Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы макуы ферох кӕн

Йегъовӕйы макуы ферох кӕн

Йегъовӕйы макуы ферох кӕн

ИЗРАИЛӔГТӔЙ кӕмӕндӕрты уый зонгӕ уыди. Фӕлӕ сӕ фылдӕр фыццаг хатт ӕмӕ иунӕг хатт хызтысты цӕугӕдоны быныл. Уый уыди диссаг, сӕ къӕхтӕ дӕр не схуылыдз сты. Йегъовӕ Иорданы цӕугӕдон йӕ цӕуынӕй ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ дӕттӕ къулау лӕууыдысты. Ӕмӕ дуне адӕм, милуантӕ, араст сты цӕугӕдоны сур быныл Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. Уыцы израилӕгтӕн сӕ фыдӕлтӕ дӕр 40 азы размӕ цыдысты Сырх денджызыл. Ӕмӕ ныр Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ чи хызт, уыдонӕй бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой: «Никуы мӕ ферох уыдзӕн, Йегъовӕ цы сарӕзта, уый» (Йес. Н. 3:13–17).

Фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, израилӕгтӕй йын чидӕртӕ «йӕ хъуыддӕгтӕ уайтагъд [кӕй] ферох кӕндзысты» (Пс. 106:13). Уымӕ гӕсгӕ израилӕгты раздзог Йесо Навинӕн загъта, цӕмӕй цӕугӕдоны бынӕй сисой 12 дуры ӕмӕ, фыццаг кӕм ӕрӕхсӕвиуат кӕной, уым сӕ сӕвӕрой. Йесо Навин бамбарын кодта: «Хъуамӕ ацы дуртӕ [уыцы хабар] Израилы фырттӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕной» (Йес. Н. 4:1–8). Уыцы дурты цӕнд израилӕгты зӕрдыл хъуамӕ лӕууын кодтаид, Йегъовӕ цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон, ӕмӕ йын кӕддӕриддӕр иузӕрдионӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной, уый.

Ацы хабар абон Хуыцауы адӕмӕн исты пайда у? Куыннӕ ма! Мах дӕр Йегъовӕйы хъуамӕ макуы рох кӕнӕм ӕмӕ йын хъуамӕ иудадзыг иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Хуыцау ма Израилы адӕмы бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕдзӕхста. Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ Йегъовӕйы адӕммӕ абон дӕр хауынц. Ӕркӕсӕм-ма Моисейы ныхӕстӕм: «Кӕс... ма-иу ферох кӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ... нал ӕххӕст кӕныс» (Дык. з 8:11). Ацы стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй, адӕймаг Йегъовӕйы куы ферох кӕна, уӕд гӕнӕн ис ӕмӕ зонгӕ-зонын йӕ коммӕ дӕр мауал кӕса. Ахӕм бӕллӕхӕй тӕссаг у абон дӕр. Апостол Павел чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд сӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры чи уыд, уыцы израилӕгтау «ӕгоммӕгӕс ма суыдаиккой» (Дзут. 4:8–11).

Ӕркӕсӕм Израилы историйӕ цалдӕр хабармӕ ӕмӕ фенӕм, Хуыцауы нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, цӕуылнӕ йӕ хъуамӕ рох кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы дыууӕ израиладжы хабар баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ фидар ӕмӕ бузныгзӕрдӕ уӕм.

Йегъовӕйы нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм

Израилӕгтӕ Египеты куы уыдысты, уӕд Йегъовӕйӕ иу бон дӕр рох нӕ уыдысты. Хуыцауӕн «йӕ зӕрдыл лӕууыд, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ цы бадзырд скодта, уый» (Рац. 2:23, 24). Цагъарадӕй сӕ куыд ссӕрибар кодта, уый израилӕгтӕ хъуамӕ макуы ферох кодтаиккой, сӕ зӕрдыл ӕй хъуамӕ дардтаиккой.

