернилӕйӕ фыст не сты, ӕмӕ сӕ сыхалӕн мауал уа. Сӕрстыты нӕмттӕ та сыхалӕн нал вӕййы, мӕлӕты онг иузӕрдионӕй куы баззайынц, уӕд (Рарг. 3:5). Зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдоны нӕмттӕ ӕнустӕм баззайдзысты фыстӕй, мин азы кӕрон фӕстаг фӕлварӕны сӕрты куы ахизой, уӕд (Рарг. 20:7, 8).

Зондзонӕнтӕ махӕн

17:3, 5, 7, 16. «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм «сылгоймаджы сусӕгдзинад ӕмӕ, кӕуыл бады, уыцы [сырх-сырхид] сырды сусӕгдзинад» (Иак. 3:17). Ацы «сырд» фыццаг фӕзынд куыд Нациты Лигӕ, афтӕ, фӕстӕдӕр та – куыд Иугонд Нациты Организаци. Ацы сусӕгдзинад кӕй базыдтам, уый нӕ цымӕ хъуамӕ ма разӕнгард кӕна, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы тӕрхоны боны тыххӕй дзурӕм?

21:1–6. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл куы хицауиуӕг кӕна, уӕд зӕрдӕвӕрд арфӕдзинӕдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!»

22:1, 17. «Царды доны цӕугӕдон» ӕвдисы, коммӕгӕс адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй Йегъовӕ цы дӕтты, уый. Уыцы донӕй нуазӕн ис абон дӕр. Цӕй уӕдӕ Хуыцауӕй бузныг уӕм ӕмӕ «царды дон лӕвар исӕм», ӕмӕ ӕрмӕст нӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ ма иннӕты дӕр зӕрдиагӕй хонӕм уыцы донӕй нуазынмӕ!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Раргомады чиныг стих стихы фӕдыл ӕвзӕрст цӕуы чиныджы «Откровение: его грандиозный апогей близок!».

[Ныв 5 фарсыл]

Цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты коммӕгӕс адӕм, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл куы хицауиуӕг кӕна, уӕд!