Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галаады скъолайы 125 кълас Йеремийы хуызӕн ут

Галаады скъолайы 125 кълас Йеремийы хуызӕн ут

Галаады скъолайы 125 кълас Йеремийы хуызӕн ут

«ГАЛААДЫ Скъолайы ацы кълас нӕ историйы ныууагъта стыр фӕд»,– афтӕ загъта Разамонӕг советы уӕнг Джеффри Джексон. Йӕ раныхасмӕ йын хъуыста 6 156 адӕймаджы. Уыдон 2008 азы 13 сентябры ӕрӕмбырд сты, Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 125 кълас сӕ ахуыр кӕй фесты, уый фӕдыл. Ацы къласы уыд 56 студенты. Галаады Скъола уыдонимӕ иумӕ «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» арвыста 8 мин миссионерӕй фылдӕр (Ап. хъ. 1:8).

Ӕфсымӕр Джексон, программӕйы сӕрдар, радта фарст: «Куы дыл ӕууӕндой, уӕд дӕ лӕггад фӕхуыздӕр уыдзӕн?» Дарддӕр ранымадта, адӕймагыл ӕууӕндынӕн чи ӕххуыс кӕны, цыппар ахӕм хъуыддаджы: хъуамӕ дын уа раст зӕрдӕйы уаг; уай фӕзминаг; иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ, дӕ хъус сӕйраджыдӕр хъуамӕ дарай Хуыцауы Ныхасмӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайай, цӕмӕй Йегъовӕйы ном хъуыстгонд цӕуа.

Дейвид Шейферы, Ахуырадон комитетӕй, раныхас хуынди «Дӕ бон алцыдӕр бамбарын суыдзӕн?» Уый Галаады студенттӕн ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, сӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуа, уый бамбардзысты, дарддӕр дӕр Йегъовӕйы куы агурой, сӕрныллӕг куы уой ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» куы нымайой, уӕд (Ӕмб. 28:5; Матф. 24:45).

Уый фӕстӕ ныхасы рацыд Джон Барр, Разамонӕг советӕй. Йӕ раныхасы ном уыди «Хуыцау уӕм цы уарзондзинад равдыста, уымӕй уӕ мацы фӕхицӕн кӕнӕд». Ӕфсымӕр Барр студенттӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн уарзӕгой фыдау загъта, цӕмӕй миссионертӕ сӕ ног бынӕтты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд ма фӕтӕрсой. Уый загъта: «Хуыцау нӕ куы уарза, уӕд нын тӕссаг ницӕмӕй у». Миссионертӕ сӕхӕдӕг Хуыцауӕй ма адард уӕнт, ӕндӕр сӕ Хуыцауы уарзондзинадӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн.

Сэм Роберсон (лӕггад кӕны, Паттерсоны библион скъолатӕм йӕ хъус чи дары, уыцы хайады) хъусджытӕн загъта, цӕмӕй «сӕ райст-бавӕрд дзаумӕттӕ скӕной». Йесо куыд кодта, уый лӕмбынӕг куы иртасой ӕмӕ йӕ куы фӕзмой, уӕд студенттӕн сӕ бон суыдзӕн, «сӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скӕнын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы миниуджытӕ» (Ром. 13:14). Уый фӕстӕ Паттерсоны библион скъолатӕм йӕ хъус чи дары, уыцы хайады цӕстдарӕг Уильям Сэмюэлсон уазджытӕн сӕ хъус ӕрдардта, адӕймаджы кады аккаг цы кӕны, уымӕ. Адӕймаг кадджын уыдзӕн ӕви нӕ, уый баст у, адӕм нӕ, фӕлӕ йӕм Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, ууыл.

