Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕуӕдз азы дӕргъы мӕ зӕрдыл дарын ме Сфӕлдисӕджы

Нӕуӕдз азы дӕргъы мӕ зӕрдыл дарын ме Сфӕлдисӕджы

Нӕуӕдз азы дӕргъы мӕ зӕрдыл дарын ме Сфӕлдисӕджы

Радзырдта йӕ Эдвин Риджуэлл

СТЫР хӕст, ома Фыццаг дунеон хӕст, кӕй фӕци, уый фӕдыл 1918 азы 11 ноябры бӕрӕг кодтой Фидыды бон. Уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы не скъолайы ахуырдзауты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой. Уӕд мыл 5 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕн ӕппындӕр ницы ӕмбӕрстон. Фӕлӕ мӕ нӕ ферох, мӕ ныййарджытӕ мын Хуыцауы тыххӕй цы дзырдтой, уый, ӕмӕ мӕ уыцы церемонийы уый тыххӕй нӕ фӕндыд архайын. Ӕз Хуыцаумӕ куывтон, фӕлӕ мӕхи нӕ баурӕдтон ӕмӕ ныккуыдтон. Ӕмӕ кӕд мӕ хабар афтӕ уыд, уӕддӕр уыцы хъуыддӕгтӕй мӕхи бахызтон. Афтӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ арф айстон мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы» (Еккл. 12:1).

Ацы хабарӕй цалдӕр мӕйы размӕ нӕ бинонтӕ алыгъдысты горӕт Глазгомӕ хӕстӕг (Шотланди). Уыцы рӕстӕг мӕ фыд байхъуыста раныхасмӕ «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты». Уыцы раныхас ын йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ-иу арӕх ныхас кодтой Хуыцауы Паддзахадыл ӕмӕ, цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Ӕз ме Сфӕлдисӕгӕй бузныг дӕн, мӕ ныййарджытӕ мын кӕй ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауы бауарзтаин ӕмӕ йыл мӕ ныфс дарын сахуыр уыдаин (Ӕмб. 22:6).

Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтон

Фынддӕс азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ бон уыд уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуын, фӕлӕ мӕ фӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Мӕ фыдмӕ афтӕ каст, нырма ӕгӕр ӕрыгон кӕй дӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иуцасдӕр акуыстон иу къанторы. Фӕлӕ мӕ Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ иу бон Джозеф Рутерфордмӕ фыстӕг ныффыстон. Уыцы рӕстӕджы ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд уый лӕвӕрдта. Ӕз ӕй бафарстон, мӕ пълӕнттӕ йӕм куыд кӕсынц, уый тыххӕй. Ӕфсымӕр Рутерфорд мӕм ахӕм дзуапп ӕрӕрвыста: «Кӕд дӕ бон кусын у, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон Хицауӕн лӕггад кӕнын дӕр бауыдзӕн. [...] Ныфс мӕ ис, Хицау дын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ӕппӕт тыхтӕй йын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд». Уыцы фыстӕг, рарвыста йӕ 1928 азы 10 мартъийы, нӕ бинонтыл тынг бандӕвта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ фыд, мӕ мад, мӕ хистӕр хо ӕмӕ ӕз райдыдтам ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

1931 азы Лондоны цы конгресс уыд, уым ӕфсымӕр Рутерфорд загъта, ӕндӕр бӕстӕты дӕр хорз хабар чи хъусын кӕна, ахӕм лӕггадгӕнджытӕ кӕй хъӕуы. Ӕз загътон, мӕн кӕй фӕнды ацӕуын, ӕмӕ нӕ Эндрю Джекимӕ снысан кодтой Каунасмӕ, уыцы рӕстӕг Литвайы сӕйраг горӕт чи уыд, уырдӕм. Уӕд мыл цыди 18 азы.

Паддзахады хабар хъусын кӕнын фӕсарӕнты

Уыцы рӕстӕг Литва уыди мӕгуыр бӕстӕ, йӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр кодтой зӕххы куыст. Хъӕуты хъусынгӕнгӕйӕ мах ӕмбӕлдыстӕм бирӕ зындзинӕдтыл. Ӕнцон нын нӕ уыди цӕрӕнбынат ссарын, ӕмӕ-иу цы хӕдзӕртты ӕрлӕууыдыстӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ зын ферох кӕнӕн уыдысты. Иухатт ӕхсӕвы Эндрюимӕ фыртыхстӕй фехъал стӕм. Фӕтӕгены цырагъ куы ссыгътам, уӕд федтам, нӕ хуыссӕн ӕхсынчъытӕй йедзаг кӕй у. Сӕрӕй къӕхты бынмӕ нӕ бахордтой! Иу къуырийы мидӕг-иу алы райсом дӕр ацыдтӕн, нӕ цуры цы цӕугӕдон цыди, уырдӕм. Уазал доны-иу арф ныппырыдтӕн, цӕмӕй-иу мӕ рыстытӕ иугыццыл фӕкъаддӕр уыдаиккой. Уыцы зындзинӕдтӕ нӕ не ’рлӕмӕгъ кодтой, фӕндыд нӕ дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын. Цасдӕры фӕстӕ фембӕлдыстӕм, Библи ахуыр кӕнын кӕй бафӕндыд, ахӕм ӕрыгон лӕг ӕмӕ усыл. Уыдон нӕ суазӕг кодтой ӕмӕ нӕ нал хъуыди цӕрӕнбынатыл тыхсын. Сӕ хӕдзар уыд гыццыл, фӕлӕ сыгъдӕг. Тынг ӕхсызгон нын уыди пъолыл фынӕй кӕнын, ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыди!

Литвайы уыцы рӕстӕг католикон ӕмӕ православон аргъуантӕ тынг ӕндӕвтой адӕмыл. Ӕрмӕстдӕр хъӕздгуытӕн уыд сӕ бон балхӕнын Библи. Нӕ нысан сӕйрагдӕр уыд гӕнӕн уӕвгӕйӕ фылдӕр рӕтты хорз хабар фехъусын кӕнын ӕмӕ цымыдисгӕнаг адӕмӕн фылдӕр литературӕ ныууадзын. Фыццаг уал-иу агуырдтам, горӕты кӕм ӕрлӕууыдаиккам, ахӕм бынат. Стӕй-иу арӕхстгай хъусын кодтам горӕтгӕрӕтты, уый фӕстӕ та-иу горӕтӕн йӕхи мидӕг. Архайдтам-иу горӕтыл тагъд ӕрзилыныл, цӕмӕй-иу нӕ бынӕттон сауджынтӕ ма бахъыгдардтаиккой ӕмӕ бӕстӕ сӕ сӕрыл ма систаиккой.

Нӕ хъуыддаг куыд айхъуыст

1934 азы Эндрюйы снысан кодтой Каунасы филиалмӕ, ӕмӕ уӕд ме ’мбал сси Джон Семпи. Цалдӕр хатт ныл ӕрцыд цымыдиссаг хабӕрттӕ. Иухатт хъусын кодтон иу адвокатӕн йӕ къанторы. Уый тынг смӕсты, йе стъолы лагъзӕй йӕ пистолет фелвӕста ӕмӕ мыл ныхъхъӕр кодта, зӕгъгӕ, тагъд мӕ разӕй фесӕф. Ӕз мӕхинымӕр Хуыцаумӕ скуывтон, ӕмӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд иу стих Библийӕ: «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн» (Ӕмб. 15:1). Ӕмӕ стӕй адвокатӕн загътон: «Ӕз де знаг нӕ дӕн, хорз хабар дын ӕрбахастон. Бузныг, дӕхиуыл кӕй фӕхӕцыдтӕ ӕмӕ мӕ кӕй нӕ фехстай». Адвокат пистолеты мӕнгвӕдӕг суӕгъд кодта, ӕмӕ ӕз дӕр сабыргай мӕхи дуарырдӕм айстон.

Джонимӕ куы фембӕлдыстӕм, уӕд мын загъта, уый дӕр фыдбылызы кӕй фӕцӕйхауд. Джоны та акодтой пъӕлицӕмӕ. Уый размӕ ныхас кодта иу сылгоймагимӕ, ӕмӕ йыл чидӕр бавдисӕн кодта, зӕгъгӕ, дам, уыцы сылгоймагӕй стыр ӕхца адавта. Участокы йын йӕ дзаумӕттӕ раласын кодтой ӕмӕ йӕ баджигул кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхца уымӕ нӕ разынд. Фӕстӕдӕр ссардтой ӕцӕг къӕрныхы.

Ацы дыууӕ хабары уыцы гыццыл горӕты чи нӕ фехъуыста, ахӕм нал баззад! Ӕмӕ афтӕмӕй адӕм иууылдӕр баззыдтой, цы куыст кодтам, уый.

Сусӕг куыст

Нӕ куыст уыди тӕссаг – Латвимӕ ластам литературӕ. Уым та нӕ сӕрибарӕй хъусын кӕнын нӕ уагътой. Мӕй иу хатт Латвимӕ цыдыстӕм ӕхсӕвыгон поездыл. Хатт-иу нӕ литературӕ уырдӕм куы нылластам, уӕд-иу нӕхӕдӕг дарддӕр Эстонимӕ ацыдыстӕм. Фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ дӕр-иу немӕ ноджы литературӕ раластам ӕмӕ-иу ӕй Латвийы ныууагътам.

Иухатт нӕ чидӕр таможняйы кусӕгыл сардыдта ӕмӕ йын загъта, цы куыст кӕнӕм, уый тыххӕй. Уыцы кусӕг нын загъта, цӕмӕй поездӕй рахызтаиккам ӕмӕ нӕм цы литературӕ уыд, уый йӕ хицаумӕ бахастаиккам. Джонимӕ Йегъовӕмӕ скуывтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид. Тынг бадис кодтам, таможняйы кусӕг йӕ хицауӕн кӕй не схъӕр кодта, цы ласӕм, уый. Ӕрмӕстдӕр ын афтӕ бакодта: «Хорз уаид, ацы дыууӕ сӕ ласинӕгтӕ декларацийы куы ныффыссиккой». Ӕз ныффыстон, литературӕ ахуырдзаутӕн кӕй ласын, цӕмӕй сын баххуыс кӕна, не змӕст дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны нысаниуӕг бамбарынӕн. Хицау нӕ ауагъта ӕмӕ нӕ литературӕ бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтам.

Балтийы бӕстӕты политикон уавӕр куыд фыддӕр кодта, афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ тынгдӕр цӕуын райдыдтой. Литвайы дӕр нӕ хъусын кӕнын нал уагътой. Эндрю ӕмӕ Джоны арвыстой. Дыккаг дунеон хӕсты размӕ хицӕуттӕ бардзырд радтой, цӕмӕй Британийы ӕмбӕстӕгтӕ Литвайӕ ацыдаиккой. Ӕмӕ хъыгагӕн мӕн дӕр ацӕуын бахъуыд.

Мӕ арфӕдзинӕдтӕ Цӕгат Ирландийы

Уӕдмӕ мӕ ныййарджытӕ алыгъдысты Цӕгат Ирландимӕ ӕмӕ сӕм ӕз дӕр 1937 азы ныццыдтӕн. Адӕмы хӕст йеддӕмӕ кӕй ницы ӕндӕвта, уымӕ гӕсгӕ нын уым дӕр нӕ лӕвӕрдтой бар нӕ литературӕ парахат кӕнынӕн. Фӕлӕ мах уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ ныууагътам. Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд нӕ хицӕуттӕ нал хъыгдардтой хъусын кӕнын. Харолд Кинг, фӕлтӕрд пионер (фӕстӕдӕр лӕггад кодта миссионерӕй Китайы), бацархайдта, цӕмӕй-иу ӕфсымӕртӕн сӕ бон уыдаид ӕргом раныхӕстӕ радзурын. Адӕмы та-иу хъуамӕ ӕрӕмбырд кодтаиккм ӕддейӕ искуы. Уый загъта: «Ацы сабаты фыццаг раныхас уыдзӕн мӕнӕн». Стӕй мӕм ӕрбакаст ӕмӕ мын афтӕ куы бакӕнид: «Иннӕ сабаты та – дӕуӕн». Фырдиссагӕй мӕ бон дзурын дӕр нал сси.

Ӕз хорз хъуыды кӕнын мӕ фыццаг раныхас. Раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм, цалдӕр сӕдӕйы. Ӕз лӕууыдтӕн асыккыл ӕмӕ дзырдтон ӕнӕ микрофонӕй. Дзырд куы фӕдӕн, уӕд мӕм иу нӕлгоймаг бацыд, мӕ къух мын райста ӕмӕ йӕхи бацамыдта. Йӕ ном хуынди Билл Смит. Уый загъта, бирӕ адӕм кӕй федта ӕмӕ йӕ кӕй бафӕндыд базонын, цы хабар у, уый. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Биллӕн кӕддӕр хъусын кодта мӕ фыд. Фӕлӕ мӕ фыд ӕмӕ мӕ дыккаг мад Дублинмӕ пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ куы ацыдысты, уӕд сын фадат нал уыд Биллимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнынӕн. Ӕз йемӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын. Цасдӕры фӕстӕ Биллы бинонтӕй фараст адӕймаджы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.

Фӕстӕдӕр хъусын кодтон, горӕт Белфасты кӕрӕтты цы стыр хӕдзӕрттӕ уыди, уым. Фембӕлдтӕн дзы, раздӕр Литвайы чи цард, иу ахӕм уырыссаг сылгоймагыл. Цы литературӕ мӕм уыд, уый йын куы равдыстон, уӕд иу чиныгмӕ бацамыдта, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ мӕм ахӕм ис. Мӕ фыды ӕфсымӕр мын ӕй радта, Каунасы университеты кусы, профессор у». Сылгоймаг мӕм рахаста чиныг «Сотворение» польшӕйаг ӕвзагыл. Чиныджы фӕрстӕ иууылдӕр уыдысты фыстытӕ. Тынг бадис кодта, куы йын загътон, зӕгъгӕ, уыцы чиныг йӕ фыды ӕфсымӕрӕн ӕз радтон, Каунасы йыл куы фембӕлдтӕн, уӕд (Еккл. 11:1).

Джон Семпи куы базыдта, Цӕгат Ирландимӕ цӕуын, уӕд мын бафӕдзӕхста йӕ кӕстӕр хо Неллимӕ бацӕуын, уымӕн ӕмӕ йӕ Библи цымыдис кодта. Ӕз ӕм мӕ хо Конниимӕ бацыдтӕн ӕмӕ йемӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын. Нелли уырнындзинады рӕзыд ӕмӕ тагъд рӕстӕджы йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Цасдӕры фӕстӕ кӕрӕдзи бауарзтам ӕмӕ нӕ цард баиу кодтам.

Неллиимӕ Йегъовӕйӕн фӕлӕггад кодтам 56 азы. Уыцы стыр кад нӕм ӕрхауд, ӕмӕ сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕрӕн баххуыс кодтам рӕстдзинад базонынӕн. Мах афтӕ ӕнхъӕлдтам, ӕмӕ Армаггедоны сӕрты иумӕ ахиздзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы ног дунемӕ дӕр иумӕ бацӕудзыстӕм. Фӕлӕ мын 1998 азы Неллийы байста ӕгъатыр знаг – мӕлӕт. Царды мын уымӕй стырдӕр фӕлварӕн никуы уыд.

Фӕстӕмӕ та Балтийы бӕстӕтӕм

Неллийы мӕлӕтӕй иу азы фӕстӕ ӕз схайджын дӕн диссаджы арфӕдзинадӕй: фӕхуыдтой мӕ Таллины (Эстони) филиалмӕ. Эстонийы ӕфсымӕртӕ мӕм ныффыстой: «1920 азты кӕрон ӕмӕ 1930 азты райдиан Балтийы бӕстӕтӕм кӕй снысан кодтой, уыцы дӕс ӕфсымӕрӕй ма иунӕг ды баззадтӕ удӕгас». Фыстой ма, зӕгъгӕ, филиал цӕттӕ кӕны ӕрмӕг, Эстони, Латви ӕмӕ Литвайы хъусын кӕныны хъуыддаг куыд райдыдта, уый фӕдыл. Ӕмӕ мӕ фарстой: «Дӕ бон у ӕрцӕуын?»

Мӕхицӕн стыр кадыл банымадтон, уыцы азты ныл уацамынды цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон радзурын. Латвийы ӕфсымӕртӕн равдыстон, филиал фыццаг цы фатеры уыди, уый. Стӕй ма сын равдыстон, нӕ литературӕ кӕм ӕмбӕхстам, уыцы уӕлхӕдзар дӕр. Пъӕлицӕ нын нӕ литературӕ никуы ссардта. Литвайы куы уыдтӕн, уӕд мӕ акодтой гыццыл горӕт Шауляймӕ, кӕддӕр дзы лӕггад кодтон пионерӕй. Уым нын уыд фембӕлд ӕмӕ мын иу ӕфсымӕр радзырдта: «Бирӕ азты размӕ мӕ мадимӕ горӕты балхӕдтам иу хӕдзар. Ӕмӕ нӕ уӕлхӕдзар куы ӕфснайдтам, уӕд дзы федтам дыууӕ чиныджы «Божий план веков» ӕмӕ «Арфа Божия». Куы сӕ бакастӕн, уӕд бамбӕрстон, рӕстдзинад кӕй ссардтон. Ӕвӕццӕгӕн сӕ кӕддӕр ды ныууагътай уыцы хӕдзары».

Ӕз ма ацыдтӕн районон конгресмӕ, кӕддӕр пионерӕй цы горӕты лӕггад кодтон, уырдӕм. Уыцы горӕты ма конгрессы уыдтӕн 65 азы размӕ. Уӕд дзы уыд 35 адӕймаджы, ныр та – 1 500 адӕймагӕй фылдӕр. Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Куыд тынг раарфӕ кодта Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн!

Йегъовӕ мӕ нӕ ныууагъта

Ӕрӕджы мӕ Хуыцау диссаджы хуызы схорзӕхджын кодта: иу замманай чырыстон хо мын бакуымдта ӕмӕ 2006 азы ноябры нӕ цард баиу кодтам. Йӕ ном хуыйны Би.

Фӕсивӕдӕн мӕ фӕнды иу ныхас зӕгъын. Кӕд уӕ цард цӕмӕн снывонд кӕнат, уый нӕ зонут, уӕд уын мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ӕппӕты хуыздӕр кӕй у Библимӕ хъусын: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты». Абон та мӕ бон у псаломзарӕггӕнӕгау цин кӕнын: «О Хуыцау, ды мӕ ахуыр кодтай мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ ныры онг дӕр дзурын дӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй. Ӕмӕ куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр мӕ, о Хуыцау, ма ныууадз, цӕмӕй дӕ цонджы хъаруйы тыххӕй радзурон иннӕ фӕлтӕрӕн, дӕ хъомысы тыххӕй – ӕрцӕуинаг чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр» (Пс. 71:17, 18).

[Картӕ 25 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Латвимӕ тӕссаг уыд литературӕ ласын

ЭСТОНИ

ТАЛЛИН

Ригӕйы бакӕлӕн

ЛАТВИ

РИГӔ

ЛИТВА

ВИЛЬНЮС

Каунас

[Ныв 26 фарсыл]

Шотландийы 15-аздзыдӕй райдыдтон лӕггад кӕнын чиныгхӕссӕгӕй (пионерӕй)

[Ныв 26 фарсыл]

Неллиимӕ нӕ чындзӕхсӕвы бон. 1942 аз