Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ

Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ

Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ

«Зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр, адӕмӕн ӕххуысмӕ кӕй ӕрвиты, ахӕм тыхтӕ не сты? Чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?» (ДЗУТ. 1:14).

1. Матфейы 18:10 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 1:14 фыст ныхӕстӕ нын удӕнцой куыд хӕссынц?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ, йӕ фӕдылдзӕуджыты йын чи фӕрӕдийын кодтаид, уыдоны бафӕдзӕхста: «Уӕхимӕ кӕсут, ацы гыццылтӕй иуыл дӕр былысчъил куыд нӕ кӕнат. Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: уыдонӕн уӕлӕрвты сӕ зӕдтӕ ӕппынӕдзухдӕр уынынц мӕ уӕларвон Фыды» (Матф. 18:10). Иузӕрдион зӕдты тыххӕй апостол Павел та ныффыста: «Зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр, адӕмӕн ӕххуысмӕ кӕй ӕрвиты, ахӕм тыхтӕ не сты? Чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?» (Дзут. 1:14). Павелы ныхӕстӕй зыны, Хуыцау зӕдты уылты адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны. Библи нын зӕдты тыххӕй цы дзуры? Зӕдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц? Уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2, 3. Уӕларвон удгоймӕгтыл цавӕр хӕстӕ ис?

2 Уӕлӕрвты ис милуангай иузӕрдион зӕдтӕ. Уыдон иууылдӕр сты «хъомысджын» ӕмӕ Хуыцауы «ныхас ӕххӕст кӕнынц» (Пс. 103:20; бакӕс Раргомады 5:11). Хуыцауы уӕларвон фырттӕй иу иннӕйы хуызӕн нӕу. Хуыцау сӕ алкӕй дӕр схайджын кодта йӕ миниуджытӕй ӕмӕ сын радта сӕрибардзинад. Зӕдтӕ сӕ хӕстӕ куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уымӕн ис бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдау ӕмӕ сын Хуыцауы организацийы ис кадджын бынат. Сӕ сӕргъы ис хистӕр зӕд Михаил (Йесойы ном уӕлӕрвты) (Дан. 10:13; Иудӕ 9). Уый у, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» ӕмӕ йӕ Библи хоны «Дзырд», ома Хуыцауы номӕй чи дзуры, уый. Йегъовӕ ӕппӕтдӕр сфӕлдыста Йесойы ӕххуысӕй (Кол. 1:15–17; Иоан. 1:1–3).

3 Зӕдтӕ иууылдӕр сты хистӕр зӕды дӕлбар. Зӕгъӕм, серафимтӕ хъусын кӕнынц, Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ йын йӕ адӕмы сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнынц. Ис ма херувимтӕ дӕр – хӕцынц Йегъовӕйы хицаудзинады фарс (Райд. 3:24; Ис. 6:1–3, 6, 7). Иннӕ зӕдтӕ (кӕнӕ минӕвӕрттӕ) та Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ аразынц бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ (Дзут. 12:22, 23).

4. а) Хуыцау зӕххӕн бындур куы ’вӕрдта, уӕд зӕдтӕ цы арӕзтой? ӕ) Адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст куы спайда кодтаиккой, уӕд сӕ цард куыд рауадаид?

4 Йегъовӕ Хуыцау зӕххӕн бындур куы ’вӕрдта, уӕд ӕппӕт зӕдтӕ дӕр цин кодтой. Йегъовӕ ӕгӕрон тыгъдады фӕрдыджы хуызӕн планетӕ адӕмӕн цӕрынӕн куы цӕттӕ кодта, уӕд уыдон цингӕнгӕйӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кодтой (Иов 38:4, 7). Йегъовӕ адӕймаджы зӕдтӕй «гыццыл дӕлдӕр сӕвӕрдта», фӕлӕ йӕ сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ, йӕхи хуызӕн». Уымӕ гӕсгӕ адӕм хайджын сты Сфӕлдисӕджы диссаджы миниуджытӕй (Дзут. 2:7; Райд. 1:26). Адам ӕмӕ Евӕ сӕ сӕрибардзинадӕй раст куы спайда кодтаиккой, уӕд абоны онг сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр цардаиккой Дзӕнӕты ӕмӕ Йегъовӕйы бинонтӕй уыдаиккой.

5, 6. Уӕлӕрвты цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ Хуыцау куыд бакодта?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕдтӕн тынг зын уыди, сӕ уӕларвон бинонтӕй иу Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд. Уыцы зӕды нал фӕндыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын, фӕлӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй уымӕн куывтаиккой. Уый сдзырддаг кодта Хуыцауы рӕстаг хицаудзинад ӕмӕ йӕ ныфс бахаста йӕхи хицаудзинад сӕвӕрынмӕ. Афтӕмӕй уыцы зӕд сси Сайтан (нысан кӕны «ныхмӕлӕууӕг»). Сайтан фыццаг хатт мӕнг ныхас куы загъта, уӕд Адам ӕмӕ Евӕйыл хинӕй рацыд ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ сӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы ныхмӕ рацыдысты (Райд. 3:4, 5; Иоан. 8:44).

6 Йегъовӕ Сайтаны митӕм ӕнцад нӕ касти, уайтагъд ын тӕрхон рахаста. Уыцы тӕрхон, фыццаг пехуымпарад, фыст ис Библийы: «Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райд. 3:15). Кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ хъуамӕ суыдаиккой Сайтан ӕмӕ Хуыцауы «сылгоймаг». О, Йегъовӕ йӕ уӕларвон организаци – хауынц ӕм йӕ иузӕрдион зӕдтӕ – нымайы йӕ «уарзон бинойнагыл». Уый та Йегъовӕйы нымайы йӕ «Сӕрыхицауыл». Ацы пехуымпарад стыр ныфсы хос уыди, кӕд дзы иуӕй-иу хӕйттӕ бӕлвырд-бӕрӕг нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ Хуыцау цадӕггай ӕргом кодта, уӕддӕр. Хуыцауы уӕларвон организацийӕ иу зӕд ныппырх кӕндзӕн ӕппӕт ныхмӕлӕуджыты дӕр ӕмӕ Хуыцау уыцы зӕды фӕрцы «уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис», уыдон «ӕппӕт дӕр» «иумӕ ӕрбамбырд кӕндзӕн» (Еф. 1:8–10).

7. Нойы бонты зӕдтӕй иуӕй-иутӕ цы сарӕзтой ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

7 Нойы бонты зӕдтӕй бирӕтӕ сӕ цӕрӕнбынат ныууагътой ӕмӕ адӕймаджы буӕрттӕ райстой, цӕмӕй зӕххыл сӕ чъизи фӕндтӕ ӕххӕст кодтаиккой (Иудӕ 6; Райд. 6:1–4). Йегъовӕ уыцы змӕнтджыты бакодта саудалынджы ӕмӕ афтӕмӕй баиу сты Сайтанимӕ, систы «фыдгӕнӕг тыхтӕ» ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты цыфыддӕр знӕгтӕ (Еф. 6:11–13; 2 Пет. 2:4).

Зӕдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?

8, 9. Йегъовӕ зӕдты уылты адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны?

8 Зӕдтӕ кӕмӕн лӕггад кодтой, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты Авраам, Иаков, Моисей, Йесо Навин, Исай, Данел, Йесо Чырысти, Петр, Иоанн ӕмӕ Павел. Иузӕрдион зӕдтӕ ӕххӕст кодтой Хуыцауы тӕрхӕттӕ, адӕмӕн хъусын кодтой пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ амындтӕ, уыимӕ ма сын радтой Моисейы Закъон дӕр (2 Пад. 19:35; Дан. 10:5, 11, 14; Ап. хъ. 7:53; Рарг. 1:1). Абон махмӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ зӕдты, ӕвӕццӕгӕн, нал хъӕуы Хуыцауы хабӕрттӕ хъусын кӕнын (2 Тим. 3:16, 17). Фӕлӕ сӕ кӕд нӕ уынӕм, уӕддӕр уыдон Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц.

9 Библи нын зӕрдӕ ’вӕры: «Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны» (Пс. 34:7; 91:11). Сайтан адӕмы иузӕрдиондзинад кӕй сдзырддаг кодта, уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ бар дӕтты, цӕмӕй нӕ алыхуызон фӕлварӕнты ӕппара (Лук. 21:16–19). Фӕлӕ Хуыцау зоны, нӕ бон цас у сфӕразын, цӕмӕй кӕронмӕ сбӕлвырд уа, иузӕрдион ыл кӕй стӕм, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:13.) Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй зӕдтӕ алкӕддӕр цӕттӕ сты йӕ лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кӕнынмӕ. Уыдон фервӕзын кодтой Седрах, Мисах, Авденаго, Данел ӕмӕ Петры, фӕлӕ знӕгты нӕ бахъыгдардтой, цӕмӕй Стефан ӕмӕ Иаковы амардтаиккой (Дан. 3:17, 18, 28; 6:22; Ап. хъ. 7:59, 60; 12:1–3, 7, 11). Ацы адӕмӕй алкӕмӕндӕр йӕ уавӕртӕ алыхуызӕттӕ уыдысты. Раст афтӕ не ’фсымӕртӕй дӕр кӕйдӕрты нацисттӕ концлагерты амардтой, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ бацархайдта, цӕмӕй Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр удӕгасӕй баззадаиккой.

10. Зӕдты ’ххуысӕй дарддӕр ма нӕ бон цавӕр ӕххуыс у райсын?

10 Библийы никуы ис фыст, зӕххыл алы адӕймагӕн дӕр зӕдыхай кӕй ис. Мах Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ стыр ныфс вӕййы, ӕмӕ дзы «йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм», уӕддӕр нӕ кӕй хъусы (1 Иоан. 5:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн йӕ бон у махмӕ ӕххуысмӕ зӕды дӕр рарвитын, фӕлӕ нын Хуыцау феххуыс кӕны ӕндӕр хуызы дӕр. Зӕгъӕм, йӕ бон у не ’мчырыстӕтты зӕрдӕты ахӕм фӕнд сӕвзӕрын кӕнын, цӕмӕй зын рӕстӕг нӕ фарс балӕууой ӕмӕ нӕ ныфс бауадзой. Кӕнӕ та йӕ бон у махӕн зонд ӕмӕ тых раттын нӕ «буары сындзӕн» фӕразынӕн. Уыцы «сындз» та нӕ тыхсын кӕны, цыма нӕ «Сайтаны зӕд» тухӕнӕй мары, афтӕ (2 Кор. 12:7–10; 1 Фес. 5:14).

Йесойы фӕзмут

11. Йегъовӕ Йесойӕн зӕдты уылты куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ Йесо Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы йын цы бантыст?

11 Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ зӕдтӕй куыд пайда кодта, цӕмӕй Йесомӕ чи хаудта, уыцы хъуыддӕгтӕ сӕххӕст кодтаид. Зӕдтӕ фехъусын кодтой Йесойы райгуырд, ӕмӕ йын йӕ райгасдзинад дӕр нӕ басусӕг кодтой. Стӕй ма йын ӕххуыс кодтой, зӕххыл куы уыд, уӕд. Зӕдтӕн сӕ бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йӕ ма ӕрцахстаиккой ӕмӕ йӕ хъизӕмары мардӕй ма амардтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕ зӕды арвыста, ӕмӕ уый Йесойы бафидар кодта (Матф. 28:5, 6; Лук. 2:8–11; 22:43). Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ сбӕлвырд кодта, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у суанг карз фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Йесойы ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта, «ӕппӕт бартӕ» дӕр ын радта ӕмӕ йын зӕдты йӕ дӕлбар бакодта (Матф. 28:18; Ап. хъ. 2:32; 1 Пет. 3:22). Афтӕмӕй рабӕрӕг, Хуыцауы «сылгоймаджы» «байзӕддаг» сӕйраджыдӕр Йесо кӕй у (Райд. 3:15; Гал. 3:16).

12. Нӕ бон куыд у Йесойау ӕмбаргӕйӕ архайын?

12 Йесо зыдта, ӕнӕрхъуыдыйӕ исты куы бакодтаид ӕмӕ афтӕмӕй зӕдты ӕххуысмӕ куы ӕнхъӕлмӕ кастаид, уӕд Йегъовӕйы кӕй фӕлвӕрдтаид. Уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зондыл дзурӕг нӕ уыдаид. (Бакӕс Матфейы 4:5–7.) Цӕй уӕдӕ Йесойау «ӕмбаргӕйӕ» архайӕм: иуӕй нӕ цард ӕнӕхъуаджы тӕссаг уавӕры ма ’ппарӕм, иннӕмӕй та фӕлварӕнтыл ӕмбӕлгӕйӕ ма тӕрсӕм, фӕлӕ фидар лӕууӕм (Тит. 2:12).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм иузӕрдион зӕдтӕй

13. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, 2 Петры 2:9–11 цы иузӕрдион зӕдты тыххӕй фыст ис, уыдонӕй?

13 Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджыты чи фаудта, уыдонӕн уайдзӕфгӕнгӕйӕ апостол Петр цӕвиттонӕн ӕрхаста иузӕрдион зӕдты. Кӕд уыдон тынг тыхджын сты, уӕддӕр «Йегъовӕйы ’фсӕрмӕй» никӕй фауынц ӕмӕ никӕй ӕфхӕрынц. (Бакӕс 2 Петры 2:9–11.) Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕхи хизӕм, цӕмӕй иннӕтыл фаутӕ ма ӕвӕрӕм. Стӕй ма Хуыцау ӕмбырды хъуыддӕгтӕ кӕй бӕрны бакодта, уыдонӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ алцыдӕр бакӕнӕм Йегъовӕйы бар, Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕджы бар (Ром. 12:18, 19; Дзут. 13:17).

14. Сӕрныллӕгдзинады тыххӕй зӕдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Йегъовӕйы зӕдтӕ нын хорз цӕвиттон сты, сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уымӕн. Иуӕй-иутӕ дзы сӕ нӕмттӕ адӕмӕн хъӕр дӕр не скодтой (Райд. 32:29; Тӕрх. 13:17, 18). Кӕд уӕлӕрвты милуангай зӕдтӕ ис, уӕддӕр Библи ӕргом кӕны ӕрмӕстдӕр Михаил ӕмӕ Гавриилы нӕмттӕ. Хабар афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах нӕхи хизӕм зӕдтӕн табу кӕнынӕй (Лук. 1:26; Рарг. 12:7). Апостол Иоанн зӕды раз йӕ зонгуытыл куы ’рхауд, цӕмӕй йын бакуывтаид, уӕд ын зӕд загъта: «Ма кӕ, афтӕ ма бакӕн! Ӕз дӕр де ’мкусӕг дӕн, дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн» (Рарг. 22:8, 9). Уӕдӕ мах хъуамӕ табу кӕнӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн, ӕмӕ кувгӕ дӕр ӕрмӕстдӕр уымӕ хъуамӕ кӕнӕм. (Бакӕс Матфейы 4:8–10.)

15. Зӕдтӕ нын сӕ фӕразондзинадӕй фӕзминаг куыд сты?

15 Зӕдтӕ ма нын фӕзминаг сты сӕ фӕразондзинадӕй дӕр. Кӕд сӕ Хуыцауы сусӕгдзинӕдтӕ базонын тынг фӕнды, уӕддӕр алцы нӕ зонынц. Библи дзуры: «Уыцы хабӕрттӕ раиртасын фӕнды зӕдты дӕр» (1 Пет. 1:12). Цымӕ уый тыххӕй цы аразынц? Уыдон фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цалынмӕ Хуыцау йӕ афоныл «ӕмбырды уылты», «алыхуызӕтты чи зыны», йӕ «уыцы зонд» ма раргом кӕна, уӕдмӕ (Еф. 3:10, 11).

16. Нӕ уагахаст зӕдтыл куыд ӕндавы?

16 Чырыстӕттӕ фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕм зӕдтӕ фӕкӕсынц «театрмӕ кӕсӕгау» (1 Кор. 4:9, фип.). Зӕдтӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, мах иузӕрдионӕй куы фӕархайӕм, уӕд. Стӕй ма, тӕригъӕдджынтӕй исчи куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд дӕр фӕцин кӕнынц (Лук. 15:10). Зӕдтӕ ма уынынц чырыстон сылгоймӕгты хӕрзӕгъдаудзинад дӕр. Библи дзуры, зӕгъгӕ, «сылгоймагӕн йӕ сӕрыл хъуамӕ исты уа, хицау ын кӕй ис, уый равдисынӕн – зӕдты тыххӕй» (1 Кор. 11:3, 10). Зӕдтӕн ӕхсызгон вӕййы, чырыстон сылгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ зӕххыл Хуыцауы организацийы разамындмӕ куы фӕхъусынц ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ радта, уыдоны коммӕ куы фӕкӕсынц. Ахӕм коммӕгӕсдзинад Хуыцауы уӕларвон фырттӕн у хорз зӕрдылдаринаг.

Зӕдтӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц уацамындӕн

17, 18. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, ӕмӕ нын зӕдтӕ уацамынды ӕххуыс кӕнынц?

17 «Хицауы боны» цы диссаджы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй кӕцыдӕрты зӕдтӕ дӕр архайынц. Зӕгъӕм, уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ сты, 1914 азы уӕлӕрвты Паддзахад ӕвӕрд кӕй ’рцыд, стӕй Сайтаны ӕмӕ йӕ дӕлимонты «Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ» уӕлӕрвтӕй кӕй раппӕрстой, уый (Рарг. 1:10; 11:15; 12:5–9). Апостол Иоанн федта «зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ – уымӕ уыд ӕнусон хорз хабар, цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн... хъусын кӕна цины хабар». Уыцы зӕд дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд йӕ тӕрхоны сахат! Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!» (Рарг. 14:6, 7). Уӕдӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фидарӕй зонынц, зӕдтӕ сын кӕй ӕххуыс кӕнынц. Ӕмӕ кӕд Хӕйрӕг сӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй сфидар, уый тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц (Рарг. 12:13, 17).

18 Рагзаманты зӕд Филиппимӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йӕ комкоммӕ ефиопаг хицаумӕ куыд арвыста, афтӕ абон зӕдтӕ махимӕ ӕргом нӕ ныхас кӕнынц ӕмӕ нӕ комкоммӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕммӕ не ’рвитынц (Ап. хъ. 8:26–29). Фӕлӕ кӕд зӕдты нӕ уынӕм, уӕддӕр абон бирӕ цӕвиттонтӕ ис ӕрхӕссӕн, Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ, «йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у, уыдоны» ссарынӕн нын кӕй ӕххуыс кӕнынц * (Ап. хъ. 13:48). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у ӕдзух уацамынды цӕуын! Афтӕмӕй агурдзыстӕм, Фыдӕн «сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» кувын кӕй фӕнды, уыдоны (Иоан. 4:23, 24).

19, 20. «Ацы цардӕвӕрды кӕрон» цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны зӕдтӕ куыд архайынц?

19 Мах рӕстӕджы тыххӕй дзургӕйӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «ацы цардӕвӕрды кӕрон» зӕдтӕ «ацӕудзысты ӕмӕ ӕвзӕргӕнджыты рӕстгӕнджыты ’хсӕнӕй равзардзысты» (Матф. 13:37–43, 49). Сӕрстыты кӕронмӕ ӕрӕмбырд кӕныны ӕмӕ сын сӕ ныхтыл мыхуыр сӕвӕрыны хъуыддаджы зӕдтӕн ис бӕлвырд хӕстӕ (Бакӕс Матфейы 24:31; Рарг. 7:1–3). Уымӕй уӕлдай ма зӕдтӕ Йесойӕн ӕххуыс кӕндзысты, фысты сӕгътӕй куы хицӕн кӕна, уӕд (Матф. 25:31–33, 46).

20 «Нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына, уӕд», «Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдоны» се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзӕн (2 Фес. 1:6–10). Уыцы хабар Иоанн йӕ цӕстылуайӕны куы федта, уӕд ныффыста, Йесо ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсад урс бӕхтыл кӕй рацыдысты рӕстӕй хӕцынмӕ (Рарг. 19:11–14).

21. «Йӕ къухы дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс» кӕмӕн ис, уыцы зӕд Сайтанӕн ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕн цы бакӕндзӕн?

21 Иоанн ма федта «уӕларвӕй иу зӕды ӕрцӕйцӕугӕ». Уымӕн «йӕ къухы уыд дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс». Уый у хистӕр зӕд Михаил. Уый Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонты сбӕтдзӕн ӕмӕ сӕ дӕлзӕхмӕ ныппардзӕн. Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады кӕрон сӕ Хуыцау цыбыр рӕстӕгмӕ рауадздзӕн, цӕмӕй ӕххӕст адӕм фӕстаг хатт фӕлвӕрд ӕрцӕуой. Уый фӕстӕ Йегъовӕ Сайтаны ӕмӕ иннӕ змӕнтджыты бынтондӕр фесафдзӕн (Рарг. 20:1–3, 7–10; 1 Иоан. 3:8). Хуыцауы ныхмӕ никуы ничиуал рацӕудзӕн.

22. а) Тагъд рӕстӕджы зӕдтӕ цы араздзысты? ӕ) Цы цӕстӕй кӕсӕм, Хуыцауы фӕндты зӕдтӕн цы бынат ис, уымӕ?

22 Тынг тагъд Сайтаны фыддунейӕ бынтондӕр фервӕздзыстӕм. Тагъд рӕстӕджы цы диссаджы цаутӕ ’рцӕудзӕн, уым зӕдтӕ ӕххӕст кӕндзысты ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ. Уыцы цауты фӕрцы сбӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, ӕмӕ йӕм зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн. Ӕцӕгдӕр, зӕдтӕ сты, Хуыцау ӕххуысмӕ ӕмӕ, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕй ӕрвиты, ахӕм тыхтӕ. Цӕй уӕдӕ Йегъовӕ Хуыцауӕй бузныг уӕм, зӕдты уылты нын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уӕм.

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Кӕс чиныг «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 549–551 фф.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цавӕр къордтыл сты дих зӕдтӕ?

• Нойы бонты зӕдтӕй иуӕй-иутӕ цы сарӕзтой?

• Хуыцау нын зӕдты уылты куыд ӕххуыс кӕны?

• Зӕдтӕ нӕ рӕстӕджы цы аразынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Зӕдтӕн ӕхсызгон у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын

[Ныв 23 фарсыл]

Данелы хабарӕй бӕрӕг у, зӕдтӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй сты Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынмӕ

[Нывтӕ 24 фарсыл]

Фидар ут – зӕдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц уацамынды!

[Барлӕвӕрдӕй]

Globe: NASA photo