Кӕсджыты фарстатӕ
Кӕсджыты фарстатӕ
Йесо хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ ӕрзылд ӕгас Израилыл дӕр. Цымӕ уӕд апостол Петр цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, иудейтӕ ӕмӕ сӕ разамонджытӕ Йесойы куы амардтой, уӕд «цы арӕзтой, уый не ’мбӕрстой»? (Ап. хъ. 3:17).
Апостол Петр иудейтимӕ куы ныхас кодта, уӕд Мессийӕйы мӕлӕты аххосджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын загъта: «Ӕз ӕй зонын, ме ’фсымӕртӕ, сымах дӕр, уӕ разамонджытау, цы арӕзтат, уый не ’мбӕрстат» (Ап. хъ. 3:14–17). Иудейтӕй иуӕй-иутӕ Йесойы дӕр ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ дӕр ӕппындӕр нӕ бамбӕрстой. Иннӕтӕ та йӕ нӕ бамбӕрстой, Хуыцауы зӕрдӕ ссарын сӕ кӕй нӕ фӕндыд, Йесомӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй кастысты, хӕлӕг ӕм кӕй кодтой ӕмӕ дзы се сӕфт кӕй уыдтой.
Ӕркӕсӕм-ма, бирӕты Йегъовӕйы зӕрдӕ ссарын кӕй нӕ фӕндыд, уый куыд бандӕвта, Йесойы ахуырӕдтӕм цы цӕстӕй кастысты, ууыл. Йесо арӕх цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ-иу фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонӕн-иу сӕ хуыздӕр бамбарын кодта. Фӕлӕ-иу арӕх йӕ ныхасмӕхъусджыты нӕ бафӕндыд фылдӕр истытӕ базонын, ӕмӕ-иу ӕй ныууагътой. Иухатт суанг Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр чидӕртӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой йӕ фӕсномыг ныхасы тыххӕй (Иоан. 6:52–66). Уыдон нӕ бамбӕрстой, Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ уымӕн кӕй хаста, цӕмӕй базыдтаид, сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ аивынмӕ цӕттӕ сты ӕви нӕ, уый (Ис. 6:9, 10; 44:18; Матф. 13:10–15). Ферох ма кодтой, Мессийӕ адӕмы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй кӕй ахуыр кӕндзӕнис, уыцы пехуымпарад дӕр (Пс. 78:2).
Чидӕртӕ та Йесойы ахуырӕдтӕм нӕ хъуыстой, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй йӕм кӕй кастысты, уый тыххӕй. Йесо йӕхи горӕт Назареты ӕмбырдгӕнӕны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд ын иууылдӕр йӕ ныхӕстыл «дис кодтой». Фӕлӕ сӕ Йесойы Мессийӕйыл банымайын нӕ фӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алыхуызон фарстатӕ лӕвӕрдтой: «Ацы адӕймаг адӕттӕ кӕцӕй зоны? ... Мӕнӕ Марийӕйы фырт нӕу, хъӕддӕсны, стӕй Иаков, Иосиф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр? Ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр мӕнӕ ам немӕ не сты?» (Марчы 6:1–3). Назареты цӕрджытӕ Йесойы ахуырӕдтӕн ӕппындӕр нӕ аргъ кодтой, уымӕн ӕмӕ уыди мӕгуыр бинонтӕй.
Цы зӕгъӕн ис дины разамонджытӕй та? Сӕ фылдӕр Йесойы ницӕмӕ дардтой, уӕлдӕр цы аххосӕгтӕ ранымадтам, уыдонмӕ гӕсгӕ (Иоан. 7:47–52). Уыдон Йесомӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ йӕм нӕ хъуыстой, бирӕ адӕм ӕм кӕй цыд, уый тыххӕй (Марчы 15:10). Уымӕй уӕлдай ма, номдзыд адӕмӕй дӕр ӕм бирӕтӕ тынг мӕсты кодтой, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстмӕхъус митӕ ӕмӕ сын сӕ мӕнг ныхӕстӕ ӕргом кодта (Матф. 23:13–36). Цыдӕр хъуыддӕгты сӕхи афтӕ кӕй дардтой, цыма ницы ӕмбарынц, уый тыххӕй сын Йесо иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бауайдзӕф кодта: «Додой уӕ къона, Закъон хорз чи зоны! Сымах зонындзинӕдты дӕгъӕл уӕхи бакодтат; уӕхӕдӕг дӕр [Паддзахадмӕ] нӕ бацыдыстут, ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны дӕр нӕ бауагътат» (Лук. 11:37–52).
Йесо ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг Израилы зӕххыл зылди ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кодта. Уый ма тынг бирӕты ахуыр кодта, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, ууыл (Лук. 9:1, 2; 10:1, 16, 17). Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы хъуыддаджы уыйбӕрц бантыст, ӕмӕ фарисейтӕ мӕстӕй мардысты: «Акӕсут-ма, ӕгас дуне дӕр йӕ фӕдыл цӕуы!» (Иоан. 12:19). Уӕдӕ нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ иудейтӕн сӕ фылдӕр Йесойы тыххӕй бынтондӕр ницы зыдтой. Фӕлӕ Йесо Мессийӕ кӕй у, уымӕн ницы бамбӕрстой. Иудейтӕн сӕ бон уыд Мессийӕйы тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ йӕ тынгдӕр бауарзын, фӕлӕ сӕ нӕ бафӕндыд. Уыдонӕй ма чидӕртӕ Йесойы мӕлӕты дӕр аххосджын уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ апостол Петр иудейтӕм сидтис: «Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ раздӕхут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат ӕмӕ уын Йегъовӕ йӕхӕдӕг уӕ хъарутӕ сног кӕна ӕмӕ рарвита, кӕй уын равзӕрста, уыцы Чырыстийы – Йесойы» (Ап. хъ. 3:19, 20). Зӕрдыл бадарын хъӕуы уый, ӕмӕ йӕм иудейтӕй минтӕ кӕй байхъуыстой, суанг ма «сауджынтӕй дӕр тынг бирӕтӕ». Уыдон ныр цы арӕзтой, уый ӕмбӕрстой, стӕй ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссардтой (Ап. хъ. 2:41; 4:4; 5:14; 6:7).