Йесойау уарзӕм, кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдоны
Йесойау уарзӕм, кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдоны
«Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта» (ИОАН. 7:46).
1. Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уый сыл куыд ӕндӕвта?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, адӕм Йесомӕ куыд ӕхсызгонӕй хъуыстаиккой! Библи нын ӕмбарын кӕны, Йесойы ныхӕстӕ-иу адӕмыл куыд бандӕвтой, уый. Зӕгъӕм, Лука йӕ Евангелийы фыссы, зӕгъгӕ, Назареты цӕрджытӕ дис кодтой, Йесо «цы ӕхсызгон ныхӕстӕ кодта, уыдоныл». Матфей дзуры, Йесойы Уӕлхох уацамындмӕ чи хъуыста, уыцы адӕм «дисӕй [кӕй] мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл». Иоанн та фыссы, Йесойы ӕрцахсынмӕ кӕй арвыстой, уыцы хъахъхъӕнджытӕ фӕстӕмӕ ӕнӕ уымӕй кӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ кӕй загътой: «Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта» (Лук. 4:22; Матф. 7:28; Иоан. 7:46).
2. Йесо адӕмы ахуыр кӕнынӕн цавӕр мадзӕлттӕй пайда кодта?
2 Хъахъхъӕнджытӕ раст загътой. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо кӕй уыд ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг. Йӕ ныхас-иу уыд хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн, стӕй-иу хаста раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Йесо арӕхстджынӕй пайда кодта цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй ӕмӕ фарстатӕй. Уый кӕддӕриддӕр архайдта, цӕмӕй-иу йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, фӕнды хъӕздыг уыдаиккой, фӕнды мӕгуыр. Йӕ ахуырӕдтӕ иуӕй ӕнцонӕмбарӕн уыдысты, иннӕмӕй та хъуыдытыл ӕфтыдтой. Фӕлӕ Йесо ӕрмӕст ацы хъуыддӕгты тыххӕй нӕ уыди ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг.
Сӕйрагдӕр у уарзондзинад
3. Йесо, куыд ахуыргӕнӕнӕг, афтӕ йӕ заманы цӕрӕг дины разамонджытӕй цӕмӕй хицӕн кодта?
3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейты ’хсӕн дӕр уыд зондджын адӕм, бирӕ зонындзинӕдтӕ кӕмӕ уыди ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ чи арӕхсти, ахӕмтӕ. Цымӕ уыдон адӕмы куыд ахуыр кодтой, уый куыд хицӕн кодта, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта, уымӕй? Уӕды заманы дины разамонджытӕ хуымӕтӕг адӕмы нӕ уарзтой, ӕлгъ сыл кодтой ӕмӕ сӕ «ӕлгъыст адӕм» хуыдтой (Иоан. 7:49). Йесо та сын тӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Йесо уыд фӕлмӕн, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Дины разамонджытӕ ӕрмӕст адӕмы нӕ, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр нӕ уарзтой (Иоан. 5:42). Уыдонӕй уӕлдай Чырысти йӕ Фыды уарзта, стӕй йын ӕхсызгон уыд йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Дины разамонджытӕ Хуыцауы ныхӕстӕ зыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ, сӕхицӕн пайда куыд уыд, афтӕ сӕ амыдтой. Фӕлӕ Йесо та «Хуыцауы ныхас» уарзта – адӕмӕн ӕй амыдта, ӕмбарын сын ӕй кодта, йӕ сӕрыл дзырдта ӕмӕ йӕ ӕххӕст кодта (Лук. 11:28). Чырысти уыди стыр уарзондзинады хицау ӕмӕ уый зынди, адӕмӕн цы амыдта, цавӕр ахаст сӕм дардта ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, уымӕй.
4, 5. а) Кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдоны цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм? ӕ) Иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ ма ахсджиаг цӕмӕн сты зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арӕхстдзинад?
4 Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, уый куыд лӕггад кодта, афтӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ, уый куыд царди, афтӕ цӕрын (1 Пет. 2:21). Уӕдӕ махӕн нӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй Библийы цы фыст ис, уый адӕмӕн амонӕм, фӕлӕ ма ӕвдисӕм Йегъовӕйы миниуджытӕ, уӕлдайдӕр та уарзондзинад. Бирӕ зонындзинӕдтӕ нӕм уа ӕви гыццыл, фӕлтӕрд ахуыргӕнджытӕ уӕм ӕви нӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны куы уарзӕм, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ агайдзыстӕм. Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойау уарзӕм, кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдоны.
5 Хорз ахуыргӕнджытӕ уӕд уыдзыстӕм, нӕ «предмет», ома рӕстдзинад, хорз куы зонӕм ӕмӕ йӕ иннӕтӕн амонынмӕ куы арӕхсӕм. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты уыдӕттыл ахуыр кодта. Ӕмӕ махӕн та Йегъовӕ уыцы хъуыддӕгты ӕххуыс кӕны йӕ организацийы уылты. (Бакӕс Исай 54:13; Лукайы 12:42.) Фӕлӕ иннӕты куы ахуыр кӕнӕм, уӕд сын хъуамӕ ӕрмӕст зоныныдзинӕдтӕ ма дӕттӕм, фӕлӕ ма сӕ нӕ зӕрдӕйы хъармӕй дӕр тавӕм. Зонындзинӕдтӕ нӕм куы уа, арӕхстджын ахуыргӕнджытӕ куы уӕм ӕмӕ адӕмы куы уарзӕм, уӕд арфӕгонд уыдзыстӕм. Кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдонмӕ нӕ бон куыд у уарзондзинад ӕвдисын? Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куыд арӕзтой? Цӕй ӕркӕсӕм ацы хъуыддагмӕ.
Хъуамӕ уарзӕм Йегъовӕйы
6. Кӕй уарзӕм, уыцы адӕймаджы тыххӕй куыд фӕдзурӕм?
6 Махӕн ӕхсызгон вӕййы, цы уарзӕм, уый тыххӕй дзурын. Нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ цы у, ууыл дзургӕйӕ нӕ удӕй бацӕуӕм, нӕ алы фезмӕлды дӕр бӕрӕг вӕййынц нӕ уды фӕлмӕн ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ цин, уӕлдайдӕр та, кӕй уарзӕм, уыцы адӕймаджы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд. Уый кой кӕнынӕй ӕхсызгондӕр нын ницы вӕййы: феппӕлӕм дзы, йӕ хорзы кой фӕкӕнӕм, йӕ сӕрыл фӕхӕцӕм. Афтӕ та уымӕн фӕкӕнӕм, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной ӕмӕ йӕ бауарзой.
7. Йесо Хуыцауы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цы фӕндыд аразын?
7 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы бауарзой, уӕд уал ӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг базонӕм ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг бауарзӕм. Уымӕн ӕмӕ раст дины сӕйрагдӕр у Хуыцауы уарзын (Матф. 22:36–38). Уыцы хъуыддаджы ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо. Уый Йегъовӕйы уарзта ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ. Йесо йӕ уӕларвон Фыдимӕ миллиардгай азтӕ кӕй фӕцард, уымӕ гӕсгӕ йӕ тынг хорз базыдта. Растдӕр уымӕн загъта афтӕ: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоан. 14:31). Уыцы уарзондзинад бӕрӕг уыд йӕ алы ныхасы дӕр ӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы дӕр. Хуыцауы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр арӕзта, йӕ Фыды зӕрдӕмӕ цы цыди, уый (Иоан. 8:29). Уарзондзинад ӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй, афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, мах Хуыцауы номӕй дзурӕм, уыцы цӕстмӕхъус дины разамонджытӕн сӕ ных бакъуырдтаид. Йесо йӕ Фыды кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд Йегъовӕйы тыххӕй дзурын ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ базыдтаиккой ӕмӕ йӕ бауарзтаиккой.
8. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы кӕй уарзтой, уый сӕ цӕмӕ разӕнгард кодта?
8 Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр Йегъовӕйы уарзтой. Уымӕ гӕсгӕ хорз хабар хъӕбатырӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Уыдон Иерусалим байдзаг кодтой сӕ ахуырадӕй, кӕд барджын дины разамонджытӕ сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уыдӕтты тыххӕй ма дзырдтаиккой (Ап. хъ. 4:20; 5:28). Уыдон зыдтой, Йегъовӕ семӕ кӕй ис ӕмӕ сын кӕй арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ сын уӕвгӕ арфӕ дӕр кодта! Ӕцӕгдӕр, Йесойы мӕлӕтӕй 30 азы дӕр нӕма рацыд, афтӕ апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23).
9. Хуыцауы тынгдӕр цӕй фӕрцы бауарздзыстӕм?
9 Цӕмӕй хорз ахуыргӕнджытӕ уӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы уарзӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй йӕм нӕ уарзондзинад бонӕй-бонмӕ тынгдӕр кӕна. Уый тыххӕй нӕ бон цы у аразын? Псалом 104:33, 34.)
Хуыцаумӕ арӕх кувын. Нӕ уарзондзинад ма Хуыцаумӕ тынгдӕр бафидар вӕййы, йӕ Ныхас ын куы фӕахуыр кӕнӕм, нӕ литературӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд. Хуыцауы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ куыд фылдӕр кӕной, афтӕ нӕ зӕрдӕтӕ уарзондзинадӕй тынгдӕр дзаг кӕндзысты. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд ӕй иннӕтӕ дӕр уындзысты ӕмӕ сӕ, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. (БакӕсХъуамӕ уарзӕм, цы амонӕм, уый
10. Кӕй ис схонӕн хорз ахуыргӕнӕг?
10 Хорз ахуыргӕнӕг йӕ предмет уарзы. Уый хъуамӕ фидарӕй зона, цы амоны, уый раст кӕй у, царды кӕй ахады ӕмӕ йын стыр аргъ кӕй ис. Ахуыргӕнӕг йӕ предмет куы уарза, уӕд зӕрдӕргъӕвдӕй архайдзӕн, ӕмӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгтыл хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн. Фӕлӕ ахуыргӕнӕг, цы амоны, уымӕ уазал цӕстӕй куы кӕса, уӕд цымӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы зонындзинӕдтӕн куыд хъуамӕ саргъ кӕной? Уӕдӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ махӕн, Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнджытӕн, нӕ бон нӕу нӕ ахуыргӕнинӕгтыл бандавын. Йесо загъта: «Алцыдӕр иттӕг хорз кӕмӕн бацамыдтой, уый уыдзӕн йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн» (Лук. 6:40, «The New Berkeley Version in Modern English»).
11. Йесо цӕмӕн уарзта, цы амыдта, уый?
11 Йесо цы амыдта, уый уарзта. Уый зыдта, кӕй йӕм ис, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм зонындзинӕдтӕ – рӕстдзинад йӕ уӕларвон Фыды тыххӕй, «Хуыцауы ныхӕстӕ» ӕмӕ «ӕнусон царды ныхӕстӕ» (Иоан. 3:34; 6:68). Ирд рухс талынг ранмӕ куыд бакӕлы ӕмӕ дзы алцыдӕр куыд разыны, афтӕ Йесойы ахуырӕдтӕ дӕр адӕмӕн ӕвдыстой, цы у ӕвзӕрдзинад ӕмӕ цӕмӕн хъӕуы хорздзинад аразын, уый. Уыцы ахуырӕдтӕ ныфс лӕвӕрдтой ӕмӕ ӕнцойдзинад хастой, мӕнг дины разамонджытӕ кӕй сайдтой ӕмӕ Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыцы сӕрныллӕг адӕмӕн (Ап. хъ. 10:38). Йесо рӕстдзинад кӕй уарзта, уый ӕрмӕст йӕ ахуырӕдтӕй нӕ уыди бӕрӕг, фӕлӕ ма йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр.
12. Апостол Павел цы цӕстӕй каст хорз хабар хъусын кӕнынмӕ?
12 Йесойау йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй рӕстдзинад афтӕ тынг уарзтой ӕмӕ йын афтӕ тынг аргъ кодтой, ӕмӕ се знӕгтӕн сӕ бон нӕ баци, цӕмӕй сӕ бахъыгдардтаиккой ӕмӕ хорз хабар мауал хъусын кодтаиккой. Павел Ромы чырыстӕттӕм ныффыста: «Зӕрдиагӕй [мӕ] фӕнды хорз хабар... фехъусын кӕнын. Ӕз хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уый фӕрцы ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр» (Ром. 1:15, 16). Павел рӕстдзинад хъусын кӕнын йӕхицӕн стыр кадыл нымадта. Уый фыста: «Ӕз... уыцы стыр хорзӕхӕй уый тыххӕй схайджын дӕн, цӕмӕй Чырыстийы ӕнӕбын хӕзнаты тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнон ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн» (Еф. 3:8). Павел иннӕтӕн Йегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй тынг зӕрдиагӕй хъусын кодта.
13. Хорз хабар цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
13 Хуыцауы Ныхасы цы хорз хабар ис, уый нын дӕтты фадат, цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суӕм. Уыцы хорз хабар нын дзуапп дӕтты царды ахсджиагдӕр фарстатӕн, нӕ цард нын хуыздӕрырдӕм ивы, ныфс нӕ уадзы ӕмӕ нын зын рӕстӕджыты ӕххуыс кӕны. Уый ма нын амоны фӕндаг ӕнусон цардмӕ. Уымӕй зынаргъдӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр зонындзинӕдтӕ нӕй. Хорз хабар у зынаргъ лӕвар ӕмӕ нын хӕссы стыр циндзинад. Ӕмӕ ма уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр куы фӕдзурӕм, уӕд ноджы тынгдӕр фӕцин кӕнӕм (Ап. хъ. 20:35).
14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз хабар тынгдӕр бауарзӕм?
14 Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хорз хабар ноджы тынгдӕр бауарзай? Хуыцауы Ныхас куы кӕсай, уӕд-иу гыццыл фӕлӕуу ӕмӕ, цы бакастӕ, ууыл-иу ахъуыды кӕн. Зӕгъӕм, дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, Йесоимӕ куыд хъусын кӕныс кӕнӕ апостол Павелимӕ балцы куыд фӕцӕуыс. Йе та дӕ хъуыдыты ног дунейы балӕуу, ӕмӕ ахъуыды кӕн, цард куыд тынг фӕивдзӕн, ууыл. Рӕстӕг ссар ӕмӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, хорз хабармӕ кӕй хъусыс, уый дын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ’рхаста, уый. Хорз хабар тынг куы уарзай, уӕд ӕй, кӕй ахуыр кӕныс, уыдон дӕр уындзысты. Уымӕ гӕсгӕ, цы базонӕм, ууыл хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ хъус дарӕм, иннӕты цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:15, 16.)
Хъуамӕ уарзӕм адӕмы
15. Ахуыргӕнӕг йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕн хъуамӕ уарза?
15 Хорз ахуыргӕнӕг фӕархайы, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи сӕрибар хатой, ӕрмӕг зӕрдиагӕй ахуыр кӕной ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынӕй ма ’фсӕрмы кӕной. Уарзӕгой ахуыргӕнӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ зонындзинӕдтӕ уымӕн нӕ бавгъау кӕны, ӕмӕ сын йӕ зӕрдӕ фӕзӕгъы, царды хуыздӕрӕй цы ис, уый. Йӕ зӕрдыл фӕдары, алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ бон бамбарын цас у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алыхуызон мадзӕлттӕй фӕпайда кӕны. Алкӕддӕр сын фиппайы сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕ уавӕртӕ. Ахуыргӕнӕг йӕ ахуыргӕнинӕгты куы фӕуарзы, уӕд ӕй уыдон дӕр фӕхатынц, ӕмӕ ахуырӕй уый зӕрдӕ дӕр ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕ дӕр фӕрухс кӕны.
16. Йесо адӕмы кӕй уарзта, уый цӕмӕй уыди бӕрӕг?
16 Ахӕм уарзондзинад уыди Йесомӕ. Уый ӕппӕты тынгдӕр рабӕрӕг, иннӕты фервӕзын кӕныны тыххӕй йе ’ххӕст цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй (Иоан. 15:13). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмыл тынг тыхсти: ӕххуыс сын кодта ӕмӕ сын йӕ Фыды тыххӕй дзырдта. Уый не ’нхъӕлмӕ каст, адӕм ӕм сӕхӕдӕг кӕй ӕрбацӕудзысты, фӕлӕ сӕм йӕхӕдӕг цыди ӕмӕ сын хорз хабар хъусын кодта, хатт-иу ӕй бахъуыди ацӕуын сӕдӕгай километртӕ дӕр (Матф. 4:23–25; Лук. 8:1). Уый уыд фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн-иу зонд бацамонын куы хъуыди, уӕд-иу сын ӕй фӕлмӕнӕй амыдта (Марчы 9:33–37). Уый сын дзырдта, сӕ бон кӕй бауыдзӕн хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта. Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта ӕмӕ сӕ куыд уарзта, афтӕ никуы ничи. Йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ уыдон дӕр тынг уарзтой ӕмӕ сӕ фӕндыд йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. (Бакӕс Иоанны 14:15.)
17. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ иннӕтӕм сӕ уарзондзинад куыд ӕвдыстой?
17 Йесойау йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр фӕлмӕн уарзтӕй уарзтой, кӕмӕн хъусын кодтой, уыдоны. Сӕ фӕдыл куы зылдысты ӕмӕ сын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр-иу иннӕтӕн лӕггад кодтой ӕмӕ хорз хабар ӕнтысджынӕй хъусын кодтой. Ӕвӕдза, куыд тынг уарзтой, хорз хабармӕ чи хъуыста, уыдоны! Апостол Павел ныффыста ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Мах [уӕ] рӕвдыдтам, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы, афтӕ. Афтӕ тынг уӕ уарзӕм, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауӕй хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын» (1 Фес. 2:7, 8).
18, 19. а) Хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй мах цӕмӕн стӕм цӕттӕ нӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ? ӕ) Ӕрхӕсс цӕвиттон, иннӕтӕ нын нӕ уарзондзинад кӕй уынынц, уымӕн.
18 Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл зилынц ӕмӕ агурынц, ӕцӕг Хуыцауы базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы. Фӕстаг 17 азы дӕргъы мах алы аз дӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн рахицӕн кӕнӕм миллиард сахатӕй фылдӕр. Мах уыцы хъуыддаг Иоан. 17:3; 1 Тим. 2:3, 4). Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой.
фӕкӕнӕм зӕрдиагӕй, кӕд нӕ уый тыххӕй нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ не ’хца хардз кӕнын фӕхъӕуы, уӕддӕр. Йесойау мах дӕр ӕмбарӕм, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм исой ӕнусон цардмӕ кӕнӕг зонындзинӕдтӕ (19 Уарзондзинад нӕм кӕй ис, уый иннӕтӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц. Зӕгъӕм, Иугонд Штатты иу пионер-хо архайы, зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕм адӕмы фидар кӕныныл. Уый сӕм фыстӕджытӕ фервиты. Иу нӕлгоймаг ӕм фӕстӕмӕ ныффыста: «Фыццаг мӕм тынг диссаг фӕкаст, чидӕр ӕнӕзонгӕ адӕймагмӕ кӕй фыссы ӕмӕ йӕ зӕрдӕбынӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй йын зын сахат баххуыс кӕна. Бӕрӕг у, ды кӕй уарзыс адӕмы дӕр ӕмӕ сын царды фӕндаг чи амоны, уыцы Хуыцауы дӕр».
20. Кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдоны уарзын ахсджиаг цӕмӕн у?
20 Адӕймаг йӕ хъуыддаг куы уарза ӕмӕ йӕ куыд кӕнын хъӕуы, уый хорз куы зона, уӕд ын цынӕ бантысдзӕн! Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ мах фӕархайӕм, цӕмӕй уыдон Йегъовӕйы хорз базоной ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ бауарзой. Мах хорз ахуыргӕнджытӕ никуы суыдзыстӕм, Хуыцауы, адӕмы ӕмӕ рӕстдзинад куы нӕ уарзӕм, уӕд. Ахӕм уарзондзинад нӕ удыхъӕды кӕй рӕзын кӕнӕм ӕмӕ йӕ уацамынды кӕй ӕвдисӕм, уый фӕрцы, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын цы циндзинад хӕссы, ӕрмӕст уый нӕ банкъарӕм, фӕлӕ ма нын ӕхсызгон вӕййы, афтӕмӕй Йесойау кӕй архайӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Иннӕтӕн хорз хабар амонгӕйӕ, цӕмӕн хъуамӕ...
уарзӕм Хуыцауы?
уарзӕм, цы амонӕм, уый?
уарзӕм, кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдоны?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 15 фарсыл]
Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕй уӕлдай Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта?
[Ныв 18 фарсыл]
Цӕмӕй хорз ахуыргӕнӕг уай, уый тыххӕй хъуӕуы зонындзинӕдтӕ, арӕхстдзинад ӕмӕ, сӕйрагдӕр та, уарзондзинад