Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иов Йегъовӕйы ном кадджын кодта

Иов Йегъовӕйы ном кадджын кодта

Иов Йегъовӕйы ном кадджын кодта

«Арфӕгонд уӕд Йегъовӕйы ном» (ИОВ 1:21).

1. Чи ныффыста Иовы чиныг ӕмӕ кӕд?

МОИСЕЙЫЛ 40 азы бӕрц куы цыд, уӕд Мадиаммӕ алыгъд Египеты фараонӕй (Ап. хъ. 7:23, 29). Мадиамы, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыста Иовы бӕллӕхты тыххӕй. Иов царди Мадиаммӕ ’ввахс, Уцы зӕххы. Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр, израилӕгтӕ сӕ балцы кӕрон Уцы зӕхмӕ ’ввахс куы уыдысты, уӕд Моисей, ӕвӕццӕгӕн, базыдта, Иов цы баци, уый. Иудейаг истори куыд дзуры, афтӕмӕй Моисей Иовы чиныг ныффыста Иовы мӕлӕтӕй цасдӕры фӕстӕ.

2. Иовы чиныг абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты уырнындзинад куыд фидар кӕны?

2 Иовы чиныг абон Хуыцауы лӕггадгӕнджыты уырнындзинад тынг фидар кӕны. Куыд? Уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, уӕлӕрвты цы ахсджиаг хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон ӕмӕ нын не ’ргом здахы, Хуыцауы хицаудзинады фӕдыл цы сӕйраг дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уымӕ. Иовы хабарӕй ма хуыздӕр ӕмбарӕм, ӕнаипп уай, уымӕ цы хауы ӕмӕ Йегъовӕ иуӕй-иу хатт цӕмӕн бауадзы, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарой. Стӕй ма нын Иовы чиныг ӕргом кӕны, Йегъовӕ ӕмӕ адӕмы цыфыддӕр знаг кӕй у Сайтан Хӕйрӕг. Ацы чиныгӕй ма зыны, Иовы хуызӕн ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй у Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын, цыфӕнды уӕззау фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлой, уӕддӕр. Ӕркӕсӕм иу цалдӕр хабармӕ Иовы чиныгӕй.

Сайтан фӕлвары Иовы

3. Иовы тыххӕй цы зонӕм ӕмӕ дзы Сайтан йӕ ныхтӕ цӕмӕн ныссагъта?

3 Иов уыд хъӕздыг ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕг, уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын хистӕр. Ӕвӕццӕгӕн ын адӕм стыр аргъ кодтой йӕ уынаффӕтӕн, ӕмӕ уый йе ’ххуысӕй цух нӕ уагъта, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, уыдоны. Сӕйраджыдӕр та, Иов тарсти Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй. Иовӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, у «ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йӕхи дард ласы». Сайтан Хӕйрӕг Иовы йӕ ныхтӕ уый тыххӕй нӕ ныссагъта, ӕмӕ хъӕздыг, дзырддзӕугӕ адӕймаг уыди, фӕлӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыди, уый тыххӕй (Иов 1:1; 29:7–16; 31:1).

4. Цы у ӕнаипдзинад?

4 Иовы чиныджы райдианы дзырд цӕуы, уӕлӕрвты зӕдтӕ Йегъовӕйы раз кӕй ӕрӕмбырдысты. Се ’хсӕн уыди Сайтан дӕр. Уый Иовы ӕфхӕрын райдыдта. (Бакӕс Иовы 1:6–11.) Сайтан Иовы хъӕздыгдзинады кой дӕр скодта, фӕлӕ сӕйраджыдӕр сдзырддаг кодта Иовы ӕнаипдзинад. Дзырд «ӕнаипдзинадӕн» йӕ хъуыды у, адӕймаг ӕнӕкъӕм, ӕнӕзӕрдӕхудт, раст ӕмӕ ӕгъдауджын куы уа, уый. Библийы дзырд ӕнаипдзинад амоны, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы уа, уымӕ.

5. Сайтан Иовӕй цы загъта?

5 Сайтан загъта, зӕгъгӕ, Иов Хуыцауӕн лӕггад кӕны, уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕм цӕмӕдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Ахӕм мӕнг ныхӕстӕ дӕр ма йыл ӕрымысыд, ӕмӕ, дам, цалынмӕ Йегъовӕ Иовыл ауда, йӕ дӕлбазыр ӕй дара, уӕдмӕ йыл уый дӕр иузӕрдион уыдзӕн. Цӕмӕй ацы ныхӕстӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид, уый тыххӕй Йегъовӕ Сайтаны бауагъта ацы иузӕрдион адӕймаджы бафӕлварын ӕмӕ Иовыл мӕгуыры бон акодта. Иу боны мидӕг фехъуыста бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ: абырджытӕ йын йӕ фос атардтой, йе ’ххуырстытӕн сӕ фылдӕры амардтой, йӕ дӕс сывӕллоны цы хӕдзары уыдысты, уый сыл ныккалди ӕмӕ фӕмард сты (Иов 1:13–19). Цымӕ Сайтан Иовы басаста ӕмӕ Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивта? Иов цы дудгӕ бон бавзӕрста, уымӕ цы цӕстӕй касти, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕ радта – Йегъовӕ фӕстӕмӕ айста. Арфӕгонд уӕд Йегъовӕйы ном» (Иов 1:21).

6. а) Уӕлӕрвты зӕдтӕ ногӕй Хуыцауы раз куы ’рӕмбырд сты, уӕд цы ’рцыд? ӕ) Сайтан Иовы ӕнаипдзинад куы сдзырддаг кодта, уӕд ма ноджы кӕй кой кодта?

6 Фӕстӕдӕр та уӕлӕрвты зӕдтӕ ногӕй Хуыцауы раз ӕрӕмбырд сты. Ӕмӕ та Сайтан фӕстӕмӕ Иовы фыдкой ракодта: «Царм цармы тыххӕй, фӕлӕ адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн. Уӕдӕ ма йӕм дӕ къух сис ӕмӕ йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ комкоммӕ нӕ ралгъитид». Дӕ хъус-ма ӕрдар, Сайтан бирӕты кой кӕй ракодта. Афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн», уымӕй ӕрмӕст Иовы ӕнаипдзинад не сдзырддаг кодта, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕй ӕнаипдзинад дӕр. Уый фӕстӕ Хуыцау Сайтанӕн бар радта, цӕмӕй Иовыл ӕлгъаг низ бафтыдтаид (Иов 2:1–8). Фӕлӕ Иовы фӕлварӕнтӕ ууыл нӕ фесты.

Иов куыд бакодта?

7. Иовы ус дӕр ӕмӕ йӕм бӕрӕггӕнӕг чи бацыд, уыдон дӕр Иовӕн йӕ уаргъ куыд фӕуӕззаудӕр кодтой?

7 Иовы бӕллӕхтӕ куы райдыдтой, уӕд йӕ ус дӕр афтӕ хъизӕмар кодта. Йӕ хъӕбултӕй афтид кӕй аззад ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ кӕй фесӕфтысты, уый тыххӕй зӕрдӕхӕлд куыннӕ фӕуыдаид. Йӕ лӕг ӕлгъаг низӕй куыд удхар кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ куыннӕ скъуыдтӕ кодтаид. Йӕ фыртыхстӕй Иовӕн загъта: «Уӕддӕр ма Хуыцауыл ӕнувыд дӕ? Ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕлай!» Цасдӕры фӕстӕ Иовмӕ ’рбацыд ӕртӕ лӕджы – Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар – «фӕндыд» сӕ Иовы бафидар кӕнын. Фӕлӕ уыдон раст нӕ хъуыды кодтой ӕмӕ хастой мӕнг бӕлвырдгӕнӕнтӕ, иудзырдӕй, разындысты «ӕфсоны ныфсӕвӕрджытӕ». Зӕгъӕм, Вилдады ныхӕстӕм гӕсгӕ Иовы сывӕллӕттӕ фыдхъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ, цы байтыдтой, уый ӕркарстой. Елифаз та загъта, Иов йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй кӕй хъизӕмар кӕны. Уый ма суанг дызӕрдыг дӕр кодта, Хуыцау, йӕ разы ӕнаипп чи у, уыдонӕн кӕй аргъ кӕны, ууыл! (Иов 2:9, 11; 4:8; 8:4; 16:2; 22:2, 3). Ахӕм уӕззау уавӕрты Иов йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл не сивта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раст нӕ уыд, «Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи [кӕй] хуыдта рӕстгӕнӕг» (Иов 32:2). Ӕмӕ кӕд раст нӕ хъуыды кодта, уӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад.

8. Абон иннӕтӕн уынаффӕтӕ чи фӕдӕтты, уыдонӕн Елиуй фӕзминаг цӕмӕй у?

