Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аргъ кӕныс, Йегъовӕ дӕу фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн?

Аргъ кӕныс, Йегъовӕ дӕу фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн?

Аргъ кӕныс, Йегъовӕ дӕу фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн?

«Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн! Уый ӕркаст йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта» (ЛУК. 1:68).

1, 2. а) Цавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн, уӕззау уавӕры кӕй стӕм, уый? ӕ) Цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм?

РАЙСӔМ ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм дыл цавӕрдӕр низ бахӕцыд ӕмӕ дӕ рынчындоны схуыссын кодтой. Палатӕйы кӕимӕ дӕ, уыдон дӕр рынчын сты уыцы низӕй – хос кӕмӕн нӕй, ахӕм мӕлӕтдзаг низӕй. Чидӕр дын загъта, зӕгъгӕ, ацы низы ныхмӕ агурынц хос, ӕмӕ уыцы иртасӕн куыстытӕн разамынд дӕтты уӕ дохтыр. Уый фехъусгӕйӕ дӕ ныфс бацыд. Иртасӕн куыстытӕ куыд цӕуынц, уый дӕ тынг цымыдис кӕны. Ӕмӕ иу бон базыдтай, уыцы низы ныхмӕ хос кӕй ӕрымысыдысты! Дохтыры бахъуыд бирӕ бафыдӕбон кӕнын, цӕмӕй ацы мӕлӕтдзаг низӕн хос ӕрхъуыды кодтаид. Уый базонгӕйӕ цы хатдзынӕ? Дӕу дӕр ӕмӕ ма иннӕты дӕр ингӕны къӕсӕрӕй бакӕсын чи нӕ бауагъта, уыцы адӕймаджы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никуы ферох кӕндзынӕ ӕмӕ дзы цӕрӕнбонты бузныг уыдзынӕ.

2 Ацы цӕвиттон гӕнӕн ис искӕмӕ ӕгӕр карз фӕкӕса, фӕлӕ хорз ӕвдисы, мах ӕцӕгдӕр цы уавӕры стӕм, уый. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мах стӕм ноджы уӕззаудӕр уавӕры. Тынг ӕхсызгонӕй нӕ хъӕуы ирвӕзындзинад. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:24.) Мах фервӕзын кӕныны тыххӕй Йегъовӕ стыр нывонд ӕрхаста. Йӕ Фырт дӕр йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта. Уымӕ гӕсгӕ равзарӕм цыппар ахсджиаг фарстайы: ирвӕзын кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы? Йесо цы сарӕзта нӕ ирвӕзындзинады тыххӕй? Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй нӕ фервӕзын кодтаид? Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцау нӕ кӕй ирвӕзын кӕны, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

Ирвӕзын кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

3. Цӕмӕн ис тӕригъӕд фыдрынтимӕ абарӕн?

3 1918 азы грипп «испанкӕ»-йӕ фӕмард сты дӕсгай милуан адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ уый уыди, адӕмыл-иу цы тӕссаг низтӕ бахӕцыд, уыдонӕй сӕ иу. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕндӕр низтӕ та ноджы фыддӕр сты. Кӕд къаддӕр адӕмыл бахӕцынц, уӕддӕр дзы чи фӕрынчын вӕййы, уыдонӕн сӕ фылдӕр амӕлы *. Ахӕм фыдрынтимӕ тӕригъӕд куы абарӕм, уӕд та? Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн Ромӕгтӕм 5:12 ныхӕстӕ: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд». Ӕнӕххӕст адӕм се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр «тӕригъӕд» бахӕцыд. (Бакӕс Ромӕгтӕм 3:23.) Ӕмӕ тӕригъӕды аххосӕй цал адӕймаджы амӕлы? Павел ныффыста, тӕригъӕд «ӕппӕт адӕмы дӕр» кӕй кӕны мӕлӕтмӕ.

4. Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цас хъуамӕ цардаиккам ӕмӕ абон Хуыцауы цӕстӕнгас куыд хицӕн кӕны бирӕты цӕстӕнгасӕй?

4 Адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты ӕмӕ кӕй мӕлынц, ууыл абон бирӕтӕ дис дӕр нӕ кӕнынц. Адӕм тынгдӕр фӕмӕт кӕнынц, цӕрынхъуагӕй чи амӕлы, уыдоныл, фӕлӕ адӕймаг куы базӕронд вӕййы ӕмӕ куы амӕлы, уӕд та фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, «йӕ афон ӕрцыд ӕмӕ амард». Уымӕ гӕсгӕ ӕнцонтӕй ис ферох кӕнӕн Сфӕлдисӕджы фӕндон. Уый та фӕндыд, цӕмӕй адӕм цардаиккой, абон цас цӕрынц, уымӕй бирӕ фылдӕр. Ӕцӕгдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ нырма иу адӕймаг дӕр «иу бон» дӕр нӕ фӕцард (2 Пет. 3:8). Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ис, нӕ цард цыбыр кӕй у, раст кӕрдӕг куыд тагъд сырӕзы, йе та адӕймаг куыд сулӕфы, афтӕ (Пс. 39:5; 1 Пет. 1:24). Уый нӕ хъуамӕ рох ма уа. Цӕуылнӕ? Нӕ «низ» куыд уӕззау у, уый куы ӕмбарӕм, уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм нӕ «хосӕн» – нӕ ирвӕзындзинадӕн.

5. Тӕригъӕды аххосӕй не ’ппӕт дӕр цӕмӕй фӕцух стӕм?

5 Тӕригъӕд куыд уӕззау низ у ӕмӕ ныл куыд тынг ӕндавы, уыцы хабар бамбарыны тыххӕй нӕ хъӕуы базонын, уый аххосӕй цӕмӕй фӕцух стӕм, уый. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын уыцы хъуыддаг бамбарын зын уа, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фыццаг ныййарджытау алцӕмӕй ӕххӕст никуы уыдыстӕм. Адам ӕмӕ Евӕ зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр ӕххӕст кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бар цыди сӕ хъуыдытӕ, се ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтыл. Уыдонӕн, куыд Йегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн, афтӕ сӕ бон уыди сӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнын ӕмӕ сӕ Хуыцау цы курдиӕттӕй схайджын кодта, уыдонӕй бирӕ хъуыддӕгты пайда кӕнын. Фӕлӕ уыцы диссаджы лӕварӕн ӕппындӕр не саргъ кодтой. Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕугӕйӕ, Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты дӕр ӕнӕхай фӕкодтой, Хуыцау сын цы цард ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй (Райд. 3:16–19). Уыимӕ ма сӕхӕдӕг кӕмӕй фӕрынчын сты, уыцы ӕвирхъау «низ» (кӕй кой кӕнӕм, уый) махыл дӕр бахӕцын кодтой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр раст тӕрхон скодта. Фӕлӕ махӕн та ныфс бавӕрдта, кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн (Пс. 103:10).

Йесо цы сарӕзта нӕ ирвӕзындзинады тыххӕй?

6, 7. а) Йегъовӕ райдианы куыд бамбарын кодта, мах фервӕзын кӕныны тыххӕй йӕ стыр аргъ бафидын кӕй хъӕудзӕн? ӕ) Цы базыдтам, Авел ӕмӕ, Закъон сфидар кӕныны размӕ чи цард, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ цы нывӕндтӕ хастой, уымӕй?

6 Йегъовӕ зыдта, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты фервӕзын кӕныны тыххӕй йӕ стыр аргъ кӕй хъӕудзӕн бафидын. Уыцы аргъы тыххӕй цыдӕртӕ нӕ бон базонын у Райдианы 3:15 фыст пехуымпарадӕй. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй рарвитдзӕн «байзӕддаджы» – ирвӕзынгӕнӕджы – ӕмӕ иубон уый Сайтаны бынтондӕр кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ уый размӕ ирвӕзынгӕнӕг хъуамӕ фӕхъизӕмар кӕна, фӕсномыг ныхӕстӕй дзургӕйӕ йын калм хъуамӕ йӕ зӕвӕтыл фӕхӕца. Ацы ныхӕстӕй зыны, ӕфхӕрд кӕй хъуамӕ баййӕфтаид. Фӕлӕ цы нысан кӕнынц ацы пехуымпарады ныхӕстӕ, зӕгъгӕ «йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ»? Цы хъуамӕ бавзӕрстаид Йегъовӕйы Ӕвзӕрст?

7 Ирвӕзынгӕнӕг цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдӕй фервӕзын кодтаид, йе та сӕ ссыгъдӕг кодтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди бафидын ахӕсты аргъ. Уый фӕрцы адӕм Хуыцауимӕ бафидыдтаиккой ӕмӕ тӕригъӕды уацарӕй ссӕрибар уыдаиккой. Уымӕ цы хаудта? Рагзамантӕй фӕстӕмӕ дӕр бӕрӕг уыди, нывонд ӕрхӕссын кӕй бахъӕудзӕн. Фыццаг иузӕрдион адӕймаг Авел Йегъовӕйӕн фосы нывӕндтӕ куы ’рхаста, уӕд уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ фӕцыд. Фӕстӕдӕр ахӕм нывӕндтӕ хастой, Хуыцауы тас кӕмӕ уыди, уыцы адӕм дӕр – Ной, Авраам, Иаков ӕмӕ Иов дӕр – ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтой (Райд. 4:4; 8:20, 21; 22:13; 31:54; Иов 1:5). Уыцы хъуыддаг бӕстондӕр ӕмбарын кодта Моисейы Закъон.

8. Хистӕр сауджын-иу алы аз дӕр Сыгъдӕггӕнӕн бон цы арӕзта?

8 Закъонмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъуыди хӕссын, уыцы нывӕндтӕй иутӕ уыдысты, алы аз дӕр Сыгъдӕггӕнӕн бон кӕй хастой, уыдон. Уыцы бон хистӕр сауджын бирӕ хъуыддӕгтӕ кодта ӕмӕ сын уыди ахӕсгӕ нысаниуӕг. Уый-иу Йегъовӕйы раз нывӕндтӕ ’рхаста тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй – фыццаг сауджынты тыххӕй, уый фӕстӕ та иннӕ мыггӕгты тыххӕй. Хистӕр сауджын-иу бацыд хӕсгӕ кувӕндоны цатыр йе та кувӕндоны Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ – уырдӕм-иу йӕ бон бацӕуын уыди ӕрмӕстдӕр уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы бон. Уый-иу Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты бадзырды чырыны цур туг бапырх кодта. Сыгъдӕг бадзырды чырыны сӕрмӕ-иу иуӕй-иу хатт фӕзынд ӕрттиваг мигъ, ӕмӕ уый та амыдта, Йегъовӕ се ’хсӕн кӕй ис, уымӕ (Рац. 25:22; Лев. 16:1–30).

9. а) Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу хистӕр сауджын кӕмӕ амыдта ӕмӕ цы нывӕндтӕ хаста, уыдон цы нысан кодтой? ӕ) Цӕмӕ амыдта, хистӕр сауджын-иу Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ кӕй бацыд, уый?

9 Хуыцауы фӕндӕй апостол Павел раргом кодта, Сыгъдӕггӕнӕн бон хистӕр сауджын цы хъуыддӕгтӕ кодта, уыдоны нысаниуӕг. Уый бамбарын кодта, хистӕр сауджын кӕй амыдта Мессийӕмӕ, Йесо Чырыстимӕ, нывӕндтӕ та – Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн, уымӕ (Дзут. 9:11–14). Уыцы ӕххӕст нывонд хъуамӕ ӕцӕгдӕр балхӕдтаид, йе та ссыгъдӕг кодтаид дыууӕ къорд адӕмы – сауджынты къорд, Чырыстийы 144 мин сӕрст ӕфсымӕры, ӕмӕ «ӕндӕр фысты» (Иоан. 10:16). Хистӕр сауджын-иу Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ кӕй бацыд, уый амыдта, Йесо кӕй бацӕудзӕн арвӕн йӕхимидӕг ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ кӕй бахӕсдзӕн йӕ нывонды аргъ (Дзут. 9:24, 25).

10. Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ Мессийӕ цы хъуамӕ бавзӕрстаид?

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты фервӕзын кӕнынӕн хъуыди стыр аргъ бафидын. Мессийӕ хъуамӕ нывондӕн ӕрхастаид йӕ цард! Дзуттаг Фыстыты пехуымпартӕ уый тыххӕй бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ ныффыстой. Зӕгъӕм, пехуымпар Данел комкоммӕ загъта, «Разамонӕг Мессийӕйы» кӕй «амардзысты», цӕмӕй адӕмы сӕ «тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна» (Дан. 9:24–26). Исай та загъта, зӕгъгӕ, Мессийӕйы ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, кӕй йӕ ӕфхӕрдзысты ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты, йе та йӕ кӕй барӕхойдзысты, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕмы тӕригъӕдтӕ ахӕсса (Ис. 53:4, 5, 7).

11. Йесо мах тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыди, уый цӕмӕй рабӕрӕг?

11 Хуыцауы иунӕггуырд Фырт зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ дӕр зыдта, мах фервӕзын кӕныны тыххӕй йӕ цы бакӕнын хъӕудзӕн, уый. Йесо хъуамӕ бавзӕрстаид стыр хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр хъуамӕ амардтаиккой. Цымӕ йын йӕ Фыд уыцы хабӕртты тыххӕй куы дзырдта, уӕд фӕтарсти ӕмӕ йӕ фӕндоны ныхмӕ рацыд? Ӕппындӕр нӕ, уый ӕнӕзивӕгӕй йӕ Фыды коммӕ бакаст (Ис. 50:4–6). Зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд Йесойӕн йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы уыди. Цӕуылнӕ? Дзуапп бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын». Стӕй ма загъта: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоан. 14:31; 15:13). Уӕдӕ нын ирвӕзындзинад кӕй ис, уый баст у Йегъовӕйы Фырты уарзондзинадыл дӕр. Кӕд Йесойы уый тыххӕй йӕ ӕххӕст цард нывондӕн ӕрхӕссын бахъуыд, уӕддӕр уый уыцы хъуыддаг ӕхсызгонӕй бакодта.

Йегъовӕ цы сарӕзта мах фервӕзын кӕныны тыххӕй

12. Ахӕсты аргъ бафидын кӕй фӕнд уыди ӕмӕ куыд ӕрцыд фыст?

12 Адӕмы тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕныны фӕнд Йесомӕ нӕ сӕвзӕрд, стӕй нывонд хаст куыд хъуамӕ ’рцӕуа, уый дӕр. Ахӕсты аргъ бафидын хъуыди, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст уыдаид. Апостол Павел бамбарын кодта, кувӕндоны нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕн кӕй амыдта Йегъовӕйы фӕндонмӕ (Дзут. 10:10). Уымӕ гӕсгӕ нын Чырыстийы нывонды фӕрцы цы ирвӕзындзинад ис, уый тыххӕй сӕйраджыдӕр бузныг стӕм Йегъовӕйӕ (Лук. 1:68). Уый амоны йӕ ӕххӕст фӕндонмӕ ӕмӕ адӕмы цы стыр уарзтӕй уарзы, уымӕ. (Бакӕс Иоанны 3:16.)

13, 14. Авраамы цӕвиттонӕй куыд зыны, Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн стыр аргъ кӕй ис?

13 Йегъовӕйы цы бахъуыд саразын, цӕмӕй нӕм йӕ уарзондзинад афтӕ равдыстаид? Махӕн зын у уый кӕронмӕ бамбарын. Фӕлӕ нын Библи ӕххуыс кӕны уыцы хабар хуыздӕр бамбарынӕн. Йегъовӕ иузӕрдион Авраамӕн загъта, цӕмӕй иу уӕззау хъуыддаг бакодтаид – йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид. Авраам уыди уарзӕгой фыд. Йегъовӕ йемӕ куы ныхас кодта, уӕд Исахъы схуыдта Авраамы «иунӕг ӕмӕ... уарзон хъӕбул» (Райд. 22:2). Фӕлӕ Авраамӕн Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын Исахъы уарзынӕй ахсджиагдӕр уыди. Уый Хуыцауы коммӕ бакаст ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕххӕст кодта. Кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр Йегъовӕ фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг цы хъуыддаг бакодта, уый Авраамы бакӕнын нӕ бауагъта. Хуыцау йӕ зӕды арвыста, цӕмӕй Авраамы ма бауагътаид йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссын. Авраам та ахӕм уӕззау фӕлварӕны йӕ Хуыцауы коммӕ афтӕ тынг каст, ӕмӕ цӕттӕ уыди йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ дӕр. Уый хъуыды кодта, йӕ фырты йын Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй фендзӕн. Авраам ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ын йӕ фырты фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исахъ фӕстӕмӕ «райгас», ӕмӕ уыцы хабарӕн ис «фӕсномыг хъуыды» (Дзут. 11:19).

14 Ныр ӕмбарыс, Авраамӕн куыд зын уыдаид, йӕ фырты йӕ нывондӕн ӕрхӕссын кӕй хъуыди, уый? Авраам цы бавзӕрста, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕ цы хатыд, йӕ хъӕбулы нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд. Йегъовӕ йӕ хуыдта «мӕ уарзон Фырт» (Матф. 3:17). Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, Хуыцауы зӕрдӕ тынгдӕр кӕй рыстаид. Йегъовӕ йӕ Фыртимӕ иумӕ уыд милуангай, гӕнӕн ис, суанг миллиардгай азтӕ дӕр. Фырт йӕ Фыдӕн цингӕнгӕйӕ ӕххуыс кодта куыд «дӕсны кусӕг», стӕй ма куыд йӕ Минӕвар, йе та «Дзырд» (Ӕмб. 8:22, 30, 31; Иоан. 1:1). Йегъовӕйӕн йӕ Фырты хъизӕмарӕй куы мардтой, куы дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр фыдгӕнӕгау куы амардтой, уӕд йӕ зӕрдӕ фырмӕтӕй куыд скъуыдтӕ кодта, уый нӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕу. Нӕ ирвӕзындзинад Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ слӕууыд! Нӕ бон куыд у равдисын, кӕй нӕ фервӕзын кодта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

Дӕ бон куыд у равдисын, ирвӕзындзинадӕн кӕй аргъ кӕныс?

15. Йесо адӕмы тӕригъӕдӕй кӕронмӕ куыд ссыгъдӕг кодта ӕмӕ уый фӕрцы цавӕр фадат фӕзынди?

15 Йесо адӕмы тӕригъӕдӕй кӕронмӕ ссыгъдӕг кодта, уӕларвон цардмӕ куы райгас, уӕд. Фӕстӕмӕ йӕ уарзон Фыдмӕ куы бацыд, уӕд йӕ разы йӕ нывонды аргъимӕ ’рлӕууыд. Уыцы хъуыддаг ӕрхаста бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Афтӕмӕй кӕронмӕ хатыргонд ӕрцыдысты адӕмы тӕригъӕдтӕ дӕр: нырма Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕрты тӕригъӕдтӕ, уый фӕстӕ та «ӕгас дунейы». Уыцы нывонды фӕрцы абон йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны ӕмӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг чи свӕййы, уыдонӕн фадат фӕзыны, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой (1 Иоан. 2:2). Ацы хабӕрттӕ дӕумӕ куыд хауынц?

16. Цавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн, Йегъовӕ мах фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

16 Ӕркӕсӕм та, ацы статьяйы райдианы цы цӕвиттон ис, уымӕ. Зӕгъӕм, палатӕмӕ дӕм бацыд, дӕ низы ныхмӕ хос чи ссардта, уыцы дохтыр ӕмӕ рынчынтӕн загъта, зӕгъгӕ, хос кӕныныл чи сразы уа ӕмӕ диетӕйыл чи хӕца, уыдон се ’ппӕт дӕр кӕй сдзӕбӕх уыдзысты. Фӕлӕ рынчынтӕн сӕ фылдӕр дохтыры амындтӕм куы нӕ байхъусой ӕмӕ куы дзурой, зӕгъгӕ нын зын у хостӕ нуазын ӕмӕ уыцы диетӕйыл хӕцын, уӕд та? Уыцы хостӕ хорз кӕй сты, уый куы бамбарай, уӕд дӕр ма сӕ зондыл ацӕудзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Дзырд дӕр ыл нӕй, дохтырӕй бузныг кӕй уыдзынӕ ӕмӕ дын цы дзура, уый кӕй араздзынӕ, ӕмӕ гӕнӕн ис уый тыххӕй суанг иннӕтӕн дӕр дзурай. Ӕмӕ махӕй алчи дӕр ноджы тынгдӕр хъуамӕ архайа, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕвдиса, стыр аргъ кӕй кӕны, Хуыцау нӕ йӕ Фырты нывонды руаджы кӕй фервӕзын кодта, уымӕн. (Бакӕс Ромӕгтӕм 6:17, 18.)

17. Дӕ бон куыд у равдисын, кӕй аргъ кӕныс, Йегъовӕ дӕу фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн?

17 Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт мах тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд уый ӕвдисдзыстӕм нӕ хъуыддӕгтӕй (1 Иоан. 5:3). Мах тох кӕндзыстӕм нӕ туджы рахӕсгӕ тӕригъӕдимӕ. Зонгӕ-зонын тӕригъӕд нӕ араздзыстӕм ӕмӕ сусӕгӕй ацы дунейы ӕвзӕр хъуыддӕгты нӕ архайдзыстӕм. Ахӕм уагахаст ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Йесойы нывондӕн ӕппындӕр нӕ аргъ кӕнӕм. Фӕлӕ куы архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм (2 Пет. 3:14). Хуыцауӕй бузныг кӕй стӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн нӕ ирвӕзындзинады ныфсы тыххӕй куы дзурӕм, цӕмӕй уыдонӕн дӕр фадат фӕзына Йегъовӕйы раз сыгъдӕгӕй ӕрлӕууынӕн ӕмӕ ӕнусон царды ныфс райсынӕн (1 Тим. 4:16). Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты кадджын кӕнынӕн нӕ бон цы рӕстӕг ӕмӕ цы хъарутӕ у дӕттын, уыдон уый аккаг куыннӕ сты! (Марчы 12:28–30). Ахъуыды-ма кӕн, нӕ бон у ӕнхъӕлмӕ кӕсын, тӕригъӕдӕй кӕронмӕ куы сдзӕбӕх уӕм, уыцы рӕстӕгмӕ. Нӕ бон суыдзӕн цӕрын, Хуыцауы райдианы куыд фӕндыд, афтӕ – уыдзыстӕм ӕххӕст ӕмӕ цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕ нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Йегъовӕ мах фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый фӕрцы (Ром. 8:21).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Куыд дзурынц, афтӕмӕй грипп «испанкӕ»-йӕ фӕрынчын зӕххы цӕрджытӕн сӕ 20–50 проценты бӕрц. Кӕуыл бахӕцыд, уыдонӕй амард 10 проценты онг. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон: вирус Эбола стӕм хатт фӕзыны, фӕлӕ цы низ расайы, уымӕй амӕлы, кӕуыл бахӕцы, уыдонӕн сӕ 90 проценты.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ирвӕзындзинад дӕ цӕмӕн хъӕуы?

• Йесо дӕу тыххӕй йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый дыл куыд ӕндавы?

• Йегъовӕ цы ахӕсты аргъ бафыста, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

• Цӕмӕ дӕ разӕнгард кӕны, Йегъовӕ дӕу фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 27 фарсыл]

Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу Израилы хистӕр сауджын амыдта Мессийӕмӕ

[Ныв 28 фарсыл]

Авраам йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыди, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтам, Йегъовӕ цы стырдӕр нывонд ӕрхаста, уый тыххӕй