Йегъовӕ Египетыл рауагъта фараст ӕфхӕрды. Фараоны кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн сӕ бон ницы сси бакӕнын. Фараон та уӕддӕр Йегъовӕйы ныхмӕ цыди ӕмӕ израилӕгты нӕ уагъта (Рац. 7:14–10:29). Фӕлӕ дӕсӕм ӕфхӕрды фӕстӕ ацы сӕрыстыр хицау басаст ӕмӕ Хуыцауы коммӕ бакаст (Рац. 11:1–10; 12:12). Израилӕгтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕм, Моисейы разамындӕй рацыдысты Египетӕй. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты 3 милуан адӕймаджы бӕрц (Рац. 12:37, 38). Египетӕй дард нӕ ацыдысты, афтӕ фараон йӕ хъуыды фӕивта. Цӕмӕй йӕ цагъарты фӕстӕмӕ раздӕхтаид, уый тыххӕй сын сӕ фӕдыл арвыста йӕ бӕхджын ӕфсад ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ – уӕды заманы ӕппӕты тыхджындӕр ӕфсад. Йегъовӕ та Моисейӕн загъта, цӕмӕй израилӕгты акӕна Пи-Гахирофмӕ, уым та бахаудаиккой Сырх денджыз ӕмӕ хӕхты ’хсӕн ӕмӕ, куыд зынди, афтӕмӕй сын азмӕлӕн никӕдӕм уал уыдаид (Рац. 14:1–9).

Фараон ӕнхъӕлдта, израилӕгтӕ къӕппӕджы кӕй бахаудтой, ӕмӕ йе ’фсад йӕхи тохмӕ ’рцӕттӕ кодта. Фӕлӕ Йегъовӕ египетӕгты размӕ нӕ уагъта: уыдон ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн сӕвӕрдта цӕджындз: иуырдыгӕй уыди мигъы хуызӕн ӕмӕ талынг дардта, иннӕрдыгӕй та ’хсӕвы рухс кодта. Уый фӕстӕ Хуыцау Сырх денджызы дӕттӕ дыууӕ дихы фӕкодта ӕмӕ йӕ адӕмӕн денджызы быныл фӕндаг скодта. Доны къултӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты 15 метры бӕрц. Ӕмӕ Израилы адӕм дӕр денджызы сур быныл иннӕ фарсмӕ араст сты. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ египетӕгтӕ дӕр денджызы былмӕ ’рбахӕццӕ сты ӕмӕ федтой, израилӕгтӕ иннӕ фарсмӕ куыд фӕхизынц (Рац. 13:21; 14:10–22).

Фараоны бӕсты ӕндӕр исчи куы уыдаид, уӕд израилӕгты фӕсте нал асырдтаид. Уый йӕ фырсӕрбӕрзондӕй йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджын ӕфсадимӕ израилӕгты фӕдыл денджызы ныййарц. Египетӕгтӕ размӕ тындзыдтой, фӕлӕ цалынмӕ израилӕгты баййӕфтой, уӕдмӕ сӕ Хуыцау ӕнӕнхъӕлӕджы баурӕдта. Сӕ бӕхуӕрдӕттӕ размӕ нал цыдысты – Йегъовӕ сын сӕ цӕлхытӕ ахауын кодта! (Рац. 14:23–25; 15:9).

Цалынмӕ египетӕгтӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ арӕзтой, уӕдмӕ Израилы адӕм денджызы хурыскӕсӕн фарсмӕ бахӕццӕ сты. Моисей йӕ къух Сырх денджызы ’рдӕм адардта. Уӕд Йегъовӕ денджызы дӕттӕ суӕгъд кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ баиу сты. Фараон ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ доны бын фесты – уӕлейӕ сыл ӕркалд цалдӕр милуан тонны дон. Знӕгтӕй иу дӕр удӕгасӕй нӕ баззад. Израил та цагъарадӕй фервӕзтис! (Рац. 14:26–28; Пс. 136:13–15).

Хурыскӕсӕны цӕрӕг адӕм ацы хабар куы фехъуыстой, уӕд тынг фӕтарстысты. Уыцы тас се уонджы бадти тынг бирӕ азты дӕргъы (Рац. 15:14–16). Дыууиссӕдз азы фӕстӕ Иерихоны цӕрӕг Раав дыууӕ израилаг нӕлгоймагӕн загъта: «Стыр тас нӕ бауагътат,... уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йегъовӕ уӕ Египетӕй куы кодта, уӕд уын уӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд басур кодта» (Йес. Н. 2:9, 10). Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд ссӕрибар кодта, уый суанг мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм дӕр нӕ ферох кодтой. Уӕдӕ Израил та йӕ Хуыцауы йӕ зӕрдыл куыннӕ хъуамӕ дардтаид.

