Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут

Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут

Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут

«Сымах дӕр Йесо Чырыстийы хуызӕн... хъуыды кӕнут» (РОМ. 15:5).

1. Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ загъта: «Ӕрцӕут [мӕм]... ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой» (Матф. 11:28, 29). Ацы фӕлмӕн ныхӕстӕй хорз зыны, Йесо уарзӕгой адӕймаг кӕй уыди. Адӕм ма уымӕй хуыздӕр кӕй хъуамӕ фӕзмой! Йесо – Хуыцауы хъомысджын Фырт – иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн, тӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ рыст ӕмбӕрста.

2. Цавӕр фондз хъуыддагмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

2 Ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ статьяйы мах равзардзыстӕм, цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй, «Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнӕм» ӕмӕ алкӕддӕр уыцы зондыл хӕцӕм (1 Кор. 2:16). Ӕркӕсдзыстӕм фондз хъуыддагмӕ: Йесо фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг куыд уыди, адӕммӕ хӕлар зӕрдӕ куыд дардта, Хуыцауы коммӕ куыд касти, хъӕбатырӕй куыд архайдта ӕмӕ иннӕты ӕгӕрон уарзтӕй куыд уарзта.

Чырыстийӕ ахуыр кӕнут фӕлмӕндзинадыл

3. а) Сӕрныллӕгдзинад цы у, уый Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд равдыста? ӕ) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты лӕмӕгъдзинӕдтӕм цы цӕстӕй касти?

3 Йесо, Хуыцауы ӕххӕст Фырт, барвӕндонӕй ӕрцыд зӕхмӕ, цӕмӕй лӕггад кодтаид ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмы ’хсӕн. Уыцы адӕмӕй йӕ фӕстӕдӕр чидӕртӕ кӕй амардзысты, уый зыдта. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр Йесо йӕ циндзинад никуы фесӕфта, стӕй алкӕддӕр уыди хиуылхӕцгӕ (1 Пет. 2:21–23). Йесомӕ лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд махӕн дӕр иннӕты хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад нӕ циндзинад никуы байсдзысты, стӕй нӕхиуыл хӕцын фӕраздзыстӕм (Дзут. 12:2). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй йын «йе ’фсондз сӕхиуыл сӕвӕрдтаиккой» ӕмӕ афтӕмӕй уымӕй сахуыр уыдаиккой (Матф. 11:29). Цӕуыл хъуамӕ сахуыр уыдаиккой? Иу уый, ӕмӕ кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ арӕх рӕдыдысты, уӕддӕр семӕ уыд фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв сын уый сӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, сӕрныллӕгдзинад цы у, уый ӕмӕ сын уыцы хабар цӕрӕнбонты зондзонӕн уыдаид. (Бакӕс Иоанны 13:14–17.) Фӕстӕдӕр Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн лӕмӕгъ куы разындысты ӕмӕ куы бафынӕй сты, уӕд сын Йесо сӕ лӕмӕгъдзинадмӕ фӕлмӕнӕй бацамыдта. «Фынӕй кӕныс, Симон?» – бафарста уый.– «Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат. Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Марчы 14:32–38).

4, 5. Йесойы цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты хъӕндзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм?

4 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи йӕхи ӕппынӕдзух иннӕты разӕй куы фӕкӕны, гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр куы фӕтӕргай вӕййы, кӕнӕ та хистӕр нӕлгоймӕгты йе та «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уынаффӕтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ куы нӕ фӕтагъд кӕны, уӕд уымӕ цы цӕстӕй фӕкӕсӕм? (Матф. 24:45–47). Мах цӕттӕ вӕййӕм, Сайтаны дунейы адӕм нӕ разы кӕй рӕдийдзысты, уымӕ, фӕлӕ не ’фсымӕрты ӕнӕххӕстдзинад исты хъуыддаджы куы рабӕрӕг вӕййы, уӕд нын сӕ рӕдыд ныббарын хатт зын вӕййы. Кӕд искӕй хъӕндзинӕдты тыххӕй уайтагъд рамӕсты вӕййӕм, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, „Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнон“ ӕмӕ мын уый хуыздӕр уайа?» Макуы дӕ рох кӕнӕд иу хъуыддаг: Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм никуы мӕсты кодта, кӕд-иу сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ ис ӕмӕ-иу йӕ разы тынг фӕрӕдыдысты, уӕд дӕр.

