Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойы ныхӕстӕ дӕ куывдтытыл ӕндавынц?

Йесойы ныхӕстӕ дӕ куывдтытыл ӕндавынц?

Йесойы ныхӕстӕ дӕ куывдтытыл ӕндавынц?

«Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл» (МАТФ. 7:28).

1, 2. Йесо иннӕты куыд ахуыр кодта, ууыл адӕм цӕмӕн дис кодтой?

МАХ хъуамӕ Хуыцауы иунӕггуырд Фырт Йесо Чырыстийы ныхӕстӕм хъусӕм ӕмӕ нӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразӕм. Уый хуызӕн никуы ничи дзырдта! Йесо хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд сӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. (Бакӕс Матфейы 7:28, 29.)

2 Йегъовӕйы Фырт адӕмы чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта. Уыдон та дзырдтой дӕрдтыл ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ ӕнцадысты ӕнӕххӕст адӕмы хъуыдытыл. Чырысти «кодта барджын ныхас», уымӕн ӕмӕ цы дзырдта, уый уыд Хуыцауӕй (Иоан. 12:50). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо Уӕлхох уацамынды дарддӕр цы загъта, уый нӕ куывдтытыл куыд хъуамӕ ӕндава, уымӕ.

Цӕстмӕхъустау макуы кувут

3. Цыбыртӕй радзур, Йесо Матфейы 6:5 цы загъта, уый.

3 Кӕд иунӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй йӕм кувӕм. Кувгӕ та йӕм хъуамӕ кӕнӕм ӕдзухдӕр. Ӕцӕг, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо Уӕлхох уацамынды цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Кувгӕ куы фӕкӕнут, уӕд... цӕстмӕхъусты хуызӕн ма ут. Уыдон уарзынц ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ стыр уынгты тигътыл лӕууын ӕмӕ кувын, цӕмӕй сӕ адӕм уыной. Ӕцӕг уын зӕгъын: уыдон райстой сӕ хӕрзиуӕг» (Матф. 6:5).

4–6. а) Фарисейтӕ «ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ стыр уынгты тигътыл лӕууын ӕмӕ кувын» цӕмӕн уарзтой? ӕ) Уыцы цӕстмӕхъустӕ куыд «райстой сӕ хӕрзиуӕг»?

4 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ ма куывтаиккой «цӕстмӕхъустау», зӕгъӕм, сӕхицӕй сӕрыстыр чи уыд, уыцы фарисейтау. Уыдон сӕхи Хуыцауыл ӕнувыдӕй ӕвдисгӕ цы кодтой, ӕндӕр ницы уыдысты (Матф. 23:13–32). Уыцы цӕстмӕхъустӕ уарзтой «ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ стыр уынгты тигътыл лӕугӕйӕ» кувын. Цӕмӕн? «Цӕмӕй сӕ адӕм уыдтаиккой». Фыццаг ӕнусы-иу дзуттӕгтӕ иумӕ куывтой, кувӕндоны-иу артыл кӕй сыгътой, уыцы нывӕндтӕ куы хастой, уӕд (райсомы фараст сахатыл ӕмӕ боны ӕртӕ сахатыл). Иерусалимы цӕрджытӕй бирӕтӕ куывтой, кувӕндонмӕ-иу кувынмӕ чи ӕрбацыд, уыдонимӕ. Ӕндӕр рӕтты та дингӕнӕг дзуттӕгтӕ «ӕмбырдгӕнӕнты» арӕх куывтой бон дыууӕ хатты. (Абар Лукайы 18:11, 13.)

5 Кӕд-иу уыцы куывдтыты афон адӕмӕн сӕ фылдӕр кувӕндоны кӕнӕ ӕмбырдгӕнӕны цур нӕ уыдысты, уӕддӕр-иу уыцы рӕстӕг кӕм уыдысты, уым-иу сӕ бон уыд Хуыцаумӕ кувын. Иуӕй-иутӕ барӕй афтӕ кодтой, цӕмӕй-иу сӕ кувыны афон «стыр уынгты тигътыл» ӕрӕййӕфтаид. Фӕндыд сӕ, сӕ рӕзты чи цыд, уыцы адӕм сӕ куыд уыдтаиккой. Дингӕнӕг цӕстмӕхъустӕ-иу «бирӕ фӕкуывтой», цӕмӕй сӕ адӕм ӕппӕлыдаиккой (Лук. 20:47). Мах уыдоны хуызӕн хъуамӕ ма уӕм.

6 Йесо загъта, ахӕм цӕстмӕхъустӕ кӕй «райстой сӕ хӕрзиуӕг». Уыдон тынг бӕллыдысты, цӕмӕй сӕ адӕм нымадтаиккой ӕмӕ сын кад кодтаиккой – сӕ бон уыцы хӕрзиуӕг йеддӕмӕ райсын дӕр ницы уыд, уымӕн ӕмӕ сын Йегъовӕ нӕ хъуыста сӕ цӕстмӕхъус куывдтытӕ. Фӕлӕ Хуыцау хъуыста ӕмӕ хъусы Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты куывдтытӕ. Уый та бӕрӕг у, Йесо дарддӕр цы загъта, уымӕй.

7. Цы нысан кӕны, «куы кувай, уӕд дӕ уатмӕ бацу», зӕгъгӕ?

7 «Ды та куы кувай, уӕд бацу дӕ уатмӕ, дӕ дуар бахгӕн ӕмӕ скув дӕ уӕларвон Фыдмӕ – цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уымӕ. Ӕмӕ дын уӕд хорзӕх уыдзӕни дӕ уӕларвон Фыдӕй – алцыдӕр чи уыны, уымӕй» (Матф. 6:6). Йесойы ныхӕстӕ, «куы кувай, уӕд дӕ уатмӕ бацу ӕмӕ дуар бахгӕн», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ бирӕ адӕмы номӕй кувӕн нӕй. Йесо ацы уынаффӕ уый тыххӕй радта, цӕмӕй иннӕты раз кувгӕйӕ адӕймаг ӕргом йӕхимӕ ма здаха, ӕмӕ дзы раппӕлой, ууыл ма архайа. Мах дӕр уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцаумӕ йӕ адӕмы номӕй куы фӕкувӕм, уӕд. Йесо ма кувыны тыххӕй дарддӕр цы загъта, уымӕ дӕр хъуамӕ хъусӕм.

8. Матфейы 6:7 гӕсгӕ кувгӕ-кувын нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

8 «Куы кувай, уӕд-иу ацы дунейы адӕмау уыцы иу ныхӕстӕ ма дзур – уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ бирӕ куы дзурой, уӕд сӕ куывд фехъуысдзӕн» (Матф. 6:7). Йесо ма бацамыдта, кувгӕ-кувын адӕймаг йӕхи цӕмӕй хъуамӕ хиза, уымӕ – уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй-ногмӕ дзурын. Чырыстийы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ нын бар нӕй, цӕмӕй зӕрдиагӕй цы курӕм ӕмӕ бузныг цӕмӕй дзурӕм, уый ма фӕлхат кӕнӕм. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв Гефсиманы дыргъдоны куы куывта, уӕд «уыцы иу ныхӕстӕ» бирӕ хатт загъта (Марчы 14:32–39).

9, 10. Кувгӕ-кувын уыцы иу ныхӕстӕ ма дзурӕм, уый цы нысан кӕны?

9 Раст нӕ уаид, махӕн дӕр нӕ куывдтытӕ «ацы дунейы адӕмы» куывдтыты хуызӕн куы уаиккой. «Уыцы иу ныхӕстӕ» дзургӕйӕ, уыдон бирӕ ӕнӕхъӕугӕ дзырдтӕ фӕдзурынц. Афтӕ кодтой Ваалы лӕггадгӕнджытӕ, сӕ мӕнг хуыцаумӕ райсомӕй суанг сихор афонмӕ куы куывтой, уӕд ӕмӕ куы дзырдтой: «Ваал, фехъус нӕ!» (1 Пад. 18:26). Абон милуантӕ Хуыцаумӕ бирӕ фӕкувынц ӕмӕ уыцы иу ныхӕстӕ фӕкӕнынц, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, сӕ «куывдтытӕ... [кӕй] фехъуысдзысты». Фӕлӕ нын Йесо ӕмбарын кӕны, Йегъовӕйы цӕсты кӕй ницы сты, бирӕ чи фӕдзуры ӕмӕ уыцы иу ныхӕстӕ чи фӕкӕны, уыдоны куывдтытӕ. Йесо дарддӕр загъта:

10 «Уӕдӕ сымах уыдоны хуызӕн ма ут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, уӕ уӕларвон Фыд, кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый» (Матф. 6:8). Дзуттаг дины разамонджытӕй бирӕтӕ кувгӕ-кувын ӕгӕр бирӕ кӕй дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ ӕндӕр адӕмты хуызӕн систы. Ӕцӕг Хуыцаумӕ зӕрдӕйӕ куы кувӕм, уӕд ӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм, бузныг ын дзурӕм ӕмӕ дзы курӕм, цы нӕ хъӕуы, уый (Фил. 4:6). Фӕлӕ раст нӕ уаид, уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй-ногмӕ куы дзуриккам ӕмӕ куы хъуыды кӕникккам, зӕгъгӕ, нӕ цы хъӕуы, уый Хуыцау ӕрмӕст афтӕмӕй базондзӕн. Кувгӕ-кувын хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕмӕ кувӕм, уыцы Хуыцау рагацау кӕй зоны, цы хъуаг стӕм, уый.

11. Адӕмы раз кувыны кад нӕм куы ’рхауа, уӕд цы хъуамӕ ма рох кӕнӕм?

11 Йесо загъта, Хуыцауы зӕрдӕмӕ алы куывд кӕй нӕ цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Хуыцауы зӕрдӕ кӕй нӕй ссарӕн рӕсугъд ӕмӕ бирӕ ныхӕстӕй. Адӕмы раз кувгӕйӕ, мах дӕр хъуамӕ ууыл ма архайӕм, цӕмӕй сӕ дисы бафтауӕм, стӕй уыйбӕрц ма кувӕм, цӕмӕй стыхсой. Кувгӕ-кувын исты ног хабӕрттӕ дзурын кӕнӕ искӕмӕн уынаффӕ дӕттын дӕр раст нӕу, уымӕн ӕмӕ Йесо дӕр хохыл кӕй дзырдта, уыцы ныхӕстӕй искӕй дисы бафтауыныл кӕнӕ искӕй сраст кӕныныл нӕ архайдта.

Йесо нӕ ахуыр кӕны кувын

12. Куыд бамбарын кӕндзынӕ, «срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ, цы нысан кӕны, уый?

12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрмӕст уый нӕ загъта, Хуыцауимӕ ныхас кӕнгӕйӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой, фӕлӕ ма сын бацамыдта кувын куыд хъӕуы, уый дӕр. Хуыцаумӕ кувын та у диссаджы лӕвар. (Бакӕс Матфейы 6:9–13.) Дӕнцон куывд уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй-ногмӕ дзурӕм, фӕлӕ цӕмӕй зонӕм, Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй ис кувӕн, уый. Зӕгъӕм, Йесойы куывды фыццаг ныхӕстӕй зыны, сӕйраджыдӕр Хуыцауыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Мах дӕр Йегъовӕмӕ «нӕ Фыд», зӕгъгӕ, уымӕн дзурӕм, ӕмӕ уый не Сфӕлдисӕг у. Йегъовӕ цӕры зӕххӕй бирӕ дарддӕр – «уӕлӕрвты» (Дык. з 32:6; 2 Аз. 6:21; Ап. хъ. 17:24, 28). Номивӕг «нӕ» бирӕон нымӕцы кӕй ис, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, не ’мчырыстӕттӕ дӕр Хуыцауы ’ввахс хӕлӕрттӕ кӕй сты. «Срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ, куы фӕдзурӕм, уӕд Йегъовӕйӕ фӕкурӕм, цӕмӕй йӕ ном скадджын кӕна ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕна, Едемы йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ йе знӕгтӕ йӕ номыл цы цъыфкалӕнтӕ фӕкодтой, уымӕй. Йегъовӕ уыцы куывдӕн дзуапп ратдзӕн, зӕххӕй фыддзинад куы фесафа ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном куы срухс уа, уӕд (Иез. 36:23).

13. а) Ныхӕстӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ, куыд сӕххӕст уыдзысты? ӕ) Хуыцауы фӕндон зӕххыл дӕр сӕххӕст уа, уымӕ цы хаудзӕн?

13 «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:10). Йесойы куывды ахӕм курдиат кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы «паддзахад» кӕй у уӕларвон хицауад ӕмӕ йӕ сӕргъы кӕй ис Чырысти. Ӕххуыс та йын кӕнынц, уӕларвон цардмӕ чи райгас, уыцы «сыгъдӕджытӕ» (Дан. 7:13, 14, 18; Ис. 9:6, 7). «Ӕрцӕуӕд», зӕгъгӕ, куы фӕкувӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад рацӕуа, Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ зӕххыл чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны фесафынмӕ. Ацы хабар тагъд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уӕд ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ йыл уыдзӕн рӕстдзинад, фарн ӕмӕ хорз цард (Пс. 72:1–15; Дан. 2:44; 2 Пет. 3:13). Йегъовӕйы фӕндон уӕлӕрвты ӕххӕст кӕны ӕмӕ куы фӕкувӕм, зӕгъгӕ, дӕ фӕндон зӕххыл дӕр ӕххӕст кӕнӕд, уӕд ын фӕдзурӕм, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон, стӕй ма абон йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны дӕр фесафа, рагзаманты-иу сӕ куыд фесӕфта, афтӕ. (Бакӕс Псалом 83:1, 2, 13–18.)

14. Раст цӕмӕн у кувын, «ратт нын къӕбӕр абоны фаг», зӕгъгӕ?

14 «Ратт нын къӕбӕр абоны фаг» (Матф. 6:11; Лук. 11:3). Ацы ныхӕстӕ куы фӕдзурӕм, уӕд Хуыцауӕй фӕкурӕм, цӕмӕй нын «абоны фаг» хӕринаг ратта. Афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕ нӕ цух кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн, ууыл кӕй ӕууӕндӕм. Фӕлӕ нӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдзысты, ӕмӕ нӕ ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы. Ӕхсызгонӕй нӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, Хуыцау израилӕгтӕн кӕй загъта, цӕмӕй маннӕ ӕмбырд кодтаиккой, «алкӕй дӕр иу бонӕн цас хъуыд, уыйбӕрц» (Рац. 16:4).

15. Бамбарын кӕн, цы нысан кӕны, «ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ».

15 Дӕнцон куывды дарддӕр цы курдиат ис, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр цыдӕр аразын хъӕуы. Йесо загъта: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ» (Матф. 6:12). Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ ӕрмӕстдӕр уӕд ныххатыр кӕндзӕн, нӕ разы чи фӕрӕдыд, уыдонӕн куы ныххатыр кӕнӕм. (Бакӕс Матфейы 6:14, 15.) Мах иннӕтӕн хъуамӕ хатыр кӕнӕм зӕрдӕйӕ (Еф. 4:32; Кол. 3:13).

16. Куыд ӕмбарӕм ацы дыууӕ курдиаты: «Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн»?

16 «Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн» (Матф. 6:13). Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы дыууӕ курдиаты? Иу хъуыддаг бӕлвырд у: Йегъовӕ нӕ никуы бафӕлвары ӕмӕ нӕ тӕригъӕды никуы баппары. (Бакӕс Иаковы 1:13.) «Цыбӕл чи кӕны, уый» у Сайтан – «Фыдбылыз» (Матф. 4:3, фип.). «Ма нӕ баппар фӕлварӕны», зӕгъгӕ, куы фӕдзурӕм, уӕд Йегъовӕйӕ фӕкурӕм, цӕмӕй нӕ рӕдийын ма бауадза, йӕ коммӕ бакӕсын нын зын куы уа, уӕд. Ӕмӕ куы фӕкувӕм: «Фыдбылызӕй [нӕ] фервӕзын кӕн», уӕд та Йегъовӕйӕ уый фӕкурӕм, ӕмӕ ныл Сайтан ма фӕуӕлахиз уа. Стӕй мах фидарӕй зонӕм, Хуыцау нӕ кӕй нӕ бауадздзӕн, нӕ бон бафӕразын кӕмӕн нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны бахауын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:13.)

Курут, агурут, хойут

17, 18. Цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, «курут... агурут... хойут»?

17 Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта: «Ӕппынӕдзух кувут» (Ром. 12:12). Ӕдзух кувын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй Йесо загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты; агурут, ӕмӕ ссардзыстут; хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты. Уымӕн ӕмӕ чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары, ӕмӕ чи хойы, уымӕн бакӕнынц» (Матф. 7:7, 8). Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ цы нӕу, уый курын раст у. Апостол Иоанн цыма Йесойы ныхӕстӕ адарддӕр кодта, афтӕ ныффыста: «Хуыцауӕй... нӕ ис уыцы стыр ныфс, ӕмӕ дзы йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм – хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14).

18 Йесойы уынаффӕ, зӕгъгӕ, «курут... ӕмӕ агурут», ууыл дзурӕг у, зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ кувӕм ӕмӕ, цалынмӕ нӕ куывдӕн дзуапп нӕ райсӕм, уӕдмӕ нӕ фӕндон Хуыцауӕн дзурӕм. «Хойын» та нӕ уымӕн хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуӕм ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ хорзӕхтӕй схайджын уӕм. Фӕлӕ нын цымӕ Хуыцау нӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн? О, Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд сӕ фехъусдзӕн, уымӕн ӕмӕ Чырысти загъта: «Чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары, ӕмӕ чи хойы, уымӕн бакӕнынц». Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕхицӕй базыдтой, Йегъовӕ кӕй у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Пс. 65:2).

19, 20. Матфейы 7:9–11 фыст Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ Йегъовӕ уарзӕгой фыды хуызӕн куыд у?

19 Йесо Хуыцауы абарста, йӕ сывӕллӕттӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ чи аразы, ахӕм фыдимӕ. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, цыма ды дӕр хохыл бадыс ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕ хъусыс: «Искӕмӕй уӕ йӕ фырт дзул куы ракура, уӕд ын дур ратдзӕн? Кӕнӕ дзы кӕсаг куы ракура, уӕд ын калм ратдзӕн? Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын [«фыдзӕрдӕ», Ног Фӕдзӕхст, 2004] уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ракӕндзӕн хорздзинӕдтӕ, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Матф. 7:9–11).

20 Зӕххон фыд кӕд йӕ туджы тӕригъӕд рахаста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «фыдзӕрдӕ» у, уӕддӕр йӕ сывӕллӕтты уарзы ӕмӕ сыл тыхсы. Уый йӕ сывӕллоны нӕ сайдзӕн, фӕлӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ архайдзӕн, цӕмӕй йын «хорзы цӕуа». Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нӕ тынг уарзы ӕмӕ нын «хорзы цӕуы», зӕгъӕм, йӕ сыгъдӕг удӕй нӕ хайджын кӕны (Лук. 11:13). Сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн – «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» чи дӕтты, уымӕн (Иак. 1:17).

Йесойы ныхӕстӕ нын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнӕнт

21, 22. Уӕлхох уацамынд зындгонд цӕмӕй у ӕмӕ Йесойы ныхӕсты тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

21 Йесойы ныхӕсты цы тых уыд, ахӕм тых никуы никӕй ныхӕсты уыди. Уӕлхох уацамынд у ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ дзы рӕстдзинады тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Ацы ӕртӕ статьяйы цы уынаффӕтӕ равзӕрстам, уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Йесойы ныхӕстӕ нын абон дӕр нӕ цард хуыздӕр кӕнынц ӕмӕ нын ныфс дӕттынц, нӕ фидӕнӕй нӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзӕн.

22 Ацы статьяты мах ӕркастытӕм ӕрмӕст цалдӕр зынаргъ «дурмӕ» Йесойы Уӕлхох уацамындӕй. Мах ӕй ӕмбарӕм, чи йӕм хъуыста, уыцы адӕм, «куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл» дисӕй цӕмӕн мардысты (Матф. 7:28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах дӕр афтӕ дис кӕндзыстӕм, нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ куы дзаг кӕнӕм, Ӕппӕты Хуыздӕр Ахуыргӕнӕг, Йесо Чырыстийы диссаджы ныхӕстӕй.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕстмӕхъус куывдтыты тыххӕй Йесо цы загъта?

• Кувгӕ-кувын уыцы иу ныхӕстӕ цӕуылнӕ хъуамӕ дзурӕм?

• Дӕнцон куывды цавӕр курдиӕттӕ ис?

• Нӕ бон куыд у «курын... агурын... ӕмӕ хойын»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Йесо бафаудта, адӕмы цӕстмӕ чи куывта, уыцы цӕстмӕхъусты

[Ныв 17 фарсыл]

Цӕмӕн хъӕуы кувын, «ратт нын къӕбӕр абоны фаг», зӕгъгӕ?