Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойау ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм

Йесойау ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм

Йесойау ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм

«Нӕхимӕ уыйас ныфс ссардтам, цӕмӕй уын... хорз хабар дзырдтаиккам» (1 ФЕС. 2:2).

1. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар диссаг цӕмӕн у?

КУЫД ӕхсызгон вӕййы хорз хабар хъусын! Ӕппӕты хуыздӕр хабар у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Уый нын дзуры, кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн хъизӕмӕрттӕн, низтӕн, рыстӕн, маст ӕмӕ мӕлӕтӕн. Стӕй ма нын фӕндаг кӕны ӕнусон цардмӕ, ӕргом нын кӕны Хуыцауы фӕндон ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, йӕ хӕлӕрттӕ куыд суӕм, уый. Уӕдӕ Йесо цы хорз хабар хъусын кодта, уый адӕмы зӕрдӕмӕ куыннӕ хъуамӕ фӕцыдаид?! Хъыгагӕн, уый афтӕ нӕ уыди.

2. Бамбарын кӕн, цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ: «Фарн ӕрхӕссынмӕ не ’рцыдтӕн».

2 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ фарн ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Фарн ӕрхӕссынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ кард. Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй фырты скӕнон йӕ фыды ныхмӕ, чызджы йӕ мады ныхмӕ, ӕмӕ чындзы та йе ’фсины ныхмӕ. О, адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:34–36). Адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ ӕппындӕр нӕ хъусынц. Иуӕй-иутӕ та, хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны ныхмӕ фӕцӕуынц, суанг сӕ бинонтӕй куы вӕййынц, уӕддӕр.

3. Цы нӕ хъӕуы, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм?

3 Йесо цы ахуырӕдтӕ амыдта, мах дӕр уыдоны тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ уӕды заманы бирӕтӕ Йесомӕ цы цӕстӕй кастысты, махмӕ дӕр абон адӕм ахӕм цӕстӕй кӕсынц. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ хъуамӕ уыдаид. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу. Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоан. 15:20). Бирӕ бӕстӕты нӕ ныхмӕ ӕргом нӕ цӕуынц, фӕлӕ ныл былысчъилтӕ кӕнынц ӕмӕ нӕм уазал цӕстӕй кӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. (Бакӕс 2 Петры 1:5–8.)

4. Павелы цӕмӕн бахъуыд йӕхимӕ «уыйас ныфс ссарын», цӕмӕй хъусын кодтаид?

4 Чи зоны дын хатт зын вӕййы уацамынды цӕуын, кӕнӕ та дӕ ныфс нӕ фӕхӕссыс иуӕй-иу уавӕрты хъусын кӕнынмӕ. Кӕд афтӕ у, уӕд иунӕг нӕ дӕ. Апостол Павел уыди ныфсджын ӕмӕ хъӕбатыр хъусынгӕнӕг, стӕй рӕстдзинад дӕр хорз зыдта, фӕлӕ-иу ын хатт ӕнцон нӕ уыд адӕмимӕ ныхас кӕнын. Апостол Павел Фессалоникӕйы чырыстӕттӕм ныффыста: «Куыд ӕй зонут, афтӕмӕй [нын], Филиппты хъизӕмӕрттӕ куы бавзарын кодтой ӕмӕ нӕ куы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд уый фӕстӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕхимӕ уыйас ныфс ссардтам, цӕмӕй уын Хуыцауӕй хорз хабар дзырдтаиккам, кӕд нӕ бирӕ тох кӕнын хъуыди, уӕддӕр» (1 Фес. 2:2). Павел ӕмӕ Силӕ Филиппты куы уыдысты, уӕд сӕ хицӕуттӕ уистӕй фӕнӕмын кодтой, ахӕстоны сӕ баппӕрстой ӕмӕ сыл хъадамантӕ бакодтой (Ап. хъ. 16:16–24). Фӕлӕ уӕддӕр Павел ӕмӕ Силӕ сӕхимӕ «уыйас ныфс ссардтой» ӕмӕ дарддӕр хъусын кодтой. Куыд у махӕн дӕр нӕ бон афтӕ ныфсджынӕй хъусын кӕнын? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм, рагзаманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад ныфсджынӕй дзырдтаиккой, уымӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм, махӕн та сӕ нӕ бон куыд у фӕзмын.

Знӕгты ныхмӕ лӕууынӕн сӕ хъуыди хъӕбатырдзинад

5. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыди?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо Чырыстийӕ хъӕбатырдӕр ӕмӕ ныфсджындӕр никуы ничи уыд. Фӕлӕ адӕмы фӕзындӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр хъуыди хъӕбатырдзинад. Цӕмӕн? Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ загъта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Сайтаны лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ кӕй суыдзысты (Райд. 3:15). Афтӕ кӕй у, уый тынг тагъд рабӕрӕг, рӕстгӕнӕг Авелы йе ’фсымӕр куы амардта, уӕд. Фӕстӕдӕр та знӕгтӕ фӕзынд иннӕ иузӕрдион адӕймаг Енохӕн. Уый цард Доны хъаймӕты размӕ. Енох дзырдта, Йегъовӕ кӕй ӕрцӕудзӕн йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ ӕнӕхуыцау адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ (Иудӕ 14, 15). Уыцы хабар бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цыди. Адӕм Енохӕй се сӕфт уыдтой ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, маргӕ дӕр акодтаиккой, Йегъовӕ йӕ куы нӕ айстаид, уӕд. Куыд хъӕбатыр уыд Енох! (Райд. 5:21–24).

6. Моисейы фараонимӕ дзурынӕн хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыд?

6 Ахъуыды-ма кӕн Моисейы хъӕбатырдзинадыл дӕр. Уый йӕ ныфс бахаста фараонимӕ ныхас кӕнынмӕ. Фараоны та, хуыцӕутты номӕй чи дзырдта, ӕрмӕст ууыл нӕ нымадтой, фӕлӕ хуыцауыл, хуры хуыцау Райы фыртыл. Уый дӕр, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ фараонтау йӕхи нывӕн куывта. Йӕ ныхас иннӕтӕн уыди закъон, ӕмӕ йын уыд ӕгӕрон бартӕ. Хъомысджын, сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд фараонӕн исчи исты бакӕнын кодтаид, уымӕн гӕнӕн нӕ уыди. Растдӕр-иу ахӕм адӕймагмӕ хъуыди бацӕуын сӕрныллӕг фыййау Моисейы. Фараоны галуанмӕ йӕ хонгӕ дӕр ничи кодта, стӕй йӕ уынд дӕр ӕхсызгон никӕмӕн уыд. Цы-иу дзырдта Моисей? Стыр бӕллӕхтӕ сыл кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ цы домдта? Фараоны цагъартӕй цалдӕр милуанӕн Египетӕй ацӕуыны бар раттын! Цымӕ Моисейы хъӕбатырдзинад нӕ хъуыди? Куыннӕ ма! (Нымӕц. 12:3; Дзут. 11:27).

7, 8. а) Рагзаманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты? ӕ) Уыцы лӕггадгӕнджытӕн цы ӕххуыс кодта раст дины сӕрыл ныфсджынӕй дзурынӕн?

7 Бирӕ ӕнусты дӕргъы Хуыцауы пехуымпартӕ ӕмӕ йӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ хъӕбатырӕй дзырдтой раст дины сӕрыл. Сайтаны дуне сӕм знаджы цӕстӕй каст. Павел дзуры: «Дуртӕй-иу сӕ фӕхостой, бахаудысты-иу фӕлварӕнты, хырхӕй-иу сӕ афастой, кардӕй-иу сӕ фыдмард акодтой, фысдзӕрмттӕ ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, ӕййӕфтой хъуагдзинӕдтӕ, зындзинӕдтӕ, ӕфхӕрд» (Дзут. 11:37). Хуыцауы уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн фидар фӕлӕууынӕн цы ӕххуыс кодта? Уыцы сӕры цалдӕр стихы уӕлдӕр апостол дзуры, Авел, Авраам, Саррӕ ӕмӕ иннӕты кӕй хъуыди стыр хъарутӕ, цӕмӕй алцыдӕр сфӕрӕзтаиккой. Уый загъта: «Уыдон иууылдӕр... фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой ӕмӕ сыл цин кодтой» (Дзут. 11:13). Пехуымпартӕ Илья ӕмӕ Йереми, стӕй ма рагзаманты Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдон ныфсджынӕй дзырдтой раст дины сӕрыл. Дзырд дӕр ыл нӕй, се ’ппӕтӕн дӕр зындзинӕдты рӕстӕджы сӕ тыхыл тых кӕй ӕфтыдта, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл сӕ ныфс кӕй дардтой, уый (Тит. 1:2).

8 Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты диссаджы рӕсугъд фидӕнмӕ. Уыдон куы райгас уой, уӕд цадӕггай ӕххӕстдзинадмӕ бахӕццӕ уыдзысты ӕмӕ «мӕлӕты цагъарадӕй» ссӕрибар уыдзысты, Йесо Чырысти ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы 144 мин сауджыны уыдзӕн, уыдон сауджынтӕй кӕй лӕггад кӕндзысты, уый фӕрцы (Ром. 8:21). Уымӕй уӕлдай ма, Йереми ӕмӕ иннӕ хъӕбатыр лӕггадгӕнджытӕн сӕ хъаруйыл хъару ӕфтыдта, Йегъовӕ Йеремийӕн цы зӕрдӕвӕрд радта, уый. Йегъовӕ йын загъта: «Демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕтых уыдзысты, уымӕн ӕмӕ „ӕз демӕ дӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“» (Йер. 1:19). Хуыцау махӕн дӕр зӕрдӕ бавӕрдта хорз фидӕнӕй, ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад кӕй хъахъхъӕндзӕн, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бафидар вӕййӕм (Ӕмб. 2:7; бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:17, 18).

Уарзондзинад Йесойы разӕнгард кодта ныфсджынӕй хъусын кӕнынмӕ

9, 10. Йесо хъӕбатырдзинад куыд равдыста а) дины разамонджыты раз ӕ) ӕфсӕддонты къорды раз б) хистӕр сауджыны раз ӕмӕ в) Пилаты раз?

9 Мах дӕр хъуамӕ Йесойау архайӕм. Уый бирӕ хъуыддӕгты уыди ныфсджын ӕмӕ хъӕбатыр. Кӕд дзы дины разамонджытӕ се сӕфт уыдтой, уӕддӕр адӕмӕн Хуыцауы тӕрхӕттӕ хъусын кодта, суанг-иу сын уый хъыг куы уыди, уӕд дӕр. Йесо дины разамонджытӕй нӕ тарст ӕмӕ сын карзӕй уайдзӕф кодта, сӕхи иннӕтӕй хуыздӕр кӕй хуыдтой ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй парахат кодтой, уый тыххӕй. Сӕ цӕстмӕхъус миты тыххӕй сын комкоммӕ дзырдта. Иухатт Йесо загъта: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Сымах стут чъырӕйцагъд ингӕнты хуызӕн. Уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та йедзаг сты мӕрдты стджытӕй ӕмӕ алы чъизитӕй. Афтӕ сымах дӕр адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та йедзаг стут цӕстмӕми ӕмӕ фыддзинадӕй» (Матф. 23:27, 28).

10 Гефсиманы дыргъдоны Йесомӕ ӕфсӕддонты къорд куы ’рбацыд, уӕд сӕ размӕ ныфсджынӕй рахызт ӕмӕ йӕхи бацамыдта (Иоан. 18:3–8). Фӕстӕдӕр ӕй Синедрионы раз ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ йӕ хистӕр сауджын хынцфарст кӕнын райдыдта. Йесо хорз зыдта, хистӕр сауджын ӕфсон кӕй агуры, цӕмӕй йӕ амара, фӕлӕ нӕ фӕтарст, ӕмӕ йын фидарӕй загъта, уый кӕй у Чырысти ӕмӕ Хуыцауы Фырт. Афтӕ дӕр ма сын бакодта, зӕгъгӕ мӕ «фендзыстут Хъомысджыны рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон мигътимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Марчы 14:53, 57–65). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесойы сбастой ӕмӕ йӕ Пилаты раз ӕрлӕууын кодтой. Уымӕн та йӕ бон уыд Йесойы ссӕрибар кӕнын. Фӕлӕ Йесо иу ныхас дӕр нӕ загъта, йӕ ныхмӕ куы дзырдтой, уӕд (Марчы 15:1–5). Ӕппӕт уыдӕттӕ сфӕразынӕн ӕй хъӕбатырдзинад куыннӕ хъуыди!

11. Хъӕбатырдзинад куыд баст у уарзондзинадимӕ?

11 Йесо Пилатӕн загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоан. 18:37). Йегъовӕ Йесойӕн бахӕс кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид. Ӕмӕ уый уыцы хӕс цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыды уарзта (Лук. 4:18, 19). Йесо ма уарзта адӕмы дӕр. Хорз зыдта, царды бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзӕрстой. Мах дӕр Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, хъӕбатырӕй ӕмӕ ныфсджынӕй дӕр уымӕн хъусын кӕнӕм (Матф. 22:36–40).

Сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕны ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн

12. Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуыл цин кодтой?

12 Йесойы мӕлӕтӕй цалдӕр къуыри куы рацыд, уӕд Йегъовӕ райдыдта ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл ӕфтауын, ӕмӕ ма сӕ цинӕн кӕрон дӕр кӕм уыд. Иу боны мидӕг донаргъуыд райста 3 мин адӕймаджы бӕрц! Уыцы адӕм уыдысты, Иерусалиммӕ Фӕндзайӕм бон бӕрӕг кӕнынмӕ алы бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыцы дзуттӕгтӕ ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон. Ӕвӕццӕгӕн, Иерусалимы уыцы хабары йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕуыл дзырдтаиккой! Библийы фыст ис: «Адӕмы се ’ппӕты дӕр тас бацыд. Хуыцау та апостолты къухӕй ӕвдыста бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ» (Ап. хъ. 2:41, 43).

13. Ӕфсымӕртӕ цӕмӕн куывтой, «ныфсджынӕй куыд дзырдтаиккой», уый тыххӕй ӕмӕ хабар куыд рауад?

13 Дины разамонджытӕ мӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоанны ’рцахстой, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв сӕ ахӕстоны фӕдардтой ӕмӕ сын карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы тыххӕй мауал дзырдтаиккой. Куы сӕ рауагътой, уӕд ӕфсымӕртӕн радзырдтой, цы сыл ӕрцыд, уый тыххӕй. Стӕй иууылдӕр иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтой, цӕмӕй сӕ фӕлварӕнты бафидар кодтаид: «Йегъовӕ... дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой». Ӕмӕ уӕд цы ’рцыд? «Се ’ппӕт дӕр сыгъдӕг удӕй схайджын сты ӕмӕ Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой» (Ап. хъ. 4:24–31).

14. Сыгъдӕг уд нын уацамынды куыд ӕххуыс кӕны?

14 Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзурынӕн Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг уд кӕй ӕххуыс кодта. Цӕмӕй иннӕтӕн – уӕлдай дӕр та нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн – рӕстдзинад фехъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад. Уый та нӕхицӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ Йегъовӕйӕ. Уымӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кӕна, ӕмӕ нӕ хайджын дӕр скӕндзӕн, куы дзы курӕм, уӕд. Йегъовӕйы ӕххуысӕй махӕн дӕр нӕ бон у хъӕбатырӕй архайын, цӕмӕй цыфӕнды уӕззау фӕлварӕны дӕр ма фӕцудӕм, фӕлӕ фӕуӕлахиз уӕм. (Бакӕс Псалом 138:3.)

Чырыстӕттӕ абон хъусын кӕнынц ныфсджынӕй

15. Абон рӕстдзинад адӕмы кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕны?

15 Рагзаманты куыд уыди, афтӕ абон дӕр рӕстдзинад адӕмы кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕны. Иутӕ байхъусынц ӕмӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, иннӕтӕ та йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнынц ӕмӕ йын аргъ дӕр не скӕнынц. Чидӕртӕ та нӕ ныхмӕ дзурынц, худынц ныл ӕмӕ ма нӕ суанг, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй се сӕфт дӕр уынынц (Матф. 10:22). Хатт ныл знӕгтӕ цыдӕртӕ ’рымысынц ӕмӕ нӕ фыдкой фӕкӕнынц, ӕмӕ уый тыххӕй фӕпайда кӕнынц телеуынынад, радио ӕмӕ газеттӕй (Пс. 109:1–3). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы адӕм хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр.

16. Цавӕр цӕвиттонӕй зыны, ныфсджынӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕм рӕстдзинадмӕ сӕ ахаст кӕй фӕивынц, уый?

16 Ныфсджынӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕм хатт Паддзахады хабармӕ сӕ ахаст дӕр фӕивынц. Иу хо Хъыргъызстанӕй дзуры: «Иухатт хӕдзарӕй хӕдзармӕ куы хъусын кодтон, уӕд мӕм иу нӕлгоймаг ракаст ӕмӕ мын загъта: „Мӕн Хуыцау уырны, ӕрмӕст чырыстӕтты Хуыцау нӕ. Искуы ма дӕ мӕ къӕсӕрыл куы фенон, уӕд дыл мӕ куыдзы суадздзынӕн!“ Йӕ фӕстӕ лӕууыд стыр бульдог рӕхысӕй баст. Фӕлӕ трактат „Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!“ куы парахат кодтам, уӕд сфӕнд кодтон уыцы хӕдзармӕ ногӕй бацӕуын. Хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, кӕд уыцы лӕджы бинонтӕй ӕндӕр искӕй баййафин. Фӕлӕ та мын дуар бакодта уыцы нӕлгоймаг. Уайтагъд Йегъовӕмӕ скуывтон, ӕмӕ лӕгӕн загътон: „Салам. Ӕртӕ боны размӕ цӕуыл ныхас кодтам, уый хъуыды кӕнын, стӕй дӕм стыр куыдз кӕй ис, уый дӕр мӕ нӕ фӕрох. Фӕлӕ мӕ тынг фӕндыд дӕуӕн ацы трактат ӕрбахӕссын, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр дӕуау ӕууӕндын иунӕг ӕцӕг Хуыцауыл. Сфӕлдисӕг тагъд фесафдзӕн, чи йӕ ӕгад кӕны, уыцы динтӕ. Уый тыххӕй та фылдӕр базондзынӕ ацы трактатӕй“. Тынг бадис кодтон, трактат куы айста, уӕд. Ӕз дарддӕр мӕ участокыл ацыдтӕн. Гыццыл фӕстӕдӕр мӕ уыцы нӕлгоймаг фӕсте раййӕфта, трактат йӕ къухы, афтӕмӕй. „Бакастӕн ӕй,– загъта уый.– Цы хъуамӕ саразон, цӕмӕй мӕ Хуыцауы фыдӕх ма баййафа?“» Уыцы нӕлгоймагимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ фембӕлдтӕм дӕр цӕуын райдыдта.

17. Библи чи ахуыр кодта, уыцы сылгоймаг, нӕ хо куыд ныфсджын у, уый куы федта, уӕд куыд бафидар ис?

17 Мах ныфсджын куы уӕм, уӕд уый иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныфсджын уой. Иу хо, цӕры Уӕрӕсейы, фӕцӕйцыд автобусы. Йӕ фарсмӕ бадӕг сылгоймагӕн журнал дӕттынмӕ куы хъавыд, уӕд ӕй иу нӕлгоймаг федта. Уый йӕ бынатӕй фӕгӕпп кодта, нӕ хойы къухӕй журнал стыдта, нынцъылдтытӕ йӕ кодта ӕмӕ йӕ пъолмӕ фехста. Уыцы нӕлгоймаг райдыдта хъӕр кӕнын ӕмӕ нӕ хойы ӕлгъитын. Стӕй дзы ӕрдомдта, цӕмӕй йын, кӕм цӕры, уый загътаид ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхста, сӕ хъӕумӕ йӕ къах дӕр куыд нӕ бавӕра. Нӕ хо Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдта. Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: «Ма тӕрсут, уӕ амарын кӕй бон у, ... уыдонӕй» (Матф. 10:28). Уый йӕ бынатӕй сыстад ӕмӕ лӕгӕн сабырӕй загъта: «Кӕм цӕрын, уый дӕр дын нӕ зӕгъдзынӕн ӕмӕ мӕ хъуыддаг дӕр нӕ ныууадздзынӕн, фӕлӕ дарддӕр уӕ хъӕуы хъусын кӕндзынӕн». Уый фӕстӕ автобусӕй рахызт. Нӕ хо нӕ зыдта, автобусы ма кӕй бадт, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы сылгоймаг дӕр. Уый ӕмбырды фембӕлдтӕм нӕ цыди, уымӕн ӕмӕ тарсти, адӕм цы зӕгъдзысты, уымӕй. Фӕлӕ куы федта, нӕ хо куыд ныфсджынӕй дзырдта, уый, уӕд йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕнӕмӕнгӕй райдайдзынӕн ӕмбырдтӕм цӕуын.

18. Цы дын баххуыс кӕндзӕн Йесойау ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн?

18 Цӕмӕй ацы ӕнӕхуыцау дунейы хорз хабар Йесойау хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм ныфсджын. Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуыды кӕн фидӕныл. Архай, цӕмӕй дӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ ӕмӕ адӕммӕ ма ӕруазал уа. Йегъовӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй кув. Дӕ зӕрдыл дар, иунӕг кӕй нӕ дӕ, Йесо демӕ кӕй ис (Матф. 28:20). Сыгъдӕг уд дын хъарутӕ дӕтдзӕн. Ӕмӕ дын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, стӕй дӕ ӕнӕ ’ххуысӕй дӕр нӕ ныууадздзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:6).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ныфсджын цӕмӕн хъуамӕ уой?

• Цӕмӕй ныфсджын уӕм, уый тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм...

рагзаманты цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй?

Йесо Чырыстийӕ?

фыццаг чырыстӕттӕй?

не ’мчырыстӕттӕй абон?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Йесо карзӕй уайдзӕф кодта дины разамонджытӕн

[Ныв 23 фарсыл]

Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны хъӕбатырӕй хъусын кӕнынӕн