Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?
Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?
Радзырдта йӕ Руф Даннер
Мӕ мад-иу арӕх хъазгӕйӕ дзырдта, 1933 аз, дам, уыди бӕллӕхты аз. Афтӕ та-иу уымӕн дзырдта, ӕмӕ уыцы аз Гитлер сси хицау, ромаг папа уыцы аз схуыдта сыгъдӕг аз, стӕй ма уыцы аз ӕз дӕр райгуырдтӕн.
МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ цардысты горӕт Йюсы (Лотаринги, Франц) Германы арӕнтӕм ’ввахс. Мӕ мад уыди католик, мӕ фыд та протестант. Уыдон сӕ цард баиу кодтой 1921 азы. Мӕ хистӕр хо Хелен райгуырди 1922 азы, ӕмӕ йыл хӕрз чысылӕй Католикон аргъуаны саргъуыдтой.
1925 азы мӕ фыдӕн чидӕр радта чиныг «Арфа Божия» немыцаг ӕвзагыл. Куы йӕ бакаст, уӕд бамбӕрста рӕстдзинад кӕй ссардта. Уый ныффыста уыцы чиныджы рауагъдадмӕ. Уыдон ӕй базонгӕ кодтой Бибельфоршертимӕ, афтӕ хуыдтой уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Германы. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ фыд райдыдта адӕмӕн дзурын, цы базыдта, уый тыххӕй. Мӕ мады зӕрдӕмӕ уый нӕ цыди. «Цы дӕ фӕнды, уый кӕн, ӕрмӕст уыцы Бибельфоршертимӕ ма рацу-бацу кӕн! – хъуыр-хъуыргӕнгӕ-иу дзырдта мӕ мад, ӕмӕ йын-иу уый немыцагау афтӕ рӕсугъд уади, ӕмӕ диссаг. Фӕлӕ мӕ фыд йӕ фӕнд нӕ аивта, ӕмӕ 1927 азы донаргъуыд райста.
Мӕ мадымад уый куы базыдта, уӕд рамӕсты ӕмӕ мӕ мады иу ран нал уагъта, дӕ лӕгӕй ахицӕн у, зӕгъгӕ. Иу афон аргъуаны мессӕйы рӕстӕджы сауджын, уым чи уыди, уыдонӕн загъта, цӕмӕй «сӕхи хызтаиккой мӕнг пехуымпар Даннерӕй». Мӕ мадымад нӕхимӕ куы ’рбацыд, уӕд нӕ хӕдзары уӕллаг уӕладзыгӕй мӕ фыдыл дидинджыты къопп раппӕрста. Уыцы уӕззау къопп, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ йӕ сӕрыл суадаид, фӕлӕ йе уӕхскыл сӕмбӕлд. Уыцы цау мӕ мады хъуыдытыл бафтыдта: «Адӕмы марыныл чи ахуыр кӕны, уыцы дин хорз схонӕн ис?» Мӕ мад райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ кӕсын. Цасдӕры фӕстӕ бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта, ӕмӕ 1929 азы донаргъуыд райста.
Мӕ ныййарджытӕ ӕппӕт дӕр арӕзтой, цӕмӕй ӕз ӕмӕ мӕ хо Йегъовӕйы бауарзтаиккам, нӕ хӕлар суыдаид. Уыдон нын-иу кастысты Библи, ӕмӕ-иу нӕ стӕй бафарстой, кӕй тыххӕй нын бакастысты, уыцы адӕм афтӕ кӕнӕ ӕндӕр хуызон цӕмӕн кодтой. Уыцы рӕстӕджы мӕ фыд изӕрыгӕтты ӕмӕ ӕхсӕвыгӕтты нал куыста, кӕд хорз ӕмбӕрста, афтӕмӕй бирӕ цӕмӕйдӕртӕй кӕй фӕцух уыдзыстӕм, уӕддӕр. Мӕ фыды фӕндыд, цӕмӕй йын рӕстӕг уыдаид фембӕлдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуынӕн, стӕй йӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн.
Сау мигътӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой
Мӕ ныййарджытӕ-иу арӕх суазӕг кодтой цӕугӕ цӕстдарджыты ӕмӕ Вефилты кусджыты Швейцари ӕмӕ Францӕй. Уыдон нын-иу радзырдтой, цавӕр зындзинӕдтӕ ’взӕрстой не ’мчырыстӕттӕ Германы, махӕй цалдӕр километры дарддӕр. Уым нацисттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвыстой концлагертӕм, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн уыди, уыдонӕн та-иу сӕ исгӕ бакодтой.
Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихтӕ. Скъолайы уӕ ныхмӕ куы цӕуой, ӕмӕ куы тӕрсат, уӕд уын баххуыс кӕндзӕн 1 Коринфӕгтӕм 10:13. Иунӕгӕй куы баззайат, уӕд-иу уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут Ӕмбисӕндты 18:10». Ӕз ӕнӕкӕсгӕйӕ сахуыр кодтон 23 ӕмӕ 91 псаломтӕ, ӕмӕ мӕ алкӕддӕр уыцы стыр ныфс уыди, Йегъовӕ мӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн.
Мах Хеленимӕ цӕттӕ уыдыстӕм, разӕй нӕм цы карз фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ. Нӕ фыд ӕмӕ нын нӕ мад баххуыс кодтой, цӕмӕй бахъуыды кодтаиккам, разамынд нын чи лӕвӕрдтаид, ахӕм стихтӕ Библийӕ. Уыдон нын-иу дзырдтой: «Куыд бакӕнат, уый куы нӕ зонат, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕнут1940 азы Герман йӕхимӕ ӕрбаиу кодта Эльзас-Лотаринги. Ног хицауад ӕрдомдта, цӕмӕй стыртӕ иууылдӕр нацистты партимӕ бацыдаиккой. Мӕ фыд ууыл не сразы, ӕмӕ йын гестапо загътой, ӕрцахсдзыстӕм дӕ, зӕгъгӕ. Мӕ мады дӕр куы нӕ бафӕндыд ӕфсӕддон формӕтӕ хуыйын, уӕд гестапо уымӕ дӕр бартхъирӕн кодта.
Скъоламӕ цӕуын мын сси стыр фӕлварӕн. Алы бон дӕр-иу урокты размӕ иууылдӕр Гитлеры тыххӕй Хуыцаумӕ скуывтой, хъӕрӕй-иу загътой, «Хайль Гитлер!», ӕмӕ-иу азарыдысты гимн, сӕ рахиз къух-иу хӕрдмӕ систой, афтӕмӕй. Мӕ ныййарджытӕ мын афтӕ нӕ дзырдтой, «Хайль Гитлер!» ма дзур, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй сахуыр уыдаин хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын. Ӕз мӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтон, афтӕ кӕй нӕ дзурдзынӕн, уый. Ахуыргӕнджытӕ мӕм мӕсты кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу мӕ радзӕхстытӕ кодтой, стӕй-иу мын дзырдтой, скъолайӕ мӕ кӕй ацух кӕндзысты. Авд азы мыл куы цыди, уӕд мӕм иухатт фӕдзырдтой ӕмӕ мӕ 12 ахуыргӕнӕджы раз ӕрлӕууын кодтой. Уыдон бирӕ фӕархайдтой, цӕмӕй мын «Хайль Гитлер!» зӕгъын кодтаиккой. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы фӕрцы ӕз фидар фӕлӕууыдтӕн.
Ахуыргӕнджытӕй иу райдыдта хинӕй архайын. Уый мын дзырдта, хорз ахуыргӕнинаг кӕй дӕн, бирӕ мӕ кӕй уарзы, ӕмӕ йын тынг зын кӕй уыдзӕн, скъолайӕ мӕ куы асурой, уӕд. Афтӕ дӕр ма мын загъта: «Ӕнӕмӕнг нӕу ӕмӕ дӕ къухыл бӕрзонд схӕцай, иугыццыл дӕр ыл куы схӕцай, уӕд дӕр фаг у. Стӕй хъӕрӕй „Хайль Гитлер!“ дзурай, уый дӕр дӕ ничи домы, ӕрмӕст дӕ былтӕ базмӕлын кӕн».
Ахуыргӕнӕджы ныхӕстӕ мӕ мадӕн радзырдтон. Мӕ мад мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Вавилоны паддзах гуымирыцырт куы сӕвӕрдта ӕмӕ ӕртӕ ӕрыгон дзуттаджы йӕ разы куы лӕууыдысты, уыцы хабар. Уый мӕ бафарста: «Цы сын кӕнын кодтой?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Хъуамӕ йӕ разы ӕрхаудаиккой ӕмӕ йын бакуывтаиккой». Мӕ мад загъта: «Уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕ сӕ дзабырты бостӕ бӕттыны ӕфсон куы ӕргуыбыр кодтаиккой, уӕд цымӕ уый раст уыдаид? Дӕхӕдӕг ӕй аскъуыддзаг кӕн, раст бакӕнын куыд у, уый». Ӕмӕ ӕз дӕр, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойау мӕхицӕн загътон, Йегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ кӕй не сивдзынӕн (Дан. 3:1, 13–18).
Ахуыргӕнджытӕ мӕ скъолайӕ цалдӕр хатт асырдтой, стӕй ма мӕ тӕрсын кодтой, мӕ ныййарджытӕй мӕ кӕй фӕиппӕрд кӕндзысты. Ӕз тынг тарстӕн, фӕлӕ мын мӕ ныййарджытӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй мӕхимӕ ма ныхъхъуыстаин. Хӕдзарӕй-иу скъоламӕ куы цыдтӕн, уӕд-иу мӕ мад мемӕ скуывта, ӕмӕ-иу мӕ Йегъовӕйыл бафӕдзӕхста. Ӕз ӕй зыдтон, Хуыцау мӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ мын уыйбӕрц тых кӕй ратдзӕн, цӕмӕй рӕстдзинадыл мӕ зӕрдӕ ма сивон (2 Кор. 4:7). Мӕ фыд та мын загъта, зӕгъгӕ, скъолайы дӕ ныхмӕ тынг куы цӕуой, ӕмӕ дын тынг зын куы уа, уӕд-иу сыст ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ рацу. «Мах дӕ уарзӕм, ды кӕддӕриддӕр уыдзынӕ нӕ хъӕбул,– загъта уый.– Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзынӕ ӕви нӕ, уый та дӕхицӕй кӕнгӕ у». Уыцы ныхӕстӕ мӕ афтӕ тынг фидар кодтой, ӕмӕ мӕ алкӕддӕр фӕндыд Хуыцауы раз ӕнаиппӕй цӕуын (Иов 27:5).
Гестапо-иу нӕм арӕх цыд хӕдзармӕ Ӕвдисӕнты литературӕ агурӕг, ӕмӕ-иу мӕ ныййарджыты дӕр хынцфарст кодтой. Мӕ мады мын-иу хӕдзарӕй акодтой ӕмӕ-иу ӕй сахатгай гестапойы фӕдардтой, мӕ фыд ӕмӕ-иу мын мӕ хойы та акодтой куыстӕй. Скъолайӕ ’рбаздӕхгӕйӕ мӕ мады хӕдзары баййафдзынӕн ӕви нӕ, уый никуы зыдтон. Хатт мын-иу нӕ сыхӕгты ус загъта: «Дӕ мады дын акодтой». Уӕд-иу хӕдзары бамбӕхстӕн ӕмӕ-иу хъуыдытӕ кодтон: «Мыййаг ын кӕд фыдмитӕ кӕнынц? Цымӕ ма йӕ искуы фендзынӕн?»
Хауӕггаг фестӕм
1943 азы 28 январы нӕм сӕумӕрайсом цыппары ӕрдӕгыл ӕрбацыдысты гестапойӕ. Уыдон нын загътой, зӕгъгӕ, мӕ ныййарджытӕ, мӕ хо ӕмӕ ӕз нацистты партимӕ куы бацыдаиккам, уӕд нӕ нӕ хӕдзары цӕргӕйӕ ныууагътаиккой. Нӕ дзаумӕттӕ ӕмбырд кӕнынӕн нын радтой Ром. 8:35–39).
ӕртӕ сахаты. Хабар афтӕ кӕй рауайдзӕн, уымӕ мӕ мад ӕнхъӕлмӕ каст, ӕмӕ нын нӕ хызынтӕ рагацау сцӕттӕ кодта: нывӕрдта нын ивӕнтӕ ӕмӕ Библи. Уымӕ гӕсгӕ нын уыди рӕстӕг иумӕ скувынӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауынӕн. Нӕ фыд нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау нӕм цы уарзондзинад равдыста, уымӕй нӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Гестапо фӕстӕмӕ ’рбацыд. Никуы мӕ ферох уыдзӕн, ацӕргӕ хо Англад мах цӕссыгкалгӕ куыд фӕндараст кодта, уый. Гестапо нӕ аласта Мецмӕ ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ. Ӕртӕ боны фӕстӕ бахӕццӕ стӕм польшӕйаг горӕт Кохловицемӕ. Уым уыди, Освенциммӕ цы бирӕ концлагертӕ хаудта, уыдонӕй иу. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ нӕ аивтой Гливицемӕ. Уыцы горӕты нацисттӕ моладзандонӕй сарӕзтой кусӕн лагер. Уыдон нын загътой, зӕгъгӕ, ацы гӕххӕттыл уӕ къух куы ’рфыссат ӕмӕ уӕ дин куы ныууадзат, уӕд уӕ ауадздзыстӕм ӕмӕ уын уӕ хӕдзар фӕстӕмӕ ратдзыстӕм. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад ууыл не сразы сты. Уӕд сын салдӕттӕ загътой: «Сымах уӕ хӕдзар уӕ цӕсты кӕронӕй дӕр никуыуал фендзыстут».
Июны нӕ ракодтой Свентохловицемӕ. Уым райдыдта мӕ сӕр риссын ӕмӕ мын ныр дӕр арӕх фӕриссы. Цасдӕры фӕстӕ ме ’нгуылдзтӕ схӕф сты ӕмӕ мын дохтыр мӕ ныхтӕй цалдӕр ӕнӕ рыстуромӕн хосӕй стыдта. Фӕлӕ мӕ уавӕр бынтон ӕвзӕр нӕ уыди. Лагеры мӕ хӕс уыд хъахъхъӕнджыты бардзырдмӕ гӕсгӕ алыхуызон куыстытӕ кӕнын. Уыдон та мӕ арӕх ӕрвыстой кӕрдзынфыцӕнмӕ. Ӕмӕ уым цы сылгоймаг куыста, уый мын-иу цыдӕртӕ ахӕрын кодта.
Концлагерты нӕ бинонты кӕрӕдзийӕ нӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ нӕ иннӕ ахӕстӕттӕй дардтой хицӕнӕй. 1943 азы октябры нӕ арвыстой ӕндӕр концлагермӕ Зомбковицемӕ. Мах уым фынӕй кодтам уӕлхӕдзары, тӕрхӕджытыл. Уыдис ма дзы ноджы иу-60 адӕймаджы: нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. СС-ы салдӕттӕ тынг архайдтой, цӕмӕй нын ӕмбыд ӕмӕ ӕнхъызт хӕринаг лӕвӕрдтаиккой.
Кӕд фыдцӕрдтытӕ кодтам, уӕддӕр нӕ ныфс никуы асаст. Иухатт «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы бакастыстӕм, зӕгъгӕ, хӕсты фӕстӕ хъӕудзӕн тынг бирӕ хъусын кӕнын. Стӕй ма зыдтам, хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзӕрстам, уый, ӕмӕ сын тагъд рӕстӕджы кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.
Куы фехъуыстам, цӕдисон ӕфсӕдтӕ кӕй ӕрбаввахс кӕнынц, уӕд бамбӕрстам, нацисттӕ тагъд кӕй фембылд уыдзысты. 1945 азы райдианы СС-ы салдӕттӕ сфӕнд кодтой нӕ концлагеры адӕмы ӕндӕр бынатмӕ акӕнын. 19 февралы нӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ нӕ 240 километры бӕрц фистӕгӕй фӕцӕуын кодтой. Цыппар
къуырийы фӕстӕ ӕрхӕццӕ стӕм Штайфельсмӕ, Германмӕ. Уым нӕ салдӕттӕ бакодтой шахтӕйы. Бирӕтӕ нӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ нӕ удӕгасӕй нал ныууадздзысты. Фӕлӕ уыцы бон ӕрбахӕццӕ сты цӕдисон ӕфсӕдттӕ. СС-ы салдӕттӕ та лидзынмӕ фесты, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзтыстӕм.Мӕ нысӕнттӕ мӕ къухы ӕфтынц
1945 азы 5 майы, дыууӕ аз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд мах ӕрцыдыстӕм нӕ хӕдзармӕ Йюсмӕ. Уыдыстӕм чъизи ӕмӕ сыст. Нӕ дзаумӕттӕ февралӕй нырмӕ ивгӕ дӕр нӕ ракодтам, ӕмӕ афтӕ ныббызгъуыр сты, ӕмӕ судзынӕй дарддӕр ницӕмӕнуал бӕззыдысты. Мӕ зӕрдыл дарын мӕ мады ныхӕстӕ: «Ацы диссаджы бон уӕ макуы ферох уӕд. Ӕппындӕр нын ницы ис, суанг ма ныл цы уӕлӕдарӕс ныл ис, уый дӕр нӕхи нӕу. Фӕлӕ нӕ цыппар дӕр иузӕрдионӕй баззадыстӕм. Нӕ Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ не сивтам».
Ӕз ӕртӕ мӕйы фӕдӕн Швейцарийы, цӕмӕй ме ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр кодтаин. Уый фӕстӕ та ногӕй скъоламӕ бацыдтӕн, фӕлӕ мӕ кӕй расурдзысты, уымӕй нал тарстӕн. Ныр нӕ бон уыди не ’мчырыстӕттимӕ ӕмбӕлын ӕмӕ сӕрибарӕй хъусын кӕнын. 1947 азы 28 августы, 13 азы мыл куы цыди, уӕд мын мӕ фыд Мозелы цӕугӕдоны донаргъуыд радта, Йегъовӕйӕн та махи снывонд кодтон цалдӕр азы размӕ. Мӕн бафӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын, фӕлӕ мын мӕ фыд загъта, цӕмӕй уал исты куыст кӕнын сахуыр уыдаин. Ӕз сахуыр дӕн хуыйын. 1951 азы, 17 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ пионерӕй снысан кодтой, хӕстӕг нӕм чи уыд, уыцы горӕт Тионвильмӕ.
Уыцы азы ӕз ацыдтӕн Парижмӕ конгресмӕ, ӕмӕ курдиат балӕвӕрдтон миссионерӕй мӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды. Хъыгагӕн нырма уыдтӕн гыццыл, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕр Нейтан Норр загъта, мӕ курдиат уал мын «йӕхимӕ кӕй бафснайдзӕн». 1952 азы июны райстон фыстӕг: фӕхуыдтой мӕ Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 21 къласмӕ. Ахуыр та кодтаин горӕт Саут-Лансингы (штат Нью-Йорк, АИШ).
Галаад ӕмӕ уый фӕстӕ
Галаады куы ахуыр кодтон, уыцы рӕстӕг мӕ никуы ферох уыдзӕн! Адӕмы раз дзурын-иу хатт мӕхи ӕвзагыл дӕр ӕфсӕрмы кодтон. Ныр та мӕ хъуыди англисагау дзурын. Фӕлӕ мын скъолайы ахуыргӕнджытӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой. Иу ӕфсымӕр мӕ фӕсномыгӕй схуыдта Мидбылтыхудаг чызг, уымӕн ӕмӕ-иу куы фефсӕрмы дӕн, уӕд-иу мӕ мидбылты бахудтӕн.
Нӕ кълас скъола каст кӕй фӕци, уый фӕдыл стыр фембӕлд арӕзт ӕрцыд 1953 азы 19 июлы Нью-Йоркы, стадион «Янки»-йы. Мӕн снысан кодтой Парижмӕ Ида Кандюссоимӕ (фӕстӕдӕр Сеньобос). Парижы хъӕздыг цӕрджытимӕ ныхас кӕнын ӕнцон нӕ уыди, фӕлӕ бирӕ сӕрныллӕг адӕмимӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын. Ида смой кодта ӕмӕ 1956 азы Африкӕмӕ ацыд, ӕз та баззадтӕн Парижы.
1960 азы смой кодтон иу вефилагӕй. Мах лӕггад кодтам сӕрмагонд пионертӕй Шомон ӕмӕ Вишийы. Фондз азы фӕстӕ фӕрынчын дӕн тарнизӕй (туберкулезӕй) ӕмӕ мӕ бон пионерӕй лӕггад кӕнын нал уыди. Уый мын тынг зын уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ нысан уыди ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Цасдӕры фӕстӕ мӕ мӕ лӕг ныууагъта ӕмӕ ӕндӕр сылгоймагимӕ бацард. Уыцы уӕззау рӕстӕджы мӕ мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ иунӕгӕй нӕ уагътой. Йегъовӕ та мын мӕ уаргъ дарддӕр хаста (Пс. 68:19).
Ӕз ныр цӕрын горӕт Лувьейы (Норманди), французаг филиалмӕ ’ввахс. Кӕд рынчынтӕ кӕнын, уӕддӕр мын ӕхсызгон у, Йегъовӕ мыл йӕ арм кӕй дары. Мӕ ныййарджытӕ мӕ цӕуыл сахуыр кодтой, уый мын абон дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цардмӕ раст цӕстӕй кӕсон. Уыдон мын бацамыдтой, Йегъовӕ кӕй у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ бон кӕй у уарзын. Бамбарын ма мын кодтой, уый кӕй у, мӕ бон ныхас кӕнын кӕимӕ у ӕмӕ мын мӕ куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау. Уӕдӕ «Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (Пс. 116:12).
[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]
«Ӕхсызгон мын у, Йегъовӕ мыл йӕ арм кӕй дары»
[Ныв 5 фарсыл]
Лӕууын противогазимӕ. Цӕуы мыл 6 азы
[Ныв 5 фарсыл]
Люксембургы 16-аздзыдӕй хъусын кӕнын миссионертӕ ӕмӕ пионертимӕ кампанийы рӕстӕджы
[Ныв 5 фарсыл]
Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мадимӕ конгрессы, 1953 аз