Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аргъ кӕнӕм стырдӕр Моисейӕн

Аргъ кӕнӕм стырдӕр Моисейӕн

Аргъ кӕнӕм стырдӕр Моисейӕн

«Йегъовӕ Хуыцау уын уе ’фсымӕртӕй сӕвӕрдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары... Уымӕ хъусут» (АП. ХЪ. 3:22).

1. Йесо Чырысти адӕмы цардыл куыд бандӕвта?

ДЫУУӔ мин азы размӕ райгуырд иу лӕппу. Уыцы хабарыл бирӕ зӕдтӕ цин кодтой ӕмӕ кадджын кодтой Хуыцауы. Сӕ цины хъӕр сын фыййӕуттӕ дӕр фехъуыстой (Лук. 2:8–14). 30 азы фӕстӕ уыцы лӕппу райдыдта йӕ лӕггад. Зӕххыл ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг йеддӕмӕ нӕ фӕлӕггад кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ адӕмы цард цӕхгӕр фӕивтой. Нудӕсӕм ӕнусы зындгонд историк Филип Шафф уыцы ӕрыгон нӕлгоймаджы тыххӕй загъта: «Уый бирӕ номдзыддӕр уыди, рагзаманты дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр цы зындгонд адӕм цард, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Кӕд йӕхӕдӕг иу рӕнхъ дӕр нӕ ныффыста, уӕддӕр бирӕты сразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕм се ’ргом аздӕхтаиккой: бирӕтӕ сӕ динамындтӕ ӕмӕ сӕ раныхӕстӕ арӕзтой йӕ царды хабӕрттыл, сӕ ныхасы сӕр-иу уыди ӕрмӕстдӕр уый, фыстой йыл чингуытӕ, ныв ӕй кодтой, зарыдысты йыл кады зарджытӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы диссаджы нӕлгоймаг уыди Йесо Чырысти.

2. Апостол Иоанн цы загъта Йесо ӕмӕ йӕ лӕггады тыххӕй?

2 Апостол Иоанн ныффыста Йесойы лӕггады тыххӕй ӕмӕ йӕ Евангелийы кӕрон загъта: «Уӕвгӕ ма Йесо ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон фӕфысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой» (Иоан. 21:25). Иоанн зыдта, Йесо уыцы диссаджы лӕггады рӕстӕджы (ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕджы дӕргъы) цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уыдон иууылдӕр йӕ бон кӕй не суыдзӕн ныффыссын, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр сӕ гыццыл хай. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр Иоанны Евангелийы фыст хабӕрттӕн ис стыр нысаниуӕг.

3. Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый хуыздӕр куыд бамбардзыстӕм?

3 Нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, Йесойы цардӕй ахӕм хабӕрттӕ ӕрмӕст цыппар Евангелийы фыст не сты, фӕлӕ ма Библийы ӕндӕр хӕйтты дӕр. Зӕгъӕм, Библи нын дзуры, Йесойы размӕ чи цард, ахӕм иузӕрдион нӕлгоймӕгты тыххӕй. Уыцы скъуыддзӕгтӕй хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый. Цӕй ӕмӕ дзы иу цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

Чырыстимӕ чи амыдта, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ

4, 5. Йесомӕ чи амыдта ӕмӕ куыд?

