Кӕм хъуамӕ уӕм, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд?
Кӕм хъуамӕ уӕм, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд?
РӔСТГӔНДЖЫТӔ цы фӕуыдзысты, Йегъовӕ Армагеддоны ацы фыддуне куы сафа, уӕд? Ӕмбисӕндты 2:21, 22 кӕсӕм: «Рӕстгӕнджытӕ цӕрдзысты зӕххыл, ӕмӕ йыл ӕнӕаипп адӕм баззайдзысты. Фыдгӕнджытӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн зӕххыл, ӕмӕ мӕнгард адӕмӕй иу дӕр нал баззайдзӕн».
Фӕлӕ ӕнаипп адӕм зӕххыл куыд баззайдзысты? Искуы бамбӕхсдзысты? Рӕстгӕнджытӕ кӕм хъуамӕ уой, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм, Библийӕ цыппар хабармӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд.
Бынат ахсджиаг куы уыди, уӕд
Ной ӕмӕ Лот куыд фервӕзтысты уый тыххӕй 2 Петры 2:5–7 кӕсӕм: «Хуыцау нӕ бацауӕрста рагон дунейыл дӕр, фӕлӕ рӕстдзинад хъусынгӕнӕг Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта. Ӕнӕхуыцау адӕмы дунейыл та доны хъаймӕт рауагъта. Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн дӕр стӕрхон кодта ӕмӕ сӕ фӕнык фестын кодта. Уыцы хабарӕй ӕнӕхуыцау адӕмӕн равдыста, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ фыдгӕнджыты амӕй-ай хӕлддӕр митӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты фервӕзын кодта».
Ной куыд фервӕзт Доны хъаймӕты? Хуыцау Нойӕн загъта: «Кӕсын, ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр хъӕуы фесафын, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны тыххӕй байдзаг фыдмитӕй. Ӕз адӕмы дӕр фесафдзынӕн ӕмӕ зӕхх дӕр. Ды та дӕхицӕн скӕн нау чъиубӕласӕй» (Райд. 6:13, 14). Ной сарӕзта нау, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Доны хъаймӕтӕй авд бон раздӕр, Йегъовӕ Нойӕн загъта, цӕмӕй наумӕ бакодтаид цӕрӕгойты ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ бинонтимӕ бацыдаид. Ӕвдӕм бон науы дуар ӕддейӕ ’хгӕд ӕрцыд ӕмӕ «къӕвда сӕх-сӕхӕй уарыд дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы» (Райд. 7:1–4, 11, 12, 16). Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ «аирвӕзтысты доны фӕрцы» (1 Пет. 3:20). Цӕмӕй фервӕзтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой науы мидӕг. Зӕххыл бамбӕхсӕн ӕндӕр никуы уыди (Райд. 7:19, 20).
Лотӕн та лӕвӕрд ӕрцыд ӕндӕр амындтӕ. Дыууӕ зӕды йӕ бафӕдзӕхстой, кӕм ма хъуамӕ уыдаид, уымӕй. Уыдон ын загътой: «Чидӕриддӕр [дын] ис ацы горӕты [Содомы] – се ’ппӕты дӕр акӕн ардыгӕй! Ацы бынат хъуамӕ фесафӕм». Уыдон хъуамӕ алыгъдаиккой хӕхтӕм (Райд. 19:12, 13, 17).
Ной ӕмӕ Лоты хабӕрттӕй куыд федтам, афтӕмӕй «Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны фӕлварӕнтӕй куыд хъӕуы ирвӕзын кӕнын, фыдгӕнджыты та... тӕрхоны бонмӕ дарын, уый» (2 Пет. 2:9). Нойӕн дӕр ӕмӕ Лотӕн дӕр сӕ ирвӕзындзинад баст уыд, кӕм уыдысты, ууыл. Ной хъуамӕ наумӕ мидӕмӕ бахызтаид, Лот та хъуамӕ Содомӕй ӕддӕмӕ алыгъдаид. Фӕлӕ цымӕ ирвӕзындзинад алкӕддӕр бынатыл баст вӕййы? Рӕстгӕнджытӕ кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр сӕ цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон фервӕзын кӕнын у? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм дыууӕ ӕндӕр хабармӕ.
Бынат алыхатт ахсджиаг вӕййы?
Моисейы бонты Йегъовӕ цалынмӕ египетӕгты дӕсӕм хатт нӕ бафхӕрдта, уӕдмӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй Куадзӕны кусарты тугӕй байсӕрстаиккой сӕ хӕдзӕртты «дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд ӕмӕ дуары тарвӕзтӕ». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ египетӕгты бафхӕрынмӕ куы рацыдаид ӕмӕ ӕгас бӕстӕйыл куы зылдаид, уӕд дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕдыл ӕмӕ дуары тарвӕзтыл туг кӕм федтаид, уыцы хӕдзарӕн йӕ рӕзты ацыдаид, ӕмӕ уыцы бӕллӕх сӕ хӕдзармӕ нӕ бауагътаид ӕмӕ сӕ нӕ фесӕфтаид. Уыцы ӕхсӕв «Йегъовӕ ныццагъта Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр: паддзахбадӕныл чи бадт, уыцы фараоны фыццаг лӕппуйӕ райдай Рац. 12:22, 23, 29).
ӕмӕ ахӕстоны чи уыд, уыцы уацайраджы фыццаг лӕппуйӕ фӕу. Стӕй ныццагъта фыццагзад нӕл фос иууылдӕр». Цӕмӕй израилӕгты фыццаггуырдтӕ удӕгасӕй баззадаиккой, уый тыххӕй сӕ цӕуын никуыдӕм хъуыди (Ӕркӕсӕм-ма хӕтаг сылгоймаг Раавы хабармӕ. Уый царди Иерихоны. Израилӕгтӕ лӕууыдысты Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл ӕмӕ цӕттӕ уыдысты йӕ бацахсынмӕ. Раав ӕмбӕрста, Иерихонӕн фервӕзӕн кӕй нал ис ӕмӕ йӕм цы дыууӕ сгарӕджы бацыд, уыдонӕн загъта, зӕгъгӕ, горӕты цӕрджытӕ израилӕгтӕй ӕмризӕджы ризынц. Сгарджыты ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сӕ Раав бамбӕхста. Уый сын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын расомы кодтаиккой, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ хиуӕтты дӕр удӕгасӕй кӕй ныууадздзысты, Иерихон бацахсынмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд. Сгарджытӕ йын дзырд радтой ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй йӕ хӕстӕджыты иууылдӕр йӕ хӕдзары ӕрӕмбырд кодтаид. Йӕ хӕдзар та уыди Иерихоны фӕтӕн къулы мидӕг. Хӕдзарӕй чи рацыдаид, уый горӕты иннӕ цӕрджытимӕ мард ӕрцыдаид (Йес. Н. 2:8–13, 15, 18, 19). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта, «горӕты къул иууылдӕр йӕ бындуры онг кӕй ныккӕлдзӕн» (Йес. Н. 6:5). Уӕдӕ сын сгарджытӕ цы ӕдас ранмӕ бацамыдтой, зӕгъгӕ, уым ӕрӕмбырд ут, уый ныр афтӕ ӕдас нал уыди. Цымӕ Раав ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ мӕлӕтӕй куыд фервӕзтаиккой?
Иерихоны бацахсыны рӕстӕг куы ’рхӕццӕ, уӕд сауджынтӕ сыкъаты уасыдысты ӕмӕ израилӕгтӕ та сӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кодтой. Йесо Навины 6:20 фыст ис: «Ӕмӕ куыддӕр [Израилы] адӕм сыкъаты уасын фехъусгӕйӕ хъӕлӕсыдзагӕй тохы хъӕр ныккодтой, афтӕ горӕты къул иууылдӕр йӕ бындуры онг ныккалд». Горӕты къул кӕй калд, уымӕн адӕмы бон ницы уыд бакӕнын. Фӕлӕ диссаджы хабар ӕрцыди, ӕмӕ горӕты къул иууылдӕр нӕ ныппырх: Раавы хӕдзар кӕм уыд, уыцы хай ӕнӕхъӕнӕй баззад. Йесо Навин дыууӕ сгарӕгӕн загъта: «Ацӕут уыцы хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ ӕмӕ йын куыд расомы кодтат, афтӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йын чидӕриддӕр ис, уыдоны дӕр уырдыгӕй ракӕнут» (Йес. Н. 6:22). Раавы хиуӕттӕй ничи фӕхъуыд, иууылдӕр удӕгасӕй баззадысты.
Ӕппӕты ахсджиагдӕр цы уыди?
Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Ной, Лот, Моисейы рӕстӕджы израилӕгтӕ ӕмӕ Раав куыд фервӕзтысты, уымӕй? Ацы хабӕрттӕ нын куыд ӕмбарын кӕнынц, ацы фыддунейӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд кӕм хъуамӕ уӕм?
Ной фервӕзт, науы кӕй уыд, уый фӕрцы. Фӕлӕ уырдӕм цӕмӕн бацыд? Цымӕ уый тыххӕй нӕ бацыд, ӕмӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй каст? «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ,– зӕгъы Библи.– Раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22; Дзут. 11:7). Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцау нын цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр бакӕнӕм? Ной ма уыди «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр (2 Пет. 2:5). Цымӕ мах дӕр Нойау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, суанг нӕм адӕм кӕм нӕ фӕхъусынц, ахӕм рӕтты дӕр?
