Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ лӕггады фидар цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

Дӕ лӕггады фидар цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

Дӕ лӕггады фидар цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

ИСКУЫ афтӕ фӕллад уыдтӕ, ӕмӕ дӕ хъусын кӕнын нал фӕндыд? Нӕ ныхмӕ карзӕй кӕй цӕуынц, сагъӕстыл кӕй фестӕм, не ’нӕниздзинад нӕ кӕй тыхсын кӕны, нӕ бинонтӕ ӕмӕ нӕ нӕ зонгӕтӕ кӕй хъыгдарынц, йе та нӕ фыдӕбонӕй кӕй ницы зыны, уый аххосӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ фидар мауал уӕм. Ахъуыды-ма кӕн Йесойы цӕвиттоныл. Уый ӕппӕты уӕззаудӕр фӕлварӕн сфӕрӕзта, уымӕн ӕмӕ зыдта «цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст» (Дзут. 12:2). Йесо зыдта, куы бӕлвырд кӕна, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ цы загъта, уый мӕнг кӕй у, уӕд уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзӕн (Ӕмб. 27:11).

Фидар куы уай ӕмӕ дарддӕр дӕр уацамынды куы цӕуай, уӕд ды дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ. Фӕлӕ дын цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ дӕ тых куы сӕттой, уӕд та? Кристинӕ у ацӕргӕ хо ӕмӕ йӕ йе ’нӕниздзинад тыхсын кӕны. Уый дзуры: «Арӕх вӕййын фӕллад ӕмӕ ӕрхӕндӕг. Хъару мӕм нал ис, стӕй мӕ хӕдзары хъуыддӕгтыл дӕр нал ӕххӕссын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хатт зӕрдиагӕй нал фӕлӕггад кӕнын». Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕрты дӕ, уӕд дӕ бон куыд у фидар фӕлӕууын ӕмӕ дарддӕр дӕр уацамынды цӕуын?

Фӕзм пехуымпарты

Хуыцауы Паддзахады иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ цӕмӕй фидар уой ӕмӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы рагон пехуымпарты зӕрдӕйы уаг фӕзмын. Цӕвиттонӕн райсӕм Йеремийы. Хуыцау ӕй пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд ууыл фыццаг нӕ разы кодта. Кӕд йӕ хӕслӕвӕрд ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ йӕ стыр фидардзинад хъуыди, уӕддӕр пехуымпарӕй фӕлӕггад кодта 40 азӕй фылдӕр. Уый та йын бантыст, йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл ӕвӕрын кӕй сахуыр, уый фӕрцы (Йер. 1:6; 20:7–11).

Хенрикӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы Йеремийы цӕвиттон. Уый дзуры: «Ӕз Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын 70 азӕй фылдӕр. Адӕм-иу мӕ ныхмӕ куы цыдысты кӕнӕ та-иу мӕм уазал цӕстӕй куы кастысты, уӕд-иу хатт мӕ къухтӕ ӕруагътон. Ахӕм рӕстӕджыты-иу ӕрхъуыды кодтон Йеремийы. Йереми Йегъовӕйы тынг кӕй уарзта, йӕ уырнындзинад фидар кӕй уыд ӕмӕ Йегъовӕйыл йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр кӕй ӕвӕрдта, уый йын ӕххуыс кодта дарддӕр дӕр пехуымпарӕй лӕггад кӕнынӕн» (Йер. 1:17). Рафалӕн дӕр йӕ тыхыл тых ӕфтауы Йеремийы цӕвиттон. Уый дзуры: «Йереми никуы хъуыды кодта йӕхиуыл ӕмӕ йе ’нкъарӕнтыл, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ дардта Хуыцауыл. Кӕд адӕм иууылдӕр йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр хъӕбатырӕй хъусын кодта. Ӕмӕ уый алкӕддӕр мӕ хъуыдыйы вӕййы».

Бирӕтӕн ма фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕны Исайы цӕвиттон. Хуыцау пехуымпары бафӕдзӕхста, йе ’мбӕстӕгтӕ йӕм кӕй нӕ хъусдзысты, уымӕй. «Ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ схъӕбӕр кӕн, сӕ хъустӕ сын бакъуырма кӕн»,– загъта Йегъовӕ. Цымӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Исайы хъуыддагӕй ницы рауайдзӕн? Нӕ, Хуыцау афтӕ нӕ хъуыды кодта! Хуыцау ӕй пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд Исай загъта: «Мӕнӕ дӕн! Мӕн арвит!» (Ис. 6:8–10). Исай йӕ хӕслӕвӕрдыл ӕнувыд уыди. Ды дӕр хъусын кӕныны фӕдзӕхстмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсыс?

Исаймӕ адӕм кӕд уазал цӕстӕй кастысты, уӕддӕр уыд фидар. Цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, адӕм нӕм куы нӕ байхъусынц, уӕд. Рафал йӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытимӕ куыд тох кӕны, уый фӕдыл дзуры: «Ӕз фӕархайын, цӕмӕй ма хъуыды кӕнон, нӕ ныхмӕ цы фӕдзурынц, уыдӕттыл. Мӕ участокы чи цӕры, уыдонӕн сӕ бар сӕхи у, цы сӕ фӕнды, уый дзурынц». Хо Аннӕ та зӕгъы: «Ӕвзӕр кӕнӕ ӕрхӕндӕг хъуыддӕгтыл бирӕ нӕ фӕхъуыды кӕнын, уымӕн та мын ӕххуыс кӕны, уацамынды размӕ кӕй скувын ӕмӕ ӕрвылбоны стих кӕй бакӕсын. Уый фӕстӕ цыфӕнды ӕвзӕр хъуыдытӕ дӕр уайтагъд ӕрбайсӕфынц».

Пехуымпар Иезекил лӕггад кодта хивӕнд иудейты ’хсӕн, Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд (Иез. 2:6). Пехуымпар уыцы адӕмӕй Хуыцауы ныхӕстӕ куы ’мбӕхстаид ӕмӕ фыдгӕнджытӕй исчи афтӕ куы амардаид, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ нӕ фехъуыста, уӕд Иезекил уыцы хъуыддаджы уыдаид аххосджын. Йегъовӕ Иезекилӕн загъта: «Йӕ туг ын дӕуӕй ӕрцагурдзынӕн» (Иез. 3:17, 18).

Хенрик дӕр архайы, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрдмӕ Иезекилау кӕса: «Мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг уон. Адӕмӕн сӕ цард у тынг зынаргъ ӕмӕ ис тӕссаг уавӕры» (Ап. хъ. 20:26, 27). Уыимӕ Збигнев дӕр разы у: «Иезекилы хъуыди дарддӕр дӕр фидарӕй лӕггад кӕнын, адӕм цыфӕнды ма дзырдтаиккой, уӕддӕр. Уый мын ӕххуыс кӕны уацамындмӕ Сфӕлдисӕджы цӕстӕй кӕсын».

Иунӕг нӕ дӕ

Уацамынды иунӕг нӕ вӕййыс. Апостол Павелау махӕн дӕр нӕ бон у зӕгъын: «Мах кусӕм Хуыцауимӕ» (1 Кор. 3:9). Кристинӕ арӕх вӕййы ӕрхӕндӕг. Мӕнӕ цы дзуры: «Йегъовӕйӕн фӕлӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй мын хъарутӕ дӕтта, ӕмӕ мӕ нырма никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта». О, уацамынды мах хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс! (Зах. 4:6).

Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд ма нын сыгъдӕг уд баххуыс кӕны, «сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон» ӕвдисынӕн (Гал. 5:22, 23). Уый та нын ӕххуыс кӕны уацамынды фидар фӕлӕууынӕн, цыфӕнды ма уа, уӕддӕр. Хенрик дзуры: «Хорз хабар кӕй хъусын кӕнын, уый фӕрцы мӕхиуыл кусын. Архайын, цӕмӕй фӕразон уон, иннӕтыл хъуыды кӕнон ӕмӕ зындзинӕдтӕй ма тӕрсон». Уацамынды кӕд цӕлхдуртыл ӕмбӕлыс, уӕддӕр фидар куы уай, уӕд сыгъдӕг уды дыргъ ноджы тынгдӕр бӕрӕг дардзӕн дӕ удыхъӕды.

Ацы ахсджиаг хъуыддагӕн Йегъовӕ разамынд дӕтты йӕ зӕдты уылты (Рарг. 14:6). Библи куыд дзуры, афтӕмӕй «зӕдтӕ сты милуантӕ ӕмӕ мин-минтӕ» (Рарг. 5:11). Йесо уыцы зӕдты ӕрвиты, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн зӕххыл ӕххуыс кӕной. Уацамынды куы вӕййыс, уӕд уый дӕ зӕрдыл фӕдарыс?

«Уацамынды зӕдтӕ немӕ кӕй вӕййынц, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мын уый стыр ныфсы хос вӕййы,– зӕгъы Аннӕ.– Ӕз тынг аргъ кӕнын, зӕдтӕ нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы разамынды фӕрцы кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕн». Цӕй стыр кад у иузӕрдион зӕдтимӕ ӕмгуыст кӕнын!

Цы зӕгъӕн ис Паддзахады иннӕ хъусынгӕнджытӕй та? Иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕй бирӕты зонын стыр арфӕдзинад у. Ӕвӕццӕгӕн, дӕхиуыл бавзӕрстай ацы ӕмбисонды ныхӕстӕ: «Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны, адӕймаг та – адӕймаджы» (Ӕмб. 27:17).

Уацамынды алыхуызон хъусынгӕнджытимӕ куы цӕуӕм, уӕд сахуыр уыдзыстӕм, раздӕр куыд нӕ хъусын кодтам, афтӕ хъусын кӕныныл. Эльжбета зӕгъы: «Алыхуызон хъусынгӕнджытимӕ цӕугӕйӕ, ӕз мӕ уарзондзинад ӕвдисын мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕм дӕр ӕмӕ кӕуыл фембӕлӕм, уыцы адӕммӕ дӕр». Архай, цӕмӕй уацамынды уыцыиу хъусынгӕнджытимӕ ма цӕуай. Афтӕмӕй дӕ уацамындӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн.

Дӕхимӕ кӕс

Цӕмӕй зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнӕм, нӕхӕдӕг Библи хорз ахуыр кӕнӕм ӕмӕ фаг улӕфӕм. Иудзырдӕй, хъуамӕ фидар кӕнӕм нӕ ахастытӕ Йегъовӕимӕ ӕмӕ нӕхимӕ кӕсӕм.

Библи зӕгъы: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» (Ӕмб. 21:5). 88-аздзыд Зигмунт дзуры: «Иудадзыг уацамынды кӕй цӕуын, уымӕ гӕсгӕ мӕ нысӕнттӕ мӕ къухы бафтынц. Мӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй мын хъусын кӕнынӕн фаг рӕстӕг уа».

Фыстад хорз куы зонӕм, уӕд ныфсджынӕй ӕмӕ арӕхстджынӕй хъусын кӕндзыстӕм. Цӕмӕй нӕ къахыл лӕууӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕуи хӕринаг куыд хъӕуы, афтӕ нӕ уацамынды цӕуынӕн дӕр хъӕуы уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг». Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхасӕй нӕхи куы ’фсадӕм ӕмӕ афоныл лӕвӕрд хӕринагӕй нӕхи цух куы нӕ уадзӕм, уӕд нӕм хъарутӕ уыдзӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн (Матф. 24:45–47).

Эльжбетӕ йӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй йӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. Уый зӕгъы: «Телевизормӕ бирӕ кӕй нал кӕсын, уымӕ гӕсгӕ мын фылдӕр рӕстӕг фӕзынд уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынӕн. Алы изӕр дӕр Библи куы фӕкӕсын, уӕд фӕхъуыды кӕнын, мӕ участокы кӕуыл фембӕлдтӕн, уыцы адӕмыл. Ӕз фӕагурын, уыдонӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ ӕмӕ статьятӕ».

Фаг куы улӕфай, уӕд дӕ хъарутыл ӕфтдзӕн ӕмӕ дын уацамынды фылдӕр ӕнтысдзӕн. Фӕлӕ ӕгӕр бирӕ куы улӕфай, уӕд уый дӕ лӕггадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн. Анджей, зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг, зӕгъы: «Адӕймаг фаг куы нӕ улӕфа, уӕд йе уӕнгты тых нӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕхимӕ дӕр ныхъхъусдзӕн. Ӕз мӕхи уымӕй тынг хизын» (Еккл. 4:6).

Цыфӕнды зӕрдиагӕй ма архайӕм, уӕддӕр хорз хабармӕ ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ байхъусы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбон никуы ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10). Кӕд бирӕты немӕ ныхас кӕнын нӕ бафӕнды, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕстӕдӕр нӕ кой кӕной. Хъуыддаг, чи зоны, рауайа, Иезекилы хабар куыд рауад, афтӕ: адӕм «зондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд» (Иез. 2:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ лӕггад ӕнцон нӕу, фӕлӕ стыр пайда хӕссы махӕн дӕр ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыцы адӕмӕн дӕр.

«Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый нын ӕххуыс кӕны нӕ удыхъӕд ногмӕ ивынӕн ӕмӕ нӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ ӕмӕ иннӕ адӕммӕ ӕвдисынӕн»,– дзуры Зигмунт. Анджей та зӕгъы: «Цардирвӕзынгӕнӕн куыст кӕй кӕнӕм, уый стыр кад у. Ацы хъуыддаг ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ ахӕм уавӕрты дӕр никуыуал уыдзӕн». Фидар куы уай ӕмӕ дарддӕр дӕр куы лаггад кӕнай, уӕд ды дӕр схайджын уыдзынӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй (2 Кор. 4:1, 2).

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ уырнындзинадыл дӕр куы тыхсӕм, уӕд уыдзыстӕм фидар