«Йӕ цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта»

Израил Сырх денджызыл куы ахызт, уӕд бацыд Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ, «тас чи ӕфтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырмӕ». Уый ӕппӕт адӕм, хӕринаг зын ссарӕн кӕм уыд, уыцы ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл куы цыдысты, уӕд Йегъовӕ ’вдыста йӕ къух цыбыр кӕй нӕу. Моисей дзырдта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ Израилы «ссардта ӕдзӕрӕг зӕххы, афтид ӕмӕ, алырдыгӕй хъарӕг кӕм хъуысти, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры. Йӕ дӕлбазыр ӕй бакодта ӕмӕ йыл узӕлыд, йӕ цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта» (Дык. з. 8:15; 32:10). Хуыцау сыл куыд узӕлыд?

Йегъовӕ сын лӕвӕрдта «уӕларвӕй дзул», хуыдтой йӕ маннӕ. Уый-иу диссаджы хуызы фӕзынд «ӕдзӕрӕг быдыры зӕххыл» (Рац. 16:4, 14, 15, 35). Йегъовӕ ма сын дон «фидар къӕдзӕхӕй» дӕр уагъта. Хуыцау израилӕгтӕн кӕй арфӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры сӕ уӕлӕдарӕс никуы баихсыд ӕмӕ сӕ къӕхтӕ никуы срӕсыдысты (Дык. з. 8:4). Йегъовӕ сыл афтӕ кӕй тыхст, уый тыххӕй сӕм цӕмӕ ’нхъӕлмӕ каст? Уыцы адӕм сӕ бузныгдзинад куыд хъуамӕ равдыстаиккой? Моисей Израилӕн загъта: «Дӕхимӕ кӕс ӕмӕ дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн, цӕмӕй ма ферох кӕнай, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ ӕмӕ цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдӕйы уой» (Дык. з. 4:9). Израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куы дардтаиккой, Йегъовӕ сӕ куыд ирвӕзын кодта, уый ӕмӕ уымӕй бузныг куы уыдаиккой, уӕд ын кӕддӕриддӕр лӕггад кодтаиккой ӕмӕ сын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын зын нӕ уыдаид. Фӕлӕ хабар ӕцӕг куыд уыди?

Рохгӕнаг свӕййы ӕбузныг

Моисей загъта: «Ды ферох кодтай, цард дын чи радта, уыцы Къӕдзӕхы, хъуыды дӕр нал кодтай Хуыцауы» (Дык. з. 32:18). Израилӕгтӕ тынг тагъд ферох кодтой ӕмӕ ’ппындӕр нал аргъ кодтой, Йегъовӕ сӕ Сырх денджызы цур кӕй фервӕзын кодта, ӕдзӕрӕг быдыры сын сӕ цард кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ сын бирӕ хӕрзты кӕй бацыд, уымӕн. Израилӕгтӕн сӕ зондахаст тынг фӕивта, гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу райдтыдтой змӕнтын ӕмӕ хъуыр-хъуыр кӕнын.

Иухатт израилӕгтӕ Моисеимӕ загъд кодтой, зӕгъгӕ, нын нуазыны дон дӕр нӕй (Нымӕц. 20:2–5). Сӕ цард цы маннӕйӕ кӕнгӕ уыд, уымӕй та хъаст кодтой: «Ацы ӕнад дзулӕй нӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕны» (Нымӕц. 21:5). Уыдон дызӕрдыг кодтой, Хуыцау рӕстӕй кӕй архайы, ууыл, ӕмӕ Моисейы разамындмӕ нӕ хъуыстой. Уый фӕдыл дзырдтой: «Фӕлтау Египеты куы амардаиккам, науӕд ацы ӕдзӕрӕг быдыры! [...] Нӕхицӕн хицауӕй искӕй сӕвӕрӕм ӕмӕ аздӕхӕм Египетмӕ!» (Нымӕц. 14:2–4).

Цымӕ Йегъовӕ йӕхи куыд хатыд, израилӕгтӕ ӕгоммӕгӕс кӕй систы, уый тыххӕй? Псаломзарӕггӕнӕг уыцы цаутыл хъуыды кӕнгӕйӕ, фӕстӕдӕр фыста: «Цал ӕмӕ цал хатты сыстадысты йӕ ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, цал хатты йын фӕриссын кодтой йӕ зӕрдӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы! Цал ӕмӕ цал хатты фӕлвӕрдтой Хуыцауы ӕмӕ цал хатты бауагътой маст Израилы сыгъдӕг Хуыцауы. Ферох ын кодтой йӕ къух, знагӕй сӕ цы бон фервӕзын кодта, уыцы бон куыд равдыста йӕ нысӕнттӕ Египеты» (Пс. 78:40–43). О, Израил рохгӕнаг кӕй уыд, уый Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг риссын кодта.

Йегъовӕйы чи нӕ ферох кодта, уыцы дыууӕ адӕймаджы

Фӕлӕ Йегъовӕйы чи нӕ ферох кодта, ахӕмтӕ дӕр уыди. Уыдонӕй дыууӕйӕ уыдысты Йесо Навин ӕмӕ Халев. Ацы нӕлгоймӕгтӕ ацыдысты, Кадес-Варнийӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бӕрӕг кӕнынмӕ кӕй арвыстой, уыцы сгарджытимӕ. Фӕлӕ сгарджытӕй дӕс уыцы зӕххӕй ӕвзӕр йеддӕмӕ ӕндӕр ницы дзырдтой. Йесо Навин ӕмӕ Халев та адӕмӕн загътой: «Цы зӕхх сгарынмӕ ацыдыстӕм, уый у тынг хорз зӕхх, тынг хорз. Кӕд Йегъовӕйӕн зынаргъ стӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн уыцы зӕхмӕ, ратдзӕн нын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх. Ӕрмӕст Йегъовӕйы ныхмӕ ма цӕут». Адӕм уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Йесо Навин ӕмӕ Халевы дуртӕй марынвӕнд скодтой. Фӕлӕ уыдон фидар фӕлӕууыдысты ӕмӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтой (Нымӕц. 14:6–10).

Бирӕ азты фӕстӕ Халев Йесо Навинӕн загъта: «Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей мӕ Кадес-Варнийӕ ацы зӕхх сгарӕг... рарвыста... Ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд ын ӕппӕт дӕр радзырдтон, мӕ зӕрдӕ мӕм куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ. Ме ’фсымӕртӕй мемӕ чи ацыд, уыдон адӕмы зӕрдӕты тас бауагътой, фӕлӕ ӕз алы хъуыддаджы дӕр мӕ Хуыцау Йегъовӕйы коммӕ кастӕн» (Йес. Н. 14:6–8). Халев ӕмӕ Йесо Навин сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ бирӕ зындзинӕдты сӕрты ахызтысты. Уыдон фидарӕй аскъуыддзаг кодтой, цард-цӕрӕнбонты Йегъовӕйы сӕ зӕрдыл кӕй дардзысты, кӕй никуы йӕ ферох кӕндзысты.

Ацы дыууӕ нӕлгоймаджы ма равдыстой, Хуыцауӕй бузныг кӕй уыдысты, уый дӕр, куы загътой, зӕгъгӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цы хъӕздыг зӕххӕй бавӕрдта, уый сын кӕй радта. Израилӕгтӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ бузныг уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ цард уымӕй кӕнгӕ уыди. Йесо Навин фыста: «Йегъовӕ Израилӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕххӕй расомы кодта, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх иууылдӕр... Йегъовӕ Израилы адӕмӕн цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты!» (Йес. Н. 21:43, 45). Халев ӕмӕ Йесо Навинау махӕн дӕр нӕ бон куыд у, Хуыцауӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын?

Бузныг у

Хуыцауӕй чи тарст, иу ахӕм адӕймаг бафарста: «Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (Пс. 116:12). Йегъовӕ нын тынг бирӕ хӕрзты бацыд: цух нӕ ницӕмӕй уадзы, царды нын разамынд дӕтты ӕмӕ ма зӕрдӕ ӕвӕры, фидӕны нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕй. Уыцы хорздзинӕдтӕ бафидынӕн ӕнусон цард дӕр фаг нӕу. Раст зӕгъгӕйӕ, мах Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ никуы бафиддзыстӕм. Фӕлӕ махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ бузныг уа.

Йегъовӕйы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыстай, уый фӕрцы дӕхи фыдбылызӕй бахызтай? Хуыцау тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый дын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ разы дӕ цӕсгом ссыгъдӕг уа? Хуыцауы ацы хъуыддӕгтӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ’рхастой, уыдон цыбыр рӕстӕгмӕ не сты, ӕмӕ дзы ды дӕр хъуамӕ бузныг цыбыр рӕстӕгмӕ ма уай, фӕлӕ ӕнустӕм. 14-аздзыд Сандрӕ сӕмбӕлд уӕззау фӕлварӕнтыл, фӕлӕ сӕ Йегъовӕйы фӕрцы сфӕрӕзта. Уый дзуры: «Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ мын куыд баххуыс кодта, ууыл тынг бадис кодтон. Ныр ӕй ӕмбарын, мӕ фыд-иу мемӕ арӕх цӕмӕн ныхас кодта Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихтыл: „Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн“. Фидарӕй мӕ уырны, Йегъовӕ мын нырмӕ куыд ӕххуыс кодта, афтӕ мын дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый».

Дӕ фидардзинадӕй бӕрӕг уӕд, Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл кӕй дарыс

Цӕмӕй Йегъовӕйы ма рох кӕнӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы иу ахсджиаг миниуӕг. Библийы уый тыххӕй ис фыст: «Уӕ фидардзинад уадз йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа» (Иак. 1:4). Цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт»? Хъуамӕ ахӕм миниуджытыл кусӕм, цӕмӕй фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ афтӕмӕй сӕ сӕрты хизӕм, стӕй ма хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ауадзӕм, ӕмӕ нӕ фидар фӕнд уа кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын. Ахӕм фидардзинадӕй зӕрдӕ барухс вӕййы, фӕлварӕнтӕ фӕсте куы баззайынц, уӕд. Уыдонӕн та ӕнӕфӕугӕ нӕй (1 Кор. 10:13).

Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ уӕззау низтимӕ чи тох кӕны, иу ахӕм адӕймаг дзуры, фидар лӕууынӕн ын цы ’ххуыс кӕны, уый тыххӕй: «Ӕз фӕхъуыды кӕнын, мӕн цы фӕнды аразын, ууыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ цы аразы, ууыл. Цӕмӕй ӕнаипп уон, уый тыххӕй хъуамӕ кӕсон, мӕхӕдӕг цӕмӕ бӕллын уымӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндӕттӕм. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлын, уӕд никуы фӕдзурын, зӕгъгӕ, „Йегъовӕ, ацы бӕллӕх мӕныл цӕмӕн ӕрцыд?“ Кӕд ӕнӕнхъӕлӕджы исты масты хай фӕвӕййын, уӕддӕр ӕз мӕ куыст дарддӕр ӕнӕхъинц уӕрдонау фӕкӕнын ӕмӕ йыл мӕ ныфс фӕдарын».

Абон чырыстон ӕмбырд Йегъовӕйӕн кувы «сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоан. 4:23, 24). Куыд къорд, афтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы никуы ферох кӕндзысты, рагон израилӕгтау никуы бакӕндзысты. Фӕлӕ адӕймаг ӕмбырды уа, уый нырма ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн. Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, махӕй алчи дӕр хъуамӕ Халев ӕмӕ Йесо Навинау бузныгзӕрдӕ ӕмӕ фидар уа. Афтӕ кӕнын та нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ацы уӕззау рӕстӕг Йегъовӕ мах дарддӕр дӕр кӕны ӕмӕ нӕ алкӕуыл дӕр тыхсы.

Йесо Навин дуртӕй цы цӕнд скодта, уый израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Хуыцау сӕ куыд фервӕзын кодта. Уыцы хабар ӕмӕ ма нӕ бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ ныфс уадзынц, Хуыцау йӕ адӕмы кӕй никуы ныууадздзӕн. Хуыцау дын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ ды дӕр псаломзарӕггӕнӕгау цы зӕгъай: «Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн Йагъы хъуыддӕгтӕ. Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн, раджы заманты цы диссӕгтӕ сарӕзтай, уыдон. Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл, мӕ хъуыдытӕ уыдзысты, цы аразыс, ууыл» (Пс. 77:11, 12).

[Ныв 7 фарсыл]

Адӕм иууылдӕр цыдысты «хус зӕххыл»

[Барлӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.

[Ныв 8 фарсыл]

Израил Кадес-Варнийы куы ӕрлӕууыд, уӕд сгарджыты арвыстой Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ

[Барлӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.

[Ныв 9 фарсыл]

Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры бирӕ куы фесты, уӕд Зӕрдӕвӕрд хъӕздыг зӕххы тыххӕй хъуамӕ бузныг уыдаиккой

[Барлдӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.

[Ныв 10 фарсыл]

Йегъовӕйы фӕндӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд цыфӕнды зындзинӕдты дӕр фидар фӕлӕудзыстӕм