Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аргъ кӕнӕм Йесойӕн – Стырдӕр Давидӕн ӕмӕ Стырдӕр Соломонӕн

Аргъ кӕнӕм Йесойӕн – Стырдӕр Давидӕн ӕмӕ Стырдӕр Соломонӕн

Аргъ кӕнӕм Йесойӕн – Стырдӕр Давидӕн ӕмӕ Стырдӕр Соломонӕн

«Ам та ис, Соломонӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (МАТФ. 12:42).

1, 2. Самуил паддзахӕй Давиды кӕй хъуамӕ байсӕрстаид, уый адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ диссаг цӕмӕн уыд?

УЫЦЫ лӕппумӕ кӕсгӕйӕ ничи загътаид, ӕмӕ искуы паддзах суыдзӕн. Пехуымпар Самуил дӕр ӕм касти ӕмӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, фыййау йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕмӕн сбӕздзӕн. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ райгуырӕн горӕт Вифлеем дӕр зындгонд нӕ уыди. Уыцы горӕты тыххӕй Библийы фыст ис: «Ды ӕгӕр гыццыл дӕ, цӕмӕй Иудӕйы минты ’хсӕн уай» (Мих. 5:2). Фӕлӕ уыцы хуымӕтӕг лӕппуйы пехуымпар Самуил хъуамӕ байсӕрстаид Израилы фидӕны паддзахӕй.

2 Самуил хъуыды дӕр нӕ акодтаид, ӕмӕ Йегъовӕ гыццыл Давиды паддзахӕй равзардзӕн. Йессейы аст фыртӕй Давид уыди се ’ппӕты кӕстӕр. Самуил уыцы иузӕрдион лӕджы хӕдзармӕ куы бацыди, цӕмӕй йын йӕ фырттӕй иуы Израилӕн паддзахӕй байсӕрстаид, уӕд Давид уым нӕ уыди. Фӕлӕ Давиды равзӕрста Йегъовӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахсджиагдӕр уыд адӕмы хъуыды нӕ, фӕлӕ Хуыцауы (1 Сам. 16:1–10).

3. а) Йегъовӕ адӕймагмӕ лӕмбынӕг куы фӕкӕсы, уӕд ын сӕйрагдӕр цы вӕййы? ӕ) Самуил Давиды куы байсӕрста, уӕд цы ’рцыд?

3 Йегъовӕ уыдта, Самуилӕн йӕ бон фенын цы нӕ уыд, уый. Йегъовӕ зыдта Давиды удыхъӕд ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕ ради. Хуыцау адӕймагӕн йӕ уындмӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ. (Бакӕс 1 Самуилы 16:7.) Самуил куы бамбӕрста, Йегъовӕ Йессейы хистӕр фырттӕй иуы дӕр кӕй нӕ равзӕрста, уӕд арвыста, цӕмӕй йын йӕ кӕстӕр фырты ’рбакодтаиккой. Уый та сӕрвӕты фос хызта. Библи дзуры: «Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ уый [Давид] дӕр ӕрбацыд. Уый уыд сырхуадул ӕмӕ хӕрзконд лӕппу, уыди йын рӕсугъд цӕстытӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: „Сыст ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд, ацы лӕппу у, ӕз кӕй равзӕрстон, уый!“ Ӕмӕ уӕд Самуил сойы сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы сыгъдӕг удӕй» (1 Сам. 16:12, 13).

Давид амыдта Чырыстимӕ

4, 5. а) Давид ӕмӕ Йесо ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты? ӕ) Йесойы цӕмӕн ис схонӕн Стырдӕр Давид?

4 Йесо дӕр иу-1 100 азы фӕстӕ райгуырд Вифлеемы, Давид кӕм райгуырд, уыцы горӕты. Израилӕгтӕн сӕ фылдӕр цавӕр паддзахмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты, Йесо ахӕм паддзах нӕ разынд. Фӕлӕ Йесойы дӕр Давидау равзӕрста Йегъовӕ. Давид Йегъовӕйы уарзон фырт куыд уыди, афтӕ Йесо дӕр уыд Йегъовӕйы уарзон фырт *. Йесо дӕр сӕрст куы ’рцыд, уӕд схайджын Йегъовӕйы сыгъдӕг удӕй (Лук. 3:22).

5 Давид ӕмӕ ма Йесо ноджы бирӕ цӕмӕйдӕрты сты ’мхуызон. Зӕгъӕм, Давидыл гадзрахатӕй рацыд йӕ уынаффӕгӕнӕг Ахитофел, Йесойы та ауӕй кодта йӕ апостол Иудӕ Искариот (Пс. 41:9; Иоан. 13:18). Давид дӕр ӕмӕ Йесо дӕр тынг мӕт кодтой, адӕм Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы бынатыл (Пс. 27:4; 69:9; Иоан. 2:17). Йесо ма уыд Давиды хӕдзарвӕндагӕй, йӕ бындар. Йесойы райгуырды размӕ зӕд йӕ мадӕн загъта: «Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн» (Лук. 1:32; Матф. 1:1). Фӕлӕ Мессийӕйы тыххӕй зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр Йесойыл кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой, уымӕ гӕсгӕ уый Давидӕй у бирӕ стырдӕр. Йесо у Стырдӕр Давид ӕмӕ, адӕм бирӕ рӕстӕг кӕмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты, уыцы Паддзах-Мессийӕ (Иоан. 7:42).

Нӕ Паддзах, нӕ Фыййауы фӕдыл цӕуӕм

6. Цӕмӕй бӕрӕг у, Давид хорз фыййау кӕй уыд, уый?

6 Йесо дӕр у фыййау. Хорз фыййау цыхуызӕн вӕййы? Хорз фыййау йӕ дзугыл вӕййы ӕнувыд, фӕтыхсы йыл ӕмӕ йӕ фӕхъахъхъӕны (Пс. 23:2–4). Ӕрыгонӕй Давид цыди фыййау ӕмӕ йӕ фыды фыстӕм тынг хорз касти. Домбай кӕнӕ-иу арс дзугмӕ куы балӕбурдтой, уӕд-иу никуы фӕтарсти ӕмӕ-иу фысты бахъахъхъӕныны тыххӕй йӕ цард тӕссаг уавӕры дӕр баппӕрста (1 Сам. 17:34, 35).

7. а) Давиды паддзахы хӕслӕвӕрдтӕ ’ххӕст кӕнынмӕ цы бацӕттӕ кодта? ӕ) Йесо куыд равдыста, Хорз Фыййау кӕй у?

7 Давид къуылдымты ӕмӕ быдырты фыстӕ кӕй хызта, уый йӕ бацӕттӕ кодта ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ ’ххӕст кӕнынмӕ – Израилы адӕмӕн разамынд дӕттынмӕ * (Пс. 78:70, 71). Йесо дӕр сси фӕзминаг фыййау. «Гыццыл дзугмӕ» ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕм» зилынӕн ын тых ӕмӕ разамынд дӕтты Йегъовӕ (Лук. 12:32; Иоан. 10:16). Уымӕ гӕсгӕ Йесо у Хорз Фыййау. Уый йӕ дзуг афтӕ хорз зоны, ӕмӕ фыстӕй алкӕмӕ дӕр йӕ номӕй дзуры. Йӕ фысты тынг уарзы. Уый бӕрӕг у, зӕххыл куы уыд, уӕд уыдоны тыххӕй йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй цух кодта, уымӕй (Иоан. 10:3, 11, 14, 15). Куыд Хорз Фыййау, афтӕ Йесо сарӕзта, Давидӕн йӕ бон кӕй никуы суыдаид саразын, ахӕм хъуыддаг. Йӕ цард нывондӕн кӕй ’рхаста, уымӕй адӕмы мӕлӕтӕй фервӕзын кодта. Ницы йӕ бахъыгдардзӕн йӕ «гыццыл дзуджы» уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цардӕй схайджын кӕнын. Стӕй йӕ ницы бакъуылымпы кӕндзӕн, цӕмӕй «ӕндӕр фыстӕн» радта ӕнусон цард, бирӕгъы хуызӕн тугдзых адӕм кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм рӕстаг ног дунейы. (Бакӕс Иоанны 10:27–29.)

