Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонтӕ, Йесойы фӕзмут!

Бинонтӕ, Йесойы фӕзмут!

Бинонтӕ, Йесойы фӕзмут!

«Чырысти... уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 ПЕТ. 2:21).

1. а) Хуыцау дун-дуне куы фӕлдыста, уӕд йӕ Фырт цы куыста? ӕ) Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дары?

ХУЫЦАУ арв ӕмӕ зӕхх куы фӕлдыста, уӕд ын йӕ фыццаггуырд Фырт ӕххуыс кодта, куыд «дӕсны кусӕг», афтӕ. Хуыцауы Фырт ма йӕ Фыдимӕ иумӕ куыста, Йегъовӕ алы ӕмӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ куы фӕлдыста, стӕй ма адӕмӕн зӕххыл Дзӕнӕт куы цӕттӕ кодта, уӕд дӕр. Хуыцауы Фырт, фӕстӕдӕр сси Йесо, тынг бауарзта зӕххон адӕмы. Уыдон уыдысты йе стыр цин (Ӕмб. 8:27–31; Райд. 1:26, 27).

2. а) Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмы тыххӕй цы сарӕзта? ӕ) Библи разамынд цы хъуыддӕгты тыххӕй дӕтты, уыдонӕй иу цавӕр у?

2 Фыццаг лӕг ӕмӕ ус тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд Йегъовӕ сфӕнд кодта адӕмы сӕ тӕригъӕдӕй балхӕнын. Цӕмӕй уыцы фӕнд йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста (Ром. 5:8). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ адӕмӕн радта йӕ Ныхас, Библи. Ацы чиныг сын ӕххуыс кӕны, сӕ туджы цы ӕнӕххӕстдзинад рахастой, уыимӕ тох кӕнынӕн (Пс. 119:105). Йегъовӕ йӕ Ныхасы бинонтӕн уынаффӕтӕ дӕтты, цӕмӕй кӕрӕдзи ӕмбарой ӕмӕ амондджынӕй цӕрой. Ӕмкъайады тыххӕй Райдианы чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, лӕг «баиу уыдзӕн йӕ усимӕ ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райд. 2:24).

3. а) Йесо ӕмкъайады тыххӕй цы амыдта? ӕ) Цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ацы статьяйы?

3 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта, Хуыцау лӕг ӕмӕ усы цыбыр рӕстӕгмӕ кӕй нӕ баиу кодта, фӕлӕ ӕнустӕм. Уый амыдта ахӕм уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ бинонтӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цардаиккой, уӕд сӕхи хызтаиккой, бинонты цард кӕнӕ амондӕн зиан чи хӕссы, ахӕм зондахаст ӕмӕ уагахастӕй (Матф. 5:27–37; 7:12). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмӕ цӕвиттон лӕгтӕн, устытӕн, ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй амондджын уой ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райа.

Чырыстон лӕг йӕ усӕн куыд кад кӕны

4. Йесо ӕмӕ чырыстон лӕгты хӕстӕ ӕмхуызон цӕмӕй сты?

4 Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ бинонты хистӕр у лӕг, раст Йесо ӕмбырды Сӕр куыд у, афтӕ. Апостол Павел загъта: «Усӕн лӕг йӕ сӕрыхицау у, Чырысти ӕмбырды сӕр куыд у, афтӕ – уыцы буар уый фервӕзын кодта. Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:23, 25). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куыд уыд, афтӕ чырыстон лӕгтӕ дӕр хъуамӕ уой сӕ устытӕн. Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, Йесо куыд пайда кодта, Хуыцау ын цы бартӕ радта, уыдонӕй.

5. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыд?

5 Йесо уыд «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» (Матф. 11:29). Фӕлӕ-иу куы хъуыди, уӕд фидарӕй архайдта. Уый йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ никуы зивӕг кодта (Марчы 6:34; Иоан. 2:14–17). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн-иу зонд амыдта фӕлмӕнӕй, ӕмӕ-иу куы бахъуыд, уӕд-иу сын иу хъуыддаджы фӕдыл цалдӕр хатты дӕр уынаффӕ радта (Матф. 20:21–28; Марчы 9:33–37; Лук. 22:24–27). Фӕлӕ сӕм Йесо никуы хыл кодта ӕмӕ сӕ никуы дӕлӕмӕ кодта. Стӕй иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ахӕм хъуыды дӕр никуы фӕзынд, ӕмӕ сӕ нӕ уарзы, кӕнӕ сын цы амыдта, уый сӕххӕст кӕнын сӕ бон нӕу. Йесо сӕ ӕппӕлыд ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта (Лук. 10:17–21). Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй аргъ кодтой, кӕй сӕ уарзта ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый тыххӕй.

6. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыд, уымӕй лӕг цӕуыл ахуыр кӕны? ӕ) Петр лӕгты цӕмӕ разӕнгард кӕны?

6 Йесойы цӕвиттонӕй бӕрӕг у: чырыстон бинонты хистӕр хъуамӕ тызмӕг ма уа, фӕлӕ йӕ бинонтыл ӕнувыд уа ӕмӕ сын аргъ кӕна. Апостол Петр лӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй Йесойы уарзондзинад фӕзмыдтаиккой – сӕ устыты уарзтаиккой ӕмӕ «сын кад кодтаикой». (Бакӕс 1 Петры 3:7.) Уӕдӕ лӕгӕн йӕ бон куыд у йӕ бартӕй дӕр пайда кӕнын ӕмӕ йӕ усӕн дӕр кад кӕнын?

7. Лӕгӕн йӕ бон куыд у йӕ усӕн кад кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Лӕг йӕ усӕн кад кӕндзӕн, зӕгъӕм, бинонтӕй алкӕуылдӕр чи фӕзындзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал-иу йӕ усы куы бафӕрса ӕмӕ-иу ын йе ’нкарӕнтыл куы ахъуыды кӕна, уӕд. Чи зоны, сӕ хъӕуы уынаффӕ рахӕссын цӕрӕнбынат кӕнӕ куыст аивыны фӕдыл. Кӕнӕ та скъуыддзаг кӕнынц ӕндӕр исты хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, улӕфынмӕ кӕдӕм ацӕуой, йе та алцыдӕр кӕй зынаргъ кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон куыд у фӕстауӕрц кӕнын. Лӕг цы уынаффӕ рахӕсса, уый бинонтӕй алкӕуылдӕр кӕй фӕзындзӕн, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, йӕ усы хъуыдымӕ дӕр куы байхъусид, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ноджы арфдӕр ӕмӕ ноджы лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕндзӕн, цы аразын ӕй фӕнды, ууыл. Ӕмӕ усӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕнын (Ӕмб. 15:22). Чырыстон лӕгтӕ сӕ устытӕн куы фӕкад кӕнынц, уӕд сӕ ӕрмӕст сӕ устытӕ нӕ фӕуарзынц ӕмӕ сын ӕрмӕст уыдон нӕ фӕаргъ кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ къухы бафты уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг – Йегъовӕйы хорзӕх ссарынц (Еф. 5:28, 29).

Ус куыд ӕвдисы, йӕ лӕджы кӕй нымайы, уый

8. Евӕ фӕзминаг цӕуылнӕ у?

8 Коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы чырыстон устытӕн фӕзминаг у Йесо. Бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕн аргъ кӕнынмӕ Хуыцауы Фырт цы цӕстӕй кӕсы, уый тынг хицӕн кӕны, фыццаг ус уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй. Евӕ устытӕн хорз цӕвиттон нӕ ныууагъта. Йегъовӕ йын сӕвӕрдта хицау ӕмӕ йын уый уылты йӕ фӕндон ӕмбарын кодта. Фӕлӕ Евӕ уыцы хъуыддагӕн нӕ аргъ кодта. Уый нӕ байхъуыста, Адам ын цы бацамыдта, уымӕ (Райд. 2:16, 17; 3:3; 1 Кор. 11:3). Кӕд Евӕ йӕхи сайын бауагъта, уӕддӕр хъуамӕ йӕ лӕгимӕ аныхас кодтаид ӕмӕ базыдтаид, афтӕ йын чи загъта, зӕгъгӕ, «Хуыцау [цы] зоны», уыдӕттӕ дын радзурдзынӕн, ууыл ӕууӕндын хъӕуы ӕви нӕ. Фӕлӕ уый йӕхиуыл фервӕссыд ӕмӕ йӕ лӕгӕн уынаффӕгӕнӕг сси (Райд. 3:5, 6; 1 Тим. 2:14).

9. Коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уымӕй нын Йесо фӕзминаг куыд у?

9 Евӕйӕ уӕлдай, Йесо йӕ Хицауӕн алы хъуыддаджы дӕр уыд коммӕгӕс ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ цардӕй бӕрӕг уыд, «ахӕм хъуыды [йӕм кӕй] никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ [кӕй] хъуамӕ уа. Фӕлӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта, райста цагъары хуыз» (Фил. 2:5–7). Ӕмӕ абон дӕр Йесо, уӕларвон Паддзах, ахӕм зондахастыл хӕст у. Уый алы хъуыддаджы дӕр сӕрныллӕгӕй йӕ Фыды коммӕ кӕсы ӕмӕ йӕ йӕ Хицауыл нымайы (Матф. 20:23; Иоан. 5:30; 1 Кор. 15:28).

10. Усӕн йӕ бон куыд у йӕ лӕджы хицауыл нымайын?

10 Чырыстон ус хъуамӕ йӕ лӕджы хицауыл нымайа, ӕмӕ афтӕмӕй Йесойау архайа. (Бакӕс 1 Петры 2:21; 3:1, 2.) Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Фырт мадӕн дзуры, цӕмӕй йӕ цыдӕр хъуыддаг саразын бауадза – ӕмӕ уый та ӕнӕ ныййарджыты барлӕвӕрдӕй нӕй аразӕн. Уыцы фарстайы фӕдыл ныййарджытӕ раздӕр кӕй нӕ ныхас кодтой, уымӕ гӕсгӕ раст уаид, мад йӕ фырты куы бафӕрсид: «Дӕ фыдӕн ӕй загътай?» Фырт ын «нӕ» куы зӕгъа, уӕд уал мад исты зӕгъыны размӕ хъуамӕ йӕ лӕгимӕ аныхас кӕна. Уымӕй уӕлдай ма чырыстон ус сывӕллӕтты раз йӕ лӕджы ныхмӕ нӕ дзурдзӕн кӕнӕ йын йӕ хъуыды нӕ дзырддаг кӕндзӕн. Кӕд йӕ лӕгимӕ разы нӕ уа, уӕд уый тыххӕй йемӕ хицӕнӕй аныхас кӕндзӕн (Еф. 6:4).

Йесо фӕзминаг у ныййарджытӕн

11. Йесо ныййарджытӕн цавӕр цӕвиттон ныууагъта?

11 Йесойӕн ус дӕр никуы уыд ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр, фӕлӕ уӕддӕр фӕзминаг у чырыстон ныййарджытӕн. Куыд? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр, ӕмӕ уый арӕзта уарзгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй. Исты-иу сын куы бахӕс кодта, уӕд уал-иу сын раздӕр равдыста, куыд ӕй хъӕуы аразын, уый (Лук. 8:1). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыд ӕмӕ сӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй уыдон дӕр ахуыр кодтой, кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой, ууыл. (Бакӕс Иоанны 13:14–17.)

12, 13. Ныййарджытӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауӕй тӕрсой, уый тыххӕй?

12 Сывӕллӕттӕ афтӕ конд сты, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ сахуыр вӕййынц хорз хъуыддӕгтыл дӕр ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕ, ахъуыды кӕнут: «Нӕ сывӕллӕтты цӕуыл ахуыр кӕнӕм, телевизормӕ кӕсыныл ӕмӕ нын ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг ацӕуы, уымӕй? Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ уацамынды цӕуынӕн цас рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, уымӕй та? Нӕ бинонтӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у? Цымӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрӕм, уымӕй сын фӕзминаг стӕм?» Кӕд ныййарджыты сӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын фӕнды, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсой, уӕд Хуыцауы закъон фыццаджыдӕр хъуамӕ уа сӕхи зӕрдӕты (Дык. з. 6:6).

13 Ныййарджытӕ алы бон дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд уыцы хъуыддаг сывӕллӕттӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты. Уӕд ныййарджыты ныхӕстӕ ӕмӕ амындтӕн уыдзӕн стыр уӕз. Фӕлӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цы дзурой, уый сӕхӕдӕг куы нӕ аразой, уӕд сывӕллӕттӕ хъуыды кӕндзысты, Библийы уагӕвӕрдтӕ ахсджиаг кӕй не сты ӕмӕ царды кӕй нӕ ахадынц. Ӕмӕ куыдфӕстагмӕ сывӕллӕттӕ, гӕнӕн ис, ацы дунейы зондыл ацӕуой.

14, 15. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты раз цавӕр нысӕнттӕ хъуамӕ ӕвӕрой ӕмӕ уый сӕ бон аразын куыд у?

14 Чырыстон ныййарджытӕ ’мбарынц, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн ма хӕрд ӕмӕ дарӕс йеддӕмӕ ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уаид сывӕллӕтты раз ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрын, се ’ргом сын мулк ӕмӕ ’хцамӕ чи аздаха (Еккл. 7:12). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, цӕмӕй сӕйраджыдӕр агуырдтаиккой Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад (Матф. 6:33). Уӕдӕ чырыстон ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ Йесойы фӕзмой ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты разӕнгард кӕной Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ.

15 Уый тыххӕй сӕ бон у архайын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитой ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытимӕ. Ахъуыды-ма кӕнут, уӕ сывӕллӕттӕ пионертимӕ кӕнӕ районон цӕстдарӕг ӕмӕ йӕ усимӕ куы базонгӕ уой, уӕд сын уый куыд фӕпайда уыдзӕн. Кӕм цӕрут, уырдӕм миссионертӕ, вефилӕгтӕ, ӕхсӕнадӕмон арӕзтадон куыстыты чи архайы, уыдон куы ’рцӕуынц, уӕд арӕх фӕдзурынц цымыдисаг цаутӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый сын цы циндзинад хӕссы, уый тыххӕй. Чи зоны, сӕ удуӕлдайдзинад уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕна, цӕмӕй зондджын уынаффӕтӕ рахӕссой, сӕ разы хорз нысӕнттӕ сӕвӕрой ӕмӕ ахӕм куыст кӕнын сахуыр уой, сӕ бон сӕхи дарын дӕр куыд уа ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын дӕр.

Сывӕллӕттӕ, уӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

16. Йесо куыд кад кодта йӕ зӕххон ныййарджытӕн ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдӕн?

16 Сывӕллӕттӕ, Йесо фӕзминаг у сымахӕн дӕр. Йегъовӕ йӕ бакодта Иосиф ӕмӕ Марийӕйы бӕрны ӕмӕ уый сӕ коммӕ каст. (Бакӕс Лукайы 2:51.) Йесо ӕмбӕрста, кӕд йӕ ныййарджытӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сын Йегъовӕ кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ хъомыл кодтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ сын уый кад кодта (Дык. з. 5:16; Матф. 15:4). Йесо куы сыстыр, уӕд алкӕддӕр арӕзта, йӕ уӕларвон Фыдӕн ӕхсызгон цы уыд, уый. Уымӕ хаудта фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын дӕр (Матф. 4:1–10). Кӕстӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн уӕ хатт уӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын нӕ фӕфӕнды. Ахӕм уавӕры уын Йесойы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

17, 18. а) Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕрыгӕттӕ скъолайы? ӕ) Ӕрыгӕттӕн фӕлварӕнты цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Ӕвӕццӕгӕн де ’мкъласонтӕн сӕ фылдӕр Библийы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц. Чи зоны дын фӕаразын кӕнынц, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сын куы нӕ сразы вӕййыс, уӕд дӕ хынджылӕг кӕнын райдайынц. Чи зоны дӕ де ’мкъласонтӕ мӕстӕй фӕмарынц, цыдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ семӕ кӕй нӕ фӕкӕныс, уый тыххӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд дӕхи куыд фӕдарыс? Ды хорз зоныс, куы фӕтӕрсай ӕмӕ де ’мгӕрттӕн сӕ фылдӕр цы аразынц, уый аразын куы райдайай, уӕд кӕй фӕхъыг кӕндзынӕ дӕ ныййарджыты дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр. Де ’мкъласонты зондыл куы ацӕуай, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Чи зоны, дӕ разы сӕвӕрдтай цавӕрдӕр нысӕнттӕ. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ, цӕмӕй пионер кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суай, йе та лӕггад кӕнай, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым кӕнӕ та Вефилы. Цымӕ дын де ’мкъласонтӕ уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзысты?

18 Ӕрыгон чырыстӕттӕ, уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд уӕхи куыд фӕдарут? Ахъуыды кӕнут Йесойыл, фӕзминаг уын чи у, ууыл. Уый йӕхи фӕрӕдийын кӕнын нӕ бауагъта ӕмӕ, раст цы у, ууыл фидар хӕцыд. Уый уӕ зӕрдыл куы дарат, уӕд фӕндфидар уыдзыстут ӕмӕ уе ’мкъласонтӕн бӕлвырд бамбарын кӕндзыстут, сымах ӕвзӕрыл цы хъуыддӕгтӕ нымайут, уыдон кӕй нӕ кӕндзыстут. Йесойау алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарут, Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ куы лӕггад кӕнат ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уын ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй уыдзӕн (Дзут. 12:2).

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

19. Цӕмӕй ӕцӕгдӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй цавӕр фӕндагыл хъуамӕ цӕуӕм?

19 Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы зӕрдӕ адӕмӕн зӕгъы, хуыздӕрӕй цыддӕриддӕр ис, уый. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ амондджын уӕм (Ис. 48:17, 18; Матф. 5:3). Йесо амыдта, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕрмӕст ууыл нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ ма сын амыдта, царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуын куыд хъӕуы, уый дӕр. Уымӕй уӕлдай ма сын равдыста, куыд у сӕ бон алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕйӕ архайын ӕмӕ алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсын. Бинонты ’хсӕн нын цавӕрфӕнды хӕстӕ ма уа, Йесойы фӕзмын махӕй алкӕмӕндӕр пайда уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, Йесойы фӕзмут! Уӕдӕ цӕмӕй бинонты цардӕй нӕ зӕрдӕ рухс кӕна ӕмӕ амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмбарӕм ӕмӕ, уый куыд кодта, афтӕ кӕнӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцау лӕгтӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй куыд хъуамӕ пайда кӕной?

• Усӕн йӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

• Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыди, уымӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

• Ӕрыгӕттӕ Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Уарзӕгой лӕг цы сараздзӕн, бинонтӕй алкӕуылдӕр чи фӕзындзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ?

[Ныв 9 фарсыл]

Ус йӕ лӕджы йӕ хицауыл кӕй нымайы, уый йӕ бон куыд у равдисын?

[Ныв 10 фарсыл]

Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ ахуыр кӕнынц хорз хъуыддӕгтыл