Майкл Бернетт, Скъолайы ахуыргӕнджытӕй иу, цалдӕр студентӕй райста интервью ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй радзырдтаиккой уацамындӕй цымыдисаг цаутӕ. Галаады Скъолайы (Паттерсон, штат Нью-Йорк) ахуыргӕнгӕйӕ, студенттӕн сӕ фылдӕр хъусын кодта, арӕх кӕм хъусын кӕнынц, ахӕм территорийы. Фӕлӕ дзы уӕддӕр ссардтой, рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕмы. Джералд Гризел, конгрессы бюройӕ, райста интервью, Филиалты комитетты уӕнгты скъолайы уыцы рӕстӕджы чи ахуыр кодта, ӕртӕ ахӕм ӕфсымӕрӕй. Сӕ ныхӕстӕ Галаады студентты бацӕттӕ кодтой, ӕндӕр бӕстӕты лӕггадгӕнгӕйӕ сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ.

Раныхас «Йеремийы хуызӕн ут», зӕгъгӕ, радзырдта Дейвид Сплэйн, Разамонӕг советӕй. Сплэйн йӕхӕдӕг каст фӕци Галлады Скъолайы 42 кълас. Йегъовӕ Йеремийӕн цы бахӕс кодта, уымӕй фӕтарст, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ бафидар кодта. (Йер. 1:7, 8). Ӕмӕ Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн ног миссионертӕн дӕр. «Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат,– загъта ӕфсымӕр Сплэйн,– уӕд сбад ӕмӕ гӕххӕттыл ныффысс, уыцы адӕймагӕй дӕ зӕрдӕмӕ цы дӕс миниуӕджы цӕуы, уыдон. Дӕс дын куы нӕ рауайой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ уыцы адӕймаджы хорз нӕ зоныс».

Йереми уыди удуӕлдай адӕймаг. Йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын ӕй куы нал фӕндыд уӕд-иу Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ-иу Йегъовӕ йӕ фарс балӕууыд (Йер. 20:11). «Уӕхимӕ хъусынтыл куы суат,– загъта ӕфсымӕр Сплэйн,– уӕд-иу уый тыххӕй Йегъовӕйӕн радзурут. Ӕмӕ уын куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл дис дӕр бакӕндзыстут».

Программӕйы кӕрон фембӕлды сӕрдар уазджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, студенттӕ кӕй базыдтой, цӕмӕй сыл ӕууӕндой, уый тыххӕй сӕ цы аразын хъӕуы. Ӕмӕ уый сӕ къухы куы бафта, уӕд хорз хабарыл адӕм тынгдӕр ӕууӕнддзысты (Ис. 43:8–12).

[Рамкӕ 22 фарсыл]

КЪЛАСЫ БӔРӔГГӔНӔНТӔ

Цал бӕстӕйӕ уыдысты: 6

Цал бӕстӕмӕ сӕ арвыстой: 21

Цал студенты дзы уыд: 56

Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цыд: 32,9

Рӕстӕмбис нымадӕй донаргъуыд цал азы сты: 17,4

Рӕстӕмбис нымадӕй ӕххӕстрӕстӕг цал азы лӕггад кӕнынц: 13

[Ныв 23 фарсыл]

Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 125 кълас

Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.

1) Ходжсон А.; Уолл А.; Биренс К.; Хортелано М.; Ньюман Л.; Де Касо Э. 2) Дженкинс Дж.; Джарземски Т.; Мендес Н.; Корона В.; Каналита Л. 3) Фрайер Х.; Сэвидж М.; Тидуэлл К.; Эриксон Н.; Дик Э.; Макбет Р. 4) Перес Л.; Пьюз Л.; Скидмор А.; Янг Б.; Макбрайд Н.; Рондон П.; Гудман Э. 5) Биренс М.; Фергюсон Дж.; Пирсон Н.; Чапмен Л.; Уордл Дж.; Каналита М. 6) Перес П.; Де Касо Д.; Янг Т.; Рондон Д.; Гудман Г.; Дженкинс М.; Дик Г. 7) Корона М.; Уолл Р.; Пьюз С.; Мендес Ф.; Джарземски С.; Сэвидж Т. 8) Ньюман К.; Фергюсон Д.; Скидмор Д.; Эриксон Т.; Макбрайд Дж.; Пирсон М.; Чапмен М. 9) Ходжсон К.; Уордл А.; Макбет А.; Тидуэлл Т.; Фрайер Дж.; Хортелано Дж.