Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Агурӕм «уый мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕ

Агурӕм «уый мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕ

Агурӕм «уый мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕ

«Уый мидӕг ӕмбӕхст сты зонд ӕмӕ зонындзинӕдты ӕппӕт хӕзнатӕ дӕр» (КОЛ. 2:3).

1, 2. а) 1922 азы цавӕр дзауматӕ ссардтой ӕмӕ куыдфӕстагмӕ цы фесты? ӕ) Хуыцауы Ныхас алкӕй дӕр цӕмӕ разӕнгард кӕны?

ИСЧИ хӕзнатӕ куы ссары, уӕд уый диссагӕн фӕхӕссынц. Зӕгъӕм, 1922 азы бритайнаг археолог Хоуард Картер ссардта стыр хӕзна. Ууыл ын ацыд дӕсгай азтӕ ӕмӕ йӕ бахъуыд тынг уӕззау уавӕрты кусын. Аргӕ та скодта фараон Тутанхамоны зӕппадз, уыди дзы иу-5 мин дзаумайы. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕдмӕ зӕппадзмӕ ӕвналгӕ дӕр ничи бакодта.

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Картер цы хӕзна ссардта, уымӕн аргъ дӕр нӕ уыди. Фӕлӕ куыдфӕстагмӕ уыцы дзауматӕн сӕ фылдӕр бахаудтой музейтӕм ӕмӕ, рагон дзауматӕ чи ӕмбырд кӕны, уыдонмӕ. Кӕд сын истори ӕмӕ аивады стыр нысаниуӕг ис, уӕддӕр нӕ ӕрвылбоны царды ӕппындӕр нӕ ахадынц. Фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас дзуры, цӕмӕй нӕ цардыл ӕцӕгдӕр чи фӕзындзӕн, ахӕм хӕзнатӕ агурӕм. Уыцы ныхӕстӕ хауынц махӕй алкӕмӕ дӕр, ӕмӕ цы хӕрзиуӕг райсдзыстӕм, уый та цыфӕнды хъӕздыгдзинӕдтӕй дӕр зынаргъдӕр у. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:1–6.)

3. Цы пайда сты, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты цы хӕзнатӕ агурынмӕ разӕнгард кӕны, уыдон?

3 Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты цы хӕзнатӕ агурынмӕ разӕнгард кӕны, уыдонӕн стыр аргъ цӕмӕн ис, уымӕ. Уыцы хӕзнатӕй иу у «Йегъовӕйы тас», уый нӕ хъахъхъӕндзӕн ацы тӕссаг рӕстӕджыты (Пс. 19:9). Адӕймаг «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» куы агура, уӕд суыдзӕн Иунӕг Стыр Хуыцауы хӕлар – уымӕй стырдӕр кад та нӕй. Стӕй ма нӕм ахӕм хӕзнатӕ куы уа, зӕгъӕм, зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ нын Хуыцау цы зонд дӕтты, уый, уӕд нӕ бон уыдзӕн, алы бон дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизын (Ӕмб. 9:10, 11). Куыд у нӕ бон ахӕм зынаргъ хӕзнатӕ ссарын?

Агурӕм, нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм хӕзнатӕ

4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм хӕзнатӕ ссарынӕн?

4 Археологтӕ ӕмӕ ӕндӕр сгарджытӕ хӕзнатӕ куы фӕагурынц, уӕд сӕ бахъӕуы дард рӕттӕм ацӕуын ӕмӕ арф къахын. Уыдонӕй уӕлдай мах зонӕм, нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм хӕзнатӕ кӕм агурын хъӕуы, уый. Хуыцауы Ныхас абарӕн ис картӕимӕ. Уыцы картӕйыл бӕлвырд амынд у, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд хӕзнатӕ кӕм сты ӕмбӕхст, уый. Чырыстийы кой кӕнгӕйӕ апостол Павел фыста: «Уый мидӕг ӕмбӕхст сты зонд ӕмӕ зонындзинӕдты ӕппӕт хӕзнатӕ дӕр» (Кол. 2:3). Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ нӕм чи зоны сӕвзӕра ахӕм фарстатӕ: «Цӕмӕн нӕ хъӕуы агурын уыцы хӕзнатӕ? Чырыстийы „мидӕг ӕмбӕхст“ куыд сты? Ӕмӕ сӕ куыд ис ссарӕн?» Цӕмӕй сын дзуаппытӕ базонӕм, уый тыххӕй лӕмбынӕг ӕркӕсӕм апостол Павелы ныхӕстӕм.

5. Павел цӕмӕн ракодта, нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм хӕзнаты кой?

5 Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм. Уый сын загъта, уыдоны тыххӕй кӕй тох кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кодтаид ӕмӕ «сӕ уарзондзинад уыцы ӕмхуызонӕй сбастаид кӕрӕдзийыл». (Бакӕс Колоссӕгтӕм 2:1, 2.) Павел цӕуыл тыхсти? Ӕвӕццӕгӕн, Павел базыдта, ӕфсымӕртӕн тӕссаг кӕй уыд, се ’хсӕн грекъаг философийыл чи хӕцыд кӕнӕ та фӕстӕмӕ Моисейы Закъон ӕххӕст кӕныны тыххӕй чи дзырдта, уыцы адӕмы зондахастӕй. Уый ӕфсымӕрты бафӕдзӕхста: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ, Чырыстийы ахуырадыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса» (Кол. 2:8).

6. Павелы уынаффӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ цымыдис кӕна?

6 Абон махыл дӕр ӕндавынц Сайтан ӕмӕ йӕ фыддуне. Дунейы философи, уыимӕ, Хуыцау кӕй ис, уый чи дызӕрдыггаг кӕны, уыцы философи ӕмӕ эволюцийы теори ӕндавынц адӕмӕн сӕ зондахастыл, се ’гъдауыл, сӕ нысӕнттыл ӕмӕ сӕ цардыуагыл. Адӕмы зӕрдӕмӕ тынг цы бӕрӕгбӕттӕ цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ сӕйраджыдӕр баст сты мӕнг динимӕ. Бирӕ телералӕвӕрдтӕ, кинотӕ, зарджытӕ ӕмӕ ӕндӕр ирхӕфсӕнтӕ адӕймагӕн йӕ буары чъизи монцтӕ цырен кӕнынц. Ӕмӕ Интернеты цы ӕрмӕг ис, уымӕн та йӕ фылдӕр хай тынг тӕссаг у ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр. Ӕппынӕдзух ныл ацы хъуыддӕгтӕ, стӕй ма бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр кӕй ӕндавынц, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уый ӕнцонтӕй фӕзына не ’нкъарӕнтыл дӕр ӕмӕ, Йегъовӕйы разамындмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл дӕр. Ӕмӕ ма, уый аххосӕй, гӕнӕн ис, ӕцӕг цардыл дӕр фидар мауал хӕцӕм. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:17–19.) Уӕдӕ нӕ кӕд Сайтаны къӕппӕджыты бахауын нӕ фӕнды, уӕд хъуамӕ хорз бамбарӕм, Павел колоссӕгтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон, ӕмӕ йын йӕ уынаффӕйыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм.

7. Павел колоссӕгтӕн цавӕр дыууӕ хъуыддаджы кой скодта ӕмӕ сын уыдон куыд хъуамӕ баххуыс уыдаиккой?

7 Иу хатт ма ӕркӕсӕм, Павел колоссӕгтӕм цы ныффыста, уымӕ. Цы йӕ тыхсын кодта, уый куы загъта, уӕд ской кодта, сӕ зӕрдӕтӕ сын чи бафидар кодтаид ӕмӕ сӕ уарзондзинады чи баиу кодтаид, дыууӕ ахӕм хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг уал загъта, зӕгъгӕ, «цӕмӕй... фидарӕй зоной, ӕцӕгдзинад раст кӕй ӕмбарынц». Уыдон хъуамӕ сбӕлвырд кодтаиккой, Фыстад раст ӕмбарынц ӕви нӕ, уый, ӕмӕ уӕд сӕ уырнындзинадӕн уыдаид фидар бындур (Дзут. 11:1). Уый фӕстӕ та сын загъта, «цӕмӕй бӕлвырдӕй базоной Хуыцауы сусӕгдзинад». Колоссты чырыстӕттӕ ӕрмӕст сӕйраг ахуырӕдтыл хъуамӕ ма ӕрлӕууыдаиккой, фӕлӕ ма хъуамӕ архайдтаиккой Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ хуыздӕр бамбарыныл дӕр (Дзут. 5:13, 14). Ӕвӕдза, цӕй хорз уынаффӕ райстой колоссӕгтӕ, ӕмӕ ма мах дӕр! Фӕлӕ куыд у нӕ бон, ӕцӕгдзинад раст кӕй ӕмбарӕм, уый фидарӕй зонын ӕмӕ бӕлвырд зонындзинӕдтӕ исын? Уый базонӕн ис, Павел Йесо Чырыстийы тыххӕй цы ахсджиаг хъуыды загъта, уымӕй: «Уый мидӕг ӕмбӕхст сты зонд ӕмӕ зонындзинӕдты ӕппӕт хӕзнатӕ дӕр».

Чырыстийы «мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕ

8. Хӕзнатӕ Чырыстийы «мидӕг ӕмбӕхст» цы хуызы сты?

8 Зонд ӕмӕ зонындзинӕдты ӕппӕт хӕзнатӕ Чырыстийы «мидӕг ӕмбӕхст» кӕй сты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ ссарӕн нӕй. Уыцы хӕзнатӕ ссарыны тыххӕй нӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын ӕмӕ не ’ргом Йесо Чырыстимӕ здахын. Йесо йӕхи тыххӕй дӕр уымӕн афтӕ загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоан. 14:6). Уӕдӕ, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ ссарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йесойы ӕххуыс ӕмӕ разамынд.

9. Цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕны Йесо?

9 Йесо йӕхи ӕрмӕст «фӕндаг» не схуыдта, фӕлӕ ма «ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард» дӕр. Йесойӕн йӕ хӕс канд уый нӕу, ӕмӕ адӕмӕн Фыдмӕ ’рцӕуынӕн ӕххуыс кӕна. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис бамбарӕн Библийы фыст хабӕрттӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис ӕнусон цард райсӕн. Ӕцӕгдӕр, Йесойы мидӕг ӕмбӕхст сты, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм бриллианттӕ, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Библи лӕмбынӕг чи иртасы, ахӕм адӕм сӕ кӕд ссардзысты, уымӕ. Уӕдӕ ’ркӕсӕм, нӕ фидӕныл ӕмӕ нӕ ахастытыл Хуыцауимӕ чи фӕзындзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕм.

10. Йесойы тыххӕй нӕ бон базонын цы у Колоссӕгтӕм 1:19 ӕмӕ 2:9?

10 «Хуыцауы миниуджытӕ иууылдӕр Чырыстийы мидӕг сты ӕмӕ уый мидӕг зынынц» (Кол. 1:19; 2:9). Йесо йӕ уӕларвон Фыдимӕ миллиардгай азты дӕргъы кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уымӕй хуыздӕр ничи зоны, Хуыцау цавӕр удыхъӕды хицау у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн амыдта, йӕ Фыд ын йӕхицӕн цы бацамыдта, уыдӕттӕ. Ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты зындысты, Хуыцау ын йӕ удыхъӕды цы миниуджытӕ бавӕрдта, уыдон. Растдӕр уымӕ гӕсгӕ уыд Йесойӕн йӕ бон зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта мӕ Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Зонд ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ иууылдӕр ӕмбӕхст сты Чырыстийы мидӕг. Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сӕйраджыдӕр лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм Йесойы царды хабӕрттӕ.

11. Йесо ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты?

11 «Пехуымпарӕдтӕ сты Йесойы тыххӕй ӕвдисӕнӕн» (Рарг. 19:10). Ацы ныхӕстӕй зыны, Йесойӕн стыр ахадындзинад кӕй ис, пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уыцы хъуыддаджы. Библийы пехуымпарӕдтӕ – Райдианы 3:15 фыст Йегъовӕйы ныхӕстӕй Раргомады диссаджы цӕстылуайӕнты онг – раст бамбарӕн ис, Йесойӕн Мессийӕйы Паддзахады цы бынат ис, уый хорз куы зонӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уӕдӕ ныр бӕрӕг у, Йесойы зӕрдӕвӕрд Мессийӕйыл чи нӕ нымайы, уыдонӕн сӕ бон цӕуылнӕ у бамбарын Дзуттаг Фыстыты пехуымпарӕдтӕ. Уыцы хъуыддагӕй ма зыны, Дзуттаг Фыстытӕ (ис дзы бирӕ пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй) чи ницӕмӕ дары, уыдон Йесойы ӕрмӕстдӕр номдзыд адӕймаг цӕмӕн хонынц, уый дӕр. Хуыцауы адӕм Йесойы тыххӕй цы зонынц, уый сын фадат дӕтты, фидӕны чи хъуамӕ сӕххӕст уа, уыцы пехуымпарӕдтӕ бамбарынӕн (2 Кор. 1:20).

