Зианы бон – алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл
Зианы бон – алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл
АДӔМЫ кӕуынӕй зӕрдӕ уынгӕг кӕны. Хъарӕггӕнджытӕ сау дарӕсы сӕхи зӕххытыл хойынц. Кафджытӕ музыкӕмӕ гӕсгӕ сӕ мидбынаты змӕлынц. Уыцы рӕстӕг та чидӕртӕ хӕрынц ӕмӕ нуазынц, хъӕрӕй худынц ӕмӕ цин кӕнынц. Цалдӕр адӕймаджы пальмӕйы сӕн ӕмӕ бӕгӕныйӕ сӕхи хорз федтой ӕмӕ расыгӕй зӕххыл афӕлдӕхтысты. Цавӕр хабары кой цӕуы ам? Афтӕ вӕййы кӕцыдӕр бӕстӕты зианы рӕстӕг. Уыцы бӕстӕты зиан афӕндараст кӕнынмӕ ’рбацӕуы тынг бирӕ адӕм, цалдӕр сӕдӕ адӕймагӕй дӕр фылдӕр.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ цӕрынц, мӕрдтӕй чи тӕрсы ӕмӕ бирӕ мӕнгуырнындзинӕдтыл чи хӕцы, ахӕм хӕстӕджытӕ ӕмӕ сыхӕгты ’хсӕн. Адӕмӕй милуанты уырны, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, ӕмӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ бон кӕй у удӕгӕстыл хӕрзаудӕн кӕнын кӕнӕ та фыдаудӕн. Ӕмӕ уыцы мӕнгуырнындзинад тынг фӕзынди мард ныгӕныны ӕгъдӕуттыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг мардыл кӕуа, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Йесо дӕр ӕмӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр куыдтой, зынаргъ сын чи уыд, уыдоны мӕлӕтыл (Иоан. 11:33–35, 38; Ап. хъ. 8:2; 9:39). Фӕлӕ, уӕды заманы адӕм мардыл куыд хъыг кодтой ӕмӕ сӕхи куыд хордтой, Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ афтӕ нӕ кодтой (Лук. 23:27, 28; 1 Фес. 4:13). Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ зыдтой, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ыл ӕцӕгдӕр цы ’рцӕуы, уый.
Библи бӕлвырдӕй дзуры: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц... Фесӕфт сӕ уарзт дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕх дӕр, хӕлӕг дӕр нал кӕнынц. [...] Ингӕны – кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым, нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд» (Еккл. 9:5, 6, 10). Хуыцауы комытӕфӕй фыст ныхӕстӕй зыны, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ магъз йӕ куыстӕй кӕй ӕрлӕууы. Ӕмӕ йӕ бон нал дӕр хъуыды кӕнын вӕййы, нал дӕр дзурын, хатгӕ дӕр ницыуал фӕкӕны ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр. Библи ахӕм ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй ӕргом кӕй дзуры, уый куыд хъуамӕ ’ндава, чырыстӕттӕ зианы хабӕрттӕ куыд кӕндзысты, ууыл?
«Мауал ӕвналут, сыгъдӕг цы нӕу, уымӕ»
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмфӕнды ма цӕрой ӕмӕ цавӕрфӕнды адӕмӕй ма уой, уӕддӕр сӕхи хизынц, мӕрдтӕн сӕ бон хъуыды кӕнын ӕмӕ удӕгӕстыл ӕндавын кӕй у, уыцы мӕнгуырнындзинӕдтимӕ баст ӕгъдӕуттӕй. Зӕгъӕм, марды фарсмӕ ӕхсӕвбадӕн кӕнын, мард бавӕрыны фӕстӕ цӕл кӕнын, хистытӕ, фӕлдисыны хабӕрттӕ, лӕг кӕнӕ ус идӕдзӕй кӕй цӕрдзӕн, уый равдисынимӕ баст ӕгъдӕуттӕ. Ӕппӕт ацы ӕгъдӕуттӕ Хуыцауы цӕсты сты ӕлгъаг ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уымӕн ӕмӕ сын Библиимӕ иумӕйагӕй ницы ис ӕмӕ баст сты мӕнг ахуырадимӕ, зӕгъгӕ, дам, адӕймагӕн йӕ уд нӕ мӕлы (Иез. 18:4). Ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ бон нӕу «„Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрын“ ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайынц, цӕмӕй ахӕм ӕгъдӕуттӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной (1 Кор. 10:21). Уыдон хъусынц мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ: «Уӕхи [сӕ] фӕхицӕн кӕнут... ӕмӕ мауал ӕвналут, сыгъдӕг цы нӕу, уымӕ» (2 Кор. 6:17). Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы.
Африкӕйы ӕмӕ ма ӕндӕр рӕтты дӕр бирӕты уырны, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ куы нӕ кӕной, уӕд сын мӕрдтӕ сӕ мыггагмӕ фӕфыдӕх уыдзысты ӕмӕ йыл фыдаудӕн кӕндзысты. Библимӕ гӕсгӕ зианы ӕгъдӕуттӕй раст чи нӕу, уыдоны Йегъовӕйы адӕм хайад куы нӕ фӕисынц, уӕд сӕ бирӕты ныхмӕ рацӕуынц, фефхӕрынц сӕ кӕнӕ та сын фӕзӕгъынц, хъӕубӕстӕйӕ йе та сӕ хӕдзарӕй кӕй асурдзысты. Фӕдзурынц ма сын,
зӕгъгӕ, иннӕты ницӕмӕ дарут ӕмӕ марды дӕр ницӕуыл нымайут. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕ чырыстоны мардӕн сӕхи схицау кӕнынц ӕмӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнынц, куыд ӕй бавӕрдзысты, уый. Уымӕ гӕсгӕ нӕхиуыл куыд фӕхӕцӕм, цӕмӕй, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл фидарӕй чи хӕцы, уыдонимӕ ма рахъӕлӕба уӕм? Ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та, цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нӕхи бахизӕм, Йегъовӕйӕ нӕ чи адард кӕндзӕн, уыцы чъизи ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй?Иннӕтӕ дын дӕ хъуыды зонӕнт
Дунейы иуӕй-иу рӕтты мыггаджы хистӕртӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ фӕныхас кӕнынц, зианы хабӕрттӕ куыд бакӕндзысты, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион чырыстон хъуамӕ бӕлвырд бамбарын кӕна, мард кӕй бавӕрдзысты Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (2 Кор. 6:14–16). Чырыстон адӕймаджы зиан цы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕвӕрдзысты, уый хъуамӕ къуылымпыйы хос ма суа мадӕр чырыстӕттӕн ӕмӕ мадӕр иннӕтӕн – мах цӕуыл ӕууӕндӕм ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы дзурӕм, уый чи зоны, уыдонӕн.
Зианджынӕн йӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын. Уыдон ӕй бафидар кӕндзысты ӕмӕ йын хорз уынаффӕтӕ ратдзысты, цӕмӕй зианы хабӕрттӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ скӕной. Зӕгъӕм, Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕй чидӕртӕ дзурынц, цӕмӕй зианы рӕстӕджы скӕной, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг. Уӕд чырыстон хъуамӕ хъӕддых фӕлӕууа ӕмӕ фидарӕй бамбарын кӕна, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы ӕгъдауыл хӕст сты, уый, ӕрмӕст ӕй уыцы хъуыддаг хъӕудзӕн сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй бакӕнын (1 Пет. 3:15). Фӕлӕ ӕнӕуырнӕг хӕстӕджытӕ сӕхи ӕгъдӕуттӕ куы хъарой ӕмӕ сӕхи фӕнд куы тӕрой, уӕд та цы кӕнгӕ у? Ахӕм уавӕры бинонтӕй уырнӕг чи у, уыдон, чи зоны, мардӕвӕрӕн бон уырдыгӕй цӕугӕ дӕр акӕной (1 Кор. 10:20). Хабар афтӕ куы рауайа, уӕд, гӕнӕн ис, бынӕттон Паддзахады залы йе та ӕндӕр ӕмбӕлон бынаты гыццыл ӕмбырд саразой ӕмӕ дзы зианы раныхас бакӕсой, цӕмӕй, «Фыстад цы удӕнцой дӕтты», уымӕй бафидар кӕной хъыггӕнӕг адӕмы (Ром. 15:4). Кӕд зиан уыцы залы не ’рӕвӕрдзысты, уӕддӕр ахӕм фембӕлд скӕнын раст уыдзӕн (Дык. з. 34:5, 6, 8). Зианы хабӕртты ӕнӕуырнджытӕ сӕхи кӕй фӕтъыссынц, уый мӕрдджыны зӕрдӕ ноджы тынгдӕр фӕриссын кӕны. Фӕлӕ раст цы у, уый фидарӕй куы кӕнӕм, уӕд уый Хуыцау ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ нӕ «схайджын кӕндзӕн, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7).
Дӕ фӕндон гӕххӕттыл ныффысс
Адӕймаджы фӕндон гӕххӕттыл фыст куы уа, уӕд зианы рӕстӕджы ӕнӕуырнӕг хӕстӕджытимӕ ӕнцондӕр уыдзӕн ныхасгӕнӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон марды фӕстаг фӕдзӕхстытӕ ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ фӕуыдзысты. Уыцы гӕххӕтты ис ныффысӕн мӕнӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй: мард кӕм хъуамӕ бавӕрой, цы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ бафснайой, стӕй мард ныгӕныны хабӕрттӕ чи хъуамӕ кӕна (Райд. 50:5). Гӕххӕттӕн стырдӕр тых вӕййы, адӕймаг ыл йӕ къух куы ’рфыссы ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн ӕвдисӕнтӕ куы вӕййы, уӕд. Библийы уагӕвӕрдтӕ хорз чи зоны, ахӕм ӕмбаргӕ адӕймаг уый бакӕны рагацау, нӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ тынг базӕронд уа йе та мӕлӕтдзаг рынчын фӕуа (Ӕмб. 22:3; Еккл. 9:12).
Ахӕм гӕххӕтт ныффыссын гӕнӕн ис, ӕмӕ алкӕмӕ ӕнцон ма фӕкӕса. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ууыл дзурӕг уыдзӕн, адӕймаг фӕлтӕрд чырыстон кӕй у ӕмӕ иннӕтыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсы (Фил. 2:4). Бирӕ хуыздӕр у адӕймаг уыцы фарстатӕ йӕ бинонты бар куы нӕ ныууадзид, фӕлӕ сӕ йӕхӕдӕг куы бакӕнид. Уымӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕнӕуи дӕр уыдзысты зӕрдӕрыст, стӕй ма сын, гӕнӕн ис, тыххӕй кӕнын кӕной, мард йӕхӕдӕг кӕй нӕ кодта ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, ахӕм чъизи ӕгъдӕуттӕ.
Ӕмбаргӕ ут
Африкӕйы бирӕ рӕтты адӕм хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, цӕмӕй мӕрдджынтӕ сӕ фыдӕлты удты хъыджы ма бацӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ стыр хист скӕной. Иннӕтӕн та зианы рӕстӕджы фадат фӕзыны, цӕмӕй куыд хъӕздыг сты, уый адӕмӕн равдисой (1 Иоан. 2:16). Зианджынтӕ, цӕмӕй сӕ мард «куыд ӕмбӕлы, афтӕ» баныгӕной, уый тыххӕй бахардз кӕнынц бирӕ рӕстӕг, бирӕ хъарутӕ ӕмӕ бирӕ ӕхца. Цӕмӕй хистмӕ фылдӕр адӕм ӕрбацӕуа, уый тыххӕй алы рӕтты ’рцауындзынц плакаттӕ марды къамтимӕ ӕмӕ афтӕмӕй фехъусын кӕнынц зианы тыххӕй. Мӕрддзыгой чи ’рбацӕудзӕн, уыдонӕн байуарынц футболкӕтӕ,– ныв та сыл скӕнынц, чи амард, уыцы адӕймаджы. Стӕй ма, кадмондаг кӕй сты, сӕ исбонӕй хъал кӕй сты ӕмӕ сӕ адӕмы сӕхимӕ ’ркӕсын кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй балхӕнынц тынг зынаргъ чырынтӕ. Зӕгъӕм, иу африкаг бӕстӕйы иуӕй-иутӕ саразын кӕнынц чырынтӕ машинӕйы, хӕдтӕхӕджы, бӕлӕгъы ӕмӕ ӕндӕр цӕйдӕр хуызӕн. Нӕлгоймаджы мард, гӕнӕн ис, чырынӕй сисой ӕмӕ йӕ рӕсугъд фӕлыст уатыл ӕрӕвӕрой. Сылгоймаджы мардыл та, гӕнӕн ис, урс чындздзон къаба скӕной, рӕсугъд ӕй сахорой ӕмӕ йыл бирӕ сызгъӕринтӕ бакӕной. Цымӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ахӕм хъуыддӕгты хайад исын ӕмбӕлы?
Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ зондджынӕй фӕархайынц ӕмӕ сӕхи фӕхизынц, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ чи нӕ зоны ӕмӕ сын аргъ дӕр чи нӕ кӕны, уыцы адӕмы ӕнӕхъуаджы митӕй. Мах зонӕм, ахӕм ӕгъдӕуттӕ Хуыцауӕй кӕй не сты, фӕлӕ, чи фӕивгъуйы, уыцы дунейӕ (1 Иоан. 2:15–17). Хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй ӕнӕуырнӕг адӕмау кадмондаг ма суӕм ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын ма райдайӕм (Гал. 5:26). Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй, мӕрдтӕй кӕм тӕрсынц, ахӕм бӕстӕты арӕх фӕкӕнынц стыр хистытӕ ӕмӕ мӕрдджын бинонтӕн ӕнцон нӕ вӕййы мӕрддзыгой адӕммӕ сӕ хъус фӕдарын,– бацархайын, цӕмӕй сӕ зианы алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа. Адӕм мӕрдтӕн кӕй табу кӕнынц, уый ӕнӕуырнджыты, чи зоны, Хуыцауы цӕсты раст чи нӕу, ахӕм митӕм ӕркӕна. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, афтӕ хъӕрӕй кӕуой, ӕмӕ иннӕты сӕхимӕ ’ркӕсын кӕной, мардӕн хъӕбыстӕ кӕной, ныхӕстӕ йын ӕрвитой, йӕ чырыны йын ӕхцатӕ ӕмӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ ӕвӕрой. Чырыстоны зианы ахӕм хабӕрттӕ куы цӕуа, уӕд Хуыцауы ном фӕчъизи уыдзӕн ӕмӕ йӕ адӕм та фӕхудинаг уыдзысты (1 Пет. 1:14–16).
Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый хорз кӕй зонӕм, уый нын хъуамӕ уыйбӕрц ныфс дӕтта, цӕмӕй чырыстон адӕймаджы зианы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕмӕй мацы уа (Еф. 4:17–19). Кӕд зӕххыл Йесойӕ зындгонддӕр ӕмӕ номдзыддӕр адӕймаг нӕ уыд, уӕддӕр ын ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уымӕй уӕлдай ницы скодтой (Иоан. 19:40–42). «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» чи хъуыды кӕны, уыдон дӕр сӕ зиан афтӕ бавӕрынц (1 Кор. 2:16). Зианы рӕстӕджы чырыстӕттӕ, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй уӕлдай куы ницы скӕнынц, уӕд сӕхи бахизынц, Фыстадмӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы ӕгъдӕуттӕй ӕмӕ сӕ зианы уӕлдай митӕ дӕр ничи фӕкӕны.
Зианы бон цин кӕнын ӕмбӕлы?
Бирӕ рӕтты, мард куы баныгӕнынц, уӕд хӕстӕджытӕ, сыхӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр мӕрддзыгой адӕм иумӕ дзаджджын фынгтыл ӕрбадынц, фӕминас кӕнынц, музыкӕ хъӕрӕй сифтындзынц ӕмӕ фӕкафынц. Бирӕтӕ дзы тынг фӕрасыг вӕййынц ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ дӕр фӕкӕнынц. Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ сын уый баххуыс кӕны сӕ маст ферох кӕнынӕн. Иннӕтӕ та уый хонынц, сӕ адӕммӕ фыдӕлтӕй чи баззад, ахӕм ӕгъдау. Фӕлӕ бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм «хъӕлдзӕг куывдтӕ» ӕнӕмӕнг уымӕн хъӕуы кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй мардӕн кад ӕмӕ ӕгъдау скӕнынц, стӕй ма уый фӕрцы йӕ уд йӕ фыдӕлтыл ӕнӕкъуылымпыйӕ сӕмбӕлы.
Ӕцӕг чырыстӕттӕ ’мбарынц, ацы стихы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый: «Худынӕй хъыг кӕнын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ адӕймаг ӕнкъард куы вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ хуыздӕр кӕны» (Еккл. 7:3). Стӕй ма чырыстӕттӕ хъуыды кӕнынц хуыздӕр кӕй у, ӕнцад-ӕнцойӕ хъуыды кӕнын, цард цыбыр кӕй у, ууыл ӕмӕ райгасдзинады ныфсыл. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ ӕввахс хӕлар кӕмӕн у, уымӕн «мӕлӕты бон хуыздӕр у йӕ райгуырды бонӕй» (Еккл. 7:1). Ӕцӕг чырыстӕттӕ хорз зонынц, мард куы бавӕрынц, уӕд цы куывдтӕ скӕнынц, уыдон мӕнгуырнындзинӕдтимӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митимӕ баст кӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр фынгтӕ ӕвӕрынмӕ фӕкӕсдзысты ӕмӕ сӕм нӕдӕр цӕугӕ акӕндзысты. Ахӕм цӕлгӕнджыты ’хсӕн чырыстон куы уа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ аргъ кӕны, стӕй йе ’мчырыстӕттыл дӕр нӕ хъуыды кӕны.
Иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕныс, уый бӕрӕг уӕд
Ӕцӕгдзинад чи нӕ зоны, уыдон мӕрдтӕй ӕмризӕджы ризынц. Куыд бузныг стӕм Хуыцауӕй мах та, уыцы тасӕй нӕ кӕй ссӕрибар кодта, уый тыххӕй! (Иоан. 8:32). Кӕд «рухсы хъӕбултӕ» стӕм, уӕд зианы рӕстӕг нӕ маст ӕмӕ нӕ хъыг куыд ӕвдисдзыстӕм, уымӕй зындзӕн, Хуыцауы фӕндтӕ хорз кӕй ӕмбарӕм, уый. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ ӕгъдауджын ӕмӕ ӕфсармджын уагахастӕй, ӕмӕ райгасдзинадыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕй (Еф. 5:8; Иоан. 5:28, 29). Райгасдзинады ныфс нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхиуыл хӕцын фӕразӕм ӕмӕ ма уӕм, «ныфс кӕмӕн нӕй, уыдоны» хуызӕн (1 Фес. 4:13). Уый нын уыйбӕрц хъару ратдзӕн, ӕмӕ раст дины фарс фидарӕй хӕцдзыстӕм ӕмӕ адӕмӕй нӕ тӕрсдзыстӕм (1 Пет. 3:13, 14).
Библийы уагӕвӕрдтӕ куы нӕ халӕм, уӕд адӕм уындзысты, «Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис,» уый (Мал. 3:18). Иу бон мӕлӕтӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Рарг. 21:4). Уӕдӕ уыцы диссаджы зӕрдӕвӕрдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, цӕй ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууӕм ӕнаиппӕй ӕмӕ сыгъдӕгӕй. Стӕй ма бацархайӕм, цӕмӕй ацы фыддуне ӕмӕ йе ’взӕр ӕгъдӕуттӕй ма фӕчъизи уӕм (2 Пет. 3:14).
[Ныв 30 фарсыл]
Раст уаид дӕ фӕндон рагацау куы ныффыссис
[Ныв 31 фарсыл]
Чырыстӕтты зиан вӕййы ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл дзурӕг