4 Иоанн ӕмӕ иннӕ Евангелиты фысджытӕ ӕмбарын кӕнынц, Моисей, Давид ӕмӕ Соломон кӕй амыдтой Йесомӕ, куыд Хуыцауы Сӕрст ӕмӕ фидӕны Паддзахмӕ, афтӕ. Хуыцауы ацы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йесойы фидӕны хӕстӕм куыд амыдтой ӕмӕ сӕ хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Библи нын дзуры, Моисей кӕй уыди пехуымпар, минӕвар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг. Раст афтӕ Йесо дӕр уыди пехуымпар, минӕвар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг. Давид уыд фыййау ӕмӕ, Израилы знӕгтыл чи уӕлахиз кодта, ахӕм паддзах. Йесо дӕр у фыййау ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг паддзах (Иез. 37:24, 25). Паддзах Соломоны зондӕн ӕмбал нӕ уыд, цалынмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уыди, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ рӕстӕджы израилӕгтӕ ӕдасӕй цардысты (1 Пад. 4:25, 29). Йесо дӕр у ӕппӕты зондджындӕр паддзах, ӕмӕ хуыйны «Фарны кънйаз» (Ис. 9:6). Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо Чырыстийы хӕстӕ цӕмӕйдӕрты сты уыцы нӕлгоймӕгты хӕсты хуызӕн, фӕлӕ йын Хуыцауы фӕндты стырдӕр ахадындзинад ис. Фыццаг уал Йесойы абарӕм Моисеимӕ ӕмӕ фенӕм, ацы абарст нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы хуыздӕр ӕмбарӕм, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый.

Моисей – Йесойы Развӕдгӕнӕг

6. Апостол Петр куыд бамбарын кодта, Йесомӕ цӕмӕн хъӕуы хъусын, уый?

6 Нӕ эрӕйӕ 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ апостол Петр ӕрхаста Моисейы пехуымпарад, Йесо Чырыстийыл чи сӕххӕст, уый. Петр лӕууыд кувӕндоны дзуттӕгты раз. Адӕм Петр ӕмӕ Иоаннмӕ «дисгӕнгӕ базгъордтой», йӕ райгуырдӕй къуылых лӕджы куы сдзӕбӕх кодтой, уӕд. Се ’ппӕты дӕр фӕндыд базонын, цы ’рцыд, уый. Петр сын бамбарын кодта, уыцы диссаджы хъуыддаг кӕй сарӕзтой Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы. Сыгъдӕг уд та архайы Йесо Чырыстийы уылты. Петр сын стӕй Дзуттаг Фыстытӕй ӕрхаста ахӕм ныхӕстӕ: «О, Моисей дӕр загъта: „Йегъовӕ Хуыцау уын уе ’фсымӕртӕй сӕвӕрдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары. Ӕмӕ уын цыдӕриддӕр дзура, уымӕ хъусут“» (Ап. хъ. 3:11, 22, 23; бакӕс Дыккаг закъоны 18:15, 18, 19).

7. Петр Моисейӕ стырдӕр пехуымпары тыххӕй цы загъта, уый адӕм цӕмӕн бамбӕрстой?

7 Петрмӕ чи хъуыста, уыдон ацы ныхӕстӕ хорз зыдтой. Дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ Моисейӕн стыр аргъ кодтой (Дык. з. 34:10). Уыдон тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты Моисейӕ стырдӕр пехуымпармӕ. Уыцы пехуымпар хъуамӕ ӕрмӕст Хуыцауы сӕрст ма уыдаид (Моисейау), фӕлӕ, Хуыцау рагагъоммӕ кӕй кой кодта, уыцы Мессийӕ. Уый хъуамӕ уыдаид «Чырысти», Йегъовӕйы «ӕвзӕрст» (Лук. 23:35, фип.; Дзут. 11:26).

Йесо ӕмӕ Моисей ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты

8. Моисей ӕмӕ Йесойы царды хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты?

8 Йесойы зӕххон царды хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты Моисейы царды хабӕртты хуызӕн. Зӕгъӕм, Моисейы дӕр ӕмӕ Йесойы дӕр хӕрзгыццылӕй марынмӕ хъавыдысты ӕгъатыр паддзӕхтӕ (Рац. 1:22–2:10; Матф. 2:7–14). Стӕй ма сӕ дыууӕмӕ дӕр Хуыцау «фӕдзырдта Египетӕй». Пехуымпар Оси ныффыста Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Израил саби куы уыди, уӕд ӕй ӕз уарзтон, ӕмӕ мӕ фырты Египетӕй ракодтон» (Ос. 11:1). Осийы ныхӕстӕ хауынц, Йегъовӕ йӕ «фырты», Израилы адӕмы, Египетӕй куы ракодта, уыцы рӕстӕгмӕ. Сӕ сӕргъы та сын сӕвӕрдта Моисейы (Рац. 4:22, 23; 12:29–37). Осийы ныхӕстӕ ӕрмӕст ивгъуыд хабармӕ на амыдтой, фӕлӕ ма фидӕны хабармӕ дӕр. Йӕ пехуымпар-ныхас сӕххӕст, паддзах Ироды мӕлӕты фӕстӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ гыццыл Йесоимӕ Египетӕй куы ’рыздӕхтысты, уӕд (Матф. 2:15, 19–23).

9. а) Моисей ӕмӕ Йесо цавӕр диссӕгтӕ арӕзтой? ӕ) Радзур, Йесо ӕмӕ ма Моисей ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты. (Кӕс фӕлгӕты  «Цӕмӕй ма уыдысты ӕмхуызон Йесо ӕмӕ Моисей», 26 фарс.)

9 Моисей дӕр ӕмӕ Йесо дӕр арӕзтой диссӕгтӕ. Уыцы диссӕгтӕй бӕрӕг уыди, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кодта. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй диссӕгтӕ чи арӕзта, уыцы адӕмӕй фыццаг уыд Моисей (Рац. 4:1–9). Зӕгъӕм, Моисей диссӕгтӕ аразынӕн пайда кодта донӕй. Уый бардзырд радта, ӕмӕ Нилы дӕттӕ ӕмӕ хъӕзбын цадтӕ туг фестадысты, Сырх денджызы дӕттӕ фӕдих сты, стӕй ӕдзӕрӕг быдыры та къӕдзӕхӕй ракалд дон (Рац. 7:19–21; 14:21; 17:5–7). Йесо дӕр диссӕгтӕ аразынӕн пайда кодта донӕй. Йӕ фыццаг диссаг сарӕзта чындзӕхсӕвы, дон сӕн куы фестын кодта, уӕд (Иоан. 2:1–11). Фӕстӕдӕр уый ныссабыр кодта абухгӕ Галилейы денджыз. Иу хатт та суанг доныл цӕугӕ дӕр кодта! (Матф. 8:23–27; 14:23–25). Моисей ӕмӕ Стырдӕр Моисей, Йесо, ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый фенӕн ис 26 фарсыл фӕлгӕты.

Чырысти – Пехуымпар

10. Кӕй ис схонӕн ӕцӕг пехуымпар ӕмӕ Моисей ахӕм пехуымпар цӕмӕн уыди?

10 Адӕмӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, пехуымпар у, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый развӕлгъау чи дзуры. Фӕлӕ пехуымпары хӕслӕвӕрдтӕй уый у ӕрмӕстдӕр сӕ иу. Ӕцӕг пехуымпар дзуры Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ хъусын кӕны «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» (Ап. хъ. 2:11, 16, 17). Иннӕ хъуыддӕгты уӕлдай ма пехуымпар дзырдта фидӕны хабӕртты тыххӕй, ӕргом кодта Йегъовӕйы фӕндтӕ кӕнӕ хъусын кодта Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Ахӕм пехуымпартӕй иу уыди Моисей. Уый развӕлгъау загъта, Египетыл кӕй ӕрцӕудзӕн Дӕс ӕфхӕрды, ӕмӕ дзы хицӕнӕй алкӕй кой дӕр ракодта. Уый Синайы хохы цур Закъоны бадзырдӕн сси минӕвар. Ӕмӕ Израилы адӕмӕн ӕмбарын кодта Хуыцауы фӕндон. Фӕлӕ фӕстӕдӕр хъуамӕ ӕрцыдаид Моисейӕ стырдӕр пехуымпар.

11. Йесо Моисейӕ стырдӕр пехуымпар кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг?

11 Нӕ эрӕйы размӕ фыццаг ӕнусы Захари раргом кодта, Хуыцаумӕ йӕ фырт Иоанны тыххӕй цы фӕндон уыд, уый (Лук. 1:76). Захарийы фырт сси Аргъауӕг Иоанн. Уый фехъусын кодта, рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ Моисейӕ стырдӕр чи уыд, уыцы пехуымпары – Йесо Чырыстийы – ӕрцыды тыххӕй (Иоан. 1:23–36). Йесо, куыд пехуымпар, афтӕ фидӕны тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ радзырдта. Зӕгъӕм, развӕлгъау дзырдта куыд, кӕд ӕмӕ кӕй къухӕй амӕлдзӕн, уый (Матф. 20:17–19). Йесо ма загъта, Иерусалим ӕмӕ кувӕндон кӕй ныппырх уыдзысты, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ууыл тынг бадис кодтой (Марчы 13:1, 2). Йӕ пехуымпарӕдтӕ суанг нӕ рӕстӕгмӕ дӕр хауынц (Матф. 24:3–41).

12. а) Йесо ӕппӕтдунеон уацамындон хъуыддагӕн бындур куыд ӕрӕвӕрдта? ӕ) Мах Йесойы цӕмӕн фӕзмӕм?

12 Йесо ӕрмӕст пехуымпар нӕ уыд, фӕлӕ ма хъусынгӕнӕг дӕр ӕмӕ ахуыргӕнӕг дӕр. Уый Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта, ӕмӕ уый хуызӕн ныфсджынӕй никуы ничи дзырдта (Лук. 4:16–21, 43). Зӕххыл уый хуызӕн ахуыргӕнӕг никуы уыди. «Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта»,– загътой, чи йӕм хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ (Иоан. 7:46). Йесо хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр Паддзахады тыххӕй афтӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Афтӕмӕй уый бындур ӕрӕвӕрдта, ӕппӕт дунейыл дӕр чи цӕуы, уыцы хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг абон дӕр нӕма ӕрлӕууыд (Матф. 28:18–20; Ап. хъ. 5:42). Фарон Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ (7 милуаны бӕрц) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ, рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн бахардз кодтой 1,5 миллиард сахаты бӕрц. Уыцы стыр хъуыддаджы ды дӕр, дӕ бон цы у, уый аразыс?

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «цырддзаст» уӕм?

13 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ йӕ пехуымпарад кӕй сӕххӕст кодта ӕмӕ адӕмӕн Моисейы хуызӕн пехуымпары кӕй радта. Уый дыл куыд ӕндавы? Нӕ фидӕнмӕ цы пехуымпарӕдтӕ хауынц, уыдон дӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл тынгдӕр не ’ууӕндыс? О, Стырдӕр Моисейыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый фӕрцы «уыдзыстӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, Хуыцау тагъд цы сараздзӕн, уымӕ (1 Фес. 5:2, 6).

Чырысти – Минӕвар

14. Моисей куыд уыд минӕвар Хуыцау ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн?

14 Йесо дӕр Моисейау уыд минӕвар. Минӕварӕн йӕ хӕс у ӕхсӕны хъуыддӕгтӕ банывыл кӕнын. Йегъовӕ Моисейӕ спайда кодта израилӕгтимӕ Закъоны бадзырд саразынӕн. Иаковы фырттӕ уыцы закъӕттӕм куы хъуыстаиккой, уӕд суыдаиккой Хуыцауы исбон, уӕлдай зынаргъ ын чи у, ахӕм адӕм – йе ’мбырд (Рац. 19:3–8). Уыцы бадзырд йӕ тыхы уыди нӕ эрӕйы размӕ 1513 азӕй нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы онг.

15. Йесо хуыздӕр минӕвар куыд сси?

15 Нӕ эрӕйы 33 азы Йегъовӕ скодта хуыздӕр бадзырд ног Израилимӕ, «Хуыцауы Израилимӕ». Уый сси ӕппӕтдунеон ӕмбырд ӕмӕ йӕм хауынц сӕрст чырыстӕттӕ (Гал. 6:16). Моисейы уылты цы бадзырд ӕрцыд арӕзт, уымӕ хаудтой, Хуыцау дыууӕ къӕйдурыл йӕхӕдӕг цы закъӕттӕ ныффыста, уыдон. Фӕлӕ Йесо цы бадзырдӕн уыди минӕвар, уый уыд ахсджиагдӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ закъӕттӕ адӕмӕн ныффыста сӕ зӕрдӕтыл. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:5; Дзуттӕгтӕм 8:10.) Уымӕ гӕсгӕ «Хуыцауы Израил» систы Хуыцауы исбон, Мессийӕйы Паддзахады «аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕны», ахӕм адӕм (Матф. 21:43). Ацы адӕм хайад исынц ног бадзырды. Фӕлӕ уый ӕрмӕст уыдонӕн нӕ хӕссы пайда. Моисейы бадзырдӕй хуыздӕр чи у, уыцы ног бадзырды фӕрцы тынг бирӕ адӕм (суанг ма абон мӕрдон фынӕй чи кӕны, уыдон дӕр) схайджын уыдзысты ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй.

Чырысти – Ирвӕзынгӕнӕг

16. а) Моисей ирвӕзынгӕнӕг куыд уыди? ӕ) Чи у ӕцӕг Ирвӕзынгӕнӕг Рацыды 14:13 гӕсгӕ?

16 Египетӕй рацӕуыны размӕ ’хсӕв израилӕгтӕн сӕ цотӕй кӕмӕндӕрты уыд тынг тӕссаг. Тагъд, Хуыцауы зӕд хъуамӕ рацыдаид Египеты зӕххыл ӕмӕ ӕппӕт фыццаггуырдты дӕр амардтаид. Йегъовӕ Моисейӕн загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй Израилы фыццаггуырдтӕ фервӕзой, уый тыххӕй израилӕгтӕ хъуамӕ Куадзӕны уӕрыччы тугӕй бапырх кӕной сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕдтӕ (Рац. 12:1–13, 21–23). Уыдон дӕр афтӕ бакодтой. Фӕстӕдӕр, ӕгас адӕм дӕр бахаудысты тынг уӕззау уавӕры ӕмӕ цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой: египетӕгты ӕфсӕддон уӕрдӕттӕ сӕ Сырх денджызмӕ нылхъывтой. Ӕмӕ та сӕ ногӕй Йегъовӕ фервӕзын кодта Моисейы уылты, уый денджызы дӕттӕ адих кодта (Рац. 14:13, 21).

17, 18. Йесо Моисейӕ стырдӕр ирвӕзынгӕнӕг куыд у?

17 Хуыцау израилӕгты фервӕзын кӕнынӕн сарӕзта диссаджы хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ та сарӕзта Йесойы уылты – коммӕгӕс адӕмы тӕригъӕды цагъарадӕй ссӕрибар кодта (Ром. 5:12, 18). Уыцы ирвӕзындзинад та у «ӕнусон ирвӕзындзинад» (Дзут. 9:11, 12). Йесойы ном нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад». Йесо, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мах ӕрмӕст нӕ ивгъуыд тӕригъӕдтӕй нӕ сӕрибар кӕны, фӕлӕ ма нын фӕндаг гом кӕны хуыздӕр фидӕнмӕ. Йесо йӕ адӕмы тӕригъӕды цагъарадӕй кӕй сӕрибар кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцауы фыдӕхӕй хизы ӕмӕ ма сын фадат дӕтты, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уой (Матф. 1:21).

18 Йесо адӕмы тӕригъӕды цагъарадӕй кӕй сӕрибар кӕны, уымӕ гӕсгӕ, йӕ рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд уыдон фервӕздзысты тӕригъӕды ӕгъатыр фӕстиуджытӕй – низтӕй ӕмӕ ма суанг мӕлӕтӕй дӕр. Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Йесо Иаиры хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Иаирӕн амард йӕ дыууадӕсаздзыд чызг. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст дӕм уырнындзинад уӕд, ӕмӕ дӕ чызг фервӕздзӕн» (Лук. 8:41, 42, 49, 50). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр Йесо чызджы райгас кодта! Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, йӕ ныййарджытӕ куыд цин кодтаиккой, уый? Кӕд о, уӕд дын зын нӕ уыдзӕн дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, нӕхӕдӕг дӕр куыд цин кӕндзыстӕм, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон» Йесойы хъӕлӕс куы фехъусой ӕмӕ куы рацӕуой, уый (Иоан. 5:28, 29). Ӕцӕгдӕр, Йесо у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг! (Бакӕс Хъуыддӕгты 5:31; Тит. 1:4; Рарг. 7:10).

19, 20. а) Стырдӕр Моисей Йесойы хӕстыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый ныл куыд ӕндавы? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Нӕ бон у адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ Йесо фервӕзын кӕна. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ тынг фӕнды хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайын (Ис. 61:1–3). Уымӕй уӕлдай ма, Стырдӕр Моисей Йесойы хӕстыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, фыдгӕнджытыл тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл (Матф. 25:31–34, 41, 46; Рарг. 7:9, 14).

20 О, Йесо у Стырдӕр Моисей. Уый цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй бирӕтӕ Моисейӕн йӕ бон никуы суыдаид саразын. Йесо цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта ӕмӕ минӕвар цы хъуыддӕгты уыди, уыдон ӕндавынц ӕппӕт адӕмыл дӕр. Куыд Ирвӕзынгӕнӕг, афтӕ Йесо адӕмы ирвӕзын кӕны рӕстӕгмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм. Фӕлӕ ма Йесойы тыххӕй нӕ бон фылдӕр базонын у ӕндӕр иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕй дӕр. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Чырыстийы цӕмӕн ис схонӕн Стырдӕр Давид ӕмӕ Стырдӕр Соломон.

Куыд бамбарын кӕнис?

Куыд у Йесо Моисейӕ стырдӕр

• пехуымпар?

• минӕвар?

• ирвӕзынгӕнӕг?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 26 фарсыл]

 ЦӔМӔЙ МА УЫДЫСТЫ ӔМХУЫЗОН ЙЕСО ӔМӔ МОИСЕЙ

□ Сӕ дыууӕ дӕр ныууагътой стыр бынӕттӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн лӕггад кодтаиккой (2 Кор. 8:9; Фил. 2:5–8; Дзут. 11:24–26).

□ Сӕ дыууӕйы дӕр равзӕрста Йегъовӕ йӕхӕдӕг (Марчы 14:61, 62; Иоан. 4:25, 26; Дзут. 11:26).

□ Сӕ дыууӕ дӕр дзырдтой Йегъовӕйы номӕй (Рац. 3:13–16; Иоан. 5:43; 17:4, 6, 26).

□ Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты сӕрныллӕг (Нымӕц. 12:3; Матф. 11:28–30).

□ Сӕ дыууӕ дӕр-иу бирӕ адӕмы бафсӕстой (Рац. 16:12; Иоан. 6:48–51).

□ Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ закъонӕвӕрджытӕ (Рац. 18:13; Мал. 4:4; Иоан. 5:22, 23; 15:10).

□ Сӕ дыууӕ дӕр ӕвӕрд ӕрцыдысты Хуыцауы хӕдзары сӕргъы (Нымӕц. 12:7; Дзут. 3:2–6).

□ Сӕ дыууӕ дӕр хуынд ӕрцыдысты Йегъовӕйы иузӕрдион ӕвдисӕнтӕ (Дзут. 11:24–29; 12:1; Рарг. 1:5).

□ Моисей дӕр ӕмӕ Йесо дӕр куы амардысты, уӕд сын Хуыцау сӕ буӕрттӕ айста (Дык. з. 34:5, 6; Лук. 24:1–3; Ап. хъ. 2:31; 1 Кор. 15:50; Иудӕ 9).