Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

«Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (РОМ. 12:18).

1, 2. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй бафӕдзӕхста? ӕ) Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уымӕн уынаффӕ нӕ бон кӕм у ссарын?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ йӕ фӕдылдзӕуджыты цалдӕр хатты бафӕдзӕхста, адӕм сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын йӕ мӕлӕты размӕ изӕр бамбарын кодта, афтӕ цӕмӕн уыдзӕн, уый. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне уарзид, куыд йӕхиуӕтты, афтӕ. Сымах та ацы дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ ӕз кӕй равзӕрстон ацы дунейӕ, уымӕ гӕсгӕ уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны» (Иоан. 15:19).

2 Йесойы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый апостол Павел йӕхиуыл бавзӕрста. Уый йе ’рыгон ӕмбал Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ды... алцӕмӕй дӕр бафӕзмыдтай мӕн: ӕз иннӕты куыд ахуыр кӕнын, куыд цӕрын, цӕмӕ тырнын, мӕ уырнындзинад, мӕ бирӕфӕразондзинад, мӕ уарзондзинад, мӕ фидардзинад, цы ’фхӕрд ӕмӕ цы хъизӕмӕрттӕ баййӕфтон». Стӕй ма загъта: «Уӕвгӕ, Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд» (2 Тим. 3:10–12). Павел Ромы чырыстӕттӕм цы фыстӕг арвыста, уым 12 сӕры радта хорз уынаффӕ, сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый тыххӕй. Ацы ныхӕстӕ нын баххуыс кӕндзысты абон дӕр, кӕроны рӕстӕджы дӕр.

«Аразут... хорз цы у, уый»

3, 4. Ромӕгтӕм 12:17 лӕвӕрд уынаффӕйӕ куыд ис спайда кӕнӕн: а) иу диныл хӕст чи нӕу, ахӕм бинонты ’хсӕн? ӕ) нӕ алыварс цӕрӕг адӕмы ’хсӕн?

3 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17. Павел загъта, зӕгъгӕ нӕ куы ӕфхӕрой, уӕд хъуамӕ нӕ масты фӕдыл ма цӕуӕм. Ацы ныхӕстӕ уӕлдай тынгдӕр сӕ зӕрдыл хъуамӕ дарой, иу диныл хӕст чи нӕу, ахӕм бинонтӕ. Чырыстон адӕймагӕн йӕ цардӕмбал исты схуыст ныхас куы фӕзӕгъы кӕнӕ та йӕ ӕндӕр искуыд куы бафхӕры, уӕд уый йӕхиуыл фӕхӕцы, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ мацы сдзура. Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй куы фида, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Уый уыдзӕн, раст артыл сугтӕ куыд баппарай, уыйау.

4 Павел бацамыдта, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын: «Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый». Цӕвиттон, ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ усы дин ӕппынӕдзух фауы. Фӕлӕ йӕм йӕ ус фӕстӕмӕ кӕй нӕ дзуры ӕмӕ йӕм дарддӕр дӕр хорз цӕстӕй кӕй кӕсы, уый фӕрцы сӕ хӕдзары хыл ӕмӕ хъӕлӕба нӕ вӕййы (Ӕмб. 31:12). Карлос (ныр лӕггад кӕны Вефилы) хорз хъуыды кӕны, йӕ фыд йӕ мады динмӕ йӕ ахаст куыд фӕивта, уый. Кӕд-иу йӕ ныхмӕ карзӕй цыди, уӕддӕр-иу йӕ мад йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ йӕ бинонтыл ӕнувыд уыди. «Нӕ мад нын арӕх дзырдта, нӕ фыдӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Мӕ фыд тынг уарзта иу хъазтӕй хъазын ӕмӕ-иу мӕ мӕ мад йемӕ уыцы хъазтӕй хъазын кодта, кӕд мӕ зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ цыди, уӕддӕр. Фӕлӕ-иу дзы куы ахъазыд, уӕд-иу тынг бахъӕлдзӕг ис». Ӕппынфӕстаг йӕ фыд Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ донаргъуыд райста. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, «алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый» кӕй фӕаразынц, уымӕ гӕсгӕ сӕм арӕх сӕ ахаст фӕивынц, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй сӕм чи фӕкӕсы, уыдон. Зӕгъӕм, исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд сӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕн баххуыс кӕнынц ӕмӕ сӕм уый руаджы хорз цӕстӕй кӕсын райдайынц.

Знӕгты зӕрдӕтӕ фӕлмӕн кӕнут «судзгӕ цӕхӕртӕй»

5, 6. а) Куыд ис знаджы сӕрыл «судзгӕ цӕхӕртӕ» ӕркалӕн? ӕ) Ромӕгтӕм 12:20 уынаффӕ, кӕм цӕрут, уым адӕмы ахаст фӕивынӕн куыд баххуыс кодта, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

5 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:20. Павел ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр хъуыды кодтаид, Ӕмбисӕндты 25:21, 22 цы фыст ис , уый: «Де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын къӕбӕр бахӕрын кӕн, дойны йын куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕмӕй йын йӕ сӕрыл цӕхӕртӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕ, ӕмӕ дын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн». Павел Ромӕгтӕм 12 сӕры цы уынаффӕ радта, уымӕй йӕ афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ нӕ чи ӕфхӕра, уымӕн цӕхӕртӕ ӕцӕгдӕр йӕ сӕрыл кӕй хъуамӕ ӕркалӕм ӕмӕ дзы афтӕмӕй нӕ маст райсӕм кӕнӕ та йӕ фегад кӕнӕм. Ацы ӕмбисонд дӕр ӕмӕ, Павел ромӕгтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хауынц, рагзаманты-иу хъӕбӕр ӕрзӕт куыд дон кодтой, уымӕ. Англисаг ахуыргонд Чарлз Бриджес, цард 19 ӕнусы, ныффыста: «Цӕмӕй хъӕбӕр ӕрзӕт бадон кӕнай, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ цӕхӕры бын фӕкӕнай; ӕрмӕст судзгӕ цӕхӕртыл ӕй ма сӕвӕр, фӕлӕ ма йын сӕ йӕ уӕлӕ дӕр ӕркал. Иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕтӕ афтӕ ныхъхъӕбӕр сты, ӕмӕ сӕ цыфӕнды тыхджын, фӕразон ӕмӕ удуӕлдай уарзтӕй ма уарзай, уӕддӕр сӕ не ’рфӕлмӕн кӕндзынӕ».

6 «Судзгӕ цӕхӕртау» хорз хъуыддӕгтӕ дӕр гӕнӕн ис ныхмӕдзӕуджыты зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн кӕной ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм сӕ ахаст фӕивой. Нӕ хорз хъуыддӕгтӕ ма гӕнӕн ис адӕмыл афтӕ бандавой, ӕмӕ махмӕ дӕр, стӕй, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ дӕр хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайой. Апостол Петр ныффыста: «Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй ут фӕзминаг, цӕмӕй уӕ фыдгӕнджытӕ чи хоны, уыдон, уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ, Хуыцауы скадджын кӕной, уый хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уыцы бон» (1 Пет. 2:12).

«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

7. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр фарн ныууагъта ӕмӕ нӕ уый цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

7 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:18. Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыди, уӕд йӕ апостолтӕн загъта: «Фарн уын уадзын мӕ фӕстӕ, мӕ фарн уын дӕттын» (Иоан. 14:27). Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй ныууагъта, уыцы фарны фӕрцы сӕ мидзӕрдӕйы ӕрбынат кӕны сабырдзинад. Ӕмӕ уыцы сабырдзинад цӕуы, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ сӕ йӕ уарзон Фырт кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ райгонд кӕй сты, уый кӕй зонынц, уымӕй. Нӕ зӕрдӕ сабыр куы уа, уӕд иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрдзыстӕм. Ӕцӕг чырыстӕттӕ сты фарнуарзджытӕ ӕмӕ фарнхӕсджытӕ (Матф. 5:9).

8. Нӕ бон куыд у, цӕмӕй хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр фарнхӕсджытӕ уӕм?

8 Цӕмӕй бинонты ’хсӕн фарнхӕсджытӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм – нӕ кӕрӕдзи истӕй тыххӕй куы нӕ бамбарӕм, уӕд-иу уавӕр ма бауадзӕм фӕфыддӕр кӕнын (Ӕмб. 15:18; Еф. 4:26). Ахӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хъӕуы архайын чырыстон ӕмбырды дӕр. Апостол Петр бамбарын кодта, адӕмимӕ хӕларӕй цӕрын ӕмӕ, кӕм цы зӕгъын хъӕуы, уый зонын кӕрӕдзийыл баст кӕй сты (1 Пет. 3:10, 11). Иаков дӕр фидарӕй куы загъта, цӕмӕй чырыстӕттӕ се ’взагӕй раст пайда кӕной, стӕй хӕлӕг ӕмӕ загъд ма кӕной, уӕд уый фӕстӕ ныффыста: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ. Уымӕй уӕлдай, рӕстдзинады мыггаг байтыдӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым, ӕмӕ фарн чи уарзы, уыдонӕн» (Иак. 3:17, 18).

9. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл» куы архайӕм, уӕд?

9 Павел Ромӕгтӕм 12:18 ныффыста, мах «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй» кӕй хъуамӕ цӕрӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах фарнхӕсджытӕ ӕрмӕст бинонтӕ ӕмӕ ӕмбырды кӕй ма хъуамӕ уӕм, фӕлӕ ма сыхӕгтӕ, ӕмкусджытӕ, ӕмкъласонтӕ ӕмӕ уацамынды кӕуыл фембӕлӕм, уыцы адӕмы ’хсӕн дӕр. Фӕлӕ ма апостол афтӕ дӕр загъта: «Уӕ бон цы у, уый аразут». Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм, цӕмӕй «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрӕм», ӕрмӕст Хуыцауы раст уагӕвӕрдтӕ ма фехалӕм.

Мастисӕг у Йегъовӕ

10, 11. Павел Ромӕгтӕм 12:19 цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ уый раст цӕмӕн у?

10 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:19. Мах хъуамӕ «зын уавӕрты нӕхиуыл хӕцын фӕразӕм» ӕмӕ фӕлмӕн уӕм, нӕ хъуыддаджы «ныхмӕ чи цӕуы», суанг уыдонимӕ дӕр, стӕй ма нӕ фыдызнӕгтимӕ дӕр (2 Тим. 2:23–25). Павел чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй «сӕ маст макӕмӕй истаиккой», фӕлӕ «уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакодтаиккой». Куыд чырыстӕттӕ, афтӕ мах зонӕм, маст исын махмӕ кӕй нӕ хауы. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх. Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» (Пс. 37:8). Соломон та радта ахӕм уынаффӕ: «Афтӕ ма дзур: „Мӕ маст дзы райсдзынӕн!“ Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл, ӕмӕ дӕ уый фервӕзын кӕндзӕн» (Ӕмб. 20:22).

11 Кӕд нӕ не знӕгтӕ хыгъдарынц, уӕд раст уаид уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы бӕрны бакӕнын, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕндзӕн, бафхӕра сӕ ӕви нӕ, стӕй сӕ кӕд бафхӕра, уый дӕр. Йегъовӕйы судзгӕ масты кой кӕнгӕйӕ ма Павел йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“». (Абар Дыккаг закъон 32:35.) Нӕ масты фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ нӕ ныфс нӕхиуыл дарӕм, стӕй афтӕмӕй нӕхимӕ исӕм, Йегъовӕйы бӕрны чи ис, уыцы хъуыддаг. Уымӕй уӕлдай ма уый ууыл дзурӕг дӕр уыдзӕн, ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕронмӕ нӕ дарӕм. Йегъовӕ та нын загъта: «Мастисӕг ӕз дӕн».

12. Хуыцау йӕ маст кӕд ӕмӕ куыд ныккалдзӕн?

12 Павел Ромӕгтӕм фыстӕджы райдианы загъта: «Хуыцау уӕларвӕй йӕ маст калы, ӕцӕгдзинад ӕнӕфсармӕй чи ссӕнды, уыцы адӕмы ӕппӕт ӕнӕхуыцау митӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтыл» (Ром. 1:18). Йегъовӕ уӕларвӕй йӕ маст ныккалдзӕн «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг, йӕ Фырты тохмӕ куы рарвита, уӕд (Рарг. 7:14). Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг уыдзӕн, «Хуыцау раст тӕрхон кӕй кӕны», уый. Ӕмӕ Павел уыцы хъуыддаг йӕ иннӕ фыстӕджы бамбарын кодта: «Хуыцауы цӕсты раст у, сымахӕн зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй зындзинӕдтӕй бафидын. Сымахӕн, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та немӕ иумӕ удӕнцой раттын, нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына, уӕд. Уый фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ пиллон арты, ӕмӕ йӕ маст райсдзӕн, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» (2 Фес. 1:5–8).

«Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнут»

13, 14. а) Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд ууыл цӕуылнӕ бадис кӕнӕм? ӕ) Куыд у нӕ бон, чи нӕ ӕфхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнын?

13 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:14, 21. Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у зӕрдиагӕй кӕнын, нӕ бӕрны нын цы куыст бакодта, уый – «паддзахады тыххӕй... хорз хабар» «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» хъусын кӕнын (Матф. 24:14). Мах ӕй зонӕм, уыцы хъуыддаг не знӕгты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕудзӕн. Йесо дӕр развӕлгъау уымӕн загъта: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты» (Матф. 24:9). Уӕдӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд ыл дис дӕр нӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ нӕ ныфс дӕр нӕ асӕтты. Апостол Петр ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй уе ’хсӕн цы арт судзы, ууыл дис ма кӕнут, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, уыйау. Фӕлӕ цин кӕнут, сымах дӕр Чырыстийау кӕй хъизӕмар кӕнут, ууыл» (1 Пет. 4:12, 13).

14 Мах не знӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй нӕ кӕсӕм, фӕлӕ архайӕм, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, хабӕрттӕ бӕлвырд кӕй нӕ фӕзонынц, уый тыххӕй (2 Кор. 4:4). Мах архайӕм Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Чи уӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнут – арфӕ, ӕлгъитгӕ нӕ, фӕлӕ» (Ром. 12:14). Не ’фхӕрджытӕн арфӕ кӕндзыстӕм, Йегъовӕмӕ уыдоны тыххӕй куы кувӕм, уӕд. Йесо Уӕлхох уацамынды загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Уарзут уе знӕгты, йе сӕфт уӕ чи уыны, уыдонӕн хорзы цӕут, чи уӕ ӕлгъиты, уыдонӕн арфӕ кӕнут ӕмӕ уӕ чи ӕфхӕры, уыдоны тыххӕй кувут» (Лук. 6:27, 28). Апостол Павел йӕхицӕй зыдта, карз ӕфхӕрӕгӕн дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ суа Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинаг ӕмӕ Йегъовӕйы зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнӕг (Гал. 1:13–16, 23). Ӕндӕр фыстӕджы та афтӕ ныффыста: «Ӕлгъитынц нӕ – мах сын арфӕ кӕнӕм, ӕфхӕрынц нӕ – уӕддӕр быхсӕм; нӕ фыдкой кӕнынц – уӕддӕр семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм» (1 Кор. 4:12, 13).

15. Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр цы у?

15 Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъусынц Ромӕгтӕм 12 сӕры фӕстаг стихы ныхӕстӕм: «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн». Ӕвзӕрдзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уый цӕуы Сайтан Хӕйрӕгӕй (Иоан. 8:44; 1 Иоан. 5:19). Апостол Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым Йесо загъта, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕ Сайтаныл кӕй «фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй ӕмӕ, цы хабар хъусын кодтой, уымӕй» (Рарг. 12:11). Цӕмӕй Сайтаныл фӕуӕлахиз уӕм ӕмӕ йӕ зианхӕссӕг ӕндӕвдады ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хорздзинад аразӕм – Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм.

Нӕ ныфс у нӕ цины хос

16, 17. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Ромӕгтӕм 12 сӕрӕй: а) нӕ цардӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм, уый тыххӕй? ӕ) ӕмбырды нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй? б) нӕ дины ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй?

16 Мах цыбыртӕй равзӕрстам Ромӕгтӕм 12 сӕр ӕмӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам бирӕ хъуыддӕгтӕ. Мах базыдтам уый, ӕмӕ куыд Йегъовӕйы аргъуыд лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ хъуамӕ уӕм цӕттӕ нӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ. Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ кӕй разӕнгард кӕны, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕзивӕгӕй нывӕндтӕ хӕссӕм. Уый та уымӕн кӕнӕм, ӕмӕ бамбӕрстам, уыцы хъуыддаг Хуыцауы фӕндон кӕй у. Мах нӕ удӕй арт уадзӕм ӕмӕ, цы лӕвӕрттӕй схайджын стӕм, уыдонӕй ӕнӕзивӕгӕй пайда кӕнӕм. Мах лӕггад кӕнӕм сӕрныллӕгӕй ӕмӕ бонзонгӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт дӕр аразӕм, цӕмӕй нӕ чырыстон иудзинад ма фехӕла. Архайӕм ма, уазӕгуарзон куыд уӕм, стӕй ма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ нӕ цин дӕр ӕмӕ нӕ хъыг дӕр иу куыд уа, ууыл.

17 Ромӕгтӕм 12 сӕры ис бирӕ уынаффӕтӕ, нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй. Мах нӕ масты фӕдыл хъуамӕ ма цӕуӕм. Чи нӕ ӕфхӕры, уыдонӕн хъуамӕ хорзы цӕуӕм. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайӕм, ӕрмӕст хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ма халӕм. Ахӕм зондыл хӕст хъуамӕ уӕм бинонтӕ ӕмӕ сыхӕгты ’хсӕн, ӕмбырды, куысты, скъолайы ӕмӕ уацамынды. Нӕ ныхмӕ ӕргом куы цӕуой, уӕд дӕр ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ рох кӕндзыстӕм, мастисӕг Йегъовӕ кӕй у.

18. Ромӕгтӕм 12:12 цавӕр ӕртӕ амынды ис?

18 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:12. Ӕппӕт ацы раст ӕмӕ ахадгӕ уынаффӕтӕй уӕлдай ма Павел радта ноджыдӕр ӕртӕ амынды. Уыцы хъуыддӕгтӕ ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ къухы кӕй никуы бафтыдаиккой, уымӕ гӕсгӕ нын апостол дзуры, цӕмӕй «ӕппынӕдзух кувӕм». Уый фӕрцы та нӕ бон уыдзӕн хъусын йӕ иннӕ уынаффӕмӕ, «зындзинӕдты фидар лӕуут», зӕгъгӕ. Ӕппынфӕстаг, мах хъуамӕ кӕддӕриддӕр нӕ хъуыдыйы дарӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы фидӕнӕй бавӕрдта, уый ӕмӕ цин кӕнӕм ӕнусон царды ныфсыл – уӕларвон ныфс уа ӕви зӕххон.

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

• Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм фарнхӕсджытӕ ӕмӕ куыд?

• Нӕ масты фӕдыл цӕуылнӕ хъуамӕ цӕуӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕм чи кӕсы, уыдонӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд нӕм чи зоны сӕ ахаст фӕивой

[Ныв 9 фарсыл]

Ӕмбырды дӕ фарнхӕссӕгӕй зонынц?