Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойы ныхӕсты фӕрцы амондджын куыд уыдзыстӕм

Йесойы ныхӕсты фӕрцы амондджын куыд уыдзыстӕм

Йесойы ныхӕсты фӕрцы амондджын куыд уыдзыстӕм

«Йесо ссыд хохмӕ... Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ [йӕм] ӕрбацыдысты, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта» (МАТФ. 5:1, 2).

1, 2. а) Цавӕр цаутӕ ӕрцыд, Йесо йӕ Уӕлхох уацамынд куы радзырдта, уый размӕ? ӕ) Йесо йӕ ныхас цӕмӕй райдыдта?

УЫД н. э. 31 аз. Йесо хъусын кодта Галилейы. Фӕлӕ Куадзӕны бӕрӕгбон кӕй ӕрхӕстӕг, уымӕ гӕсгӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ ацыд Иерусалиммӕ (Иоан. 5:1). Фӕстӕмӕ Галилеймӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕнӕхъӕн ӕхсӕв куывта Хуыцаумӕ ӕмӕ дзы куырдта разамынд 12 апостолы равзарынӕн. Иннӕ бон Йесомӕ ӕрӕмбырд дуне адӕм ӕмӕ сын сӕ рынчынты сдзӕбӕх кодта. Стӕй уӕд Йесо ӕрбадт хохы фахсыл, йӕ алыварс та – йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта (Матф. 4:23–5:2; Лук. 6:12–19).

2 Уӕлхох уацамынд кӕй хонынц, уыцы ныхасы райдианы Йесо загъта, зӕгъгӕ, амонд кӕнгӕ у, адӕймагӕн Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ куы уа, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 5:1–12.) Амонд у, адӕймаг «йӕ цардӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй иууыл тынг райгонд куы уа ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕ куы рухс кӕна, уый». Йӕ ныхасы Йесо бацамыдта, чырыстӕтты амондджын чи кӕны, фараст ахӕм хъуыддагмӕ. Уыдон 2 мин азы размӕ куыд ахадыдтой, афтӕ ахадынц абон дӕр. Цӕй, ӕмӕ дзы алкӕцымӕ дӕр ӕркӕсӕм.

«Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары»

3. Цы нысан кӕны, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый ӕмбарын?

3 «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад» (Матф. 5:3). «Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары», уыдон зонынц, кӕй сӕ хъӕуы Хуыцауы разамынд ӕмӕ йӕ хорзӕх.

4, 5. а) Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон амондджын цӕмӕн сты? ӕ) Цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

4 Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон амондджын сты, «уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад». Йесойы йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ Мессийӕйыл кӕй банымадтой, уый сын фадат радта, цӕмӕй йемӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады хицауиуӕг кӕной (Лук. 22:28–30). Уӕлӕрвты Чырыстийы ӕмбындартӕ суыдзыстӕм ӕви зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрдзыстӕм, уӕддӕр амондджын уыдзыстӕм, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд.

5 Адӕймаджы Хуыцауы разамынд ӕмӕ йӕ хорзӕх кӕй хъӕуы, уый алчи не ’мбары. Бирӕтӕм уырнындзинад нӕй ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн нӕ аргъ кӕнынц (2 Фес. 3:1, 2; Дзут. 12:16). Цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм ӕмӕ ӕнӕсцухӕй чырыстон фембӕлдтӕм цӕуӕм (Матф. 28:19, 20; Дзут. 10:23–25).

Хъыг кӕнынц, фӕлӕ сты «амондджын»

6. Чи сты, «хъыг чи кӕны», уыдон ӕмӕ «амондджын» цӕмӕн сты?

6 «Амондджын сты, хъыг чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ удӕнцой ссардзысты» (Матф. 5:4). «Хъыг чи кӕны», уыцы адӕм дӕр сты, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары», уыдон. Уыцы адӕм ууыл нӕ хъыг кӕнынц, ӕмӕ сӕ цардӕй разы не сты, хъаст дзы кӕнынц. Фӕлӕ хъыг кӕнынц, тӕригъӕдджын кӕй сты ӕмӕ, адӕмы ӕнӕххӕстдзинады аххосӕй зӕххыл цы уавӕртӕ ис, ууыл. Ахӕм адӕм «амондджын» цӕмӕн сты? Уымӕн ӕмӕ ӕууӕндынц Хуыцау ӕмӕ Чырыстийыл, ӕмӕ сын удӕнцой хӕссы, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй сты, уый (Иоан. 3:36).

7. Сайтаны дунемӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм?

7 Цымӕ мах та хъыг кӕнӕм, Сайтаны дунейы ӕнӕрӕстдзинад тынг кӕй сарӕх, ууыл? Ацы дуне цы хъары, уымӕ цы зӕрдӕ дарӕм? Апостол Иоанн ныффыста: «Дунейы цыдӕриддӕр ис: тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын – уыдон Фыдӕй не сты» (1 Иоан. 2:16). Фӕлӕ цы хъуамӕ аразӕм, нӕ уырнындзинадыл нын куы ӕндава «ацы дунейы зонд», ома Хуыцауӕй иппӕрд дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр цы зондыл хӕст сты, уый? Хъуамӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм Хуыцаумӕ, Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс курӕм. Цыфӕнды мӕстытӕ куы ӕвзарӕм, уӕддӕр, Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд удӕнцой ардзыстӕм (1 Кор. 2:12; Пс. 119:52; Иак. 5:14, 15).

Цӕй амондджын сты, «фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон»!

8, 9. Цы нысан кӕны, адӕймаг фӕлмӕн удыхъӕды хицау уа, уый ӕмӕ фӕлмӕн адӕм амондджын цӕмӕн сты?

8 «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матф. 5:5). Адӕймаг фӕлмӕн удыхъӕды хицау уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ лӕмӕгъ у кӕнӕ адӕмы цӕстмӕ йӕхи афтӕ ӕвдисы (1 Тим. 6:11). Фӕлмӕн удыхъӕды хицау куы уӕм, уӕд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъусдзыстӕм. Ахӕм миниуӕг нӕм кӕй ис, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, не ’мчырыстӕттӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн куыд стӕм, уымӕй дӕр. Адӕймагӕн фӕлмӕн удыхъӕд уа, уымӕ ма цы хауы, уый тыххӕй дзырдта апостол Павел дӕр. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17–19.)

9 Фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон амондджын цӕмӕн сты? Уымӕн ӕмӕ «зӕхх уыдоны уыдзӕн»,– загъта Йесо, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи уыд, уый. Йесо та йӕхӕдӕг у зӕххы сӕйраг Бындар (Пс. 2:8; Матф. 11:29; Дзут. 2:8, 9). Фӕлӕ уӕлӕрвты Чырыстиимӕ иумӕ бынтӕй хай кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр зӕххыл уыдзӕн бынтӕ, уымӕн ӕмӕ Чырыстийау сты фӕлмӕн (Ром. 8:16, 17). Йесойы Паддзахады разамындӕй бирӕ ӕндӕр фӕлмӕн адӕм дӕр ӕнустӕм цӕрдзысты зӕххыл (Пс. 37:10, 11).

10. Фӕлмӕн куы нӕ уӕм, уӕд уый куыд фӕзындзӕн, ӕмбырды цы хӕстӕм тырнӕм, уыдоныл ӕмӕ нӕ ахастытыл иннӕтимӕ?

10 Йесойау мах дӕр хъуамӕ уӕм фӕлмӕн. Фӕлӕ загъдгӕнаг куы уӕм, уӕд та? Хылмондаг ӕмӕ фыдзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕ адӕм сӕхи дард ласдзысты. Ӕфсымӕртӕ ӕмбырды исты хӕстӕм куы тырной, фӕлӕ сын ахӕм зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд сӕ уый уыцы хъуыддаджы хъыгдардзӕн (1 Тим. 3:1, 3). Павел Титӕн бахӕс кодта Криты чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, цӕмӕй «ма уыдаиккой загъдгӕнаг, фӕлӕ... ӕмбаргӕ, алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн» (Тит. 3:1, 2). Фӕлмӕн адӕймаг иннӕтӕн у стыр арфӕдзинад!

Ӕххормаг адӕймагау «рӕстдзинад» агурынц

11–13. а) Цы нысан кӕны ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад агурын? ӕ) Ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон куыд «бафсӕддзысты?

11 «Амондджын сты, ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон, уымӕн ӕмӕ бафсӕддзысты» (Матф. 5:6). Йесо цы «рӕстдзинады» кой кодта, уый у, адӕймаг Хуыцауы фӕндон ӕмӕ закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕна ӕмӕ афтӕмӕй, раст цы у, уый куы араза. Псаломзарӕггӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, «мӕ уд сфӕлмӕцыд» Хуыцауы тӕрхӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ (Пс. 119:20). Ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймаг хӕринаг ӕмӕ дон куыд фӕагуры, мах дӕр цымӕ рӕстдзинад афтӕ агурӕм ӕмӕ йын афтӕ аргъ кӕнӕм?

12 Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон амондджын уыдзысты, уымӕн ӕмӕ «бафсӕддзысты», ома, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕхи цӕстӕй фендзысты. Йесойы ныхӕстӕ раст разындысты н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы сыгъдӕг уд «дунейӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ... рӕстдзинады тыххӕй» хӕссын райдыдта (Иоан. 16:8). Сыгъдӕг уды разамындӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ныффыстой Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ ӕмӕ стыр ӕххуыс сты «раст зондыл аразынӕн» (2 Тим. 3:16). Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы ма нӕ «удыхъӕд ногмӕ... раивӕм – уыцы удыхъӕд та конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинадмӕ... гӕсгӕ» (Еф. 4:24). Йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны ӕмӕ Хуыцауӕн чи лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна Йесойы нывонды бындурыл, уыдон рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕудзысты. Уый нын удӕнцой нӕ хӕссы? (Бакӕс Ромӕгтӕм 3:23, 24.)

13 Кӕд нын зӕххыл цӕрыны ныфс ис, уӕд рӕстдзинадӕй «бафсӕддзыстӕм», рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы зӕххыл ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд. Уӕдмӕ та уал цӕй, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Йесо загъта: «Фыццаджыдӕр агурут... паддзахад ӕмӕ [Хуыцауы] рӕстдзинад» (Матф. 6:33). Уӕд нын Хуыцауы хъуыддаджы уыдзӕн бирӕ куыст ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (1 Кор. 15:58).

Цӕмӕн сты амондджын, «иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны, уыдон»

14, 15. а) Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у? ӕ) «Иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны, уыдон» амондджын цӕмӕн сты?

14 «Амондджын сты, иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн дӕр фӕтӕригъӕд кӕндзысты» (Матф. 5:7). Тӕригъӕдгӕнаг, ома фӕлмӕнзӕрдӕ, адӕймаг иннӕтӕн сӕ рыст ӕмбары ӕмӕ сӕ уавӕры цӕуы. Йесо адӕмӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ тынг бирӕты фервӕзын кодта сӕ хъизӕмӕрттӕй (Матф. 14:14). Адӕймаг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы, йӕ разы чи фӕрӕдыд, уыдонӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд. Йӕ рӕдыдтытыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ Йегъовӕ дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ вӕййы (Рац. 34:6, 7; Пс. 103:10). Мах дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, тӕригъӕдгӕнаг, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм. Тӕригъӕдгӕнаг ма уӕд уыдзыстӕм, ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ уаргъ куы рог кӕнӕм нӕ хорз ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй. Фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг уыдзӕн, адӕмӕн Библийы тыххӕй куы дзурӕм, уый дӕр. Йесо адӕмӕн кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Марчы 6:34).

15 Мах разы стӕм Йесойы ныхӕстимӕ: «Амондджын сты, иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн дӕр фӕтӕригъӕд кӕндзысты». Иннӕтӕм хорз цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕм уыдон дӕр хорз цӕстӕй кӕсдзысты. Уымӕй уӕлдай, Хуыцау махӕн куы тӕрхон кӕна, уӕд кӕсдзӕн, мах адӕмӕн куыд тӕригъӕд кодтам, уымӕ ӕмӕ нын нӕхицӕн дӕр фӕтӕригъӕд кӕндзӕн (Иак. 2:13). Ӕрмӕстдӕр фӕлмӕнзӕрдӕ адӕмӕн ӕрцӕудзысты хатыргонд сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕнустӕм ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕм цӕрдзысты (Матф. 6:15).

«Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ» амондджын цӕмӕн сты

16. Цы нысан кӕны, сыгъдӕг зӕрдӕ дын уа, уый ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ Хуыцауы куыд фендзысты?

16 «Амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фендзысты» (Матф. 5:8). Сыгъдӕгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд уый зындзӕн, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, цӕмӕ бӕллӕм ӕмӕ нын цы зӕрдӕйы уаг ис, уымӕй. Уӕд нӕм уыдзӕн, «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ... чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад» (1 Тим. 1:5). Нӕ мидзӕрдӕйы сыгъдӕг куы уӕм, уӕд «фендзыстӕм Хуыцауы». Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Йегъовӕйы комкоммӕ фендзысты, уымӕн ӕмӕ «адӕймаг [Хуыцауы] куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн» (Рац. 33:20). Йесо йӕ Фыды алцӕмӕйдӕр кӕй фӕзмыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта мӕ Фыды дӕр» (Иоан. 14:7–9). Мах, Йегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ, «Хуыцауы фӕуынӕм», нӕ хӕрзӕбонӕн цы саразы, уый куы бафиппайӕм, уӕд (Иов 42:5). Сӕрст чырыстӕттӕ та сӕ уӕларвон Фыды комкоммӕ фенынц, уӕларвон цардмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд (1 Иоан. 3:2).

17. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаджы куыд ис базонӕн?

17 Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг вӕййы хӕрзӕгъдау ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй йын Йегъовӕйы раз уа хорз ном, стӕй йӕхи фӕхизы, Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг цы нӕу, уыдӕттӕй (1 Аз. 28:9; Ис. 52:11). Ахӕм адӕймӕгтӕ куы уӕм, уӕд нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр уыдзысты сыгъдӕг ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цӕстмӕ митӕ нӕ кӕндзыстӕм.

«Иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон» Хуыцауы фырттӕ суыдзысты

18, 19. «Иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры», уыдон сӕхи куыд дарынц?

18 «Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон, уымӕн ӕмӕ сӕ схондзысты Хуыцауы фырттӕ» (Матф. 5:9). Адӕймаг хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы, цы аразы, уымӕй дӕр ӕмӕ цы нӕ аразы, уымӕй дӕр. Йесо кӕй кой кодта, кӕд ахӕм адӕм стӕм, уӕд мах дӕр стӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕвзӕр ӕвзӕрӕй никӕмӕн фидӕм. Уый нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр фӕархайӕм, алкӕмӕн дӕр хорз цы у, ууыл (1 Фес. 5:15).

19 Матфейы 5:9 «иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры»-йӕ цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «фарнхӕсджытӕ». Цӕмӕй нӕ фарнхӕсджытӕ схоной, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй фарнӕн ахъаз кӕнӕм. Фарнхӕсджытӕ ахӕмӕй ницы аразынц, цӕмӕй хорз ӕмбӕлтты фӕхицӕн кӕной (Ӕмб. 16:28). Фарнхӕсджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайӕм» (Дзут. 12:14).

20. Абон «Хуыцауы фырттӕ» чи сты ӕмӕ ма фӕстагмӕ Хуыцауы хъӕбултӕ чи суыдзӕн?

20 Хӕларзӕрдӕ адӕм сты амондджын, уымӕн ӕмӕ «сӕ схондзысты Хуыцауы фырттӕ». Иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты равзӕрста Йегъовӕ ӕмӕ систы «Хуыцауы фырттӕ». Уыдонӕн ныридӕгӕн дӕр Йегъовӕимӕ ис ӕнгом ахастытӕ ӕмӕ сты йӕ сывӕллӕттӕ, уымӕн ӕмӕ Чырыстийыл ӕууӕндынц ӕмӕ «уарзондзинад ӕмӕ фарны Хуыцауӕн» ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц (2 Кор. 13:11; Иоан. 1:12). Цы зӕгъӕн ис, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, Йесойы уыцы «ӕндӕр фыстӕй» та? Уыдонӕн Йесо йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕджы суыдзӕн сӕ «Ӕнусон Фыд». Фӕлӕ миназы кӕрон, Йесо йӕхи Йегъовӕйы бӕрны куы бакӕна, уӕд та «ӕндӕр фыстӕ» дӕр суыдзысты Хуыцауы ӕцӕг хъӕбултӕ (Иоан. 10:16; Ис. 9:6; Ром. 8:21; 1 Кор. 15:27, 28).

21. Сыгъдӕг уды коммӕ куы кӕсӕм, уӕд куыд архайдзыстӕм?

21 «Кӕд сыгъдӕг уды коммӕ кӕсӕм», уӕд нӕ хӕларзӕрдӕдзинад уыдзӕн, иннӕтӕ ӕнцонтӕй кӕй фенынц, нӕ уыцы миниуджытӕй иу. Мах «кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл нӕ ардаудзыстӕм» ӕмӕ «кӕрӕдзи нӕ мӕсты кӕндзыстӕм» (Гал. 5:22–26, «Ног Фӕдзӕхст», 2004). Фӕлӕ «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзыстӕм» (Ром. 12:18).

Ӕфхӕрд, фӕлӕ амондджын!

22–24. а) Рӕстдзинады тыххӕй кӕй ӕфхӕрынц, уыдон амондджын цӕй тыххӕй хъуамӕ уой? ӕ) Цы базондзыстӕм иннӕ дыууӕ ахуыргӕнӕн статьяйӕ?

22 «Амондджын сты, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад» (Матф. 5:10). Ацы ныхӕстӕ Йесо хуыздӕр бамбарын кодта дарддӕр: «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой. Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр» (Матф. 5:11, 12).

23 Хуыцауы пехуымпартау чырыстӕттӕ дӕр зонынц, фидистӕ сын кӕй кӕндзысты, сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты ӕмӕ сыл алы ӕвзӕртӕ кӕй мысдзысты – рӕстдзинад кӕй агурынц, ӕрмӕст уый тыххӕй. Фӕлӕ ахӕм фӕлварӕнты фидар ӕмӕ иузӕрдион куы разынӕм, уӕд нын удӕнцой ӕрхӕссы, нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй кадджын кӕнӕм, уый (1 Пет. 2:19–21). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын цы циндзинад хӕссы, уый нын нӕ хъизӕмӕрттӕ не ’рмынӕг кӕндзысты, нӕдӕр абон ӕмӕ нӕдӕр фидӕны. Уыцы зындзинӕдтӕ цыфӕндыхуызӕн ма уой, уӕддӕр уӕларвон Паддзахады Чырыстиимӕ чи хицауиуӕг кӕна, уыдон уыдзысты амондджын ӕмӕ, уыцы хицауады дӕлбар ӕнустӕм зӕххыл чи цӕра, уыдон та кӕндзысты цин. Ацы арфӕдзинӕдтӕ дзурӕг сты Хуыцауы хорзӕх, йӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ йӕ рӕдаудзинадыл.

24 Уӕлхох уацамындӕй ма нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын. Иннӕ дыууӕ статьяйы ныхас цӕудзӕн бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл. Уӕдӕ фенӕм, Йесо Чырыстийы уыцы ныхӕстӕй нӕ бон пайда кӕнын куыд у, уый.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• «Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» амондджын цӕмӕн сты?

• Цӕмӕн сты амондджын, «фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон»?

• Чырыстӕтты кӕд ӕфхӕрынц, уӕддӕр амондджын цӕмӕн сты?

• Йесойы ныхӕстӕй дын дӕ зӕрдӕ тынгдӕр кӕцы агайы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 7 фарсыл]

Йесойы ныхӕстӕ абон дӕр сты пайда

[Ныв 8 фарсыл]

Адӕмӕн Библийы тыххӕй дзургӕйӕ дӕр ӕвдисӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый