Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы уазал дунейы нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?

Ацы уазал дунейы нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?

Ацы уазал дунейы нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?

«Адӕттӕ уын уый тыххӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы уарзат» (ИОАН. 15:17).

1. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд цӕмӕн хъуамӕ уыдаиккой?

ЙЕСО зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыди, уӕд йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдаиккой. Гыццыл раздӕр ма сын загъта, зӕгъгӕ, кӕрӕдзи куы уарзат, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, мӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стут (Иоан. 13:35). Апостолтӕ хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдаиккой, цӕмӕй сӕм разӕй цы фӕлварӕнтӕ ’нхъӕлмӕ каст, уыдоны сӕрты ахызтаиккой ӕмӕ сын Йесо цы куыст хъуамӕ бахӕс кодтаид, уый кӕронмӕ сӕххӕст кодтаиккой. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты иууылдӕр зыдтой, Хуыцауыл ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй уыдысты, уымӕй.

2. а) Цы нӕ фӕнды аразын ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Абон Хуыцауы ӕппӕтдунеон организацийы чи ис, уыдон фӕзмынц фыццаг ӕнусы чырыстӕтты. Куыд хорз у, мах дӕр уыцы организацийы кӕй стӕм! Мах фӕнды Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй уарзын. Фӕлӕ ацы фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ фылдӕр сты мӕнгард ӕмӕ се ’хсӕн уарзондзинад нал ис (2 Тим. 3:1–3). Уыдон сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агурынц ӕрмӕстдӕр рӕстӕг ӕрвитынӕн ӕмӕ сӕхицӕн исты пайда райсынӕн. Цӕмӕй нӕ чырыстон ном ма фесафӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм ахӕм зондахастӕй. Уӕдӕ ’ркӕсӕм ахӕм фарстатӕм: цӕмӕй хӕлӕрттӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый тыххӕй сӕйраджыдӕр цы у? Хорз хӕлӕрттӕ куыд ссарӕм? Не ’мбӕлтты нӕ ныууадзын кӕд бахъӕуы? Нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?

Цӕмӕй хӕлӕрттӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый тыххӕй сӕйрагдӕр цы у?

3, 4. Цӕмӕй хӕлӕрттӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый тыххӕй сӕйрагдӕр цы у ӕмӕ цӕмӕн?

3 Хӕлӕрттӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд вӕййынц, Йегъовӕйы куы фӕуарзынц, уӕд. Паддзах Соломон фыста: «Кӕд, иунӕг чи у, ууыл исчи фӕтых уыдзӕн, уӕд дыууӕйӕ та йӕ ныхмӕ фӕлӕудзысты. Ӕртӕ тагӕй быд бӕндӕн тагъд нӕ аскъуыйдзӕн» (Еккл. 4:12). Йегъовӕ хӕлардзинады ӕртыккаг таг куы уа, уӕд хӕлардзинад уыдзӕн фидар.

4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдонӕн дӕр вӕййы ӕнувыд хӕлӕрттӕ. Фӕлӕ дыууӕ ’мбалы дӕр Йегъовӕйы куы уарзой, уӕд сӕ хӕлардзинад уыдзӕн фидардӕр, тӕссаг ын ницӕмӕй уыдзӕн. Ӕцӕг хӕлӕртты ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд хъуыддаг афтӕ банывыл кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы ма фӕхъыг кӕной. Хуыцауы знӕгтӕ куы фӕархайынц, цӕмӕй ӕцӕг чырыстӕтты кӕрӕдзи мидӕг скӕной, уӕд фенынц, уыдон кӕрӕдзийыл фидар тӕгтӕй баст кӕй сты. Истори куыд равдыста, афтӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’фсымӕрты ауӕй кӕныны бӕсты мӕлӕтыл дӕр разы уыдысты. (Бакӕс 1 Иоанны 3:16.)

5. Руф ӕмӕ Ноемин кӕрӕдзийыл ӕнувыд цӕй фӕрцы уыдысты?

5 Дзырд дӕр ыл нӕй, адӕймаг йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй куы равзара, уӕд фӕсмойнаг никуы фӕуыдзӕн. Ӕркӕсӕм Руф ӕмӕ Ноемины цӕвиттонмӕ. Сӕ диссаджы хӕлардзинадӕн Библийы ис ахсджиаг бынат. Цӕй фӕрцы уыдысты кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд? Дзуапп базонӕн ис, Руф Ноеминӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй: «Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау. [...] Йегъовӕйы фыдӕх мӕ баййафӕд, кӕд мӕн дӕуӕй мӕлӕт йеддӕмӕ исты фӕхицӕн кӕна» (Руф 1:16, 17). Бӕрӕг у, Руф дӕр ӕмӕ Ноемин дӕр Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзтой, ӕмӕ уыцы уарзондзинады фӕрцы адджынӕй кӕй цардысты. Уый тыххӕй сын Йегъовӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр раарфӕ кодта.

Хорз хӕлӕрттӕ куыд ссарӕм?

6–8. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн не ’мбӕлттимӕ хӕларӕй цӕрынӕн? ӕ) Цӕмӕй хорз хӕлӕрттӕ ссарай, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразай?

6 Руф ӕмӕ Ноемины хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй адӕм хорз хӕлӕрттӕ ӕнӕнхъӕлӕджы не свӕййынц. Ахӕм хӕлардзинад фӕзыны, сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы куы фӕуарзынц, уӕд. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ хӕлардзинад фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ архайӕм. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, суанг ма ахӕм хӕрзхотӕ ӕмӕ хӕрзӕфсымӕртӕ дӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй ӕввахс ’мбӕлттӕ суой. Уӕдӕ нӕ цы хъӕуы кӕнын, цӕмӕй нын хорз хӕлӕрттӕ уа?

7 Макӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс. Апостол Павел йе ’мбӕлттӕн Ромы ӕмбырдӕй загъта: «Сыгъдӕджытӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафой, уымӕй-иу сӕм фӕкӕсут. Ут уазӕгуарзон» (Ром. 12:13). Уӕдӕ нын цӕмӕй хорз хӕлӕрттӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм ӕмӕ уазӕгуарзон уӕм. Дӕ бӕсты уазӕгуарзон ничи уыдзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:27.) Уый дӕ къухы бафтдзӕн, уӕхимӕ куы хонай алыхуызон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Ӕмӕ уый тыххӕй стыр фынгтӕ ӕвӕрын дӕр нӕ хъӕуы. Дӕ бон дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын у, цӕмӕй де ’мчырыстӕтты уӕхимӕ уазӕгуаты арӕхдӕр хонай?

8 Хорз хӕлӕрттӕ ма ссардзынӕ, хъусын кӕнынмӕ демӕ алыхуызон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты куы кӕнай, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, уацамынды де ’мбал ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый тыххӕй ӕргом куы фӕдзуры, уӕд дын ноджы зынаргъдӕр свӕййы.

9, 10. Цавӕр цӕвиттон нын ныууагъта Павел ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

9 Уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:12, 13.) Искуы афтӕ ахъуыды кодтай, ӕмӕ ӕмбырды кӕимӕ хӕлариуӕг кӕнай, иу ахӕм адӕймаг дӕр дзы нӕй? Кӕд о, уӕд дӕ чи зоны хӕлӕрттӕ ӕвзарынмӕ ӕндӕр цӕстӕй акӕсын хъӕуы? Апостол Павел фӕзминаг уыди, йӕ зӕрдӕ уӕрӕх кӕй байгом кодта, уымӕй. Павел уый ӕнхъӕл никуы уыд, ӕмӕ дзуттаг чи нӕу, уыдонӕй чидӕртӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ суыдзысты. Фӕлӕ йӕ Хуыцау растдӕр «иннӕ адӕмыхӕттытӕм» арвыста (Ром. 11:13).

10 Стӕй ма Павелӕн йе ’мбӕлттӕ ӕрмӕст йӕхи цахъхъӕнтӕ нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, Павел ӕмӕ Тимофей тынг балымӕн сты, кӕд иу кары нӕ уыдысты ӕмӕ алыхуызон бинонты ’хсӕн схъомыл сты, уӕддӕр. Абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ стыр аргъ кӕнынц, се ’мбырды сын ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн хӕлӕрттӕ кӕй ис, уымӕн. «Мӕ хуыздӕр ӕмбалыл цӕуы 50 азы бӕрц,– дзуры 20-аздзыд Ванессӕ.– Раст цыма мӕ карӕн у, афтӕ йын мӕ бон у алцыдӕр радзурын. Ӕмӕ мыл уый дӕр зӕрдӕйӕ у». Куыд балымӕн сты? Ванессӕ дзуры: «Ӕз ӕнцад нӕ бадтӕн ӕмӕ не ’нхъӕлмӕ кастӕн, исчи мӕ йӕхицӕн ӕмбалӕн кӕд равзардзӕн, уымӕ. Ӕз мӕхӕдӕг агуырдтон ӕмбал». Дӕхицӕй хистӕр йе та кӕстӕр чи у, ахӕмтимӕ дӕ хӕлариуӕг кӕнын нӕ фӕнды? Йегъовӕ дын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕндзӕн.

11. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Ионафан ӕмӕ Давиды хӕлардзинадӕй?

11 Ӕнувыд ӕмбал у. «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр»,– фыста Соломон (Ӕмб. 17:17). Соломон ацы ныхӕстӕ куы ныффыста, уӕд йӕ хъуыдыйы, ӕвӕццӕгӕн, уыди йӕ фыд Давид ӕмӕ Ионафаны хӕлардзинад (1 Сам. 18:1). Паддзах Саулы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕстӕ Израилы паддзах суыдаид Ионафан. Фӕлӕ Ионафанӕн ӕхсызгон уыди, Йегъовӕ паддзахӕй Давиды кӕй равзӕрста. Саулӕй уӕлдай Ионафан Давидмӕ нӕ хӕлӕг кодта. Давидмӕ цы кад ӕрхауд, уый тыххӕй мӕсты нӕ кодта, стӕй Саул йӕ фыдкой куы кодта, уӕд ын йӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндыд (1 Сам. 20:24–34). Мах дӕр Ионафаны хуызӕн стӕм? Не ’мбӕлттӕй нын искӕмӕн йӕ бӕрны кадджын хӕстӕ куы бакӕнынц, уӕд нын уый ӕхсызгон вӕййы? Исты зындзинадыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сын сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм? Исчи нын не ’мбалы фыдкой куы фӕкӕны, уӕд уыцы ныхӕстыл уайтагъд баууӕндӕм? Ӕви Ионафанау не ’мбалы сӕрыл рахӕцӕм?

Не ’мбӕлтты нӕ ныууадзын кӕд бахъӕуы

12–14. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй чидӕртӕ цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц ӕмӕ сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

12 Библи чи ахуыр кӕны, уый йӕ царды ивындзинӕдтӕ кӕнын куы райдайы, уӕд ын гӕнӕн ис ӕнцон ма уа аскъуыддзаг кӕнын, йӕ хӕлӕрттӕ чи уыдзысты, уый. Чи зоны йын ис ӕввахс ӕмбӕлттӕ, фӕлӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕрынц. Уый раздӕр, ӕвӕццӕгӕн, семӕ ’рвыста бирӕ рӕстӕг, фӕлӕ ныр та ӕмбары, йе ’мбӕлттӕ йыл ӕвзӕрырдӕм кӕй ӕндавдзысты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ семӕ кӕй мауал хъуамӕ хӕлариуӕг кӕна (1 Кор. 15:33). Иннӕмӕй та, гӕнӕн ис хъуыды кӕна, ӕмӕ сӕ куы ныууадза, уӕд сыл гадзрахатӕй кӕй рацӕудзӕн.

13 Кӕд Библи ахуыр кӕныс ӕмӕ ахӕм уавӕры бахаудтӕ, уӕд дӕ рох ма уӕд, хорз ӕмбалӕн ӕхсызгон кӕй уыдзӕн, дӕ цард фӕхуыздӕр кӕныныл кӕй архайыс, уый. Чи зоны йӕ Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр истытӕ базонын дӕр бафӕнда. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ та дӕ «алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕндзысты», «семӕ хӕлд миты цъымарайы дӕхи кӕй нал тъыссыс», уый тыххӕй (1 Пет. 4:3, 4). Ахӕм ӕмбӕлттӕ дыл сӕхӕдӕг цӕуынц гадзрахатӕй, ды нӕ фӕлӕ.

14 Ахуыргӕнинӕгты сӕ раздӕры ’мбӕлттӕ, Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыдон куы ныууадзой, уӕд чырыстӕттӕ хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй ногтӕ сӕхи иунӕг ма хатой ӕмӕ сын хорз ӕмбӕлттӕ суой (Гал. 6:10). Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ ӕмбырдмӕ чи цӕуы, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр зонгӕ дӕ? Фадат дын куы фӕвӕййы, уӕд семӕ аныхас кӕныс ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕныс?

15, 16. а) Нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, не ’мбал Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕна, уӕд? ӕ) Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

15 Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ дӕр. Дӕ хӕлары Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нал фӕнды, ӕмӕ йӕ чи зоны ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕной. Уӕд та куыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тынг зын хабар у. Иу хойӕн йе ’ввахс ӕмбал Йегъовӕйы куы ныууагъта, уӕд йӕхи куыд хатыд, уый тыххӕй загъта: «Раст цыма мӕ ахсджиӕгтӕй чидӕр амарди, мӕхи афтӕ хатыдтӕн. Ӕз ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ йын фидар уырнындзинад уыди, фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн ӕрмӕст уый тыххӕй лӕггад кодта, ӕмӕ йӕ йӕ бинонты фӕхъыг кӕнын нӕ фӕндыд? Уыцы хабары фӕстӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕмӕ ныккастӕн. Цымӕ ӕз та Йегъовӕйӕн цӕмӕн лӕггад кӕнын?» Нӕ хо уыцы уӕззау хабар куыд сфӕрӕзта? «Мӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрдтон,– дзуры уый.– Мӕн фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ зона, ӕз ӕй ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ уарзын, ӕмӕ мын йӕ организацийы ӕмбӕлттӕ ссарынӕн ӕххуыс кӕны».

16 Йе ’ргом дунемӕ чи здахы, уыдон нӕ хӕлӕрттӕ куы уой, уӕд зын зӕгъӕн у, ӕмӕ нӕ Хуыцау йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайдзӕн. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый Хуыцауӕн йе знаг кӕй у? Уӕдӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ ацы дунеимӕ лымӕн уа, уый йӕхи Хуыцауӕн знаг кӕны» (Иак. 4:4). Мах Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уый фӕрцы сфӕраздзыстӕм, ӕнӕ хӕларӕй кӕй баззадыстӕм, уыцы маст. Ахӕм уӕззау уавӕры нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзӕм. (Бакӕс Псалом 18:25.) Уӕлдӕр цы хойы кой кодтам, уый ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, тыххӕй кӕй никӕмӕн бауарзын кӕндзыстӕм Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ нӕхи дӕр. Уый алкӕмӕндӕр йӕхи хъуыддаг у». Фӕлӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕнгом, хорз ахастыты уӕм, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи не сивта, уыдонимӕ?

Нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн

17. Хорз хӕлӕрттӕ кӕрӕдзиимӕ куыд фӕныхас кӕнынц?

17 Хӕлӕрттӕ ӕргом куы фӕныхас кӕнынц, уӕд кӕрӕдзимӕ ноджы тынгдӕр баввахс вӕййынц. Руф ӕмӕ Ноемин, Давид ӕмӕ Ионафан, Павел ӕмӕ Тимофейы тыххӕй Библийы куы кӕсай, уӕд фендзынӕ, хорз хӕлӕрттӕ сӕ кӕрӕдзийӕн, сӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, уый кӕй фӕдзурынц ӕмӕ сӕ ныхас алкӕддӕр уӕздан кӕй вӕййы. Иннӕтимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕнӕм, уый тыххӕй Павел фыста: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ». Уый уӕлдай ахсджиаг вӕййы, «ӕддагӕттимӕ», ома не ’мчырыстӕттӕ чи не сты, уыдонимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд (Кол. 4:5, 6). Уӕдӕ кӕд ӕнӕуырнджытӕ уый аккаг сты, ӕмӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнӕм, уӕд ӕмбырды нӕ хӕлӕрттимӕ цас уӕздандӕр хъуамӕ ныхас кӕнӕм!

18, 19. а) Нӕ чырыстон ӕмбал нын цыфӕнды уынаффӕ дӕр куы ратта, уӕд ӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты?

18 Хорз ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийы хъуыдыйӕн кӕй фӕаргъ кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхас вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ ӕргом. Зондджын паддзах Соломон фыста: «Сой ӕмӕ буд зӕрдӕйӕн куыд ӕхсызгон сты, раст афтӕ адджын у, зӕрдӕбын уынаффӕ чи ратты, уыцы ӕмбал дӕр» (Ӕмб. 27:9). Ды дӕр ахӕм цӕстӕй фӕкӕсыс, де ’мбал дын цы уынаффӕтӕ фӕдӕтты, уыдонмӕ? (Бакӕс Псалом 141:5.) Дӕ уагахасты тыххӕй дын де ’мбал исты куы фӕзӕгъы, уӕд куыд бакӕныс? Йӕ ныхӕстӕ йын ӕнувыд уарзтыл банымайыс ӕви йӕм фӕтӕргай вӕййыс?

19 Апостол Павелӕн Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыдысты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. Ӕвӕццӕгӕн сӕ кӕйдӕрты зыдта, уырнджытӕ куы систы, уӕд дӕр. Фӕлӕ фӕстаг хатт семӕ куы фембӕлд, уӕд сын комкоммӕ радта цалдӕр уынаффӕйы. Цы цӕстӕй сӕм ракастысты? Павелмӕ йӕ хӕлӕрттӕ нӕ фӕтӕргай сты. Уыдон дзы тынг фӕбузныг сты, кӕй сыл тыхсы, уый тыххӕй, ӕмӕ ма суанг кӕугӕ дӕр скодтой, афтӕ сын куы загъта, зӕгъгӕ мӕ нал фендзыстут, уӕд (Ап. хъ. 20:17, 29, 30, 36–38).

20. Уарзӕгой ӕмбал цы бакӕндзӕн?

20 Хорз ӕмбал уынаффӕмӕ ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ ма йӕхӕдӕг дӕр фӕдӕтты уынаффӕтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах хъуамӕ зонӕм, кӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы ӕмӕ искӕй хъуыддӕгты нӕхи ма тъыссӕм (1 Фес. 4:11). Стӕй ма хъуамӕ ма рох кӕнӕм, ӕмӕ «нӕ Хуыцауы раз алчидӕр йӕхи тыххӕй дзуапп [кӕй] ратдзӕн» (Ром. 14:12). Фӕлӕ куы хъӕуа, уӕд уарзӕгой ӕмбал йе ’мбалӕн уӕзданӕй йӕ зӕрдыл Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ дӕр ӕрлӕууын кӕндзӕн. Цӕвиттонӕн райсӕм 1 Коринфӕгтӕм 7:39 уагӕвӕрд. Куыд бакӕнис, дӕ хӕлар – бинонтӕ кӕмӕн нӕй, йе та чындзыцыд чи нӕу, ахӕм чырыстон – ӕнӕуырнӕгимӕ ӕмбӕлын куы райдаид, уӕд? Йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй фӕтӕрсис ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ницы зӕгъис? Дӕ ныхӕстӕ дын куы ницӕмӕ ӕрдарид, уӕд та куыд бакӕнис? Хорз ӕмбал уарзӕгой фыййӕуттӕм бацӕуид, цӕмӕй йе ’мбалӕн баххуыс кӕна. Уымӕн та хъӕуы хъӕбатырдзинад. Фӕлӕ Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы ӕмбӕлтты хӕлардзинадӕн стыр зиан ницы ’рхӕсдзӕн.

21. Хаттӕй-хатт не ’ппӕт дӕр цы фӕаразӕм, фӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй не ’мчырыстӕттимӕ ӕнгом ахастыты уӕм?

21 Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13, 14. Хаттӕй-хатт нӕм нӕ хӕлӕрттӕ цӕйдӕр тыххӕй фӕхӕрам вӕййынц, йе та сӕм мах дӕр смӕсты вӕййӕм. «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм»,– фыста Иаков (Иак. 3:2). Уӕдӕ хорз ӕмбӕлттӕ, кӕрӕдзийы ныхмӕ чи нӕ рӕдийы, уыдон не сты, фӕлӕ кӕрӕдзийӕн сӕ рӕдыдтытӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи хатыр кӕны, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй нын хорз хӕлӕрттӕ уа, семӕ ӕргом ныхас кӕнӕм ӕмӕ сын ӕнӕзивӕгӕй хатыр кӕнӕм. Кӕрӕдзи ахӕм уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд нӕ «уый хуызӕн ницы иу кӕндзӕн ӕмӕ ницы бӕтдзӕн кӕрӕдзийыл».

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хорз хӕлӕрттӕ куыд ссарӕм?

• Не ’мбӕлтты нӕ ныууадзын кӕд бахъӕуы?

• Нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Руф ӕмӕ Ноемин кӕрӕдзийыл ӕнувыд цӕй фӕрцы уыдысты?

[Ныв 19 фарсыл]

Уазджытӕ арӕх фӕхоныс?