Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕгтӕ, Чырыстийы уарзондзинад фӕзмут!

Лӕгтӕ, Чырыстийы уарзондзинад фӕзмут!

Лӕгтӕ, Чырыстийы уарзондзинад фӕзмут!

ЙЕСО зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд йӕ иузӕрдион апостолтӕн загъта: «Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоан. 13:34, 35). О, ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийы уарзой.

Апостол Павел, чырыстӕттӕй устытӕ кӕмӕн уыд, сӕрмагондӕй уыцы нӕлгоймӕгтӕм фыста: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:25). Куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕна ацы фӕдзӕхст, ус кӕмӕн ис, ахӕм чырыстон, уӕлдайдӕр та йӕ бинойнаг Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг куы уа, уӕд?

Чырысти хъахъхъӕдта ӕмбырд

«Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты,– дзуры Библи.– Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны, Чырысти дӕр ӕмбырдмӕ куыд зилы ӕмӕ йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ» (Еф. 5:28, 29). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕнгты уарзта ӕмӕ йын уыдысты тынг зынаргъ. Уый сӕ хъахъхъӕдта, узӕлыд сыл. Кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕм уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй ӕмбырд йӕ разы ӕрлӕууыдаид йӕ кады, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕйраджыдӕр касти йӕ ахуыргӕнинӕгты хорз миниуджытӕм (Еф. 5:27).

Чырысти ӕмбырд кӕй уарзта, уый хъуыддагӕй ӕвдыста. Раст афтӕ лӕг дӕр, йӕ усы кӕй уарзы, уый хъуамӕ бӕрӕг уа йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. Лӕг йӕ усӕн йӕ фӕлмӕн ныхас куы нӕ ’вгъау кӕна, уӕд ус уыдзӕн амондджын. Фӕлӕ йӕм йӕ цардӕмбал уазал цӕстӕй куы кӕса йе та йӕ куы ницӕмӕ дара, уӕд усӕн цыфӕнды хорз хӕдзар куы уа, куы ницы цух уа, уӕддӕр зӕххыл йӕхицӕй ӕнамонддӕр никӕй ӕнхъӕлдзӕн.

Лӕг куыд равдисы, йӕ усӕн кӕй аргъ кӕны, уый? Адӕмы астӕу йӕ хорзы кой куы фӕкӕны, ӕмӕ йын бирӕ хъуыддӕгты йӕ къух кӕй фӕрог кӕны, уый тыххӕй дзы куы феппӕлы. Кӕд ус ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбарой, уӕд лӕг нӕ фефсӕрмы кӕны иннӕты раз уый тыххӕй дзурын. Иунӕгӕй куы вӕййынц, уӕд дӕр ус фӕхаты, йӕ лӕг ӕй кӕй уарзы. Чи зоны лӕгмӕ стыр хъуыддаг ма кӕса йӕ цардӕмбалыл уӕзданӕй андзӕвын, бахудын ӕм, ахъӕбыс ын кӕнын ӕмӕ йын цалдӕр фӕлмӕн ныхасы зӕгъын. Фӕлӕ уыдӕттӕ сылгоймаджы зӕрдӕ батавынц.

Йесомӕ «худинаг нӕ каст, цӕмӕй сӕ йе ’фсымӕртӕ хуыдтаид»

Йесо Чырыстимӕ «худинаг нӕ каст, цӕмӕй [йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты] йе ’фсымӕртӕ хуыдтаид» (Дзут. 2:11, 12, 17). Куыд чырыстон лӕг, афтӕ хъуамӕ ма рох кӕнай, дӕ бинойнаг ма дӕ чырыстон хо дӕр кӕй у. Йегъовӕйӕн йӕхи кӕй снывонд кодта, уый бирӕ ахсджиагдӕр у, чындзӕхсӕвы бон цы дзырд радта, уымӕй. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, донаргъуыд кӕд райста, уый – куы бацардыстут, уый размӕ ӕви уый фӕстӕ. Ӕмбырды фембӕлды рӕстӕджы дӕ бинойнаджы дзуапп раттын куы фӕфӕнды ӕмӕ йӕ къухыл куы схӕцы, уӕд ын ӕфсымӕр фӕзӕгъы: «Хо...». Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ хо у, ӕмӕ ӕрмӕст Паддзахады залы нӕ, фӕлӕ хӕдзары дӕр. Уӕдӕ Паддзахады залы йемӕ куыд уӕздан ӕмӕ фӕлмӕн вӕййыс, раст ын афтӕ хъуамӕ уай хӕдзары дӕр.

Ӕмбырды дын исты хӕстӕ куы уа, уӕд дын, чи зоны, хатт зын уа, ӕмбырды хъуыддӕгтыл ӕмӕ хӕдзары хъуыддӕгтыл ӕххӕссын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ’мгуыст куы кӕной ӕмӕ, ӕмбырды хӕслӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кӕнын хъӕуы, уый иннӕтӕн дӕр куы амоной, уӕд дын фӕзындзӕн сӕрибар рӕстӕг, цӕмӕй баххуыс кӕнай, дӕ сӕр ӕппӕты тынгдӕр кӕй хъӕуы, уыцы хойӕн – дӕ цардӕмбалӕн. Рох дӕ ма уӕд, дӕуыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн суыдзӕн сӕ бон ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, уый раз дыл цы хӕстӕ ис, уыдон та дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр ничи сӕххӕст кӕндзӕн.

Уымӕй уӕлдай ма ды дӕ цардӕмбалӕн дӕ йӕ сӕрыхицау. Библи дзуры: «Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг» (1 Кор. 11:3). Ацы хӕс куыд хъуамӕ ’ххӕст кӕнай? Уарзгӕйӕ. Де ’мкъайӕн ацы стих ӕдзух йӕ зӕрдыл хъуамӕ ма лӕууын кӕнай ӕмӕ дзы ма домай, цӕмӕй дын аргъ кӕна. Йесо Чырыстийы куы фӕзмай, дӕ усӕн хорз сӕрыхицау дӕр уӕд уыдзынӕ (1 Пет. 2:21).

Сымах «стут мӕ хӕлӕрттӕ»

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты схуыдта йӕ хӕлӕрттӕ. Уый сын загъта: «Ӕз уӕ цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар нӕ фӕзоны, йӕ хицау цы аразы, уый. Фӕлӕ уӕ ӕз схуыдтон мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон» (Иоан. 15:14, 15). Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕнгом уыдысты. Стӕй иумӕ дӕр бирӕ цыдӕрдтӕ арӕзтой. Йесойы Канӕмӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр нӕ ферох кодтой (Иоан. 2:2). Иумӕ цӕуын кӕдӕм уарзтой, ахӕм бынӕттӕ дӕр сын уыди, зӕгъӕм, Гефсиманы дыргъдон. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу «Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уым арӕх уыди» (Иоан. 18:2).

Ус дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ’нкъара, йӕ лӕг ӕй ӕппӕты хуыздӕр ӕмбалыл кӕй нымайы. Куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сымахӕн, лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн, уӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕна, ахӕм иумӕйаг хъуыддӕгтӕ уа! Уацамынды иумӕ цӕут. Зӕрдӕрухсы хос уын уӕд, Библи иумӕ кӕй ахуыр кӕнут, уый. Уӕ рӕстӕг иумӕ ’рвитут – тезгъо кӕнут, уӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнут, уӕ къӕбӕр дӕр иумӕ хӕрут. Уӕ кӕрӕдзийӕн ӕрмӕст лӕг ӕмӕ ус ма ут, фӕлӕ адджын хӕлӕрттӕ.

Уый «сӕ бауарзта кӕронмӕ»

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты «бауарзта кӕронмӕ» (Иоан. 13:1). Лӕгтӕй чидӕртӕ Чырыстийы уыцы хъуыддаджы нӕ фӕзмынц. Иуӕй-иутӕ, се ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстой, уыцы усы ӕрыгондӕр сылгоймаджы тыххӕй уадзгӕ дӕр ныккӕнынц (Мал. 2:14, 15).

Иннӕтӕ та фӕзмынц Чырыстийы. Уыдонӕй иу у Вилли. Йӕ ус бирӕ азты дӕргъы уыд рынчын ӕмӕ йӕм ӕдзух хъуыди кӕсын. Вилли уыцы хабармӕ цы цӕстӕй каст? Уый загъта: «Ӕз мӕ цардӕмбалы кӕддӕриддӕр нымадтон Хуыцауы лӕварыл ӕмӕ йын стыр аргъ кодтон. Уымӕй уӕлдай ма, ӕз 60 азы размӕ дзырд радтон, кӕй йыл тыхсдзынӕн, нӕ цин дӕр ӕмӕ нӕ хъыг дӕр иу кӕй уыдзысты. Ӕмӕ цы дзырд радтон, уый никуы ферох кӕндзынӕн».

Чырыстон лӕгтӕ, фӕзмут Чырыстийы уарзондзинад! Аргъ кӕнут уӕ устытӕн. Уыдон сты уӕ хотӕ ӕмӕ уӕ хӕлӕрттӕ.

[Ныв 20 фарсыл]

Дӕ бинойнаг дӕ хуыздӕр хӕлар у?

[Ныв 20 фарсыл]

Уарз дӕ цардӕмбалы