Цӕмӕн цӕрын, уый базыдтон
Цӕмӕн цӕрын, уый базыдтон
Радзырдта йӕ Гаспар Мартинес
Мӕ царды хабӕрттӕ уадиссаг не сты. Мӕгуыр хъӕууон лӕппу горӕтмӕ рафтыд ӕмӕ цардыл фӕхӕст ис. Фӕлӕ сымах фендзыстут, мӕ къухы цы хъӕздыгдзинад бафтыд, уый, ӕз цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ахӕм кӕй нӕ разынд.
ӔЗ ХЪОМЫЛ кодтон 1930-ӕм азты мӕгуыр хъӕуы провинци Риохайы, цӕгат Испанийы. Дӕс азы мыл куы цыди, уӕд скъола ныууагътон, фӕлӕ уӕдмӕ кӕсын ӕмӕ фыссын базыдтон. Мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн уыди авд сывӕллоны. Не ’ппӕт дӕр-иу цыдыстӕм фыййау, кӕнӕ та-иу фыдӕбон кодтам нӕ мӕгуыр зӕххы гӕппӕлыл.
Мӕгуыр кӕй уыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм афтӕ каст, ӕмӕ адӕймаг хъӕздыг куы уа, амондджын дӕр ӕрмӕст уӕд кӕй уыдзӕн. Махӕй хуыздӕр чи цард, уыдонмӕ-иу хӕлӕг кодтам. Фӕлӕ иухатт епископ загъта, зӕгъгӕ, «нӕ епархийы сымах хъӕуӕй тынгдӕр Хуыцауыл иу ран дӕр не ’ууӕндынц». Уый хъуыды дӕр никуы акодтаид, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ хъӕуы цӕрджытӕй бирӕтӕ католикон дин кӕй ныууадздзысты.
Цӕуын цардагур
Ӕз ракуырдтон нӕ хъӕуккаг чызг Мерседесы. Цасдӕры фӕстӕ нын райгуырд фырт. 1957 азы мах алыгъдыстӕм нӕ хъӕумӕ ’ввахс горӕт Логроньомӕ. Фӕстӕдӕр мӕ бинонтӕ дӕр иууылдӕр уырдӕм ралыгъдысты. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстон, исты куыст кӕнын куы нӕ сахуыр уон, уӕд мӕ бинонты кӕй нӕ фӕдардзынӕн. Зондӕй кӕй бафарстаин, уый мын нӕ уыди. Ӕмӕ ӕз дӕр библиотекӕмӕ ацыдтӕн, фӕлӕ дзы цы хъуамӕ ссардтаин, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтон.
Иухатт радиойы дзырдтой, протестанттӕ-евангелисттӕ Библи ахуыр кӕныны курсытӕ кӕй уадзынц. Кӕй фӕндыд, уыдонмӕ ӕрвыстой фыстӕджытӕ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ахуыр кодтой. Курсытӕ куы фӕдӕн, уӕд мӕм протестанттӕ-евангелисттӕй чидӕртӕ ’рбацыд. Цалдӕр хатты се ’мбырды дӕр уыдтӕн. Фӕлӕ уайтагъд фӕхатыдтӕн, уыцы къорды дзырддзӕугӕ чи уыд, уыдон кӕрӕдзимӕ кӕй быцӕу кодтой. Ӕмӕ сӕм ӕз дӕр нал бацыдтӕн, ӕмӕ ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, динтӕ иууылдӕр ӕмхуызон сты.
Мӕ цӕстытӕ байгом сты
1964 азы нӕм ӕрбацыд иу ӕрыгон нӕлгоймаг Эухенио. Уый уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уыцы дины тыххӕй уӕд фыццаг хатт фехъуыстон. Фӕлӕ мӕ тынг фӕндыд Библийы тыххӕй аныхас кӕнын. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстад хорз зонын. Дзуапп-иу ын куы лӕвӕрдтон, уӕд-иу пайда кодтон, курсыты цы стихтӕ базыдтон, уыдонӕй. Кӕд протестантон ахуырӕдтӕй кӕцыдӕрты сӕрыл хӕцыдтӕн, уӕддӕр, раст кӕй сты, ууыл кӕронмӕ не ’ууӕндыдтӕн.
Пс. 37:11, 29; Ис. 9:6, 7; Матф. 6:9, 10).
Эухениоимӕ дыууӕ хатты тынг бирӕ куы фӕныхӕстӕ кодтам, уӕд басастӕн, Хуыцауы Ныхас хорз кӕй зоны, ууыл. Уый скъолайы мӕнӕй къаддӕр ахуыр кодта, фӕлӕ-иу Библийы стихтӕ афтӕ ӕнцонтӕй рацагуырдта ӕмӕ-иу сӕ афтӕ хорз бамбарын кодта, ӕмӕ диссаг. Эухенио мын Библийӕ равдыста, мах фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад зӕххӕй дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн. Уый тыххӕй мӕ фылдӕр базонын бафӕндыд (Ӕз Библи ахуыр кӕныныл ӕнӕзивӕгӕй сразы дӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу ахуыры рӕстӕджы цы базыдтон, уый-иу фыццаг хатт фехъуыстон, ӕмӕ-иу мын мӕ зӕрдӕ бацагайдта. Диссаджы цардмӕ мын фӕндаг байгом, стӕй, цӕмӕн цӕрын, уый кӕдӕй-уӕдӕй базыдтон. Цы агуырдтон, уый ссардтон. Раздӕр мӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй схъӕздыг уыдаин, фӕлӕ ныр уыдӕттӕн мӕ цӕсты аргъ нал уыди, ӕмӕ хорз куыст ссарынмӕ афтӕ тынг нал бӕллыдтӕн. Кӕд фидӕны низ дӕр нал уыдзӕн ӕмӕ мӕлӕт дӕр, уӕд иннӕ зын хъуыддӕгтӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн цы хъӕудзӕн? (Ис. 33:24; 35:5, 6; Рарг. 21:4).
Куыддӕр-иу исты базыдтон, афтӕ-иу ӕй мӕ бинонтӕн радзырдтон. Библийӕ-иу сын ӕмбарын кодтон, Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн ӕмӕ иузӕрдион адӕм ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты.
Мӕ бинонтӕ рӕстдзинад базыдтой
Цасдӕры фӕстӕ нӕ бинонтӕй дӕс адӕймаджы бафӕндыд, цӕмӕй-иу алы хуыцаубон дӕр бонӕй ӕрӕмбырд уыдаиккам ӕмӕ-иу Библийыл аныхас кодтаиккам. Алы къуыри дӕр-иу ӕрӕмбырд стӕм нӕ фыдыфсымӕртӕм. Нӕ фембӕлдтӕ-иу ахастой дыууӕ-ӕртӕ сахаты. Мӕ хӕстӕджытӕй тынг бирӕты Библи кӕй цымыдис кӕны, уый Эухенио куы базыдта, уӕд алы бинонтимӕ дӕр хицӕнӕй райдыдта ахуыр кӕнын.
Мӕ хӕстӕджытӕй чидӕртӕ цард Дурангойы. Уыцы горӕтмӕ махӕй цӕуын хъуыди иу-120 километры, ӕмӕ дзы иу Ӕвдисӕн дӕр нӕ уыди. Уымӕ гӕсгӕ ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ӕз мӕхи куыстӕй цалдӕр боны ракуырдтон, цӕмӕй сӕ бабӕрӕг кодтаин ӕмӕ сын мӕ ног дины тыххӕй радзырдтаин. Цалынмӕ уым уыдтӕн, уӕдмӕ-иу алы изӕр дӕр ӕрӕмбырд стӕм иу дӕс адӕймагӕй ӕмӕ-иу боныцъӕхтӕм фӕныхӕстӕ кодтам. Се ’пӕтт дӕр мӕм хъуыстой тынг лӕмбынӕг. Фӕстӕмӕ куы здӕхтӕн, уӕд сын ныууагътон цалдӕр Библийы ӕмӕ литературӕ. Уый фӕстӕ дӕр ма-иу Хуыцауы тыххӕй ныхас кодтам.
Дурангойы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыди, фӕлӕ дзы ӕстдӕс адӕймаджы ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, семӕ Библи ахуыр кӕнын кӕд райдайдзысты, уымӕ. Ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕ Дурангомӕ куы ’рцыдысты, уӕд ӕхсызгонӕй алы бинонтимӕ дӕр ахуыр кӕнын райдыдтой.
Уӕдмӕ Мерседес хорз хабармӕ нӕ хъуыста. Цы йӕ хъыгдардта? Библийы ахуырӕдтимӕ кӕй нӕ разы кодта, уый нӕ, фӕлӕ адӕмӕй кӕй тарсти, уый. Уыцы рӕстӕг Испанийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрибарӕй хъусын кӕнын нӕ уагътой, ӕмӕ Мерседес тарсти, нӕ сывӕллӕтты нын скъолайӕ кӕй расурдзысты ӕмӕ ныл адӕм кӕй худдзысты, уымӕй. Фӕлӕ нӕ бинонтӕ иууылдӕр рӕстдзинад куы базыдтой, уӕд уый дӕр бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын.
Дыууӕ азмӕ мӕ бинонтӕй 40 адӕймаджы сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Ныр мӕ бинонтимӕ цардмӕ ӕмхуызон цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ иу цӕмӕдӕр тырнӕм. Ӕз ӕй бамбӕрстон, стыр хӕзна кӕй ссардтон. Хуыцауы хъуыддаджы мах тынг схъӕздыг стӕм.
Хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кӕнын
Иннӕ ссӕдз азы дӕргъы ӕз архайдтон, цӕмӕй нӕ дыууӕ фырты хъомыл кодтаин ӕмӕ бынӕттон ӕмбырдӕн ӕххуыс кодтаин. Мерседесимӕ Лонгроньомӕ куы алыгъдыстӕм, уӕд дзы ссӕдз Ӕвдисӕны йеддӕмӕ нӕ уыди, цӕргӕ та дзы кодта иу-100 мин адӕймаджы. Цасдӕры фӕстӕ мын ӕмбырды мӕ бӕрны бакодтой бирӕ хӕстӕ.
56 азы мыл куы цыди, уӕд, цы заводы куыстон, уый ӕнӕнхъӕлӕджы сӕхгӕдтой, ӕмӕ ӕгуыстӕй баззадтӕн. Рӕстдзинад куы базыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ бӕллыдтӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ мӕ уавӕртӕ куы фӕивтой, уӕд райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Мӕ пенси уыди тынг гыццыл, ӕмӕ алцӕуыл не ’ххӕссыдыстӕм. Фӕлӕ Мерседес ӕфснайӕгӕй куыста, ӕмӕ уый
фӕрцы цӕрын фӕрӕзтам, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыди, уый-иу нын алкӕддӕр уыди. Ӕз нырма дӕр дӕн пионер. Мӕ цардӕмбал дӕр уарзы хъусын кӕнын ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕлӕггад кӕны ӕххуысгӕнӕг пионерӕй.Цалдӕр азы размӕ Мерседес журналтӕ хаста иу сылгоймагмӕ, Мерче, зӕгъгӕ. Уый ма гыццыл куы уыди, уӕд ахуыр кодта Библи. Нӕ журналтӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыдысты, ӕмӕ Мерседес фӕхатыд, Мерче нырма дӕр рӕстдзинадӕн кӕй аргъ кӕны. Ӕппынфӕстаг Мерче Библи ахуыр кӕныныл сразы ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕнын райдыдта. Фӕлӕ йӕ цардӕмбал Висенте фыднозт кодта ӕмӕ-иу арӕх ӕнӕ куыстӕй баззад. Уымӕ гӕсгӕ хӕдзармӕ ӕхца нӕ хаста. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ахицӕн кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыди.
Мӕ цардӕмбал Мерчейӕн загъта, хорз уаид Висенте мӕ лӕгимӕ куы аныхас кӕнид, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый дӕр сразы. Цалдӕр фембӕлды фӕстӕ йӕ бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Висенте райдыдта ивын: фыццаг цалдӕр бон нӕ банызта, стӕй та – цалдӕр къуыри ӕмӕ уымӕй фылдӕр. Фӕстагмӕ йӕ нуӕзт бынтондӕр ныууагъта. Йӕ хуыз дӕр фӕивта, ӕмӕ бинонтӕ дӕр кӕрӕдзи ӕмбарын райдыдтой. Абон Висенте йӕ ус ӕмӕ йӕ чызгимӕ цӕры Канарӕйы сакъадахты, ӕмӕ стыр ӕххуыс сты, цы гыццыл ӕмбырд дзы ис, уымӕн.
Хъуыды кӕнын мӕ амондджын цардыл
Мӕ хӕстӕджытӕй рӕстдзинад бирӕ азты размӕ чи базыдта, уыдонӕй чидӕртӕ абон нал сты. Фӕлӕ не стыр бинонтыл ноджыдӕр ӕфты, ӕмӕ нын Хуыцау йӕ рӕдау къухӕй хорзӕхтӕ дӕтты (Ӕмб. 10:22). Куыд ӕхсызгон мын у, 40 азы размӕ Библи ахуыр кӕнын чи райдыдта, уыдон иууылдӕр, стӕй ма сӕ цот ӕмӕ сӕ цотыцот дӕр, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц!
Мӕ хӕстӕджытӕй Ӕвдисӕн чи у, уыдон гыццыл не сты, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ лӕггад кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ пионертӕй. Мӕ хистӕр фырт йӕ усимӕ лӕггад кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы Мадриды (Испани). Ӕз рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд Испанийы уыди иу-3 мин Ӕвдисӕны. Ныр та сӕ нымӕц 100 минӕй ахызт. Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, уымӕй тынг райгонд дӕн. Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы диссаджы цардӕй рацардтӕн, уый тыххӕй ме Сфӕлдисӕгӕй тынг бузныг дӕн. Кӕд ӕппындӕр ницы ахуырад райстон, уӕддӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕмбырдтӕ бабӕрӕг кӕнын, куыд районон цӕстдарӕджы хӕдивӕг, афтӕ.
Цалдӕр азы размӕ базыдтон, мӕ райгуырӕн хъӕуы цӕрджытӕ кӕй нал баззад. Мӕгуыр цард кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ зӕххытӕ ныууагътой ӕмӕ хуыздӕр цард агурӕг алыгъдысты. Нӕ хъӕуӕй чи ралыгъд, уыдонӕй бирӕтӕ, ӕмӕ ӕз дӕр, ссардтой ӕндӕр хӕзна – базыдтой Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдыдтой. Мах базыдтам, цӕмӕн цӕрӕм, уый ӕмӕ нӕхиуыл бавзӕрстам, царды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй стырдӕр циндзинад кӕй ницы хӕссы.
[Ныв 32 фарсыл]
Гаспары бинонтӕй Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр