Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Сайтан уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕд ӕрцыд? (Рарг. 12:1–9).

Сайтан уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕд ӕрцыд, уый тыххӕй Раргомады чиныджы бӕлвырд фыст нӕй. Фӕлӕ дзы фыст ис, уыцы хабар кӕд ӕрцыд, уый бамбарынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм хабары. Уыдонӕй фыццаг уыди, Хуыцау уӕлӕрвты Мессийӕйы Паддзахад кӕй ӕрфидар кодта, уый. Фӕстӕдӕр «уӕлӕрвты райдыдта хӕст». Уыцы хӕсты Сайтан фӕхӕрд ис ӕмӕ ӕппынфӕстаг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд.

Фыстад бӕлвырд ӕмбарын кӕны 1914 азы «адӕмыхӕттытӕн... сӕ рӕстӕг» кӕй фӕци ӕмӕ Паддзахад фидаргонд кӕй ӕрцыд * (Лук. 21:24). Цымӕ ацы цауӕй цас рацыди, уӕлӕрвты хӕст куы райдыдта ӕмӕ стӕй Сайтан ӕппӕрст куы ’рцыди, уӕдмӕ?

«Залиаг калм [Сайтан] арӕг сылгоймаджы раз лӕууыд, цӕмӕй, куы ныййардтаид, уӕд ын йӕ сывӕллоны аныхъуырдтаид»,– фыст ис Раргомады 12:4. Уӕдӕ Сайтаны фӕндыд ног Паддзахад уайтагъд ныппырх кӕнын – куыддӕр фӕзынд, афтӕ. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ Сайтаны фыдвӕндтӕ фехӕлдта, уӕддӕр Сайтан нӕ састи, дарддӕр йӕ бицъынӕг скъуыдта ног Паддзахадӕн исты разиан кӕныныл. Ӕмӕ уӕд «Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ» дӕр фӕстиат нал фӕкодтой ӕмӕ залиаг калмы ӕмӕ йӕ зӕдты уӕлӕрвтӕй раппӕрстой, цӕмӕй Паддзахады хъуыддӕгтӕ мауал къуылымпы кодтаид. Уӕдӕ нӕ бон зӕгъын у, Сайтан кӕй фӕхӕрд ӕмӕ сырд кӕй баййӕфта, 1914 азы уӕлӕрвты Паддзахад куы сфидар, уый хӕдфӕстӕ.

Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу хабармӕ – сӕрст чырыстӕтты райгасдзинадмӕ. Фыстады цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ сӕрстытӕ удӕгас кӕнын райдыдтой, Хуыцау йӕ Паддзахад уӕлӕрвты куы ӕрфидар кодта, уый хӕдфӕстӕ * (Рарг. 20:6). Йесо залиаг калмимӕ ӕмӕ йӕ зӕдтимӕ куы хӕцыд, уӕд дзы йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕй исчи хӕцыд, уый тыххӕй Библийы ницы дзырдӕуы. Уӕдӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕ удӕгас кӕнын куы райдыдтой, уӕдмӕ, уӕлӕрвты, ӕвӕццӕгӕн, хӕст фӕци ӕмӕ Сайтан ӕмӕ йӕ зӕдтӕ уырдыгӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты.

Уӕдӕ Библи комкоммӕ нӕ дзуры, Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕд ӕрцыдысты, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр бӕрӕг у, уыцы хабар кӕй ӕрцыд, Йесо Чырысти 1914 азы уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уый хӕдфӕстӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]