8 Дарддӕр кӕсӕм Елиуйы тыххӕй, уый дӕр ӕрбацыд Иовы бӕрӕггӕнӕг. Елиуй фыццаг ницы дзырдта, фӕлӕ хъуыста Иов ӕмӕ йе ’ртӕ ’мбалы ныхӕстӕм. Уыцы цыппар нӕлгоймагӕй кӕд ӕрыгондӕр уыд, уӕддӕр сӕ зондджындӕр разынд. Елиуй Иовимӕ ныхас кодта уӕзданӕй ӕмӕ йӕм иннӕты уӕлдай дзырдта йӕ номӕй. Хӕрзӕгъдау цард кӕй кодта, уый тыххӕй дзы ӕппӕлгӕ дӕр ракодта. Фӕлӕ ма йын йӕ рӕдыдмӕ дӕр бацамыдта: Иов йӕхи рӕстытӕ кӕныныл ӕгӕр фӕци. Уый фӕстӕ йӕ бафидар кодта ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау алкӕддӕр схорзӕхджын кӕны, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдоны. (Бакӕс Иов 36:1, 11.) Цӕй хорз цӕвиттон у уый, абон иннӕтӕн уынаффӕтӕ чи хъуамӕ дӕтта, уыдонӕн! Елиуй уыд фӕразон, лӕмбынӕг хъуыста, кӕм хъуыд, уым-иу раппӕлыд ӕмӕ ма зӕрдӕфидаргӕнӕн уынаффӕтӕ дӕр лӕвӕрдта (Иов 32:6; 33:32).

9. Йегъовӕ Иовӕн куыд баххуыс кодта?

9 Фӕстагмӕ Иовыл ӕрцыд диссаджы хабар: йемӕ ныхас кодта Йегъовӕ Хуыцау! Библи дзуры: «Йегъовӕ Иовӕн дзуапп радта дымгӕйӕ». Йегъовӕ йӕм радта цалдӕр фарстайы ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ фидарӕй уынаффӕтӕ радта, цӕмӕй йӕ зондахаст сраст кодтаид. Иов уайтагъд басаст, раст кӕй нӕ уыди, ууыл ӕмӕ загъта: «Ницӕйаг дӕн дӕ разы. [...] Фӕсмон кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй рыг ӕмӕ фӕнычы бадын». Йегъовӕ Иовимӕ куы аныхас кодта, уӕд уый фӕстӕ йе ’ртӕ ӕмбалӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ «раст цы у, уый» нӕ дзырдтой. Иов хъуамӕ Хуыцаумӕ уыдоны тыххӕй скуывтаид. Ӕмӕ «Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта, уӕд ӕй Йегъовӕ уацарӕй ссӕрибар кодта. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Иовы йӕ царды фӕстаг бонты схайджын кодта йӕ царды фыццаг бонтӕй фылдӕр хорздзинӕдтӕй» (Иов 38:1; 40:4; 42:6–10).

Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм?

10. Йегъовӕ Сайтаны мӕнг ныхӕстӕм йӕ хъус цӕмӕн ӕрдардта кӕнӕ йӕ удӕгасӕй цӕмӕн ныууагъта?

10 Йегъовӕ у Дунесфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг. Уӕдӕ уӕд Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕм йӕ хъус цӕмӕн ӕрдардта? Хуыцау зыдта, Сайтан цы загъта, ууыл йӕ цӕстытӕ куы сӕхгӕна кӕнӕ йӕ куы фесафа, уӕд дзырддаг фарста ӕнӕ дзуаппӕй кӕй баззайдзӕн. Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы ӕнувыд лӕггадгӕнӕг Иов йӕ исбон куы фесафа, уӕд иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Иов кӕд фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр ӕнаиппӕй баззад. Фӕстӕдӕр та Сайтан загъта, цыфӕнды адӕймаг дӕр Хуыцауы кӕй ныууадздзӕн, низ ӕй куы бадома, уӕд. Иов хъизӕмар кодта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл не сивта. Уӕдӕ, ӕнӕххӕст адӕймаг Иов иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй сбӕлвырд, Сайтан сайӕгой кӕй у. Цы зӕгъӕн ис Хуыцауы иннӕ лӕггадгӕнджытӕй та?

11. Йесо Сайтаны мӕнг ныхӕстӕн бӕлвырд дзуапп куыд радта?

11 Куы зӕгъӕм, уӕд Сайтан Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй ныхмӕ дӕр цӕуы. Фӕлӕ сӕ ӕнаиппӕй баззайыныл чи архайы, уыдонӕй алчи дӕр йӕхи цардӕй ӕвдисы, ацы ӕгъатыр знаджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты. Йесо зӕхмӕ ’рцыд ӕмӕ Сайтаны мӕнг ныхӕстӕн бӕлвырд дзуапп радта. Йесо нӕ рагон фыдӕл Адамау уыди алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг. Уый мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй равдыста, Сайтан сайӕгой кӕй у ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны (Рарг. 12:10).

12. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕндӕр цавӕр фадат ис ӕмӕ йӕ хӕс цы у?

12 Кӕд афтӕ у, уӕддӕр Сайтан Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты дарддӕр дӕр фӕлвары. Махӕй алкӕмӕндӕр фадат дӕр ис, ӕмӕ нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйӕн нӕхи пайдайӕн кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый бӕрӕг вӕййы, Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй нӕ ивӕм, уымӕй. Уыцы хӕсмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм? Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Удӕнцой ма нын хӕссы, Йегъовӕ нын фидар фӕлӕууынӕн тых кӕй дӕтты, ӕмӕ, нӕ бон сфӕразын кӕй не суа, ахӕм фӕлварӕнты нӕ бахауын кӕй нӕ бауадздзӕн, растдӕр Иовы куыд нӕ бауагъта, афтӕ (1 Кор. 10:13).

Сайтан у фыдызнаг ӕмӕ ныхмӕлӕууӕг

13. Иовы чиныгӕй Сайтаны тыххӕй фылдӕр цы базыдтам?

13 Чырыстон Грекъаг Фыстытӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Сайтан Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй. Раргомады чиныджы та дзырд цӕуы, Йегъовӕ Дун-дунейы иунӕг хицау кӕй у, уый кӕй сбӕлвырд ӕмӕ Сайтан сӕфт кӕй ӕрцыд. Дзуттаг Фыстыты дӕр лӕмбынӕг фыст ис, Сайтанӕн цы бантыст, Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыд ӕмӕ адӕмы зонд кӕй зыгъуыммӕ кӕны, уыцы хъуыддаджы. Иовы чиныгӕй хуыздӕр бамбӕрстам, Сайтан дуне куыд сызмӕста, уый. Уӕлӕрвты зӕдтӕ куы ’рӕмбырд сты, уӕд Сайтан Йегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ не ’рбацыд. Уымӕн йӕ зӕрдӕ дзаг уыди маргӕй ӕмӕ, кӕмӕн цы фыд ракодтаид, ууыл архайдта. Сайтан Иовӕй мӕнг ныхӕстӕ куы загъта ӕмӕ йын Хуыцау бар куы радта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара, уӕд «Йегъовӕйы разӕй ацыд» (Иов 1:12; 2:7).

14. Сайтан цы цӕстӕй каст Иовмӕ?

14 Уӕдӕ Иовы чиныгӕй базыдтам, Сайтан адӕмы цыфыддӕр знаг кӕй у. Иовы 1:6 ӕмӕ Иовы 2:1 дзырд цӕуы, зӕдтӕ уӕлӕрвты кӕй ӕрӕмбырд сты, уый тыххӕй. Уыцы дыууӕ ӕмбырды ’хсӕн цас рӕстӕг рацыд, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ раст уыцы рӕстӕджы дӕргъы Иов ӕмбӕлд карз фӕлварӕнтыл. Иов иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Сайтанӕн загъта: «Иов мыл уӕддӕр иузӕрдион у, ды та мӕ йӕ ныхмӕ кӕныс, цӕмӕй йӕ ӕнаххосӕй фесафон». Фӕлӕ Сайтан уӕддӕр нӕ басаст, ӕмӕ Хуыцауӕн загъта, цӕмӕй Иов ноджы тынгдӕр фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Афтӕмӕй Хӕйрӕг Иовы бафӕлвӕрдта, хъӕздыг куы уыди, уӕд дӕр ӕмӕ, гӕвзыккӕй куы баззад, уӕд дӕр. Ӕцӕгдӕр, Сайтан ӕппындӕр никӕмӕн тӕригъӕд кӕны – нӕдӕр мӕгуырӕн, нӕдӕр ӕфхӕрдӕн. Уый йе сӕфт уыны, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, уыдонӕй (Иов 2:3–5). Фӕлӕ Иов иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй рабӕрӕг, Сайтан фӕлитой кӕй у.

15. Абон раст динӕй чи аздӕхт, уыдон Сайтаны хуызӕн цы хъуыддӕгты сты?

15 Хуыцауӕй чи аздӕхт, раст дин чи ныууагъта, уыдонӕй фыццаг уыди Сайтан. Абон Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уыцы адӕм сӕ зондахастӕй ӕмӕ сӕ уагахастӕй фӕзмынц Хӕйрӕджы. Ахӕм адӕм фаутӕ фӕхӕссынц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ Разамонӕг советмӕ. Раст динӕй чи аздӕхт, уыдонӕй кӕйдӕрты нӕ фӕнды Хуыцауы ном Йегъовӕйӕ пайда кӕнын. Нӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ’ввахс уой кӕнӕ йын лӕггад кӕной. Уыдон дӕр сӕ фыд Сайтанау архайынц, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, уыцы адӕмы уырнындзинад фехалыныл (Иоан. 8:44). Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхи хизынц ӕмӕ сӕм ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕуынц (2 Иоан. 10, 11).

Иов Йегъовӕйы ном кадджын кодта

16. Иов Йегъовӕмӕ цы зӕрдӕ дардта?

16 Иов пайда кодта Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ йӕ кадджын кодта. Иов Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта, йӕ сывӕллӕттӕ кӕй амардысты, уый куы фехъуыста, суанг уӕд дӕр. Иов кӕд йӕ бӕллӕхты Хуыцауы фӕаххосджын кодта, уӕддӕр ын йӕ ном нӕ фегад кодта. Фӕстӕдӕр Иов загъта: «Кӕс! Йегъовӕйы тас у зонд, ӕвзӕрдзинадӕй хи хизын та – ӕмбаргӕдзинад» (Иов 28:28).

17. Цы ’ххуыс кодта Иовӕн, цӕмӕй ӕнаиппӕй баззадаид?

17 Цы ’ххуыс кодта Иовӕн, цӕмӕй ӕнаиппӕй баззадаид? Бӕрӕг у, цалынмӕ йыл уыцы бӕллӕхтӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйы хӕлар кӕй уыд. Сайтан Йегъовӕйӕн цы загъта, уый Иов зыдта ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр Иов йӕхицӕн фидарӕй загъта, Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй не сивдзӕн. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ мӕ иузӕрдиондзинады фидар лӕудзынӕн!» (Иов 27:5). Цы баххуыс кодта Иовӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суыдаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый йӕ зӕрдыл дардта, Хуыцау Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн куыд уыдис, уый. Уыдон та уыдысты Иовы ’рвадӕлтӕ. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уымӕ кӕсгӕйӕ дӕр Иов бирӕ цыдӕртӕ базыдта Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй. (Бакӕс Иовы 12:7–9, 13, 16.)

18. а) Иов Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста? ӕ) Нӕ бон куыд у Иовы фӕзмын?

18 Иов Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уый йӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаид. Иов ӕппынӕдзух хаста нывӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, кӕд, мыййаг, мӕ бинонтӕй исчи Хуыцауы ныхмӕ исты фӕрӕдыд кӕнӕ «йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы бафаудта» (Иов 1:5). Суанг карз фӕлварӕнтӕ ’взаргӕйӕ дӕр Иов Йегъовӕйӕ хорзӕй дарддӕр ницы дзырдта (Иов 10:12). Цӕй диссаджы цӕвиттон у! Мах дӕр хъуамӕ ӕппынӕдзух Йегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй ахуыр кӕнӕм. Мах Йегъовӕимӕ нӕ ахастытӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕугӕйӕ, Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Уымӕй уӕлдай ма, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ном алчидӕр базона. Иовы ӕнаипдзинадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд барухс, раст афтӕ рухс кӕны абон дӕр йӕ зӕрдӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнаипдзинадӕй. Ууыл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Бахъуыды кодтай?

• Сайтан Хӕйрӕг Иовы йӕ ныхтӕ цӕмӕн ныссагъта?

• Цавӕр фӕлварӕнты бахаудта Иов ӕмӕ куыд кодта?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Иовау ӕнаиппӕй баззайӕм?

• Иовы чиныгӕй Сайтаны тыххӕй цы базыдтам?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 4 фарсыл]

Иовы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцауы хицаудзинады фӕдыл цы сӕйраг дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уый

[Ныв 6 фарсыл]

Де ’наипдзинад фӕлвӕрд куыд фӕцӕуы?