Уӕлахизгӕнӕг Паддзахы фӕдыл цӕуӕм

8. Давид уӕлахизгӕнӕг паддзах куыд разынд?

8 Паддзах Давид уыди хъӕбатыр хӕстон. Давид хъахъхъӕдта, Хуыцауы адӕм кӕм цардысты, уыцы зӕхх ӕмӕ, «кӕдӕмфӕнды ма цыдаид, Йегъовӕ йыл дардта йӕ арм». Давиды хицаудзинады рӕстӕджы Израилы арӕнтӕ уыдысты Египеты цӕугӕдонӕй Евфраты цӕугӕдоны онг (2 Сам. 8:1–14). Йегъовӕйы ’ххуысӕй уый сси ӕппӕты тыхджындӕр паддзах. Библи дзуры: «Давиды ном айхъуысти ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ дзы ӕппӕт адӕмыхӕтыттӕ дӕр ӕмризӕджы рызтысты» (1 Аз. 14:17).

9. Хуыцауы ’взӕрст Паддзах Йесо куыд уӕлахиз кодта?

9 Йесо дӕр паддзах Давидау уыди хъӕбатыр. Хуыцауы ’взӕрст Паддзах кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бар цыди дӕлимонтыл, ӕмӕ адӕмы сӕ ахӕстӕй сӕрибар кодта (Марчы 5:2, 6–13; Лук. 4:36). Суанг йӕ цыфыддӕр знаг Сайтан Хӕйрӕг дӕр йӕ разы ӕдых у. Йегъовӕйы ’ххуысӕй Йесо фӕуӕлахиз, Сайтаны къухы цы дуне ис, ууыл (Иоан. 14:30; 16:33; 1 Иоан. 5:19).

10, 11. Йесо, хъомысджын Ӕфсӕддон ӕмӕ Паддзах, уӕлӕрвты цавӕр хӕстӕ ’ххӕст кӕны?

10 Йесо куы райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уымӕй 60 азы фӕстӕдӕр апостол Иоанн цӕстылуайӕны Йесойы федта хъомысджын Ӕфсӕддон ӕмӕ Паддзахӕй, уӕлӕрвты йӕ хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕ. Иоанн фыссы: «Ӕмӕ федтон урс бӕх; чи йыл бадт, уымӕ уыди ӕрдын. Лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд, ӕмӕ рацыд уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй фӕуӕлахиз уа» (Рарг. 6:2). Урс бӕхыл чи бады, уый у Йесо. 1914 азы уӕларвон Паддзахады Паддзах куы сси, уӕд ын «лӕвӕрд ӕрцыд... кадыхуд». Уый фӕстӕ «рацыд уӕлахиз кӕнгӕйӕ». Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо дӕр Давидау у уӕлахизгӕнӕг паддзах. Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Сайтанимӕ схӕцыд ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз, уый фӕстӕ йӕ йӕ дӕлимонтимӕ зӕхмӕ раппӕрста (Рарг. 12:7–9). Ӕмӕ йӕ уӕлахизы балц дарддӕр кӕндзӕн, цалынмӕ кӕронмӕ нӕ фӕуӕлахиз уа – Сайтаны фыддуне бынтондӕр нӕ фесафа, уӕдмӕ. (Бакӕс Раргомады 19:11, 19–21.)

11 Фӕлӕ Йесо дӕр Давидау у фӕлмӕнзӕрдӕ паддзах. Уый «тынг бирӕ адӕмы» Армагеддоны бахъахъхъӕндзӕн (Рарг. 7:9, 14). Уымӕй уӕлдай ма, Йесо ӕмӕ йе ’мбындартӕ иууылдӕр (144 мины) куы хицауиуӕг кӕной, уӕд «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Ап. хъ. 24:15). Зӕххыл чи райгас уа, уыдонӕн фадат уыдзӕн ӕнустӕм цӕрынӕн. Цӕй диссаджы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Цӕй уӕдӕ, не ’ппӕт дӕр дарддӕр дӕр «аразӕм хорздзинад», цӕмӕй уӕм, Стырдӕр Давиды разамындӕй зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы рӕстаг ӕмӕ амондджын адӕмы ’хсӕн (Пс. 37:27–29).

Хуыцау Соломоны куывд фехъуыста

12. Цӕй тыххӕй куывта Соломон?

12 Давиды фырт Соломон дӕр амыдта Йесомӕ *. Соломон паддзах куы сси, уӕд ӕм Йегъовӕ фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ мӕ цыфӕндыдӕр куы ракурай, уӕд дын ӕй ратдзынӕн. Соломонӕн йӕ бон уыд ракурын фылдӕр хъӕздыгдзинад, фылдӕр бартӕ кӕнӕ фылдӕр цӕрӕнбонтӕ, фӕлӕ уый сӕрныллӕгӕй Йегъовӕмӕ бахатыд: «Ратт-ма мын зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй ацы адӕмы размӕ рацӕуынӕн дӕр уон ӕмӕ бацӕуынӕн дӕр. Кӕмӕн у йӕ бон дӕ бирӕ адӕмӕн разамынд дӕттын?» (2 Аз. 1:7–10). Йегъовӕ Соломонӕн йӕ куывд фехъуыста. (Бакӕс 2 Азфысты 1:11, 12.)

13. Соломоны зондӕн ӕмбал цӕуылнӕ уыд ӕмӕ йӕ ахӕм зондӕй чи схайджын кодта?

13 Соломон цалынмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд, уӕдмӕ йӕ зондӕн ӕмбал нӕ уыди. Соломон радзырдта «ӕртӕ мин ӕмбисонды» (1 Пад. 4:30, 32, 34). Уыцы ’мбисӕндтӕй бирӕтӕ фыст ӕрцыдысты ӕмӕ сын абон дӕр тынг аргъ кӕнынц, зонд чи агуры, уыдон. Савӕйы ус-паддзах фӕцыд 2 400 километры бӕрц, цӕмӕй Соломоны зондмӕ байхъуыстаид ӕмӕ йӕ «зын фарстатӕй» бафӕлвӕрдтаид. Уый тынг бадис кодта Соломоны ныхӕстыл ӕмӕ йӕ паддзахады хъӕздыгдзинадыл (1 Пад. 10:1–9). Соломоны ахӕм зондӕй чи схайджын кодта, уый тыххӕй Библийы мӕнӕ цы ис фыст: «Зӕххы цӕрджытӕй алкӕйдӕр фӕндыд Соломоны фенын, цӕмӕй байхъуыстаиккой, Хуыцау ын йӕ зӕрдӕйы цы зонд нывӕрдта, уымӕ» (1 Пад. 10:24).

Зондджын Паддзахы фӕдыл цӕуӕм

14. Йесо «Соломонӕй дӕр уӕлдӕр» куыд у?

14 Соломонӕй зондджындӕр уыдис ӕрмӕстдӕр иунӕг адӕймаг – Йесо Чырысти. Йесо йӕхицӕй загъта, «Соломонӕй дӕр уӕлдӕр» кӕй у (Матф. 12:42). Йесо дзырдта «ӕнусон царды ныхӕстӕ» (Иоан. 6:68). Зӕгъӕм, Йесо Уӕлхох уацамынды цы радзырдта, уымӕй Соломоны ӕмбисӕндтӕй иуӕй-иутӕн сӕ хъуыды бӕстондӕр бамбарын кодта. Соломон ранымадта, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, цалдӕр ахӕм хъуыддаджы (Ӕмб. 3:13; 8:32, 33; 14:21; 16:20). Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕна ӕмӕ, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уый куы зона. Уый загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад» (Матф. 5:3). Йесо цы уагӕвӕрдты кой кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕ цард чи аразы, уыдон ӕввахсдӕр кӕнынц Йегъовӕмӕ – «царды суадонмӕ» (Пс. 36:9; Ӕмб. 22:11; Матф. 5:8). Чырыстимӕ кӕсгӕйӕ мах уынӕм «Хуыцауы зонд» (1 Кор. 1:24, 30). Йесо Чырыстимӕ, Паддзах-Мессийӕмӕ ис «зонды тых» (Ис. 11:2).

