Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сымах «стут мӕ хӕлӕрттӕ»

Сымах «стут мӕ хӕлӕрттӕ»

Сымах «стут мӕ хӕлӕрттӕ»

«Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (ИОАН. 15:14).

1, 2. а) Йесойӕн йӕ хӕлӕрттӕ чи уыдысты? ӕ) Цӕмӕн хъуамӕ уӕм Йесойы хӕлӕрттӕ?

ИЕРУСАЛИМЫ Йесоимӕ уӕллаг уаты ӕрӕмбырд алыхуызон адӕм. Ӕфсымӕртӕ Петр ӕмӕ Андрей уыдысты кӕсагахсджытӕ. Матфей раздӕр уыди хъалонисӕг – хъалонисджытӕй та дзуттӕгтӕ уыдтой се сӕфт. Иуӕй-иутӕ, зӕгъӕм, Иаков ӕмӕ Иоанн, Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, зыдтой сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ. Иннӕтӕ та, зӕгъӕм, Нафанаил, йемӕ зонгӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр цалдӕр азы (Иоан. 1:43–50). Фӕлӕ уыцы ’хсӕв Куадзӕны бӕрӕгбоны чи уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр фидарӕй зыдтой, Йесо кӕй у зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ӕмӕ удӕгас Хуыцауы Фырт (Иоан. 6:68, 69). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахуыргӕнинӕгтӕн тынг ӕхсызгон уыдаид фехъусын Йесойы ныхӕстӕ: «Ӕз [уӕ] схуыдтон мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон» (Иоан. 15:15).

2 Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон абон ахӕссӕн ис сӕрст чырыстӕттӕм дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕм» дӕр (Иоан. 10:16). Чифӕнды ма уӕм, цавӕрфӕнды бинонты ’хсӕн ма схъомыл уӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ Йесойы хӕлӕрттӕ уӕм. Царды нын Йесоимӕ хӕлариуӕг кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис, уымӕн ӕмӕ ма афтӕмӕй свӕййӕм Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ дӕр. Уӕдӕ Чырыстимӕ куы нӕ баввахс уӕм, уӕд Йегъовӕмӕ дӕр нӕ баввахс уыдзыстӕм. (Бакӕс Иоанны 14:6, 21.) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм ӕмӕ йыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм? Ацы ахсджиаг фарста равзарыны размӕ уал фенӕм, Йесо йӕхӕдӕг цавӕр ӕмбал уыди, стӕй ма нӕ бон зондӕн райсын цы у, Йесоимӕ хӕлардзинад ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандӕвта, уымӕй.

Йесо уыди хорз хӕлар

3. Йесойы цавӕр адӕймагӕй зыдтой?

3 «Хъӕздыгӕн... бирӕ ӕмбӕлттӕ вӕййы»,– ныффыста зондджын паддзах Соломон (Ӕмб. 14:20). Ацы ныхӕстӕй хорз зыны, ӕнӕххӕст адӕм арӕхдӕр кӕй фӕагурынц, сӕхӕдӕг кӕмӕн лӕггад кӕной, ахӕм ӕмбӕлттӕ нӕ, фӕлӕ сын сӕхицӕн чи лӕггад кӕна, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Йесо та ахӕм нӕ уыди. Уый никуы касти, адӕймагмӕ цас ӕхца ис, йе та ӕхсӕнады цавӕр бынат ахсы, уымӕ. Зӕгъӕм, ӕрыгон хъӕздыг лӕг Йесойы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацыдаид. Уыимӕ ма йын афтӕ дӕр бакодта: «Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар» (Марчы 10:17–22; Лук. 18:18, 23). Йесойы зыдтой, хъӕздыг ӕмӕ зындгонд адӕмимӕ йӕхи чи баста, ахӕм адӕймагӕй нӕ, фӕлӕ мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмимӕ чи хӕлариуӕг кодта, ахӕмӕй (Матф. 11:19).

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы хӕлӕрттӕ ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыдысты?

4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы хӕлӕрттӕ ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыдысты. Иухатт Петр хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ адӕймаджы цӕстӕй ракасти (Матф. 16:21–23). Иаков ӕмӕ Иоанн та сӕхиуыл ӕгӕр фервӕссыдысты ӕмӕ Йесойӕн загътой, цӕмӕй сын йӕ Паддзахады кадджын бынӕттӕ раттаид. Сӕ ныхӕстӕм иннӕ апостолтӕ тынг смӕсты сты ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕппынӕдзух быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Фӕлӕ Йесо йӕ хӕлӕрттӕм нӕ мӕсты кодта, фӕразонӕй архайдта, цӕмӕй сын сӕ зондахаст сраст кодтаид (Матф. 20:20–28).

5, 6. а) Йесо йӕ апостолтӕн сӕ фылдӕры йӕ хӕлӕрттыл цӕмӕн нымадта? ӕ) Йесо Иудӕйы йӕ хӕларыл цӕуылнӕуал нымадта?

5 Йесо уыцы ӕнӕххӕст адӕмимӕ кӕй хӕлариуӕг кодта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ ницӕмӕ дардта кӕнӕ та сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕппындӕр нӕ уыдта. Уый йе ’ргом тынгдӕр здӕхта, хорзӕй сӕм цы уыди, уымӕ. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн Йесойӕн йӕ царды ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕджы йӕ фарсмӕ нӕ балӕууыдысты, фӕлӕ бафынӕй сты. Уый Йесойӕн хъыг куыннӕ уыдаид. Ӕмӕ кӕд афтӕ рауад, уӕддӕр сын сӕ зӕрдӕйы хорз фӕндтӕ уыдта ӕмӕ сын загъта: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Матф. 26:41).

6 Иудӕ Искариоты хабар та бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Иудӕ йӕхи афтӕ дардта, цыма Йесойы хӕлар у, фӕлӕ Йесо федта, йӕ раздӕры хӕларӕн йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй сӕвзӕрд. Иудӕ дунеимӕ балымӕн ис ӕмӕ Хуыцауы знаг сси (Иак. 4:4). Уымӕ гӕсгӕ Йесо дӕр йӕ 11 иузӕрдион апостолы йӕ хӕлӕрттӕ схуыдта, Иудӕ куы ацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд (Иоан. 13:21–35).

7, 8. Йесо йӕ хӕлӕртты кӕй уарзта, уый куыд равдыста?

7 Йесо йӕ хӕлӕрттӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕм нӕ каст, фӕлӕ архайдта, куыд хуыздӕр сын уыдаид, ууыл. Зӕгъӕм, уый йӕ Фыдмӕ куывта, цӕмӕй сӕ фӕлварӕнты рӕстӕг хъахъхъӕдтаид. (Бакӕс Иоанны 17:11.) Йесо никуы рох кодта, сӕ бон алцы кӕй нӕу (Марчы 6:30–32). Ӕмӕ ӕрмӕст ууыл нӕ архайдта, цӕмӕй сын, йӕхӕдӕг цы хъуыды кӕны, уый загътаид. Фӕлӕ ма йӕ фӕндыд, уыдон цы хъуыды кӕнынц, уый фехъусын дӕр ӕмӕ уыдон цы ’нкъарынц, уый бамбарын дӕр (Матф. 16:13–16; 17:24–26).

8 Йесо цӕргӕ дӕр йе ’мбӕлтты тыххӕй кодта ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уыдоны тыххӕй акодта. Йесо зыдта, йӕ цард уый тыххӕй кӕй хъуамӕ радтаид, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, йӕ Фыд рӕстдзинады тыххӕй цы Закъон сфидар кодта, уый (Матф. 26:27, 28; Дзут. 9:22, 28). Фӕлӕ Йесо йӕхи нывондӕн уымӕн ӕрхаста, ӕмӕ адӕмы удуӕлдай уарзтӕй уарзта. «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй,– загъта Йесо,– ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоан. 15:13).

Йесоимӕ хӕлардзинад ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандӕвта?

9, 10. Адӕм Йесойы рӕдаудзинадмӕ цы цӕстӕй кастысты?

9 Йесо уыди тынг рӕдау, никӕмӕн ӕвгъау кодта йӕ рӕстӕг, йӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Ӕмӕ йӕм адӕм дӕр сӕхи ластой ӕмӕ сӕм цы уыди, уый йын сӕ цӕст уарзта (Лук. 8:1–3). Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йӕ бон уыди зӕгъын: «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты. Уӕ роны уын ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ дзӕбӕх байдзаг кӕндзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр» (Лук. 6:38).

10 Фӕлӕ ахӕмтӕ дӕр уыди, ӕмӕ Йесойы фӕдыл ӕрмӕст исты райсыны ӕнхъӕлӕй чи цыди. Уыцы мӕнг хӕлӕрттӕ йын йӕ ныхӕстӕй цыдӕртӕ куы нӕ бамбӕрстой, уӕд ӕй ныууагътой. Йесойӕн уый фадат дӕр нӕ радтой, цӕмӕй сын сӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ аиуварс кодтаид, фӕлӕ йӕ ныхмӕ дзурын райдыдтой ӕмӕ йемӕ нал цыдысты. Апостолтӕ та уыдысты иузӕрдион. Сӕ хӕлардзинад Чырыстиимӕ арӕх фӕлвӕрд цыди, фӕлӕ-иу уыдон йӕ цуры ӕрмӕст хорз рӕстӕджыты нӕ уыдысты. Зын уавӕрты-иу куы бахауд, уӕддӕр-иу, сӕ бон куыд уыди, афтӕ йын ӕххуыс кодтой. (Бакӕс Иоанны 6:26, 56, 60, 66–68.) Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыди, уӕд сын йӕ бузныджы ныхӕстӕ ӕргом загъта: «Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ» (Лук. 22:28).

11, 12. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд бафидар кодта ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты?

11 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй куы раппӕлыд, уӕд бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ ныууагътой. Кӕд Чырыстийы уарзтой, уӕддӕр адӕмӕй кӕй фӕтарстысты, уый сыл рӕстӕгмӕ фӕтых. Ӕмӕ та сын Йесо сӕ рӕдыд ныббарста. Куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ӕмӕ сын загъта, йӕ хӕлӕрттыл сӕ кӕй нымайы. Уымӕй уӕлдай ма сын сӕ бӕрны бакодта ахсджиаг хъуыддаг – «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр» ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ йын «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» ӕвдисӕн лӕууын (Матф. 28:19; Ап. хъ. 1:8). Уыцы хӕслӕвӕрдмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы цӕстӕй ракастысты?

12 Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрстой ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй парахат кодтой. Йегъовӕйы сыгъдӕг уд сын кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы цыбыр рӕстӕгмӕ Иерусалим байдзаг кодтой сӕ ахуырадӕй (Ап. хъ. 5:27–29). Суанг мӕлӕтӕй дӕр нӕ тарстысты ӕмӕ Йесойы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кодтой. Йесо сын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бахӕс кодта, уымӕй цалдӕр дӕсазы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, хорз хабар «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23). Уӕдӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг, Йесойы хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты, уымӕн кӕй аргъ кодтой, уый.

13. Йесойы ахуырӕдтӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтыл цавӕр хъуыддӕгты бандӕвтой?

13 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ма йын йӕ ахуырӕдтӕ сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ арф айстой, ӕмӕ сӕ цардыл тынг бандӕвтой. Бирӕты бахъуыд сӕ цард цӕхгӕр фӕивын. Ног ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ раздӕр уыдысты гомосексуалисттӕ, сӕ цардӕмбӕлттыл гадзрахатӕй цыдысты, фыднозт кодтой ӕмӕ давтой (1 Кор. 6:9–11). Иннӕты та бахъуыди сӕ ахаст фӕивын, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыди, уыдонмӕ (Ап. хъ. 10:25–28). Куыдфӕнды ма уыдаид, уыдон Йесойы коммӕ бакастысты. Зӕронд адӕймаджы удыхъӕд ногмӕ раивтой (Еф. 4:20–24). Уыдон ма базыдтой, «Чырысти куыд хъуыды кӕны», уый ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр уыйау райдыдтой хъуыды кӕнын ӕмӕ архайын (1 Кор. 2:16).

Чырыстиимӕ хӕлӕрттӕ куыд уӕм

14. Йесо кӕроны рӕстӕджы цы хъуамӕ сарӕзтаид?

14 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй бирӕтӕ Йесоимӕ зонгӕ уыдысты, иннӕтӕ та йӕ федтой, куы райгас, уый фӕстӕ. Фӕлӕ махмӕ уыцы стыр кад не ’рхауд. Уӕдӕ нӕ бон куыд у, цӕмӕй Чырыстийы хӕлӕрттӕ уӕм? Уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары амындтӕм хъусын. Цагъары къордмӕ хауынц, Йесойы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон. Йесо загъта, кӕроны рӕстӕджы цагъарӕн йӕ бар кӕй бакӕндзӕн, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» (Матф. 24:3, 45–47). Абон Чырыстиимӕ хӕлариуӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыцы цагъары къордӕй не сты. Ӕууӕнкджын цагъары разамындмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый куыд ӕндавы сӕ хӕлардзинадыл Чырыстиимӕ?

15. Адӕймаг фыстӕм хаудзӕн ӕви сӕгътӕм, уый сӕйраджыдӕр цӕмӕй аразгӕ у?

15 Бакӕс Матфейы 25:31–40. Ӕууӕнкджын цагъары къордӕй чи хъуамӕ уыдаид, уыдоны Йесо схуыдта йе ’фсымӕртӕ. Йесо фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ хицӕн кӕныны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым бӕлвырд бамбарын кодта, мах ын йе ’фсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уый афтӕ кӕй нымайы, цыма йын йӕхимӕ дӕр раст ахӕм зӕрдӕ дарӕм. Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕймаг фыстӕм хаудзӕн ӕви сӕгътӕм, уый сӕйраджыдӕр аразгӕ уыдзӕн, суанг ын йӕ «гыццыл ӕфсымӕртӕн» куыд уа, уымӕй. Уӕдӕ зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыдон ӕууӕнкджын цагъары къордӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕй ӕвдисынц, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй Чырыстийы хӕлӕрттӕ уой.

16, 17. Чырыстийы ӕфсымӕрты нӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайӕм, уый куыд ӕвдисӕм?

16 Кӕд дын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис, уӕд дӕ бон куыд у равдисын, Чырыстийы ӕфсымӕртӕм хорз зӕрдӕ кӕй дарыс? Ӕркӕсӕм ӕртӕ мадзалмӕ. Фыццаг, хорз хабар ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Чырысти йе ’фсымӕртӕн загъта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной ӕгас дунейы дӕр (Матф. 24:14). Фӕлӕ ма абон Чырыстийы ӕфсымӕртӕй зӕххыл чи ис, уыдонӕн се ’мбӕлттӕ, ӕндӕр фыстӕ, куы не ’ххуыс кодтаиккой, уӕд уыцы хъуыддаг сӕ къухы нӕ бафтыдаид. Ӕцӕгдӕр, ӕндӕр фыстӕ хорз хабар адӕмӕн куы фӕдзурынц, уӕд уымӕй алы хатт дӕр Чырыстийы ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнынц сӕ ахсджиаг хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къорд, стӕй Чырысти дӕр, ӕндӕр фыстӕн тынг аргъ кӕнынц, уыдон сӕм хорз зӕрдӕ кӕй дарынц, уый тыххӕй.

17 Дыккаг, ӕндӕр фыстӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнынц ӕхцайӕ дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агурой «мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы» (Лук. 16:9). Уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ Йесойы йе та Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕхцайӕ балхӕнӕн ис. Мах нӕ мулк ӕмӕ не ’хцайӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ хӕлардзинад ӕмӕ нӕ уарзондзинад ӕрмӕст дзыхыныхасӕй не ’вдисӕм, фӕлӕ ма «хъуыддагӕй, стӕй уӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоан. 3:16–18). Уый бӕрӕг вӕййы, уацамынды нӕ фӕндаггӕгтӕ нӕхӕдӕг кӕй фидӕм, стӕй ма ӕппӕтдунеон уацамындон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй дӕр. Не ’хца ма нӕ бавгъау кӕнӕм залтӕ аразынӕн дӕр ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнынӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ мысайнӕгтӕ цасфӕнды ма уой, Йегъовӕ ӕмӕ сын Йесо аргъ кӕнынц, кӕд сӕ зӕрдиагӕй дӕттӕм, уӕд (2 Кор. 9:7).

18. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Библимӕ гӕсгӕ цы амындтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?

18 Ӕртыккаг, Чырыстийы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнӕм ӕмӕ сӕм кӕй хъусӕм, уымӕй. Чырысти ӕмбырды Сӕр кӕй у ӕмӕ йын разамынд сыгъдӕг уды фӕрцы кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ нысангонд ӕрцӕуынц сыгъдӕг уды фӕрцы (Еф. 5:23). «Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут»,– фыста апостол Павел (Дзут. 13:17). Хатт нын чи зоны зын вӕййы, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Библимӕ гӕсгӕ цы амындтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Чи зоны сын сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ фӕуынӕм ӕмӕ сын уый аххосӕй сӕ уынаффӕтӕм нал фӕхъусӕм. Фӕлӕ Чырысти, ӕмбырды Сӕр, уыцы ӕнӕххӕст нӕлгоймӕгтӕй ӕхсызгонӕй пайда кӕны. Уымӕ гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый тынг ӕндавы нӕ ахастытыл Чырыстиимӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгты рӕдыдтытӕ куы ницӕмӕ дарӕм ӕмӕ сын сӕ амындтӕм ӕнӕзивӕгӕй куы хъусӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Чырыстийы кӕй уарзӕм.

Кӕм ссарӕм хорз хӕлӕрттӕ

19, 20. Ӕмбырды нӕ бон кӕй у ссарын ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

19 Йесо нын разамынд ӕрмӕст уарзӕгой фыййӕутты уылты нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нын ӕмбырды цы хотӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ мадӕлтӕ ис, уыдоны уылты дӕр. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.) Чырыстон ӕмбырдмӕ цӕуын куы райдыдтай, уӕд дӕ хӕстӕджытӕ уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Ныфс нӕ ис, кӕй дын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцау ӕмӕ Чырыстимӕ баввахс уыдаис. Фӕлӕ Йесо куыд бафӕдзӕхста, афтӕмӕй хатт адӕймагӕн йе знӕгтӕ свӕййынц йӕхи бинонтӕ (Матф. 10:36). Цӕй стыр ныфс нын дӕтты, нӕ бон ӕмбырды кӕй у мадызӕнӕгӕй ӕнувыддӕр хӕлӕрттӕ ссарын! (Ӕмб. 18:24).

20 Павел Ромы ӕмбырдмӕ цы фыстӕг арвыста, уым фӕстагмӕ номхуындӕй стыр салӕмттӕ ӕрвиты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм. Уымӕй зыны, бирӕтимӕ сӕ тынг кӕй балымӕн (Ром. 16:8–16). Апостол Иоанн йе ’ртыккаг фыстӕг фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Салӕмттӕ ратт нӕ хӕлӕрттӕй алкӕмӕн дӕр» (3 Иоан. 14). Бӕрӕг у, уымӕн дӕр кӕй уыди бирӕ ӕнувыд хӕлӕрттӕ. Нӕ бон куыд у Йесо ӕмӕ фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгты фӕзмын ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрын? Уымӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесо цавӕр ӕмбал уыди ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

• Йесоимӕ хӕлардзинад ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандӕвта?

• Чырыстийы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Чырыстийы фӕндыд зонын, йӕ хӕлӕрттӕ цы хъуыды кодтой ӕмӕ цы ’нкъардтой, уый

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Куыд ӕвдисӕм, Чырыстийы хӕлӕрттӕ уӕм, уый нӕ кӕй фӕнды?