Лот мӕлӕтӕй аирвӕзт, Содомӕй кӕй ралыгъд, уый фӕрцы. Уый фервӕзт, Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнӕг кӕй уыд ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморры цӕрджыты сӕфт ӕмӕ ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй кӕй сфӕлмӕцыд, уый тыххӕй. Цымӕ абон адӕм афтӕ ӕнӕгъдау кӕй сты, уый мах дӕр мӕты не ’фтауы? Ӕви уыцы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл афтӕ сахуыр стӕм, ӕмӕ нӕм ӕвзӕр нал кӕсынц? Цымӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууӕм «ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:14).
Египеты чи уыд, уыцы израилӕгтӕ цӕмӕй удӕгасӕй баззадаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ хӕдзӕртты бадын. Афтӕ бакӕнын хъуыди Иерихоны цӕрӕг Раавы дӕр. Уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауыл ӕууӕндыдаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ кастаиккой (Дзут. 11:28, 30, 31). Ахъуыды-ма кӕн, израилӕгтӕ сӕ фыццаггуырд фырттӕм куыд ӕдзынӕг кастаиккой, египетӕгты хӕдзӕрттӕй-иу радгай зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ куы райхъуыст, уӕд (Рац. 12:30). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Раав ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ сӕхи сӕ кӕрӕдзимӕ куыд ӕлхъывтаиккой, Иерихоны къул кӕлын куы райдыдта ӕмӕ йӕ гыбар-гыбур ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куы кодта, уӕд. Раавы ӕцӕгдӕр хъуыди уырнындзинад, цӕмӕй коммӕгӕс разындаид ӕмӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ ма рахызтаид.
Сайтаны фыддунейӕн тагъд йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Йегъовӕйы стыр ӕмӕ мастисӕн бон куы ралӕууа, уӕд Хуыцау йӕ адӕмы куыд бахъахъхъӕндзӕн, уый мах нырма нӕ зонӕм (Соф. 2:3). Фӕлӕ уыцы рӕстӕг кӕмфӕнды ма уӕм ӕмӕ нӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр мах хъуамӕ фидарӕй зонӕм иу хъуыддаг: нӕ ирвӕзындзинад баст уыдзӕн, Йегъовӕйыл куыд ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куыд кӕсӕм, ууыл. Уыимӕ ма хъуамӕ сахуыр уӕм раст цӕстӕй кӕсын, Исайы пехуымпарады нӕ «мидӕггаг уӕтты» тыххӕй цы фыст ис, уымӕ.
«Бацӕут уӕ мидӕггаг уӕттӕм»
Исайы 26:20 стихы фыст ис: «Ацӕут, мӕ адӕм, бацӕут уӕ мидӕггаг уӕттӕм, ӕмӕ уӕ фӕстӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Уӕхи бамбӕхсут цыбыр рӕстӕгмӕ, цалынмӕ тӕрхон сӕххӕст уа, уӕдмӕ». Ацы пехуымпарад, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг хатт сӕххӕст н. э. размӕ 539 азы, мидийӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон куы бацахстой, уӕд. Кир йе ’фсадимӕ Вавилонмӕ куы бацыд, уӕд горӕты цӕрджыты бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ хӕдзӕртты бадтаиккой. Уымӕн ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕн загъта, зӕгъгӕ, уынгты кӕуыл фӕхӕст уат, уыдоны марут.
Ацы пехуымпарады цы «мидӕггаг уӕтты» кой цӕуы, уыдон нӕ рӕстӕджы, ӕвӕццӕгӕн, амонынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм. Ӕгас дунейы дӕр ис 100 мин ӕмбырдӕй фылдӕр. Уыцы ӕмбырдтӕ нӕ царды тынг ахсджиаг сты. «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕджы дӕр сӕ ахадындзинад къаддӕр нӕ уыдзӕн (Рарг. 7:14). Хуыцау йӕ адӕмӕн дзуры, цӕмӕй сӕ «мидӕггаг уӕттӕм» бацӕуой ӕмӕ сӕхи бамбӕхсой, «цалынмӕ тӕрхон сӕххӕст уа, уӕдмӕ». Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕмбырдмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ йыл цыфӕндыйӕ дӕр нӕхи бӕттӕм. Цӕй, ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф айсӕм Павелы уынаффӕ: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25).
[Нывтӕ 7 фарсыл]
Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Хуыцау рагзаманты адӕмы куыд ирвӕзын кодта, уымӕй?
[Ныв 8 фарсыл]
Нӕ рӕстӕджы «мидӕггаг уӕттӕ» цӕмӕ амонынц?