15. Хуыцауы зондӕй нӕ бон куыд у пайда кӕнын?

15 Махӕн, Стырдӕр Соломоны фӕдылдзӕуджытӕн, Хуыцауы зондӕй нӕ бон куыд у пайда кӕнын? Йегъовӕйы зонд ссарӕн ис йӕ Ныхасы. Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдиагӕй ахуыр кӕнӕм Библи, уӕлдайдӕр та Йесойы ныхӕстӕ, ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм (Ӕмб. 2:1–5). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ӕппынӕдзух хъӕуы Хуыцауӕй зонд курын. Библи нын зӕрдӕ ’вӕры, Хуыцауӕй зӕрдиагӕй ’ххуыс куы курӕм, уӕд нӕ кӕй фехъусдзӕн (Иак. 1:5). Сыгъдӕг уды фӕрцы Хуыцауы Ныхасы ссардзыстӕм зонды хӕзнатӕ. Уыдон та нын баххуыс кӕндзысты зындзинӕдты сӕрты хизынӕн ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн (Лук. 11:13). Соломоны ма схуыдтой «адӕмы ӕмбырдгӕнӕг» дӕр, уымӕн ӕмӕ-иу йӕ адӕмы ’рӕмбырд кодта, цӕмӕй-иу Хуыцауӕн куывтаиккой, ӕмӕ-иу сын «бирӕ цыдӕртӕ амыдта» (Еккл. 12:9, 10). Йесо дӕр, чырыстон ӕмбырды Сӕр, у «адӕмы ӕмбырдгӕнӕг», уымӕн ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты хоны Йегъовӕйӕн кувынмӕ (Иоан. 10:16; Кол. 1:18). Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ ӕппынӕдзух Хуыцаумӕ ахуыр кӕнын.

16. Соломон ӕмӕ Йесо ӕмхуызон цӕмӕй сты?

16 Соломон уыди тынг сӕрӕн паддзах. Йӕ рӕстӕджы ӕппӕт Израилы дӕр цыдис бирӕ арӕзтадон куыстытӕ. Адӕм арӕзтой галуантӕ, фӕндӕгтӕ, донуадзӕнтӕ. Стӕй ма арӕзтой, паддзахы хор кӕм ӕфснайдтаиккой, йӕ уӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдаиккой ӕмӕ йӕ барджытӕ кӕм цардаиккой, ахӕм горӕттӕ. Ӕппӕт уыцы куыстытӕм йӕ хъус дардта Соломон йӕхӕдӕг (1 Пад. 9:17–19). Уыцы арӕзтадон куыстытӕ ӕгас паддзахадӕн дӕр уыдысты пайда. Йесо дӕр у аразӕг. Уый йе ’мбырд самадта «къӕдзӕхдурыл», ома йӕхиуыл (Матф. 16:18). Уый ма йӕ хъус дардзӕн, ног дунейы цы арӕзтадон куыстытӕ цӕудзӕн, уыдонмӕ дӕр (Ис. 65:21, 22).

Фарны Паддзахы фӕдыл цӕуӕм

17. а) Соломон паддзах куы уыд, уӕд адӕм куыд цардысты? ӕ) Соломонӕн йӕ бон цы нӕ баци саразын?

17 Ном Соломон цы дзырдӕй равзӕрд, уымӕн йӕ уидаг нысан кӕны «фарн». Паддзах Соломон паддзахиуӕг кодта Иерусалимы. Уыцы горӕты ном та нысан кӕны «Дывӕр фарны бынат». Соломон паддзах уыд 40 азы ӕмӕ йӕ рӕстӕджы Израилы адӕм куыд фӕрнӕй цардысты, афтӕ никуы. Библи уыцы азты тыххӕй дзуры: «Соломоны цӕргӕбонты Иудӕ ӕмӕ Израил, Данӕй суанг Вирсавимӕ, цардысты ӕдасӕй, алчидӕр йӕхи сӕнӕфсиры талайы бын ӕмӕ йӕхи легъуибӕласы бын» (1 Пад. 4:25). Кӕд Соломон стыр зонды хицау уыд, уӕддӕр йӕ бон нӕ баци йӕ адӕмы низ, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй ссӕрибар кӕнын. Стырдӕр Соломон Йесо та йӕ адӕмы ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кӕндзӕн. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:19–21.)

18. Чырыстон ӕмбырды ныридӕгӕн дӕр хайджын цӕмӕй стӕм?

18 Чырыстон ӕмбырды ныридӕгӕн дӕр ис фарн. Ӕцӕгдӕр, мах цӕрӕм «дзӕнӕты»: Хуыцау ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ баст стӕм фарны тӕгтӕй. Абон цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уый тыххӕй Исайы пехуымпарады фыст ис: «Сӕ цирхътӕ гутонтӕм рацӕгъддзысты ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ та – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕм. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ цирхъ нал сисдзысты, ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Ис. 2:3, 4). Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ архайгӕйӕ, мах ахъаз кӕнӕм уыцы фарнӕн.

19, 20. Нӕ зӕрдӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ райа?

19 Фӕлӕ фидӕны нӕ цард уыдзӕн ноджы хуыздӕр. Йесойы хицаудзинады рӕстӕджы цы диссаджы фарн уа, уымӕй коммӕгӕс адӕм сӕ мондӕгтӕ уадздзысты ӕмӕ цадӕггай сӕрибар кӕндзысты мӕлӕты цагъарадӕй, цалынмӕ ’ххӕст адӕймӕгтӕ ма суой, уӕдмӕ (Ром. 8:21). Миназон хицаудзинады кӕрон сабыр адӕм фӕстаг фӕлварӕны сӕрты куы ахизой, уӕд «зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Пс. 37:11; Рарг. 20:7–10). Уӕдӕ Йесо Чырыстийы хицаудзинад Соломоны хицаудзинадӕй хуыздӕр уыдзӕн, ӕнхъӕл куыд не стӕм, афтӕ!

20 Израилы адӕмӕн сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ ради, сӕ разамонджытӕ Моисей, Давид, ӕмӕ Соломон куы уыдысты, уӕд. Махӕн та нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ тынгдӕр уӕд райдзӕн, Чырысти нӕ хицау куы уа (1 Пад. 8:66). Куыд бузныг стӕм Йегъовӕ Хуыцауӕй, нӕ сӕргъы нын кӕй сӕвӕрдта йӕ иунӕггуырд Фырты – Стырдӕр Моисей, Стырдӕр Давид ӕмӕ Стырдӕр Соломоны!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Давиды ном, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «уарзон адӕймаг». Йегъовӕ Йесойы «мӕ уарзон Фырт», зӕгъгӕ, схуыдта, Йесо донаргъуыд куы райста, стӕй ма, йӕ ахуыргӕнинӕгты раз йӕ хуыз куы аивта, уӕд (Матф. 3:17; 17:5).

^ 7 абз. Давид ма сси гыццыл сабыр уӕрыччы хуызӕн. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, Стырдӕр Фыййау Йегъовӕ йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йын разамынд кӕй дӕтдзӕн, уымӕ. Уый фидарӕй дзырдта: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн» (Пс. 23:1). Аргъауӕг Иоанн Йесойы схуыдта «Хуыцауы Уӕрыкк» (Иоан. 1:29).

^ 12 абз. Цымыдисаг у, Соломоны ма кӕй хуыдтой Йедидиа дӕр, нысан кӕны «Йагъы уарзон адӕймаг» (2 Сам. 12:24, 25).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йесойы цӕмӕн ис схонӕн Стырдӕр Давид?

• Йесойы цӕмӕн ис схонӕн Стырдӕр Соломон?

• Цӕй тыххӕй аргъ кӕныс Стырдӕр Давид ӕмӕ Стырдӕр Соломонӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Хуыцау Соломоны цы зондӕй схайджын кодта, уый амыдта Стырдӕр Соломоны зондмӕ

[Ныв 32 фарсыл]

Йесойы хицаудзинад Соломон ӕмӕ Давиды хицаудзинадӕй хуыздӕр уыдзӕн, ӕнхъӕл куыд не стӕм, афтӕ!