Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг ӕмӕ йӕ Разамонӕг совет

Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг ӕмӕ йӕ Разамонӕг совет

Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг ӕмӕ йӕ Разамонӕг совет

«Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын хӕдзармӕгӕсӕг, йӕ хицау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй бар бакӕндзӕн, цӕмӕй сын сӕ хӕринаджы хай афоныл дӕтта?» (ЛУК. 12:42).

1, 2. Йесо фӕстаг бонты тыххӕй куы дзырдта, уӕд цавӕр ахсджиаг фарста радта?

ФӔСТАГ бонтӕ цавӕр хабӕрттӕй уыдзысты бӕрӕг, Йесо уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд радта ахӕм фарста: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта?» Уый фӕстӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, уыцы цагъар ӕууӕнкджын кӕй у, уый тыххӕй йын йӕ Хицау йӕ бар бакӕндзӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый – йӕ исбон (Матф. 24:45–47).

2 Йесо ма ахӕм фарста радта цалдӕр мӕйы размӕ дӕр. (Бакӕс Лукайы 12:42–44.) Уый цагъары схуыдта «хӕдзармӕгӕсӕг», «хӕдзаронты» та – «йӕ лӕггадгӕнджытӕ». Хӕдзармӕгӕсӕг йӕ хъус дары хӕдзармӕ, йӕ бӕрны ма сты лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Фӕлӕ хӕдзармӕгӕсӕг йӕхӕдӕг дӕр у лӕггадгӕнӕг. Чи у ацы цагъар, кӕнӕ хӕдзармӕгӕсӕг, ӕмӕ хӕринаг афоныл куыд дӕтты? Хорз уаид, не ’ппӕт дӕр куы аргъ кӕниккам, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг чи дӕтты, уымӕн.

3. а) Чырыстон дунейы динамонджытӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, Йесо «цагъары» тыххӕй цы загъта, уый? ӕ) Чи у «хӕдзармӕгӕсӕг», кӕнӕ «цагъар», ӕмӕ чи сты «лӕггадгӕнджытӕ», кӕнӕ «хӕдзаронтӕ»?

3 Чырыстон дунейы динамонджытӕ ацы ныхӕстӕ арӕх ахӕссынц, чырыстон аргъуанты стыр бынат чи ахсы, уыдонмӕ. Фӕлӕ Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттоны йӕхи «хицау» куы схуыдта, уӕд афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ йын чырыстон динты бирӕ цагъартӕ кӕй уыдзӕн. Йесо бӕлвырд бамбарын кодта, ӕрмӕстдӕр иу «хӕдзармӕгӕсӕг», кӕнӕ «цагъар», кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ бар кӕй бакӕндзӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый. Ацы журналы арӕх вӕййы фыст, хӕдзармӕгӕсӕг кӕй амоны «гыццыл дзугмӕ» – сыгъдӕг удӕй сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕм – ӕмӕ уый иу адӕймаг нӕу, фӕлӕ къорд. Лукайы Евангелийы ма Йесо сӕ кой кӕй кодта гыццыл уӕлдӕр (Лук. 12:32). Уым цы «лӕггадгӕнджыты», кӕнӕ «хӕдзаронты», кой кӕны, уыдон дӕр амонынц сӕрстыты къордмӕ, фӕлӕ уыцы ран бӕрӕг у, алчидӕр сӕ хицӕнӕй цы кусы, уый. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: цымӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрд кӕй цӕуы, уыцы хъуыддаджы цагъары къордӕй алчидӕр архайы? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, Фыстад цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд.

Йегъовӕйы Лӕггадгӕнӕг рагзаманты

4. Йегъовӕ рагон Израилы адӕмы куыд хуыдта ӕмӕ уыцы адӕмы тыххӕй бӕлвырд зонын цы хъӕуы?

4 Йегъовӕ рагон Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр хуыдта, мӕ лӕггадгӕнӕг, зӕгъгӕ. «Сымах [бирӕон нымӕц] стут ме ’вдисӕнтӕ [бирӕон нымӕц],– дзуры Йегъовӕ,– ӕмӕ ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг [иууон нымӕц]» (Ис. 43:10). Уыцы лӕггадгӕнӕджы къордмӕ хауди алы израилаг дӕр. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ адӕмӕн Закъон кӕй хъуамӕ ӕмбарын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ (2 Аз. 35:3; Мал. 2:7).

5. Цавӕр стыр ивындзинады кой кодта Йесо?

5 Йесо цы цагъары кой кодта, уый Израилы адӕммӕ амыдта? Нӕ. Уый зонӕм, Йесо, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыцы иудейтӕн цы загъта, уымӕй: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдонӕн» (Матф. 21:43). Уӕдӕ бӕрӕг у, хъуыддаг кӕй хъуамӕ фӕивтаид. Йегъовӕ хъуамӕ равзӕрстаид ног адӕм. Фӕлӕ Йесойы цӕвиттоны «цагъарӕн» адӕмы ахуыр кӕныны хӕс кӕй уыди, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, рагон Израилы Хуыцауы «лӕггадгӕнӕгӕн» цы хӕслӕвӕрд уыди, уый.

Ӕууӕнкджын цагъар рабӕрӕг

6. Цавӕр ног адӕм фӕзынд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ӕмӕ чи сты уыцы адӕм?

6 Ног адӕм, «Хуыцауы Израил», сты сӕрст чырыстӕттӕ (Гал. 6:16; Ром. 2:28, 29; 9:6). Уыцы ног адӕм фӕзындысты, Хуыцауы сыгъдӕг уд сыл н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны куы ’рцыд, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр систы ног адӕм ӕмӕ сӕ Хицау Йесо Чырысти снысан кодта, цӕмӕй, куыд цагъары къорд, афтӕ лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаид ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаид (Матф. 28:19, 20). Фӕлӕ цымӕ уыцы къордӕй алчидӕр архайдта, цӕмӕй афоныл лӕвӕрд цыдаид, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг? Ӕркӕсӕм, ацы фарстайӕн Фыстад куыд дзуапп кӕны, уымӕ.

7. Райдианы апостолты сӕйраг куыст цы уыд ӕмӕ фӕстӕдӕр сӕ хӕстӕм цы бафтыд?

7 Йесо равзӕрста 12 апостолы, цӕмӕй сӕ ӕрвыстаид адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ уый уыд сӕ сӕйраг куыст. (Бакӕс Марчы 3:13–15.) Ацы хӕслӕвӕрдӕн йӕ нысан уыди, грекъаг дзырд апо́столос-ӕн цы нысаниуӕг ис, уый хуызӕн. Дзырд апо́столос цы мивдисӕгӕй равзӕрди, уый та нысан кӕны «ӕрвитын». Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ – чырыстон ӕмбырд куы нӕма сӕвзӕрд, уый размӕ – Йесо апостолты бар бакодта «цӕстдарӕджы хӕстӕ» (Ап. хъ. 1:20–26).

8, 9. а) 12 апостолӕн сӕ сӕйраг хӕс цы уыд? ӕ) Разамонӕг совет кӕуыл сразы, ахӕм ног хӕстӕ ма йӕ бӕрны кӕмӕн бакодтой?

8 Дыууадӕс апостолы фыццаджыдӕр сӕ хъус цӕмӕ дардтой? Уый базонӕн ис, Фӕндзайӕм боны фӕстӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй. Идӕдзтӕн алы бон дӕр цы хӕринаг уӕрстой, уый фӕдыл чидӕртӕ хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд 12 апостолы ахуыргӕнинӕгты ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ загътой: «Хуыцауы ныхас ныууадзӕм ӕмӕ фынгтыл тыхсӕм, уый раст нӕ уыдзӕн». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 6:1–6.) Уый фӕстӕ апостолтӕ снысан кодтой ӕндӕр фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрты, ӕмӕ сын ацы «ахсджиаг куыст» бахӕс кодтой. Сӕхӕдӕг та сӕ хъарутӕ раттой «Хуыцауы ныхас амонынмӕ». Ахӕм ӕгъдау кӕй ӕрӕвӕрдтой, уый фӕрцы сын Йегъовӕ арфӕ кодта, ӕмӕ уый зынди, «Хуыцауы ныхасӕн... бауромӕн [кӕй] нӕ уыд, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы фылдӕрӕй-фылдӕр [кӕй] кодтой», уымӕй (Ап. хъ. 6:7). Уӕдӕ адӕмӕн сӕ уырнындзинад чи фидар кодта, ахӕм хӕринаг дӕттын сӕйраджыдӕр уыди апостолты хӕс (Ап. хъ. 2:42).

9 Цасдӕры фӕстӕ иннӕтӕн дӕр сӕ бӕрны бакодтой ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ. Антиохийы ӕмбырд Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы миссионертӕй арвыста. Уыдоны дӕр зыдтой апостолтӕй, фӕлӕ Йесо йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыцы 12 апостолы нымӕцмӕ нӕ хаудтой (Ап. хъ. 13:1–3; 14:14; Гал. 1:19). Павел ӕмӕ Варнавӕйы бӕрны цы хӕстӕ бакодтой, уыдоныл Иерусалимы разамонӕг совет дӕр сразы (Гал. 2:7–10). Цасдӕры фӕстӕ Павел дӕр «хӕринаг» уарыны хъуыддаджы хайад исын райдыдта, ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста.

10. Цымӕ фыццаг ӕнусы сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр цӕттӕ кодтой «хӕринаг»? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Фӕлӕ цымӕ сӕрст чырыстӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн се ’ппӕт дӕр лӕвӕрдтой разамынд ӕмӕ се ’ппӕт дӕр цӕттӕ кодтой «хӕринаг»? Нӕ. Апостол Павел дзуры: «Иууылдӕр апостолтӕ сты? Иууылдӕр пехуымпартӕ сты? Иууылдӕр ахуыргӕнджытӕ сты? Иууылдӕр диссӕгтӕ аразынц?» (1 Кор. 12:29). Сыгъдӕг удӕй гуырд чырыстӕттӕ кӕд се ’ппӕт дӕр хорз хабар хъусын кодтой, уӕддӕр ӕрмӕст аст нӕлгоймаджы ныффыстой Чырыстон Грекъаг Фыстыты 27 чиныджы.

Ӕууӕнкджын цагъар нӕ рӕстӕджы

11. Хицау йӕ цагъарӕн цавӕр исбон бабар кодта?

11 Матфейы 24:45 фыст Йесойы ныхӕстӕй зыны, кӕроны рӕстӕджы дӕр зӕххыл кӕй хъуамӕ уа ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къорд. Уыцы къордмӕ чи хауы, уыдон Раргомады 12:17 хуыйнынц, «сылгоймаджы цотӕй ма чи баззад, уыдон». Куыд къорд, афтӕ сын Чырысти бабар кодта йӕ исбон. Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг йӕ хъус кӕмӕ дары, уыцы исбон у, Паддзахӕн зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый. Уыдонмӕ хауынц, Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм, стӕй ма, чырыстӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн цы бӕстыхӕйттӕй ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнынц, уыдон дӕр.

12, 13. Чырыстон кӕцӕй фӕзоны, уӕлӕрвтӕм хуынд кӕй у, уый?

12 Чырыстон кӕцӕй фӕзоны, уӕларвон ныфс ын кӕй ис ӕмӕ кӕй у, Хуыцауы Израилӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕй? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн апостол Павел цы загъта, уымӕй: «Хуыцауы сыгъдӕг уд фӕндагамонӕг кӕмӕн у, уыдон иууылдӕр сты Хуыцауы фырттӕ. Уымӕн ӕмӕ, цы сыгъдӕг удӕй схайджын стут, уый уӕ цагъартӕ нӕ аразы ӕмӕ уӕ ногӕй тасы не ’фтауы. Фӕлӕ уыцы сыгъдӕг уды фӕрцы систут Хуыцауы фырттӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы сыгъдӕг уд разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн. Ӕмӕ кӕд йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та нын хай ис йӕ бынтӕй дӕр: о, Хуыцауы бынтӕй, ӕмӕ нын уыцы бынтӕй хай ис Чырыстиимӕ иумӕ – ӕрмӕст кӕд йемӕ хъизӕмар кӕнӕм, цӕмӕй йемӕ иумӕ кадджын дӕр суӕм» (Ром. 8:14–17).

13 Цыбыр дзырдӕй, уыцы адӕм сӕрст сты Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕмӕ «хуынд сты» уӕлӕрвтӕм (Дзут. 3:1). Алкӕйдӕр сӕ фӕхоны Хуыцау. Ӕмӕ уыдон дӕр ӕвӕстиатӕй ӕмӕ ӕнӕдызӕрдыгӕй сразы вӕййынц, цӕмӕй суой Хуыцауы фырттӕ. (Бакӕс 1 Иоанны 2:20, 21.) Куыд федтам, афтӕмӕй уыцы ныфс сӕхӕдӕг нӕ равзарынц, фӕлӕ сыл Йегъовӕ сӕвӕры мыхуыр ӕмӕ сӕ схайджын кӕны йӕ сыгъдӕг удӕй (2 Кор. 1:21, 22; 1 Пет. 1:3, 4).

Раст цӕстӕнгас

14. Сӕрст чырыстӕттӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй сты, уымӕ?

14 Сӕрст чырыстӕттӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕгмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Кӕд сӕ диссаджы ныфс ис, уӕддӕр ӕмбарынц, нырма ӕрмӕстдӕр хуынд кӕй сты. Цӕмӕй сӕ хӕрзиуӕг райсой, уый тыххӕй хъуамӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззайой. Уыдон Павелау сӕрныллӕгӕй дзурынц: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз афтӕ нӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ мӕ къухы бафтыд, фӕлӕ иу хъуыддаг зӕгъдзынӕн бӕлвырд: ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ. Ӕз тырнын мӕ нысанмӕ, цӕмӕй райсон, Хуыцау мӕ Йесо Чырыстийы фӕрцы кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы хӕрзиуӕг – уӕларвон цард» (Фил. 3:13, 14). Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй «цӕрой, цы цардмӕ хуынд ӕрцыдысты, уымӕн аккагӕй, уой сӕрныллӕг» ӕмӕ уый хъуамӕ кӕной «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ» (Еф. 4:1, 2; Фил. 2:12; 1 Фес. 2:12).

15. Чырыстӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи аходы, уыдонмӕ, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ сӕхи тыххӕй куыд хъуыды кӕнынц?

15 Иннӕ чырыстӕттӕ та цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, йӕхи сӕрст чырыстон чи хоны ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходын чи райдайы, уыдонмӕ? Ахӕм адӕймагӕн мах хъуамӕ тӕрхон ма кӕнӕм. Уыцы хъуыддаг хауы ӕрмӕстдӕр уымӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ (Ром. 14:12). Фӕлӕ сыгъдӕг удӕй ӕцӕгдӕр сӕрст чи ’рцыд, уыцы чырыстӕттӕ сӕхицӕн уӕлдай кад нӕ фӕагурынц. Сӕрст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмӕй» фӕлтӕрд чи у, уыдонӕй дӕр бирӕ ӕмбаргӕдӕр сты (Рарг. 7:9). Стӕй ахӕм хъуыдыйыл дӕр хӕст не сты, ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕй» хъауджыдӕр сыгъдӕг удӕй фылдӕр хайджын сты (Иоан. 10:16). Иууылдӕр сӕ буц кӕй дардзысты, уымӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ афтӕ дӕр нӕ фӕдзурынц, зӕгъгӕ, иугӕр Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходӕм, уӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй уӕлдӕр стӕм.

16–18. а) Хуыцау ног исты ахуырад куы раргом кӕны, уӕд сӕрстытӕн се ’ппӕтӕн дӕр раргом вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон. ӕ) Разамонӕг совет, йӕхи сӕрст чырыстоныл чи нымайы, уыдонӕй алкӕйдӕр йӕ хъуыдыйӕ цӕуылнӕ фӕфӕрсы?

16 Хуыцау исты ног ахуырад куы раргом кӕны, уӕд цымӕ сӕрстытӕй зӕххыл чи ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр раргом вӕййы? Нӕ. Кӕд ӕууӕнкджын цагъар, куыд къорд, афтӕ «хӕдзаронтӕн» уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты, уӕддӕр цагъары къордӕй алкӕуылдӕр ӕмхуызон хӕстӕ нӕй. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 12:14–18.) Куыд федтам, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы сӕрстытӕ се ’ппӕт дӕр хорз хабар хъусын кодтой. Фӕлӕ сӕ стӕмтӕ фыстой Библийы чингуытӕ ӕмӕ чырыстон ӕмбырдӕн дӕр разамынд се ’ппӕт нӕ лӕвӕрдтой.

17 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Библийы кӕмдӕрты фыст ис, «ӕмбырд» цавӕрдӕр барадон фарстатӕ кӕй скъуыддзаг кӕны, уый тыххӕй (Матф. 18:17). Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ ӕцӕгдӕр равзарынц ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ – ӕмбырды номӕй чи фӕархайы, уыдон. Исты уынаффӕ рахӕссыны размӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды алкӕй сӕ хъуыдыйӕ нӕ фӕфӕрсынц. Уыдон сӕ хӕстӕ феххӕст кӕнынц, Хуыцау чырыстон ӕмбырды цы фӕтк ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ фӕархайынц ӕгас ӕмбырды номӕй дӕр.

18 Раст афтӕ абон дӕр, цагъары къорды номӕй чи архайы, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ бирӕ не сты ӕмӕ уыдон хауынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советмӕ. Уыцы сӕрст нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус дарынц Паддзахады хъуыддагмӕ ӕмӕ, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг куыд лӕвӕрд цӕуы, уымӕ. Ӕмӕ фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Разамонӕг совет исты уынаффӕ хӕсгӕйӕ, цагъары къордӕй алкӕйдӕр йӕ хъуыдыйӕ нӕ фӕфӕрсы. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5.) Фӕлӕ сӕрст Ӕвдисӕнтӕ абон се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй кусынц хуымгӕрдӕны. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» куыд къорд, афтӕ архайы ӕмвӕнд-ӕмзондӕй, фӕлӕ сӕрстытӕй алкӕмӕндӕр хицӕнӕй ис алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ (1 Кор. 12:19–26).

19, 20. Тынг бирӕ адӕм «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» ӕмӕ йӕ Разамонӕг советмӕ раст цӕстӕй куыд кӕсынц?

19 Ацы хъуыддӕгтӕ куыд хъуамӕ ӕндавой, бонӕй-бонмӕ сӕ нымӕц фылдӕр кӕмӕн кӕны ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы тынг бирӕ адӕмыл? Уыдон Паддзахы исбонмӕ кӕй хауынц, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнынц, Разамонӕг совет кӕй сфидар кодта, уыцы уагӕвӕрдтӕ – Разамонӕг совет та архайы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» номӕй. Тынг бирӕ адӕм бузныг сты, Разамонӕг советы разамындӕй цы хӕринаг исынц, уымӕй. Уыдон аргъ кӕнынц цагъары къордӕй алкӕмӕндӕр, фӕлӕ архайынц, цӕмӕй сӕрстытӕй хъулон уарзт макӕй кӕной. Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕцӕгдӕр сӕрст чи у, уыцы чырыстӕттӕй иу дӕр йӕхицӕн уӕлдай кад нӕ агурдзӕн (Ап. хъ. 10:25, 26; 14:14, 15).

20 Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыцы «хӕдзаронтӕй» стӕм ӕви тынг бирӕ адӕмӕй, цӕй ӕмӕ, нӕ фидар фӕнд уӕд ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг ӕмӕ йӕ Разамонӕг советимӕ ӕмгуыст кӕнын. Уӕдӕ нӕ мачи «бафынӕй уӕд» ӕмӕ не ’ппӕт дӕр кӕронмӕ иузӕрдион уӕм! (Матф. 24:13, 42).

Бахъуыды кодтай?

• Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ чи сты хӕдзаронтӕ?

• Чырыстон кӕцӕй фӕзоны, уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй у, уый?

• Уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг цӕттӕ кӕнын сӕйраджыдӕр кӕй хӕс у?

• Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхимӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Абон ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары номӕй архайы Разамонӕг совет. Фыццаг ӕнусы дӕр ахӕм ӕгъдау уыд