5 Ӕркӕсӕм апостол Петры хабармӕ. Йесо Петрӕн куы загъта, цӕмӕй бӕлӕгъӕй рахызтаид ӕмӕ йӕм доныл бацыдаид, уӕд Петрӕн йӕ бон баци иуцасдӕр доныл ацӕуын. Фӕлӕ йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, дымгӕ куыд тыхджын у, уый куы федта, уӕд ныгъуылын райдыдта. Цымӕ йӕм Йесо рамӕсты ис ӕмӕ йын афтӕ загъта: «Афтӕ дын хъӕуы! Уый дын зондзонӕн уыдзӕн»? Нӕ, афтӕ йын нӕ загъта. «Йесо йӕм йӕ къух фӕдардта, фӕхӕцыд ыл ӕмӕ йын загъта: „Кӕм ис дӕ уырнындзинад, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?“» (Матф. 14:28–31). Йесо Петрмӕ йӕ къух куыд фӕдардта, цымӕ махӕн дӕр афтӕ нӕ бон у, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм ӕфсымӕрӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад бафидар кӕнын? Ӕфсымӕртӕм фӕлмӕн ахаст дарын куыд хъӕуы, ууыл нӕ бон у, ӕмӕ сахуыр уӕм, Йесо Петрмӕ цы фӕлмӕндзинад равдыста, уымӕй.

6. Уӕлдӕр бынатмӕ бӕллыны тыххӕй Йесо йӕ апостолтӕн цы дзырдта?

6 Апостолтӕ-иу, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл куы быцӕу кодтой, уӕд-иу Петр дӕр хъусӕй нӕ лӕууыд. Иаков ӕмӕ Иоанны фӕндыд, цӕмӕй Йесойы Паддзахады сӕ иу йӕ рахиз фарс ӕрбадтаид, иннӕ та – йӕ галиу фарс. Уыцы хабары тыххӕй Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ куы базыдтой, уӕд мӕстӕй рафыхтысты. Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ афтӕ уымӕн кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ахӕм адӕмы ’хсӕн схъомыл сты. Йесо сӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ацы дунейы хицӕуттӕ сӕхи адӕмӕн ӕлдӕрттӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сын дзырддзӕугӕ лӕгтӕ сӕхи хицау кӕй кӕнынц. Фӕлӕ сымах хъуамӕ афтӕ ма кӕнат. Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй дзырддзӕугӕ уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уа фыццаг, уый уын хъуамӕ уа цагъар». Стӕй сын ракодта йӕхи кой: «Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:20–28).

7. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа?

7 Йесо куыд сӕрныллӕг уыди, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхи не ’фсымӕртӕй дӕлдӕрыл нымайдзыстӕм (Лук. 9:46–48). Афтӕмӕй не ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Йегъовӕ у, стыр бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм фыды хуызӕн, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ цӕрой «ӕмвӕнд-ӕмзондӕй» (Пс. 133:1). Йесо йӕ Фыдмӕ ӕцӕг чырыстӕтты тыххӕй куывта: «Ӕз дӕн семӕ иудзинады, ӕмӕ ды дӕ мемӕ иудзинады, цӕмӕй уыдон алы хъуыддаджы дӕр иудзинады уой, ӕмӕ цӕмӕй дуне зона, ды мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй уарзыс» (Иоан. 17:23). Уӕдӕ не ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм. Цӕмӕй уыцы иудзинад ма фесӕфа, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты ӕнӕххӕстдзинадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсӕм. Йесо йӕхӕдӕг уыди хатыргӕнаг, ӕмӕ дзырдта, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕудзысты, нӕхӕдӕг хатыргӕнаг куы уӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. (Бакӕс Матфейы 6:14, 15.)

8. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Хуыцауӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй?

8 Бирӕ цӕуылдӕрты ма сахуыр уыдзыстӕм, Чырыстийы фӕдыл рагӕй чи цӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад фӕзмгӕйӕ дӕр. Ахӕм чырыстӕттӕ арӕх раст цӕстӕй фӕкӕсынц, иннӕтӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ. Уыдон хорз бамбӕрстой, Чырыстийау тӕригъӕдгӕнаг куы уой, уӕд уый ӕрмӕст «ӕдыхты лӕмӕгъдзинӕдтӕ» быхсынӕн кӕй не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ ма ахъаз кӕны иудзинадӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма ацы миниуӕг ӕмбырды се ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй, Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕной. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй се ’фсымӕртӕ хӕст уой, апостол Павел Ромы чырыстӕтты цы зондыл цӕуынмӕ разӕнгард кодта, ахӕм зондыл. Уый загъта: «Фидардзинад ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау [уын] ахӕм хорзӕх ракӕнӕд, ӕмӕ сымах дӕр Йесо Чырыстийы хуызӕн куыд хъуыды кӕнат, цӕмӕй ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй кадджын кӕнат нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыды» (Ром. 15:1, 5, 6). О, Йегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй йӕ кадджын кӕнӕм.

9. Цӕмӕй Йесойы фӕзмӕм, уый тыххӕй нӕ сыгъдӕг уд цӕмӕн хъӕуы?

9 Йесо ирдӕй равдыста, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд кӕрдзиимӕ баст кӕй сты. Фӕлмӕн удыхъӕд дӕр у, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй иу. Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй Йесойы фӕзмӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ царды хабӕрттӕ хуыздӕр зонӕм, стӕй ма нӕм хъуамӕ уа Йегъовӕйы сыгъдӕг уд. Мах хъуамӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг уд курӕм ӕмӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, цы миниуджытӕ дзы гуыры, уыдон – «уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын» (Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ Йесо куыд сӕрныллӕг ӕмӕ куыд фӕлмӕн уыди, мах дӕр афтӕ куы уӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы зӕрдӕ райын кӕндзыстӕм.

Йесо уыди хӕларзӕрдӕ

10. Йесо хӕларзӕрдӕ кӕй уыди, уый куыд ӕвдыста?

10 Хӕларзӕрдӕдзинад дӕр у, сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй сӕ иу. Йесо иннӕтимӕ алкӕддӕр уыди хӕларзӕрдӕ. Зӕрдиагӕй йӕ чи агуырдта, уыдоныл-иу се ’ппӕтыл дӕр «бацин кодта». (Бакӕс Лукайы 9:11.) Йесо хӕларзӕрдӕ кӕй уыди, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хӕларзӕрдӕ адӕймаг вӕййы фӕлмӕн, цингӕнаг, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕдау. Раст ахӕм адӕймаг уыди Йесо дӕр. Уый адӕмӕн тӕригъӕд кодта, «уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:35, 36).

11, 12. а) Йесо иннӕтӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый цавӕр хабарӕй зыны? ӕ) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы хабарӕй?

11 Йесо иннӕтӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый зынди йӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Иу сылгоймаг 12 азы дӕргъы тугцыдӕй удхар кодта. Уый зыдта, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ йӕ низы тыххӕй сыгъдӕг кӕй нӕ уыди йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕм чи бавнӕлдтаид, уый дӕр (Лев. 15:25–27). Фӕлӕ сылгоймаг иннӕтӕй хъуыста, Йесо цавӕр адӕймаг уыди ӕмӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый тыххӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йесомӕ уыцы хъару кӕй ис ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кӕна. Уый йӕхинымӕр дзырдта: «Йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕвин, уӕд дӕр сдзӕбӕх уаин». Йӕ хъарутӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йыл андзӕвыд, ӕмӕ уайтӕккӕ фӕхатыд, кӕй адзӕбӕх, уый.

12 Йесо бамбӕрста, чидӕр ыл кӕй андзӕвыд, ӕмӕ йӕ алыварс аракӕс-бакӕс кодта, зӕгъгӕ мӕм чи бавнӕлдта. Сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн, фӕтарст, Закъоны сӕрты кӕй ахызт, уый тыххӕй йын Йесо кӕй бауайдзӕф кӕндзӕн, ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр радзырдта. Цымӕ Йесо ацы мӕгуыр рынчын усы бафхӕрдта? Ницы хуызы! «Мӕ чызг,– загъта йын фӕлмӕнӕй Йесо,– дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу» (Марчы 5:25–34). Куыд бафидар уыдаид сылгоймаг, ахӕм хорз ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ!

13. а) Йесойы зондахаст фарисейты зондахастӕй куыд хицӕн кодта? ӕ) Йесо сывӕллӕттӕм цы цӕстӕй касти?

13 Дурзӕрдӕ фарисейтӕй уӕлдай, Чырысти йӕ бартӕй афтӕ никуы пайда кодта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ уаргъ фӕуӕззаудӕр кодтаид (Матф. 23:4). Уый нӕ, фӕлӕ сын хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй Йегъовӕйы фӕндӕгтӕ амыдта. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уыди ӕцӕг ӕмбал: зӕрдӕбынӕй сыл тыхсти, йӕ уарзондзинадӕй сӕ тавта ӕмӕ сӕм хӕлар зӕрдӕ дардта (Ӕмб. 17:17; Иоан. 15:11–15). Суанг ма йӕм сывӕллӕттӕ дӕр сӕхи ластой, ӕмӕ уымӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, семӕ ӕнцон уыди. Уый афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы уыди, цӕмӕй гыццылтӕн рӕстӕг ма ссардтаид. Иухатт Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ (уӕд нырма арӕх быцӕу кодтой сӕ кӕрӕдзиимӕ, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл) адӕмы нӕ уагътой, цӕмӕй сӕ гыццыл сывӕллӕтты Йесомӕ ӕрбакодтаиккой ӕмӕ сын раарфӕ кодтаид. Сӕ зондахастӕй дзуттаг дины разамонджыты хуызӕн кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын Йесо афтӕ бакодта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад ахӕмты у». Уый фӕстӕ сын гыццыл сывӕллоны сӕ разы ӕрлӕууын кодта ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадыл гыццыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн» (Марчы 10:13–15).

14. Сывӕллӕттӕн рӕстӕг куы ссарынц, уӕд сын уый куыд фӕпайда вӕййы?

14 Ахъуыды-ма кӕн, уыцы сывӕллӕттӕ куы сыстыр сты, уӕд-иу куыд арӕх ӕрхъуыды кодтаиккой, Йесо Чырысти-иу сӕ йӕ хъӕбысы кӕй ӕрбакодта ӕмӕ-иу сын кӕй раарфӕ кодта, уый (Марчы 10:16). Абоны сывӕллӕттӕ дӕр ӕхсызгонӕй мысдзысты, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ-иу сыл иннӕ чырыстӕттӕ кӕй узӕлыдысты, стӕй-иу сын рӕстӕг кӕй ссардтой, уый. Ӕмӕ ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕмбырды афтӕ кӕуыл тыхсынц, уыцы сывӕллӕттӕ бамбарынц, Йегъовӕйы сыгъдӕг уд йӕ адӕмыл кӕй ис.

Ут хӕларзӕрдӕ ацы фыддунейы

15. Цӕуылнӕ хъуамӕ дис кӕнӕм, абон бирӕтӕ хӕларзӕрдӕ кӕй не сты, ууыл?

15 Абон бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын рӕстӕг нӕй, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой, хӕларзӕрдӕ сӕм уой. Уӕдӕ диссаг нӕу, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл алы бон дӕр куысты, скъолайы, фӕндагыл ӕмӕ уацамынды ацы дунейы зонд кӕй ӕндавы, уый. Уый нын гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ныфс сӕтта, фӕлӕ йыл дис кӕнын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ Павелӕн ныффыссын кодта, «фӕстаг бонты» цард ахӕм уӕззау кӕй суыдзӕн, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ фылдӕр ӕмбӕлдзысты «хиуарзон» ӕмӕ, йӕ бинонты чи нӕ уарздзӕн, ахӕм адӕмыл (2 Тим. 3:1–3).

16. Куыд у нӕ бон ӕмбырды Чырыстийау хӕларзӕрдӕйӕ архайын?

