Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дин – мӕ ныййарджытӕ мын ӕй равзӕрстой ӕви мӕхӕдӕг?

Дин – мӕ ныййарджытӕ мын ӕй равзӕрстой ӕви мӕхӕдӕг?

Дин – мӕ ныййарджытӕ мын ӕй равзӕрстой ӕви мӕхӕдӕг?

ПОЛЬШӔЙЫ адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн арӕх афтӕ фӕдзурынц: «Ацы дины райгуырдтӕн, ӕмӕ ацы дины амӕлдзынӕн». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ дин фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цӕуы. Ды кӕм цӕрыс, уым дӕр адӕм ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты? Адӕм афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый арӕх цӕмӕ ’ркӕны? Дины хъуыддӕгтӕ ӕфсонӕн кӕй райдайынц кӕнын ӕмӕ дин, сӕ фыдӕлтӕй сын цы ӕгъдау баззад, ӕрмӕст уый кӕй свӕййы, уымӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕм хабар Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр искӕуыл ӕрцӕуа? Зӕгъӕм, сӕ ныййарджытӕй кӕнӕ сӕ ныййарджыты ныййарджытӕй диссаджы «бынтӕ» чи райсы, уыдоныл?

Тимофейӕн йӕ хабар афтӕ нӕ рауад. Йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад уыдысты Хуыцауыл ӕнувыд адӕм. Уыдон ын баххуыс кодтой, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауыл баууӕндыдаид ӕмӕ йӕ бауарзтаид. Тимофей йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» зыдта сыгъдӕг Фыстад. Фӕстӕдӕр Тимофей, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад бамбӕрстой, чырыстон дин раст дин кӕй у. Тимофей фидарӕй баууӕндыд, Фыстады Йесо Чырыстийы тыххӕй цы фыст уыди, ууыл (2 Тим. 1:5; 3:14, 15). Уӕдӕ кӕд абон чырыстӕттӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой, уӕддӕр сывӕллӕтты сӕхи хъуамӕ фӕнда Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Марчы 8:34).

Цӕмӕй Йегъовӕйӕн, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй лӕггад кӕнӕм, стӕй йыл цыфӕнды уавӕры дӕр иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй нӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ уырнындзинад араза фидар бындурыл. Уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар ӕмӕ арф уидӕгтӕ ауадздзӕн (Еф. 3:17; Кол. 2:6, 7).

Сывӕллӕтты хӕс

«Никуы дызӕрдыг кодтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин раст кӕй у, ууыл,– дзуры Альберт *, йӕ ныййарджытӕ сты Ӕвдисӕнтӕ.– Фӕлӕ царды цавӕр фӕндаг равзарон, уый тыххӕй-иу мын цы уынаффӕтӕ радтой, уыдонмӕ байхъусын-иу мын ӕнцон нӕ уыди». Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, чи зоны, ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, Хуыцау нын цы фӕндаг амоны, уый цы у, стӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын хорз цӕмӕй у, ууыл дӕр (Пс. 40:8). «Фыццаг уал бацархайдтон, цӕмӕй-иу ӕм куывтаин,– зӕгъы Альберт.– Райдианты мын уый ӕнцон нӕ уыди, мӕхи-иу тыххӕй ӕрбадын кодтон, ӕмӕ-иу кувын райдыдтон. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон иу хабар: Хуыцау мын аргъ кӕны, раст цы у, уый аразыныл куы фӕархайын, уӕд. Уый фӕрцы мӕм тых фӕзынд, цӕмӕй мӕ удыхъӕды исты ивындзинӕдтӕ скодтаин». Куы архайай, цӕмӕй Йегъовӕ дӕ хӕлар суа, уӕд дӕ чи зоны бафӕнда, цы нӕ домы, уый ӕххӕст кӕнын (Пс. 25:14; Иак. 4:8).

Дзырдӕн райсӕм исты хъазт. Адӕймаг уыцы хъазтӕй хъазын куы нӕ зона, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕудзӕн. Фӕлӕ уыцы хъазтӕй куыд хъазын хъӕуы, уый куы базона ӕмӕ дзы куы арӕхса, уӕд ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, кӕд дзы ахъаздзӕн, уымӕ, ӕмӕ уымӕн фадӕттӕ дӕр агурдзӕн. Чырыстон цардимӕ баст хъуыддӕгты хабар дӕр афтӕ у. Дӕхи цӕттӕ кӕн фембӕлдтӕм. Архай дзы. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕддӕр дӕ бон у, ӕмӕ иннӕтӕн фӕзминаг уай ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фидар кӕнай! (Дзут. 10:24, 25).

Афтӕ у йӕ хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн дӕр. Ацы хъуыддаг дӕр хъуамӕ тыххӕй кӕнӕгау ма аразӕм, фӕлӕ уарзондзинадӕй. Ахъуыды ма кӕн: «Цӕмӕн мӕ фӕнды адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын? Цӕмӕн ӕй уарзын?» Ды хъуамӕ зонай, Йегъовӕ уарзӕгой фыд кӕй у. Уый Йеремийы уылты загъта: «Сымах мӕ агурдзыстут ӕмӕ мӕ ссардзыстут, уымӕн ӕмӕ мӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ агурдзыстут» (Йер. 29:13, 14). Уый тыххӕй дӕ цы бахъӕудзӕн аразын? «Мӕн бахъуыд мӕ зондахаст фӕивын,– зӕгъы Якуб.– Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цыдтӕн ӕмбырды фембӕлдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ, фӕлӕ мын ацы хъуыддӕгтӕ фӕстагмӕ циндзинад нал хастой. Фӕлӕ Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтон ӕмӕ мӕ хӕлар куы сси, уӕд ӕй ӕцӕгдӕр фӕхатыдтӕн, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын цы у, уый».

Хорз хӕлӕрттимӕ дӕ рӕстӕг куы ӕрвитай, уӕд дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн хъусын кӕнын. «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын»,– дзырдӕуы Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕмбисонды (Ӕмб. 13:20). Уымӕ гӕсгӕ дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агур, Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы нысӕнттӕ чи ӕвӕры ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн. Йола дзуры: «Тынг мӕ бафидар кодта, Йегъовӕйӕн фылдӕр чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон чырыстӕттимӕ-иу кӕй ныхас кодтон, уый. Ӕз дӕр уацамындӕй фылдӕр циндзинад исын райдыдтон».

Ныййарджыты хӕс

«Ӕз тынг бузныг дӕн мӕ ныййарджытӕй, Йегъовӕйы мын кӕй бацамыдтой, уый тыххӕй»,– загъта Йола. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕн сӕ бон у бандавын, сӕ сывӕллӕттӕ царды цы равзардзысты, ууыл. Апостол Павел ныффыста: «Фыдӕлтӕ, сымах та уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Еф. 6:4). Ацы уынаффӕйӕ зыны, ныййарджытӕн сӕ хӕс кӕй у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной сӕхи фӕндӕгтыл цӕуын нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндӕгтыл. Хорз уаид, уӕ сывӕллӕтты куы нӕ разӕнгард кӕниккат, цӕмӕй сын сымах цы нысӕнттӕ равзӕрстат, уыдонмӕ тырной, фӕлӕ сын куы ӕххуыс кӕниккат, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрой!

Дӕ бон у, ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн сӕ зӕрдӕты арф ӕвӕрай Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ сыл дзурай, «хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд» (Дык. з. 6:6, 7). «Мах-иу арӕх ныхас кодтам нӕ сывӕллӕттимӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггады тыххӕй»,– дзурынц Эвӕ ӕмӕ Ришард, схъомыл кодтой ӕртӕ фырты. Уый сыл куыд бандӕвта? «Нӕ лӕппутӕ ма гыццыл куы уыдысты, уӕд сӕхи Хъусынгӕнджыты скъолайы ныффыссын кодтой, стӕй систы ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ, цасдӕры фӕстӕ та сӕ донаргъуыд райсын бафӕндыд. Фӕстӕдӕр се ’ппӕт дӕр райдыдтой ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

Бирӕ аразгӕ у, ныййарджытӕ сӕхи куыд фӕдарынц, уымӕй. Ришард дзуры: «Мах тынг архайдтам, цӕмӕй, нӕхи ӕмбырды куыд дардтам, хӕдзары дӕр афтӕ дардтаиккам». Уымӕ гӕсгӕ алы ныййарӕг дӕр йӕхимӕ хъуамӕ ратта ахӕм фарстатӕ: «Мӕнмӕ кӕсгӕйӕ мӕ сывӕллӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? Уынынц ӕй, ӕз Йегъовӕйы ӕцӕг кӕй уарзын? Уый, Йегъовӕмӕ куыд кувын ӕмӕ Библи куыд ахуыр кӕнын, уымӕй бӕрӕг у? Цымӕ уацамындмӕ, хиирхӕфсӕнтӕм ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсын, уымӕй уыцы уарзондзинад зыны? Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй цы дзурын, уымӕй та?» (Лук. 6:4). Уӕ сывӕллӕттӕ хорз зонынц, цавӕр адӕм стут, ӕмӕ уайтагъд фӕхатынц, уӕ ныхӕстӕ уӕ хъуыддӕгтӕй хицӕн кӕнын куы райдайынц, уый.

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны хъуыддаджы зонд амонынӕн ис стыр нысаниуӕг. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр». Ӕмӕ уый аразын хъӕуы, растдӕр уымӕн куыд фӕпайда уа, афтӕ (Ӕмб. 22:6). Эвӕ ӕмӕ Ришард дзурынц: «Нӕ сывӕллӕттӕй алкӕимӕ дӕр хицӕнӕй ахуыр кодтам Библи». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕй алкӕимӕ дӕр Библи хицӕнӕй ахуыр кӕндзысты ӕви нӕ. Куыдфӕнды ма уа, сывӕллӕттӕй иу иннӕимӕ нӕй барӕн ӕмӕ дзы иуимӕ куыд ныхас кӕнай, иннӕимӕ афтӕ нӕ аныхас кӕндзынӕ. Уый тыххӕй та хъӕуы ӕмбаргӕйӕ архайын. Зӕгъӕм, хорз уаид, сывӕллонӕн цавӕрдӕр музыкӕйӕ, «ӕвзӕр у», зӕгъгӕ, куы нӕ дзуриккам, фӕлӕ йын куы бамбарын кӕниккам, раст уынаффӕтӕ хӕссын куыд хъӕуы ӕмӕ сын уымӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, уый.

Арӕх сывӕллӕттӕ хорз фӕзонынц, цӕмӕ сӕм ӕнхъӕлӕмӕ кӕсут, уый ӕмӕ гӕнӕн ис зӕрдӕлхӕнӕн митӕ дӕр кӕной. Фӕлӕ сын сымах хъуамӕ сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарат. Рох уӕ ма уӕд, «адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ [кӕй] сты арф дӕттӕ, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн» (Ӕмб. 20:5). Арфуынӕг ут, ӕмӕ кӕд уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕйы гыццылдӕр исты фӕивта, уӕд ӕвӕстиатӕй архайут. Хыл сӕм ма кӕнут, фӕлӕ сын ӕмбарын кӕнут, кӕй сыл тыхсут ӕмӕ сӕм арӕхстгай фарстатӕ дӕттут. Фӕлӕ сӕ хынцфарст ма кӕнут. Зӕрдӕйӕ сыл куы тыхсат, уӕд сын сӕ зӕрдӕ бацагайдзыстут ӕмӕ сын уӕ бон баххуыс кӕнын суыдзӕн.

Ӕмбырды хӕс

Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон нӕ уаид, ӕмбырды цы ӕрыгон чырыстӕттӕ ис, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ диссаджы «бынтӕн» аргъ кӕной? Раст у, сывӕллӕтты хъуамӕ сӕйраджыдӕр хъомыл кӕной сӕ ныййарджытӕ. Фӕлӕ ӕмбырды иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, сӕ бон у, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной. Ахӕм ӕххуыс тынгдӕр фӕхъӕуы, иу диныл хӕст чи нӕ вӕййы, ахӕм бинонты.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕрыгон чырыстӕттӕ Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ фӕхатой, ӕмбырды сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнынц? Марюш, Польшӕйы ӕмбырдтӕй иуы лӕггад кӕны цӕстдарӕгӕй, дзуры: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр рӕстӕг арой ӕмӕ ныхас кӕной фӕсивӕдимӕ. Ӕмӕ уый кӕнын хъӕуы, истӕуыл куы фӕтыхсой, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ уацамынды, йе та ӕмбырды фӕстӕ. Семӕ ма ныхас кӕнӕн ис, уазӕгуаты сӕ куы фӕхонат, уӕд дӕр». Хорз уаид, ӕрыгӕтты-иу куы бафӕрсиккат, сӕхи ӕмбырды куыд хатынц. Семӕ ӕргом, зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас куы фӕкӕнынц, уӕд сӕхи ӕмбырдыл фӕбӕттынц ӕмӕ, раст цыма иу бинонтӕ сты, сӕхи афтӕ фӕхатынц.

Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд архайыс, цӕмӕй уе ’мбырды фӕсивӕды хуыздӕр базонай? Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Альберт ныр у хистӕр нӕлгоймаг. Уый ӕрыгонӕй бирӕ цӕлхдурты сӕрты ахызт. Альберт дзуры: «Рӕзгӕ кары ма куы уыдтӕн, уӕд мӕ тынг хъуыди хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у ӕрыгӕттыл тыхсын ӕмӕ кувын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджын уой ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной (2 Тим. 1:3).

Хорз вӕййы, ӕрыгӕттӕ ӕмбырды хъуыддӕгты куы фӕархайынц. Афтӕмӕй сӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕм нал февдӕлы. Хистӕртӕ, уӕ бон у семӕ уацамынды цӕуын ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ӕввахс ӕмбӕлттӕ скӕнын? Рӕстӕг сын арут, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнат ӕмӕ уӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕна. Йола дзуры: «Иу пионер-хо мӕм йӕ хъус тынг дардта. Уацамындмӕ цингӕнгӕйӕ фыццаг хатт йемӕ ацыдтӕн».

Дӕхӕдӕг равзар

Ӕрыгӕттӕ, ахъуыды-ма кӕнут ахӕм фарстатыл: «Мӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрын? Кӕд донаргъуыд нӕма дӕн, уӕд мӕ донаргъуыд райсын фӕнды?» Донаргъуыд райсын дӕ хъуамӕ фӕнда, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзыс, уый тыххӕй. Уыцы къахдзӕф саразын дӕ хъуамӕ уый тыххӕй ма фӕнда, ӕмӕ уӕ бинонтӕ уыцы диныл хӕст кӕй сты кӕнӕ дӕм афтӕ кӕй кӕсы, ӕмӕ искӕй раз хӕсджын дӕ.

Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй Йегъовӕ де ’ввахс хӕлар суа ӕмӕ рӕстдзинад та – дӕ хӕзнаты хӕзна. Йегъовӕ Исайы уылты загъта: «Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн». Цалынмӕ Йегъовӕйы хӕлар дӕ, уӕдмӕ дӕ уый йе ’ххуысӕй цух нӕ ныууадздзӕн. Дӕ хъарутыл дын хъару бафтаудзӕн ӕмӕ «дыл фидар хӕцдзӕн йӕ рӕстдзинады рахиз къухӕй» (Ис. 41:10).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

[Ныв 4 фарсыл]

Архай, дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы цы ис, уый базоныныл

[Ныв 6 фарсыл]

Адӕймаг донаргъуыд райсы, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй