Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Ӕркӕс-ма, цымӕ ацы фарстытӕн дзуапп раттын дӕ бон бауаид.

• Чырыстон рӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ цӕра?

Рӕстӕй куы цӕрӕм, ӕнаипп куы уӕм, уӕд уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы уарзгӕ кӕй кӕнӕм, йӕ фарс дӕр уымӕн кӕй хӕцӕм ӕмӕ нӕ цардӕй бӕлвырд кӕнӕм, Сайтан сайӕгой кӕй у. О, Йегъовӕ нын тӕрхон кӕндзӕн, рӕстӕй цӕрӕм ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ не ’нусон царды ныфс дӕр баст у не ’наипдзинадыл (15.12., 4–6 фӕрстӕ).

• Хуыцауы фӕндты Йесойӕн цы ахсджиаг бынат ис, уый цы кады нӕмттӕй зыны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

Иунӕггуырд Фырт. Дзырд. Аммен. Ног бадзырды Минӕвар. Хистӕр сауджын. Зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг (15.12., 15 фарс).

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсса?

Махӕн баххуыс кӕндзӕн, рагацау нӕ зӕрдӕ куы бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ арф куы хъуыды кӕнӕм, иннӕтӕ хорз хабармӕ куы байхъусой, уӕд сын уый цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон у ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Уазал цӕстӕй нӕм куы кӕсой, уӕд нӕ бон у нӕ ныхас афтӕ райдайын, ӕмӕ нӕ территорийы цӕрӕг адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайӕм (15.1., 8–10 фӕрстӕ).

• Библийы ахуырӕдтӕ куыд хъуамӕ ’ндавой, чырыстон марды кӕндтӕм цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ зианы рӕстӕг йӕхи куыд дары, ууыл?

Чырыстонӕн исчи куы амӕла, уӕд йӕ бон у кӕуын, маст кӕнын. Фӕлӕ йӕ зӕрдыл дары, мард кӕй ницыуал ӕмбары, уый. Кӕд ӕнӕуырнджытӕ йӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр йӕхи хизы, мӕрдтӕн сӕ бон удӕгӕстыл ӕндавын кӕй у, уыцы мӕнгуырнындзинӕдтимӕ баст ӕгъдӕуттӕй. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ рагацау сӕ фӕндон гӕххӕттыл ныффыссынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уырнӕг хӕстӕджыты бирӕ зындзинӕдтӕй бахизынц (15.2., 29–31 фӕрстӕ).

• Цымӕ «Йашары чиныг» ӕмӕ «Йегъовӕйы хӕстыты чиныг» чи фесӕфт, Библийы ахӕм чингуытӕ сты? (Йес. Н. 10:13; Нымӕц. 21:14).

Нӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты рагон фыстытӕ, фӕлӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст не ’рцыдысты ӕмӕ сӕ Библи чи фыста, уыдон арӕх пайда кодтой (15.3., 32 фарс).