16 Ӕцӕг чырыстон ӕмбырды адӕм кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дарынц, уый тынг хицӕн кӕны, ацы дурзӕрдӕ дунейы адӕм кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй. Йесойы фӕзмгӕйӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ хорз зӕрдӕ дарӕм. Куыд? Ӕмбырды бирӕты фӕхъӕуы ӕххуыс ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ се ’нӕниздзинад фӕтыхсын кӕны, йе та вӕййынц ӕндӕр уӕззау уавӕрты. Ацы «фӕстаг бонты» зындзинӕдтӕ фылдӕр кӕндзысты, фӕлӕ нырмӕ чи не ’рцыд, ахӕмтӕ нӕ уыдзысты. Фыццаг чырыстӕттӕ дӕр ӕмбӕлдысты ахӕм зындзинӕдтыл. Уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын уӕды заманы ахсджиаг хъуыддагыл нымад куыд уыди, афтӕ у абон дӕр. Зӕгъӕм, Павел чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй, «ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдыдтаиккой, лӕмӕгъты фидар кодтаиккой, алкӕимӕ дӕр уыдаиккой бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14). Уый тыххӕй та адӕймаг хъуамӕ Чырыстийау хӕларзӕрдӕ уа.

17, 18. Нӕ бон куыд у Йесойы хӕларзӕрдӕдзинад фӕзмын?

17 Мах, чырыстӕттӕ, хъуамӕ не ’фсымӕртыл цин кӕнӕм ӕмӕ сӕм Йесо цы зӕрдӕ дардтаид, ахӕм зӕрдӕ сӕм дарӕм. Стӕй ма хъуамӕ тыхсӕм, рагӕй кӕй зонӕм, уыдоныл дӕр, ӕмӕ раздӕр кӕй нӕ зыдтам, уыдоныл дӕр (3 Иоан. 5–8). Йесо адӕмы рыст ӕмбӕрста ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕн алкӕддӕр удӕнцойы хос уӕм (Ис. 32:2; Матф. 11:28–30).

18 Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у хӕларзӕрдӕйӕ архайын ӕмӕ иннӕтыл тыхсын. Дӕ алыварс-иу акӕс, цымӕ де ’ххуысы сӕр никӕй хъӕуы. Дӕхӕдӕг-иу фӕраздӕр у, цӕмӕй искӕмӕн исты хорзы бацӕуай! Павел загъта: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй». Стӕй ма бафтыдта: «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ром. 12:10). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ Чырыстийы фӕзмӕм, иннӕты нӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавӕм ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ уӕм, стӕй сӕ «ӕнӕхин уарзтӕй» уарзӕм (2 Кор. 6:6). Павел чырыстон уарзондзинады тыххӕй загъта: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы» (1 Кор. 13:4). Хуыздӕр уаид нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм маст куы нӕ хӕссиккам, фӕлӕ мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архаиккам: «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ уын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:32).

19. Чырыстийау хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нын цы бантысдзӕн?

19 Нӕ удыхъӕды хӕларзӕрдӕдзинад кӕй фидар кӕнӕм ӕмӕ Чырыстийау алкӕддӕр ӕмӕ алы уавӕры дӕр хӕларзӕрдӕйӕ кӕй фӕархайӕм, уый нын стыр хорзӕхтӕ ӕрхӕссы. Афтӕмӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг уд ӕмбырды сӕрибарӕй фӕархайы ӕмӕ алы чырыстонӕн дӕр баххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕна. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо куыд кодта, афтӕ куы фӕкӕнӕм ӕмӕ ма уыцы хъуыддаджы иннӕтӕн дӕр куы баххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ лӕггадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс вӕййы. Лӕггад та йын кӕнӕм цингӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй. Цӕй ӕмӕ иннӕтимӕ алкӕддӕр Йесойау фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цӕмӕй бӕрӕг уыди, Йесо «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» кӕй уыд, уый?

• Йесо хӕларзӕрдӕ кӕй уыди, уый куыд ӕвдыста?

• Нӕ бон куыд у ацы ӕнӕххӕст дунейы, цӕмӕй Чырыстийау фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Де ’фсымӕры уырнындзинад Петры уырнындзинадау куы фӕцуда, уӕд ӕм дӕ къух нӕ бадардзынӕ?

[Ныв 10 фарсыл]

Дӕ бон куыд у ӕмбырды алкӕй дӕр дӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавын?