Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмвӕндӕй куы архайат, уӕд ӕнтыстджын уыдзыстут

Ӕмвӕндӕй куы архайат, уӕд ӕнтыстджын уыдзыстут

Ӕмвӕндӕй куы архайат, уӕд ӕнтыстджын уыдзыстут

ЦӔМӔЙ бинонтӕ уырнындзинады фидар уой, уый тыххӕй алкӕйдӕр хъӕуы ӕмвӕндӕй архайын. Йегъовӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы баиу кодта, уӕд сын бамбарын кодта, куыд ахсджиаг у алцыдӕр иумӕ аразын. Евӕ Адамӕн уыди йӕ «ӕххуысгӕнӕг» (Райд. 2:18). Хуыцау бинонты цард афтӕ скодта, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтаиккой (Еккл. 4:9–12). Йегъовӕ ныййарджытыл ӕмӕ сывӕллӕттыл цы хӕстӕ сӕвӕрдта, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн дӕр хъӕуы ӕмвӕндӕй архайын, алцыдӕр иумӕ кӕнын.

Бинонтӕ иумӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнынц

Бэрри ӕмӕ Хайдийӕн ис фондз сывӕллоны. Сӕ дыууӕ дӕр архайынц, цӕмӕй сӕ бинонтӕ иууылдӕр иумӕ Библи ахуыр кӕной, ӕмӕ уый фӕрцы сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр ӕввахс кӕнынц Йегъовӕмӕ. Бэрри дзуры: «Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ мӕ сывӕллӕттӕн гыццыл хӕслӕвӕрдтӕ раттын, цӕмӕй-иу сӕхи бинонты ахуырмӕ бацӕттӕ кӕной. Зӕгъӕм, цымыдисаг хъуыдытӕ ссарой „Райхъал ут!“-ы статьяты. Стӕй ма иумӕ бафӕлварӕм, уацамынды нӕ ныхас куыд райдайдзыстӕм, уый дӕр. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕй алчи дӕр фӕзоны, цы зӕгъа, уый». Хайди дӕр загъта: «Махӕй алчи дӕр ныффыста, Хуыцауы хъуыддаджы цавӕр нысӕнттӕм тырны, уый. Ӕмӕ сӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ’ркӕсӕм, бинонты ахуыр нын куы вӕййы, уӕд. Афтӕмӕй фенӕм, нӕ къухы цы бафтыд». Ацы бинонтӕ ма алы къуыри дӕр иу изӕр телевизормӕ ӕппындӕр нӕ бакӕсынц. Афтӕмӕй ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр хорз фадат вӕййы истытӕ бакӕсынӕн.

Ӕмбырды фембӕлдтӕ

Майк ӕмӕ Дениз хъомыл кӕнынц цыппар сывӕллоны. Сӕ бинонтӕ алцыдӕр иумӕ кӕй кӕнынц, уый сын куыд ӕххуыс кӕны? Майк дзуры: «Адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕ цыфӕнды хорз ма пълан кӕна, уӕддӕр ын алы хатт алцы йӕхи куыд фӕфӕнды, афтӕ нӕ рауайы, фӕлӕ ӕмвӕндӕй кӕй фӕархайӕм, уый фӕрцы фембӕлдтӕм нӕ байрӕджы кӕнӕм». Дениз ӕмбарын кӕны: «Нӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары куы уыдысты, уӕд дзы алкӕмӕн дӕр хӕдзары уыди йӕхи хӕслӕвӕрд. Мӕ чызг Ким мын-иу ӕххуыс кодта хӕринаг кӕнынмӕ ӕмӕ фынг ӕвӕрынмӕ». Сӕ фырт Майкл дзуры: «Хӕдзары-иу нӕм дыццӕджы изӕрӕй уыди ӕмбырд. Фембӕлды размӕ-иу уат бафснайдтам, пъол-иу рамарзтам ӕмӕ-иу бандӕттӕ сӕвӕрдтам». Сӕ иннӕ лӕппу, Мэтью, та афтӕ дзуры: «Ӕмбырд-иу нӕм цы бонты уыди, уыцы изӕр-иу нӕ фыд куыстӕй раздӕр ӕрбацыди ӕмӕ-иу нӕм фӕкаст». Цы бантыст уыцы бинонтӕн?

Уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн

Майк дзуры: «1987 азы Денизимӕ райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын. Уӕд ма не ’ртӕ фырты дӕр немӕ цардысты. Нӕ сывӕллӕттӕй дыууӕйӕ систы пионертӕ, иннӕ дыууӕ та ӕххуыс кодтой Вефилтӕ аразынӕн. Нӕ бинонтӕ ма тынг цин кӕнынц, кӕй баххуыс кодтой 40 адӕймагӕн сӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынӕн ӕмӕ донаргъуыд райсынӕн. Стӕй ма нӕм ахӕм стыр кад ӕрхауди, ӕмӕ ӕгас бинонтӕй дӕр куыстам аразджыты къордты, суанг ма фӕсарӕнты дӕр».

Уӕдӕ цӕмӕй уӕ бинонтӕ ӕмвӕндӕй архайой, алцыдӕр иумӕ кӕной, уый тыххӕй уӕ хъарутыл ма ауӕрдут. Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккат, уӕ бинонтӕн ма сӕ бон иумӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ у кӕнын, ууыл дӕр? Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут: уӕ бинонтӕ ӕмвӕндӕй куы архайой, уӕд дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзысты.

[Ныв 28 фарсыл]

Уацамындмӕ иумӕ куы цӕттӕ кӕнат, уӕд уын фылдӕр ӕнтысдзӕн