Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрмӕст дӕхи цы фӕнды, уый хъуамӕ кӕнай?

Ӕрмӕст дӕхи цы фӕнды, уый хъуамӕ кӕнай?

Ӕрмӕст дӕхи цы фӕнды, уый хъуамӕ кӕнай?

ДЫУУӔ сывӕллоны иумӕ хъазынц. Иу дзы иннӕйы къухӕй йӕ хъазӕн стыдта ӕмӕ хъӕр кӕны: «Ай мӕн у!» Ӕнӕххӕст адӕм хиуарзон кӕй сты, уый сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг вӕййы (Райд. 8:21; Ром. 3:23). Уый нӕ, фӕлӕ ма ацы дуне дӕр ахӕм зондыл ардауы, цӕмӕй адӕймаг ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт кӕна. Ацы дунейы зондӕй цӕмӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппынӕдзух нӕ хиуарзон фӕндтимӕ тох кӕнӕм. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕтӕн къуылымпыйы хос фӕуӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уӕм (Ром. 7:21–23).

Апостол Павел загъта, цӕмӕй нӕ хъус дарӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты, уымӕ, ӕмӕ уый тыххӕй ныффыста: «Алцы кӕныны бар дӕр ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Алцы кӕныны бар дӕр ис, фӕлӕ адӕймаджы алцы нӕ фидар кӕны». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Къуылымпыйы хос ма ут» (1 Кор. 10:23, 32). Уымӕ гӕсгӕ нӕхӕдӕг кӕй ӕвзарӕм, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй махӕй алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Цӕмӕй ӕмбырды фарн ма фехӕла, уый тыххӕй мӕ фӕндтӕ аивыныл сразы уыдзынӕн? Зын мын куы уа, уӕддӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайдзынӕн?»

Куыст ӕвзаргӕйӕ

Адӕмӕн сӕ фылдӕр куыст ӕвзарын нымайынц, ӕрмӕстдӕр сӕхимӕ чи хауы, ахӕм хъуыддагыл. Уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, уый иннӕтӕм ӕппындӕр нӕ хауы. Фӕлӕ цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Иу амалхъом нӕлгоймаг цӕры иу гыццыл горӕты Хуссар Америкӕйы. Раздӕр ӕхцайыл хъазыд къамӕй ӕмӕ аназын дӕр уарзта. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд уырнындзинад бафидар ӕмӕ йӕ цард фӕивта (2 Кор. 7:1). Хорз хабар хъусын кӕнын ӕй куы бафӕндыд, уӕд ын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу уӕзданӕй загъта, цӕмӕй цы куыст кӕны, ууыл ахъуыды кӕна. Сӕ горӕты иу цасдӕр рӕстӕг ацы адӕймагӕй фылдӕр спъирт (сӕкӕры хъӕзӕй) ничи уӕй кодта. Ахӕм спъиртӕй бирӕ цыдӕртӕ аразынц, фӕлӕ дзы уыцы горӕты цӕрджытӕ пайда кӕнынц ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагӕн: алыхуызон нуӕзтытимӕ йӕ схӕццӕ кӕнынц ӕмӕ дзы сӕхи срасыг кӕнынц.

Уыцы нӕлгоймаг бамбӕрста, уацамынды куы цыдаид, фӕлӕ йӕ куыст куы нӕ фӕивтаид, уӕд ӕмбырды ном кӕй фӕчъизи кодтаид ӕмӕ йӕхӕдӕг та Хуыцауӕй кӕй адард уыдаид. Кӕд ӕй йӕ ус ӕмӕ йӕ фондз сывӕллоны дарын хъуыди, уӕддӕр уыцы куыст ныууагъта. Абон уый уӕй кӕны гӕххӕт ӕмӕ уымӕй цы ӕхца бакусы, уый йын фаг у, цӕмӕй йӕ бинонты хӕсса. Уыцы нӕлгоймаг, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй дыууӕйӕ райстой донаргъуыд. Ӕмӕ ныр адӕмӕн хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй дзурынц.

Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ

Чырыстон чи нӕу, уыдонимӕ рӕстӕг ӕрвитын цымӕ ӕрмӕстдӕр нӕхи хъуыддаг у ӕви Библийы уый фӕдыл цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ ис? Иу чызджы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕны, фӕндыд ацӕуын уазӕгуаты иу ӕнӕуырнӕг лӕппуимӕ. Нӕ хойы фӕдзӕхстой, цӕмӕй йӕхи ӕнӕхъуаджы фыдбылызы ма ӕппара, фӕлӕ чызг хъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ бар мӕхи у, ӕмӕ уӕддӕр ацыд. Иу гыццыл куы абадтысты, уӕд ӕм авӕрдтой, фынӕйы хос кӕм уыд, ахӕм нуазинаг. Цалдӕр сахаты фӕстӕ куы ӕрчъицыдта, уӕд бамбӕрста, йе «’мбал» ын тыхми кӕй бакодта, уый. (Абар Райдианы 34:2.)

Кӕд ӕнӕуырнджытимӕ рӕстӕг ӕрвитын алы хатт ахӕм ӕвзӕр хабӕрттӕм не ’ркӕны, уӕддӕр нӕ Библи фӕдзӕхсы: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмб. 13:20). Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕвзӕр адӕмимӕ нӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм, уӕд нӕхи фыдбылызы кӕй ӕппарӕм! «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы,– фыст ис Ӕмбисӕндты 22:3,– ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц». Не ’мбӕлттӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ бандавой махыл дӕр ӕмӕ нӕ ахастытыл Йегъовӕимӕ дӕр (1 Кор. 15:33; Иак. 4:4).

Дӕ конд ӕмӕ дӕ уынды

Модӕ алы аз дӕр кӕны ивгӕ. Фӕлӕ Библийы конд ӕмӕ уынды тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон та нӕ ивынц. Павел чырыстон сылгоймӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй «сӕ дарӕсӕй... бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты». Ацы уагӕвӕрд хауы нӕлгоймӕгтӕм дӕр (1 Тим. 2:9). Павел нӕ дзырдта, цӕмӕй чырыстӕттӕ тынг хуымӕтӕг дарӕс дарой кӕнӕ та иууылдӕр ӕмхуызон дзаумӕтты цӕуой. Фӕлӕ, хӕдӕфсарм уай, уый цы нысан кӕны? Иу дзырдуат ӕй куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй хӕдӕфсарм адӕймаг «домаг нӕ вӕййы, нӕ фӕбӕллы хъӕздыгдзинадмӕ, зынаргъ кӕнӕ фыррӕсугъд дзаумӕттӕм». Ӕмӕ уый хауы уӕлӕдарӕс, дзыхы ныхас ӕмӕ уагахастмӕ дӕр.

Хорз уаид куы ахъуыды кӕниккам: «Кӕд мӕ кондӕй адӕмы мӕхимӕ ’ркӕсын кӕнын, фӕлӕ уӕддӕр фӕдзурын, зӕгъгӕ, мӕхи хъуыддаг у, мӕ уӕлӕ цы кӕнын, уый, уӕд цымӕ мӕхи хӕдӕфсарм схонин? Цымӕ мӕ чи фена, уый мӕ цы ахъуыды кӕндзӕн, ӕгъдауджын адӕймаг мӕ схондзӕн?» Мах бацархайдзыстӕм, цӕмӕй «къуылымпыйы хос макӕмӕн мацӕмӕй уӕм» ӕмӕ афтӕмӕй «нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (2 Кор. 6:3; Фил. 2:4).

Куысты хъуыддӕгты

Коринфы ’мбырды чидӕртӕ кӕрӕдзимӕ кӕй фӕхӕрам сты ӕмӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕхудты кӕй бацыдысты, уыцы хабар куы айхъуыст, уӕд Павел ныффыста: «Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ уӕхӕдӕг ӕфхӕрды бынаты куы баззаиккат? Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ уӕхӕдӕг сайды куы фӕуиккат?» Уый чырыстӕттӕн дзырдта, хуыздӕр кӕй у сӕхи истӕмӕй куы фӕцух кӕниккой, фӕлӕ се ’фсымӕртыл тӕрхондонмӕ хъаст куы нӕ хӕссиккой (1 Кор. 6:1–7). Иу ӕфсымӕр Иугонд Штаттӕй йӕ зӕрдӕмӕ айста ацы уынаффӕ. Уый йӕ хицауимӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ, разы нӕ уыд, йӕ куыстӕн ын цы бафидинаг уыд, ууыл. Уыцы хъуыддаг банывыл кӕныны тыххӕй-иу ацы дыууӕ ’фсымӕры аныхас кодтой, Библи куыд амоны, афтӕ, фӕлӕ та-иу сын дзы ницы рауад. Ӕппынфӕстаг уыцы хъуыддаджы тыххӕй загътой «ӕмбырдӕн», ома хистӕр нӕлгоймӕгтӕн (Матф. 18:15–17).

Хъыгагӕн, сӕ бон не сси иу хъуыдымӕ ’рцӕуын. Ӕфсымӕр бирӕ фӕкуывта ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, кӕй нал домдзӕн, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕм чи ’мбӕлд, уыцы ӕхцатӕ. Цӕмӕн бакодта афтӕ? Фӕстӕдӕр уый загъта: «Ацы хъуыддаджы тыххӕй мӕ циндзинад фесӕфт, стӕй ӕнӕхъуаджы хардз кодтон, ӕмбырды хъуыддӕгтыл мын чи ацыдаид, уыцы зынаргъ рӕстӕг». Ӕфсымӕр афтӕ куы бакодта, уӕд та ногӕй цин кӕнын райдыдта ӕмӕ федта, Йегъовӕ йын кӕй арфӕ кӕны.

Суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр

Гыццыл хъуыддӕгты дӕр ӕрмӕст нӕхи куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр циндзинад ӕрхӕсдзӕн. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Облӕстон конгрессы фыццаг бон иу къай, пионертӕ, раздӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ кӕм фӕндыд, уым бынӕттӕ бацахстой. Программӕ куы райдыдта, уӕд залмӕ бацыдысты лӕг ӕмӕ ус, семӕ цалдӕр сывӕллоны, афтӕмӕй. Залы уыд тынг бирӕ адӕм. Пионертӕ федтой, уыцы бинонтӕ сӕхицӕн бынӕттӕ кӕй агурынц, ӕмӕ сын сӕ бынӕттӕ радтой. Афтӕмӕй лӕг, ус ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ иумӕ сбадтысты. Конгрессӕй цалдӕр боны фӕстӕ уыцы бинонтӕ пионертӕм ныффыстой, зӕгъгӕ, конгресмӕ кӕй байрӕджы кодтам, уый нын тынг хъыг уыди. Фӕлӕ сӕ маст цинӕй раивта, пионертӕ афтӕ ӕрхъуыдыджын кӕй разындысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ тынг фӕбузныг сты.

Фадат нын куы уа, уӕд-иу ӕрмӕст нӕхи куыд фӕнды, афтӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ иннӕтыл дӕр хъуыды кӕнӕм. «Йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл [чи] нӕ хъуыды», ахӕм уарзондзинад куы ӕвдисӕм, уӕд ӕмбырды цы фарн ис, уый нӕ халдзыстӕм ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм (1 Кор. 13:5). Фӕлӕ иууыл ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕимӕ хӕлӕрттӕй баззайдзыстӕм.

[Ныв 20 фарсыл]

Дарӕс ӕвзаргӕйӕ дын, дӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый вӕййы сӕйраг?

[Ныв 20, 21 фарсыл]

Де ’мчырыстӕттӕн дӕ бынат ӕнӕзивӕгӕй ратдзынӕ?