12, 13. а) Йесо «ацы дунейӕн рухс» цы хуызы у? ӕ) Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ мӕнг дины талынгдзинадӕй кӕй ссӕрибар сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕс цы у?

12 «Ӕз дӕн ацы дунейӕн рухс». (Бакӕс Иоанны 8:12; 9:5.) Йесойы райгуырдӕй бирӕ раздӕр пехуымпар Исай загъта: «Талынджы чи уыд, уыцы адӕм федтой ӕмбисонды рухс, саудалынг бӕстӕйы чи цард, уыдоныл хур скаст» (Ис. 9:2). Апостол Матфей бамбарын кодта, Йесо ацы пехуымпарад кӕй сӕххӕст кодта, куы райдыдта хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ дзурын: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матф. 4:16, 17). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн Хуыцауы фӕндтӕ хуыздӕр ӕмбарын кодта ӕмӕ сӕ мӕнг дины ахуырӕдты уацарӕй сӕрибар кодта. Йесо загъта: «Ӕз дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй йын уон рухс, ӕмӕ цӕмӕй, мӕныл чи ’ууӕнды, уый талынджы мауал уа» (Иоан. 1:3–5; 12:46).

13 Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Кӕддӕр сымах... уыдыстут талынджы, ныр та баиу стут нӕ Хицауимӕ ӕмӕ стут рухсы. Гъемӕ уӕдӕ, рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут» (Еф. 5:8). Чырыстӕттӕ мӕнг дины талынгдзинадӕй кӕй ссӕрибар сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕс у, рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Ахӕм ныхӕстӕ ма Уӕлхох уацамынды йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта Йесо дӕр: «Уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матф. 5:16). Йесойы мидӕг цы хӕзнатӕ ссардтай, уыдонӕн афтӕ тынг аргъ кӕныс, ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ иннӕтӕн амонай? Фӕнды дӕ, цӕмӕй уый дӕ дзыхыныхасӕй дӕр ӕмӕ дӕ хорз чырыстон уагахастӕй дӕр бӕрӕг уа?

14, 15. а) Рагзаманты Хуыцауӕн фыстӕ ӕмӕ ӕндӕр фос нывондӕн цӕмӕн хастой? ӕ) Йесойы, «Хуыцауы Уӕрыччы», ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзна цӕмӕн ис схонӕн?

14 Йесо у «Хуыцауы Уӕрыкк» (Иоан. 1:29, 36). Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй рагзаманты нывондӕн фыстӕ кӕй хастой, уымӕн уыди стыр нысаниуӕг. Уыдон хъуыдысты, цӕмӕй-иу адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдаиккой ӕмӕ-иу сӕ бон Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын уыдаид. Зӕгъӕм, Авраам йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ куы уыди, уӕд ын Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, Исахъӕн мацы разиан кӕн, фӕлӕ йӕ бӕсты нывондӕн фыр ӕрхӕсс (Райд. 22:12, 13). Хуыцау израилӕгты Египетӕй куы хъуамӕ ссӕрибар кодтаид, уӕд фыстӕ систы, «Йегъовӕйы номыл» цы Куадзӕн скодтой, уый хай (Рац. 12:1–13). Фӕстӕдӕр Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хъуыди алыхуызон нывӕндтӕ хӕссын, уыдонимӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ дӕр (Рац. 29:38–42; Лев. 5:6, 7).

15 Уыцы нывӕндтӕй иуӕн дӕр – зӕгъӕн ис, адӕм цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр – сӕ бон нӕ уыд адӕмы мыггагмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын (Дзут. 10:1–4). Фӕлӕ Йесо та у «Хуыцауы Уӕрыкк» ӕмӕ уый «дуне йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн». Ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр Йесойы схонӕн ис, зӕххыл цыдӕриддӕр хӕзнатӕ ис, уыдонӕй ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзна. Уӕдӕ хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй, ахӕсты аргъ цы нысан кӕны, уый лӕмбынӕг раиртасӕм. Стӕй ма хъуамӕ ӕууӕндӕм ахӕсты аргъыл – диссаджы лӕварыл. Афтӕмӕй нын Хуыцау раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн хӕрзиуӕг: «гыццыл дзугӕн» – кад ӕмӕ намыс уӕлӕрвты Чырыстиимӕ, «ӕндӕр фыстӕн» та – ӕнусон цард зӕххыл Дзӕнӕты (Лук. 12:32; Иоан. 6:40, 47; 10:16).

16, 17. Цӕмӕн хъӕуы ӕмбарын, Йесойӕн цы ахсджиаг хӕстӕ ис, уыдон?

16 Йесо у, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕг ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны», уый. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:1, 2.) Дзуттӕгтӕм 11 сӕры Павел дзуры уырнындзинады тыххӕй: цыбыртӕй ӕмбарын кӕны, цы нысан кӕны, уый, стӕй ма кӕны, йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты кой – Ной, Авраам, Саррӕ ӕмӕ Раавы кой. Уый фӕстӕ Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй лӕмбынӕг кӕсой, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕгмӕ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уымӕ, ома Йесомӕ». Цӕмӕн?

17 Дзуттӕгтӕм 11 сӕры кӕй кой цӕуы, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ кӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл тынг ӕууӕндыдысты, уӕддӕр лыстӕг хабӕртты онг нӕ зыдтой, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кӕндзӕн Мессийӕ ӕмӕ Паддзахады уылты. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕххӕст нӕ уыди. Суанг ма, Йегъовӕйы фӕндӕй Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ чи фыста, уыдон дӕр кӕронмӕ не ’мбӕрстой, цы фыстой, уый (1 Пет. 1:10–12). Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый хорз куы ’мбарӕм, нӕ уырнындзинад ӕххӕст ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн. Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Йесойӕн – «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕгӕн ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны», уымӕн – цы ахсджиаг хӕстӕ ис, уыдон ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм!

Дарддӕр дӕр агурӕм

18, 19. а) Чырыстийы мидӕг ма цавӕр хӕзнатӕ ис ӕмбӕхст? ӕ) Уыцы хӕзнатӕ ссарынӕн нӕ дарддӕр дӕр Йесомӕ кӕсын цӕмӕн хъӕуы?

18 Мах ӕркастыстӕм, Хуыцаумӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы фӕнд ис, уым Йесойӕн цы ахсджиаг хӕстӕ ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕрмӕ. Фӕлӕ ма Чырыстийы мидӕг ӕмбӕхст сты ӕндӕр хӕзнатӕ дӕр. Куы сӕ агурӕм, уӕд нын уый хӕсдзӕн циндзинад ӕмӕ схайджын уыдзыстӕм арфӕдзинӕдтӕй. Зӕгъӕм, апостол Петр Йесойы схуыдта, «адӕмы цардмӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕг» ӕмӕ, чи хъуамӕ фӕзына, уыцы «сӕууон стъалы» (Ап. хъ. 3:15; 5:31; 2 Пет. 1:19). Библи ма Йесойы хоны «Аммен» дӕр (Рарг. 3:14). Йесойы ацы хӕстӕ цы нысан кӕнынц ӕмӕ куыд ахсджиаг сты, уый ӕмбарыс? Уыдӕттӕ бамбарыны тыххӕй та, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй дарддӕр дӕр «агурӕм, ӕмӕ ссардзыстӕм» (Матф. 7:7).

19 Зӕххыл Йесойы хуызӕн адӕймаг никуы уыд, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый цардӕн ис ахӕм стыр ахадындзинад ӕмӕ нӕ ӕнусон цард дӕр сӕйраджыдӕр уымӕй кӕнгӕ у. Уый мидӕг сты, нӕ уырнындзинад нын чи бафидар кӕндзӕн, уыцы хӕзнатӕ. Ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕй сӕ алчи дӕр ӕнцонтӕй ссардзӕн. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй ды дӕр «уый мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕ ссарай ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уай!

Бахъуыды кодтай?

• Чырыстӕтты цавӕр хӕзнатӕ хъӕуы агурын?

• Павел колоссӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уый абон махӕн дӕр ахсджиаг цӕмӕн у?

• Ранымай Чырыстийы «мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕй иуӕй-иутӕ ӕмӕ бамбарын кӕн, цы нысан кӕнынц, уый.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Библи абарӕн ис картӕимӕ: уый нын ӕххуыс кӕны Чырыстийы «мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕ ссарынӕн