Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ахуырад у ӕппӕты хуыздӕр

Хуыцауы ахуырад у ӕппӕты хуыздӕр

Хуыцауы ахуырад у ӕппӕты хуыздӕр

«Ӕз ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон... Йесо Чырыстийы» (ФИЛ. 3:8).

1, 2. Чырыстӕттӕй чидӕртӕ царды цы равзӕрстой ӕмӕ цӕмӕн?

РОБЕРТ хорз ахуыр кодта фыццаг къласӕй фӕстӕмӕ дӕр. Аст азы йыл куы цыди, уӕд ӕм иухатт йӕ ахуыргӕнӕг хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йын загъта, тынг курдиатджын лӕппу кӕй у ӕмӕ йӕ бон кӕй суыдзӕн царды бӕрзӕндтӕм схизын. Уый ма йын загъта, зӕгъгӕ мӕ ныфс ис, ӕмӕ куы сыстыр уай, уӕд дохтыр кӕй суыдзынӕ. Роберт хистӕр кълӕсты дӕр хорз ахуыр кодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди сӕ бӕстӕйы зындгонд университеттӕй кӕцыфӕндымӕ дӕр бацӕуын. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ ахӕм фадат царды иунӕг хатт йеддӕмӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ дзы Роберт не спайда кодта. Уый йӕ разы сӕвӕрдта ӕндӕр нысан – ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

2 Робертау ма бирӕ ӕндӕр чырыстӕттӕн дӕр – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр – алыхуызон фадӕттӕ вӕййы, цӕмӕй ацы дунейы ӕнтыстджын суой. Фӕлӕ чидӕртӕ уыцы фадӕттӕй не спайда кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕфӕнды Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын (1 Кор. 7:29–31). Цымӕ Роберты хуызӕн чырыстӕтты фылдӕр хъусын кӕнын цӕмӕн бафӕнды? Фыццаджы-фыццаг, уыдон уарзынц Йегъовӕйы, стӕй ма ӕмбарынц, Хуыцауы ахуырадӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. Фӕстаг рӕстӕг искуы ахъуыды кодтай, рӕстдзинад куы нӕ базыдтаис, уӕд дӕ цард куыд уыдаид, ууыл? Йегъовӕйы ахуырад нын цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм хорз хабарӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм.

Стыр кад у, Хуыцау дӕ ахуыр кӕна, уый

3. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды ӕнӕххӕст адӕмы ахуыр кӕнын?

3 Йегъовӕ уарзы хорздзинад кӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕххӕст адӕмы ахуыр кӕны. Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй Исайы 54:13 фыст ис ахӕм пехуымпарад: «Дӕ фыртты дын се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ, ӕмӕ дӕ фырттӕ хайджын уыдзысты ӕнӕкӕрон фарнӕй». Ацы ныхӕстӕ хауынц Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕм» дӕр (Иоан. 10:16). Уый хорз зыны, нӕ рӕстӕджы цы пехуымпарад ӕххӕст кӕны, уымӕй дӕр. Исай цӕстылуайӕны федта, адӕм алы адӕмыхӕттытӕй раст динмӕ куыд гуылф кодтой, уый. Уыцы адӕм кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Рацӕут, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ. Уый нын бацамондзӕн йӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл» (Ис. 2:1–3). Цӕй стыр кад у, Хуыцау дӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕна, уый!

4. Йегъовӕ кӕй ахуыр кӕны, уыдон цавӕр адӕм хъуамӕ уой?

4 Цавӕр адӕм хъуамӕ уӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна? Фыццаджыдӕр хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ нӕ хъуамӕ фӕнда ахуыр кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕг Давид фыста: «Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау. [...] Сабыр адӕмы сахуыр кӕндзӕн йӕ фӕндагыл цӕуын» (Пс. 25:8, 9). Йесо дӕр дзырдта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй» (Лук. 10:21). Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй ноджы тынгдӕр баввахс уай, сӕрныллӕгтӕн «йе стыр хорзӕхӕй» чи хай кӕны, уыцы Хуыцаумӕ? (1 Пет. 5:5).

5. Хуыцауы цӕй фӕрцы базыдтам?

5 Цымӕ мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, нӕ курдиӕтты руаджы базыдтам рӕстдзинад? Нӕ. Нӕхи зонд ӕмӕ нӕхи хъарутӕй Хуыцауы никуы базыдтаиккам. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд» (Иоан. 6:44). Йегъовӕ фысы хуызӕн сабыр адӕмы – «ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ» – ӕмбырд кӕны, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ сыгъдӕг уд кӕй дӕтты, уый фӕрцы (Агг. 2:7). Ӕхсызгон дын нӕу, Йегъовӕ йӕ Фыртмӕ цы адӕмы ӕрбакодта, уыдоны ’хсӕн кӕй дӕ, уый? (Бакӕс Йереми 9:23, 24.)

Ивы адӕмы цард

6. «Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» адӕмыл куыд тынг фӕзынынц?

6 Исайы пехуымпарады фыст ис, нӕ рӕстӕджы адӕм куыд фӕивынц, уый. Раздӕр мӕстыгӕр чи уыди, уый сси фарнуарзаг. (Бакӕс Исай 11:6–9.) Алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм арӕх сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт фӕуынынц. Ӕмӕ ахӕм зондыл хӕст чи уыди, уыдонӕй бирӕтӕ сахуыр сты фӕрнӕй цӕрын. Фӕсномыг ныхӕстӕй дзургӕйӕ, уыдон сӕ «хъаматӕй сарӕзтой гутӕттӕ» (Ис. 2:4). Афтӕ тынг цӕмӕн фӕивтой? Уымӕн ӕмӕ ссардтой «Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» ӕмӕ сӕ царды пайда кӕнын райдыдтой. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр ӕгас дунейы дӕр цӕрынц ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау. Хорз хабармӕ алыхуызон адӕм кӕй байхъусынц ӕмӕ хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы ахуырадӕй хуыздӕр нӕй (Матф. 11:19).

7, 8. а) Цы сты, «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕ»? ӕ) Хуыцауы ахуырад адӕмы куыд сӕрибар кӕны, «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕй»? б) Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ахуырад Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕны?

7 Апостол Павел Хуыцауы лӕггадгӕнджыты куыст абарста хӕстимӕ. Уый фыста: «Нӕ хӕцӕнгӕрзтӕ адӕймаджы конд не сты, фӕлӕ сӕ тых ис Хуыцауы фӕрцы – тынг цы ныффидар, уыдӕттӕ басӕттынӕн. Уыдонӕй басӕттӕм, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр рӕдыд ӕмӕ сӕрбӕрзонд хъуыдытӕ ис, уыдон» (2 Кор. 10:4, 5). Хуыцауы ахуырад адӕмы сӕрибар кӕны, «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕй». Цы сты, «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕ»? Зӕгъӕм, мӕнгахуырӕдтӕ ӕмӕ адӕмы философитӕ (Кол. 2:8). Хуыцауы ахуырад адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ сӕ удыхъӕды рӕзын кӕной (1 Кор. 6:9–11). Хуыцауы ахуырад хуыздӕр кӕны бинонты цард ӕмӕ ныфсаст адӕмӕн ӕмбарын кӕны, цӕмӕн цӕрынц, уый. Абон адӕмы раст ахӕм амындтӕ хъӕуы.

8 Йегъовӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны сӕ удыхъӕды алыхуызон миниуджытӕ фидар кӕнынӕн, зӕгъӕм, цӕмӕй уой ӕнӕзӕрдӕхудт (Дзут. 13:18). Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Индийы иу сылгоймаг райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ фӕстӕдӕр сси ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг. Иу бон ӕххуыс кодта Паддзахады Зал аразынӕн. Фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд автобусы лӕууӕндоны ссардта сызгъӕрин рӕхыс, йӕ аргъ уыд 800 доллӕры. Кӕд мӕгуыр царди, уӕддӕр уыцы рӕхыс пъӕлицӕмӕ бахаста. Пъӕлицӕйы кусӕг йӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыд! Фӕстӕдӕр ӕй ӕндӕр пъӕлицӕйаг бафарста: «Дӕхицӕн ӕй цӕуылнӕ ныууагътай?» Сылгоймаг ын загъта: «Уымӕн ӕмӕ ӕз ахуыр кӕнын Библи ӕмӕ архайын, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уон». Йӕ ныхӕстыл пъӕлицӕйаг тынг бадис кодта ӕмӕ, сылгоймагимӕ цы хистӕр нӕлгоймаг ӕрбацыд, уымӕн загъта: «Ацы штаты цӕры 38 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Уыдонӕй дӕс адӕймагӕн дӕр куы баххуыс кӕнат, цӕмӕй ацы сылгоймаджы хуызӕн суой, уӕд уый уыдзӕн стыр хъуыддаг». Хуыцауы ахуырады фӕрцы милуангай адӕймӕгтӕ хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивтой, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр бафӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын.

9. Адӕмӕн сӕ цард цӕхгӕр цӕй фӕрцы фӕивы?

9 Хуыцауы Ныхасӕн цы стыр тых ис, стӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды уылты цы ӕххуыс дӕтты, уый фӕрцы адӕмӕн сӕ цард цӕхгӕр фӕивы (Ром. 12:2; Гал. 5:22, 23). Колоссӕгтӕм 3:10 фыст ис: «Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ». Хуыцауы Ныхас Библийы ахӕм тых ис, ӕмӕ адӕймагӕн баххуыс кӕны йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн, йӕ зонд сраст кӕнынӕн ӕмӕ йӕ зондахаст фӕивынӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:12.) Адӕймаг рӕстдзинад куы базоны ӕмӕ Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайы, уӕд йӕ хӕлар свӕййы ӕмӕ йын фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс.

Цӕттӕ кӕны фидӕнмӕ

10. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ фидӕнмӕ Йегъовӕйы йеддӕмӕ кӕй ничи бацӕттӕ кӕндзӕн? ӕ) Тагъд рӕстӕджы зӕххыл цавӕр стыр ивындзинӕдтӕ ’рцӕудзӕн?

10 Йегъовӕйы йеддӕмӕ нӕ ӕндӕр ничи бацӕттӕ кӕндзӕн фидӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ уый хорз зоны, тагъд рӕстӕджы цы ’рцӕудзӕн, уый. Йегъовӕйӕ кӕнгӕ у адӕмӕн сӕ фидӕн (Ис. 46:9, 10). Библийы пехуымпарӕдтӕй иу ӕргом кӕны, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у» (Соф. 1:14). Уыцы бон ӕнӕмӕнгдӕр сӕххӕст уыдзысты Ӕмбисӕндты 11:4 фыст ныхӕстӕ: «Мастисӕн бон адӕймагӕн йӕ хъӕздыгдзинад нӕ баххуыс кӕндзӕн, йӕ рӕстдзинад та йӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн». Йегъовӕ Сайтаны дунейыл куы тӕрхон кӕна, уӕд ӕппӕты ахсджиагдӕр уыдзӕн, Хуыцау нӕ райгонд уыдзӕн ӕви нӕ, уый. Ӕхцайы кад фесӕфдзӕн. Иезекиилы 7:19 дӕр фыст ис: «Се ’взист уынгтӕм ракалдзысты, сӕ сызгъӕрин сын фенад уыдзӕн». Уыцы хабӕрттӕ кӕй зонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ныридӕгӕн дӕр зондджынӕй архайӕм.

11. Хуыцауы ахуырад нӕ фидӕнмӕ куыд цӕттӕ кӕны?

11 Хуыцауы ахуырад нӕ цӕттӕ кӕны, хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр чи кӕны, Йегъовӕйы уыцы бонмӕ. Зӕгъӕм, уый нын ӕххуыс кӕны нӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн. Апостол Павел Тимофеймӕ фыста: «Ацы цардӕвӕрды хъӕздыг чи у, уыдоны фӕдзӕхс, цӕмӕй сӕхицӕй хъал ма уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дарой, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ... Хуыцауыл». Кӕд хъӕздыг не стӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕйы уынаффӕ пайда ӕрхӕсдзӕн. Куыд? Хъӕздыгдзинад ӕмбырд кӕныны бӕсты мах хъуамӕ «хорздзинад аразӕм» ӕмӕ «хъӕздыг уӕм хорз хъуыддӕгтӕй». Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын царды фыццаг бынаты кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕн ӕмбырд кӕнӕм «хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур» (1 Тим. 6:17–19). Ахӕм удуӕлдайдзинад чи ӕвдисы, уыцы адӕймаг у ӕмбаргӕ, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?» (Матф. 16:26, 27). Йегъовӕйы бон тынг ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Хӕзнатӕ кӕм ӕмбырд кӕнын? Кӕй цагъар дӕн: Хуыцауы ӕви Хъӕздыгдзинады?» (Матф. 6:19, 20, 24).

12. Кӕд нын чидӕртӕ нӕ хъуыддагӕн нӕ аргъ кӕнынц, уӕддӕр ныфсджын цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

12 Хуыцауы Ныхас чырыстӕтты цы «хорз хъуыддӕгтӕм» разӕнгард кӕны, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у Паддзахады тыххӕй цардирвӕзынгӕнӕн хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 24:14; 28:19, 20). Фыццаг ӕнусы чидӕртӕ уыцы хъуыддагӕн ӕппындӕр нӕ аргъ кодтой, ӕмӕ абон дӕр афтӕ у. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 1:18–21.) Фӕлӕ уӕддӕр, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый тынг ахсджиаг у. Стӕй къаддӕр нысаниуӕг нӕй нӕ хӕслӕвӕрдӕн дӕр – алкӕмӕн дӕр фадат раттын уыцы хабарыл баууӕндынӕн, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ (Ром. 10:13, 14). Хуыцауы ахуырад адӕмӕй кӕй нӕ сусӕг кӕнӕм, уый тыххӕй ма нӕхӕдӕг дӕр арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм.

Нӕхи цӕмӕйдӕрты цух кӕнӕм, фӕлӕ арфӕгонд ӕрцӕуӕм

13. Апостол Павел хорз хабары тыххӕй йӕхи цӕмӕй фӕцух кодта?

13 Апостол Павел цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ тынг архайдта иудейаг цардӕвӕрды стыр бынат бацахсыныл. Иу 13-аздзыдӕй йӕ райгуырӕн горӕт Тарсӕй ацыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй зындгонд закъонамонӕг Гамалиилмӕ ахуыр кодтаид (Ап. хъ. 22:3). Павел йе ’мгӕрттӕй бирӕ хуыздӕр ахуыр кодта, ӕмӕ дарддӕр уыцы фӕндагыл куы ацыдаид, уӕд ын дзуттаг дины бирӕ цыдӕртӕ бантыстаид (Гал. 1:13, 14). Хорз хабармӕ куы байхъуыста ӕмӕ хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕппӕт уыдӕттыл йӕ къух систа. Павел ууыл фӕсмон кодта? Ӕппындӕр нӕ. Уый ма афтӕ дӕр ныффыста: «Ӕз ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон мӕ Хицау Йесо Чырыстийы. Уый тыххӕй ӕз алцыдӕр ныууагътон ӕмӕ сӕ нымайын быроныл» (Фил. 3:8).

14, 15. Хуыцауимӕ кӕй кусӕм, уымӕ гӕсгӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын?

14 Павелау чырыстӕттӕ дӕр абон сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной (Марчы 10:29, 30). Цымӕ уый тыххӕй царды иннӕтӕй фӕсте баззайынц? Уӕлдӕр цы Роберты кой кодтам, уый ныхӕстимӕ бирӕтӕ сразы уыдзысты. Мӕнӕ цы дзуры: «Ӕз ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнын. Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, уый мын ӕрхаста стыр циндзинад ӕмӕ удӕнцой, стӕй ма уый фӕрцы „бафӕлвӕрдтон ӕмӕ базыдтон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый“. Афтӕ никуы уыди, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй мӕхи цӕмӕйдӕр фӕцух кодтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ уымӕй фылдӕр ма ратта. Ӕмӕ алы хатт дӕр афтӕ рауайы, ӕмӕ мӕм ӕфтгӕ цы ӕрбакӕны, ӕндӕр цух ницӕмӕй фӕвӕййын» (Пс. 34:8; Ӕмб. 10:22).

15 Кӕд хорз хабар хъусын кӕныс ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныс, уӕд ӕй ӕнӕмӕнгдӕр бафӕлвӕрдтаис ӕмӕ базыдтаис, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Искуы уацамынды Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс банкъардтай? Искуы федтай, Йегъовӕ-иу адӕмы зӕрдӕтӕ хорз хабарӕн куы байгом кодта, уӕд-иу сӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй куыд ныррухс сты, уый? (Ап. хъ. 16:14). Искуы дын Йегъовӕ баххуыс кодта цӕлхдурты сӕрты ахизынӕн, цӕмӕй дӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын суыдаид? Зын рӕстӕджыты-иу дӕ фарсмӕ балӕууыд ӕмӕ-иу дын дӕ тыхыл тых бафтыдта, цӕмӕй дӕ лӕггад адарддӕр кодтаис? (Фил. 4:13). Йегъовӕйы ӕххуыс нӕхиуыл куы банкъарӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕуырны, удӕгас Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕм ноджы баввахсдӕр вӕййӕм (Ис. 41:10). Цымӕ стыр арфӕдзинад нӕу, Хуыцау адӕмы кӕй ахуыр кӕны, уыцы хъуыддаджы йемӕ кӕй кусӕм, уый? (1 Кор. 3:9).

16. Хуыцауы ахуырадон куысты ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайыс ӕмӕ дӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй цух кӕныс, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

16 Бирӕты фӕфӕнды ахӕм исты саразын, цӕмӕй сӕ ном ма фесӕфа. Мах ӕй зонӕм, адӕм арӕх кӕй ферох кӕнынц, суанг сӕ кой дардыл кӕмӕн айхъуысы, ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ ном скадджын кӕныны тыххӕй абон цы куыст кӕны, уый йӕ ахадындзинад никуы фесафдзӕн ӕмӕ йӕ адӕмы историйӕ сӕрфт никуы ӕрцӕудзӕн. Ӕнустӕ куы рацӕуа, уӕддӕр уыцы хъуыддӕгтӕ никӕмӕй ферох уыдзысты (Ӕмб. 10:7; Дзут. 6:10). Хуыцау адӕмы кӕй ахуыр кӕны, уыцы куысты архайын у стыр кад. Цӕй ӕмӕ йын кӕддӕриддӕр аргъ кӕнӕм!

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕ кӕй ахуыр кӕны, уыдон цавӕр адӕм хъуамӕ уой?

• Хуыцауы ахуырад адӕмы цард куыд ивы?

• Адӕмӕн Хуыцауы ахуырад райсынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй арфӕгонд куыд стӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Йегъовӕ ӕгас дунейы дӕр кӕй ахуыр кӕны, уыдон цӕрынц ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау

[Ныв 24 фарсыл]

Хуыцауимӕ кусын стыр арфӕдзинад нӕу?