Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд ис ӕнӕ цардӕмбалӕй дӕр амондджынӕй цӕрӕн

Куыд ис ӕнӕ цардӕмбалӕй дӕр амондджынӕй цӕрӕн

Куыд ис ӕнӕ цардӕмбалӕй дӕр амондджынӕй цӕрӕн

«ЧЫНДЗӔХСӔВ сарӕзтой ӕмӕ зӕронды бонтӕм амондджынӕй фӕцардысты». Арӕх ахӕм ныхӕстӕй фӕвӕййынц аргъӕуттӕ. Уарзондзинады тыххӕй кинонывты ӕмӕ чингуыты дӕр арӕх вӕййы ахӕм хъуыды, ома, цӕмӕй ӕцӕгдӕр амондджын уай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ цард искӕимӕ баиу кӕнай. Уымӕй уӕлдай ма, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм бӕстӕ нӕй, ӕмӕ фӕсивӕдӕн кӕм нӕ дзурынц бинонтӕ скӕныны, йе та чындзы ацӕуыны тыххӕй. «Хӕстӕгӕй, хионӕй цыма ӕмдзырд бакӕнынц, уыйау иууылдӕр фӕдзурынц, зӕгъгӕ, чызгӕн йӕ царды сӕйрагдӕр у смой кӕнын,– загъта Дебби, 20 азӕй йыл фылдӕр куы цыди, уӕд.– Афтӕ фӕдзурынц, адӕймаг, дам, царды ад бамбары чындзӕхсӕвы фӕстӕ».

Цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕймаг афтӕ нӕ хъуыды кӕны. Израилы дӕр устытӕ куырдтой ӕмӕ чындзы дӕр цыдысты, фӕлӕ се ’хсӕн цард, ӕнӕус ӕмӕ ӕнӕцыд чи уыд, ахӕм адӕм дӕр. Ӕмӕ Библийы фыст ис, сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ кӕй рухс кодта. Абон чырыстӕттӕй чидӕртӕ, ӕнӕ къайӕ кӕй цӕрдзысты, уый сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнынц, иннӕтӕ та ӕнӕ цардӕмбалӕй ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй баззайынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы иу ахсджиаг фарстайыл: цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм чырыстонӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕна?

Йесойӕн дӕр ус нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ йын йӕ Фыд бахӕс кодта ахсджиаг хӕслӕвӕрд. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй дӕр кӕмӕндӕрты сӕ бон кӕй суыдзӕн ӕнӕ къайӕ цӕрын (Матф. 19:10–12). Йесо бамбарын кодта, адӕймаг ӕнӕ цардӕмбалӕй дӕр амондджын уа, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уыцы хъуыддагыл зондӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр разы куы уа, уӕд.

Кӕмӕ хауы Йесойы уынаффӕ? Йӕ цард ӕгасӕй дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн чи радта ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕ цардӕмбалӕй цӕрын чи сфӕнд кодта, ӕрмӕст уыдонмӕ? (1 Кор. 7:34, 35). Нӕ, ӕрмӕст уыдонмӕ нӕ хауы. Дзырдӕн райсӕм ахӕм уавӕр. Ӕфсымӕр кӕнӕ хойы фӕнды йӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын, фӕлӕ йын цардӕмбалӕн чи сбӕзза, ахӕм адӕймаджы нӕма ссардта. «Ӕрӕджы мӕм ме ’мкусӕг (Ӕвдисӕн нӕу) ӕрбацыд ӕмӕ мын ӕнӕнхъӕлӕджы афтӕ куы бакӕнид, баком, дам, мын,– загъта Ана, ӕнӕцыд хо, цӕуы йыл 30 азӕй фылдӕр.– Йӕ ныхӕстӕ мын кӕмдӕр ӕхсызгон дӕр уыдысты, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цы ’нкъарӕнтӕ сӕвзӕрд, уыдон уайтагъд бамынӕг кодтон. Мӕн фӕнды мӕ цард баиу кӕнын, Йегъовӕмӕ мӕ ноджы тынгдӕр чи баввахс кӕна, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ».

Бирӕ хотӕ Анайау архайынц, цӕмӕй ӕнӕуырнджытӕй ма смой кӕной, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды сӕ цард баиу кӕнын, «Хицауыл чи ӕууӕнды», ӕрмӕст ахӕм адӕймагимӕ * (1 Кор. 7:39; 2 Кор. 6:14). Хуыцауы фӕдзӕхстӕн кӕй аргъ кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕхицӕн аскъуыддзаг кӕнынц, чындзы кӕй нӕ ацӕудзысты, кӕй уал банхъӕлмӕ кӕсдзысты. Цы сын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ циндзинад ма фесафой?

Хорз цӕмӕй у, ууыл хъуыды кӕн

Дӕ уавӕр дӕм бынтон хорз куы нӕ кӕса, уӕддӕр дзы разы уыдзынӕ? Уый кӕнгӕ у, цы цӕстӕй йӕм кӕсыс, уымӕй. Ӕнӕцыд хо Кармен, цӕуы йыл 40 азы, дзуры: «Цы мын ис, уымӕй райгонд дӕн, цы мын нӕй, ууыл та хъуыды дӕр нӕ кӕнын». Кӕй зӕгъын хъӕуы, хатт адӕймаг йӕхи иунӕг дӕр фӕхаты ӕмӕ йӕ ныфс дӕр асӕтты. Фӕлӕ ахӕм зындзинӕдтӕ не ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр кӕй ӕвзарынц, уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы размӕ ныфсджынӕй кӕсӕм. Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдонӕн Йегъовӕ ’ххуыс кӕны, цӕмӕй сӕхи амондджын хатой ӕмӕ зындзинӕдты сӕрты хизой (1 Пет. 5:9, 10).

Ӕнӕус ӕфсымӕртӕ ӕмӕ ӕнӕцыд хотӕй бирӕтӕ зонынц, ӕнӕ цардӕмбалӕй цӕрын хорз цӕмӕй у, уый. «Цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый, мӕнмӕ гӕсгӕ, кӕнгӕ у, цыфӕнды уавӕры дӕр цин кӕнын куы зона, уымӕй»,– дзуры Эстер, 30 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы ӕнӕцыд хо. Кармен та зӕгъы: «Ӕз уый зонын, ӕмӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕ мӕ царды фыццаг бынаты куы ’вӕрон, уӕд мӕ Йегъовӕ царды хорздзинӕдтӕй цух кӕй нӕ ныууадздзӕн, ӕмӕ уый баст нӕу, чындзы ацӕудзынӕн ӕви нӕ, ууыл. Кӕд мӕ цард, мӕхи куыд фӕнды, афтӕ нӕ ацыд, уӕддӕр амондджын дӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдзынӕн» (Пс. 84:11).

Цардӕмбал кӕмӕн нӕ уыди, уыдоны цӕвиттонтӕ Библийӕ

Йеффайы чызг хъуыды дӕр никуы акодтаид, ӕмӕ чындзы нӕ ацӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ фыд Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ зӕронды бонтӕм хъуамӕ лӕггад кодтаид кувӕндоны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы хъуыддаг ын йӕ пълӕнттӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ фехӕлдта. Уый дыууӕ мӕйы дӕргъы фӕкуыдта, чындзы кӕй никуы ацӕудзӕн ӕмӕ йын бинонтӕ кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр сӕрныллӕгӕй йӕ фыды ныхасыл сразы ӕмӕ Хуыцауӕн цард-цӕрӕнбонты зӕрдиагӕй лӕггад кодта. Иннӕ израилаг сылгоймӕгтӕ-иу ӕм алы аз дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу дзы йӕ удуӕлайдзинады тыххӕй феппӕлыдысты (Тӕрх. 11:36–40).

Исайы бонты сахъат нӕлгоймӕгтӕ (кӕнӕ ӕрдызт чи уыд, ахӕмтӕ), ӕвӕццӕгӕн, тынг мӕт кодтой сӕ уавӕрыл. Библи нӕ дзуры, цӕй тыххӕй уыдысты сахъат. Уыдонӕн бар нӕ уыд, цӕмӕй уыдаиккой Израилы ӕмбырды хай, сӕ бон ма нӕ уыд устытӕ курын ӕмӕ зӕнӕг рауадзын (Дык. з. 23:1). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмбӕрста, сӕхи куыд хатыдысты, уый ӕмӕ сӕ ӕппӕлыд, йӕ бадзырдыл ын сӕ зӕрдӕ кӕй нӕ ивтой, уый тыххӕй. Уый сын загъта, йӕ хӕдзары сын кӕй сӕвӕрдзӕн «цырт» ӕмӕ сын кӕй ратдзӕн, «ӕнустӕм чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм ном». Иуныхасӕй, ацы иузӕрдион нӕлгоймӕгты уыди фидар ныфс, Йесо Паддзах куы суа, уӕд ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уымӕй. Йегъовӕ сӕ никуы ферох кӕндзӕн (Ис. 56:3–5).

Йереми та уыд бынтон ӕндӕр уавӕры. Хуыцау ӕй пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд ын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ус ма ракуырдтаид, рӕстӕг тынг уӕззау кӕй уыд ӕмӕ ахсджиаг хӕслӕвӕрд кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уымӕ гӕсгӕ. «Ус ма ракур, стӕй дын ацы ран мадӕр фырттӕ уӕд ӕмӕ мадӕр чызджытӕ»,– загъта Йегъовӕ (Йер. 16:1–4). Библийы нӕй фыст, Йеремийӕн ацы ныхӕстӕ ӕхсызгон уыдысты ӕви нӕ, уый тыххӕй, фӕлӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ йын цы дзырдта, уый йын алкӕддӕр цины хос кӕй уыд (Йер. 15:16). Фӕстӕдӕр, знӕгтӕ Иерусалимыл куы ӕрхъула кодтой ӕмӕ йӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы дӕргъы куы нӕ уӕгъд кодтой, уӕд Йереми, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ ус кӕй нӕ ракуырдта, уый зондджын ми кӕй уыд (Йер. хъ. 4:4, 10).

Дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ тынгдӕр цӕй фӕрцы райдзӕн

Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы адӕймӕгтӕ ’мкъайады нӕ уыдысты, фӕлӕ сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ йын уыдон дӕр ӕппӕт удӕй лӕггад кодтой. Абон дӕр афтӕ у, адӕймаг хорз хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн. Библийы загъд уыд, хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕнӕхъӕн ӕфсад кӕй уыдзысты (Пс. 68:11). Уыдонӕй милуантӕ сты ӕнӕцыд хотӕ. Сӕ лӕггады ӕнтыстджын кӕй сты, уый фӕрцы ссардтой бирӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ (Марчы 10:29, 30; 1 Фес. 2:7, 8).

«Пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый мын ӕххуыс кӕны царды раст нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн,– дзуры Лоли, 14 азы у пионер.– Кӕд мын цардӕмбал нӕй, уӕддӕр ӕнцад нӕ бадын, бирӕ цыдӕртӕ мын ӕнтысы, ӕнкъард кӕнынӕн дӕр мын рӕстӕг нӕ вӕййы. Алы бон дӕр изӕры хӕдзармӕ куы ’рбацӕуын ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон цы сарӕзтон, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ барухс вӕййы, уымӕн ӕмӕ уынын, мӕ лӕггад адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны. Уый мын хӕссы стыр циндзинад».

Хотӕй бирӕтӕ сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг ӕмӕ фылдӕр хъусын кӕнын райдыдтой фӕсарӕйнаг адӕмӕн. «Кӕм цӕрын, уыцы горӕты тынг бирӕ фӕсарӕйнӕгтӕ ис,– дзуры Ана, йӕ кой цыди уӕлдӕр. Уый хъусын кӕны французаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн. «Уыцы ӕвзаг кӕй сахуыр кодтон ӕмӕ йыл бирӕтимӕ мӕ бон ныхас кӕнын кӕй у, уый фӕрцы мын фӕзынд ног фадат хъусын кӕнынӕн ӕмӕ мӕ уацамынд цымыдисагдӕр сси».

Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдоныл арӕх бинонты раз вӕййы къаддӕр хӕстӕ, ӕмӕ сӕ кӕмӕндӕрты сӕ бон свӕййы, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фӕфаг кӕны, ахӕм рӕттӕм ацӕуын. Ӕнӕцыд хо Лидиана, цӕуы йыл 30 азӕй фылдӕр, лӕггад кӕны фӕсарӕнты, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм рӕтты. Уый дзуры: «Ӕз ӕй фидарӕй зонын, адӕймаг Йегъовӕйӕн цас фылдӕр лӕггад кӕна, уыйас ын ӕнцондӕр уыдзӕн, чи йӕ уарза, ахӕм ӕввахс ӕмбӕлттӕ ссарын. Мӕнӕн фӕзынд бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ алы бӕстӕтӕй. Семӕ адджынӕй кӕй цӕрын, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ мӕ цардӕй тынгдӕр райы».

Библи дзуры, хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппӕн кӕй уыди цыппар ӕнӕцыд чызджы, пехуымпартӕ (Ап. хъ. 21:8, 9). Уыдон дӕр сӕ фыдау зынгзӕрдӕйӕ куыннӕ хъусын кодтаиккой?! Пехуымпар-ныхас кӕныны курдиат сӕм кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Кесарийы чырыстӕттӕн ӕххуыс кодтой (1 Кор. 14:1, 3). Абон дӕр бирӕ ӕнӕцыд хотӕ иннӕты уырнындзинад фидар кӕнынц, ӕмбырды фембӕлдтӕ кӕй нӕ цух кӕнынц ӕмӕ дзы хайад кӕй фӕисынц, уымӕй.

Библийы фыст ис уазӕгуарзон сылгоймаг Лидийӕйы тыххӕй. Уый царди фыццаг ӕнусы Филиппты (Ап. хъ. 16:14, 15, 40). Ӕвӕццӕгӕн, царди ӕнӕ лӕгӕй кӕнӕ та уыди идӕдз. Тынг рӕдау сылгоймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ-иу ын фадат фӕци, цӕмӕй-иу суазӕг кодтаид цӕугӕ цӕстдарджыты, зӕгъӕм, Павел, Силӕ ӕмӕ Лукайы. Абон дӕр уазӕгуарзон чи у, уыдон дӕр ахӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын ӕрцӕуынц.

Алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзой

Мах ӕрмӕст уый нӕ фӕнды, ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа, фӕлӕ ма нӕ цӕмӕй уарзгӕ дӕр кӕной. Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдонӕн уыцы хъуыддаджы цы баххуыс кӕндзӕн? Фыццаджыдӕр уый, ӕмӕ мах уарзы Йегъовӕ. Уый кӕддӕриддӕр цӕттӕ у, цӕмӕй нӕм ӕххуысмӕ фӕзына ӕмӕ нӕм байхъуса. Хатт-иу паддзах Давид йӕхи хатыд «иунӕг ӕмӕ ӕфхӕрд», фӕлӕ уӕддӕр зыдта, йӕ бон кӕй у кӕдфӕндыдӕр Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракурын (Пс. 25:16; 55:22). Уый ныффыста: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууагътаиккой, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ райстаид» (Пс. 27:10). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр хоны, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕной ӕмӕ йӕ хуыздӕр хӕлӕрттӕ уой (Пс. 25:14; Иак. 2:23; 4:8).

Дыккаг та уый, ӕмӕ ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады нӕ бон у нӕхицӕн ссарын бирӕ фыдӕлтӕ, мадӕлтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Сӕ уарзондзинады фӕрцы нӕ зӕрдӕ нӕ цардӕй тынгдӕр райдзӕн (Матф. 19:29; 1 Пет. 2:17). Ӕнӕ цардӕмбалӕй чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕн стыр циндзинад хӕссы, Доркӕйы кӕй фӕзмынц, уый. «Уыцы сылгоймагӕй иннӕтӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ зыдтой, стӕй тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн дӕр» (Ап. хъ. 9:36, 39). Лоли дзуры: «Кӕдӕм ацӕуын, уым ӕмбырды алы хатт дӕр мӕхицӕн фӕагурын, чи мӕ уарза ӕмӕ зын сахат мӕ фарс чи баллӕууа, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Цӕмӕй нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидар уой, уый тыххӕй сӕ ӕз дӕр мӕ уарзондзинадӕй ӕмӕ мӕ хъусдардӕй цух нӕ уадзын. Ӕз лӕггад кодтон аст ӕмбырды, ӕмӕ-иу алы ран дӕр мӕхицӕн ссардтон ӕцӕг хӕлӕрттӕ. Арӕх-иу уыдон мӕ цахъхъӕнтӕ нӕ уыдысты: чидӕртӕ-иу мын дзы бӕззыдысты мадымадӕн, чидӕртӕ та – чызджытӕн». Алы ӕмбырды дӕр вӕййы, ӕххуысхъуаг чи у ӕмӕ баузӕлын кӕуыл хъӕуы, ахӕм адӕм. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сыл куы тыхсӕм, уӕд сын сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕндзыстӕм, стӕй ма афтӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр уарздзыстӕм ӕмӕ нын нӕхи дӕр уарздзысты (Лук. 6:38).

Хуыцау дӕ никуы ферох кӕндзӕн

Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕхъӕуы сӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын, уымӕн ӕмӕ мах цӕрӕм тынг уӕззау рӕстӕг (1 Кор. 7:29–31). Хицауыл чи ӕууӕнды, йӕ цард ӕрмӕст ахӕм адӕймагимӕ баиу кӕнын йӕ фидар фӕнд кӕмӕн у, уыдон ӕнӕ цардӕмбалӕй кӕй цӕрынц, уый тыххӕй раппӕлинаг сты ӕмӕ сын аргъ кӕнын дӕр хъӕуы (Матф. 19:12). Фӕлӕ сӕхи бирӕ хорздзинӕдтӕй кӕй цух кӕнынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ амондджын не сты.

«Ӕз мӕ цардӕй разы дӕн, уымӕн ӕмӕ мын ӕппӕты ахсджиагдӕр у, Йегъовӕ ме ’ввахс хӕлар кӕй у ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнын, уый»,– дзуры Лидиана.– Ӕз зонын, амондджын лӕгтӕ ӕмӕ устыты дӕр ӕмӕ, сӕ бинонты цардӕй райгонд чи нӕу, ахӕмты дӕр. Уымӕй бамбӕрстон иу хъуыддаг: амондджын уон, уый, чындзы ацӕудзынӕн ӕви нӕ, ууыл баст нӕу». Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, адӕймаг амондджын уа, уый сӕйраджыдӕр кӕнгӕ у, иннӕтӕн хорздзинад куы араза ӕмӕ сын куы лӕггад кӕна, уымӕй. Уый та алы чырыстонӕн дӕр йӕ бон у аразын (Иоан. 13:14–17; Ап. хъ. 20:35).

Мах ӕппӕты тынгдӕр ууыл цин кӕнӕм, ӕмӕ зонӕм, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр куы фӕцух кӕнӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ уый тыххӕй кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Библи нын ныфс дӕтты: «Хуыцау мӕнгард Хуыцау нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ, йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Кӕд ам хоты кой кӕнӕм, уӕддӕр ацы уынаффӕтӕ хауынц ӕфсымӕртӕм дӕр.

[Хицӕнгонд текст 25 фарсыл]

«Цы мын ис, уымӕй райгонд дӕн, цы мын нӕй, ууыл та хъуыды дӕр нӕ кӕнын» (Кармен)

[Ныв 26 фарсыл]

Лоли ӕмӕ Лидиана зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым

[Ныв 27 фарсыл]

Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр хоны, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕной