Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уидӕгтӕ... ауадзут ӕмӕ бындурыл... ныффидар ут!»

«Уидӕгтӕ... ауадзут ӕмӕ бындурыл... ныффидар ут!»

«Уидӕгтӕ... ауадзут ӕмӕ бындурыл... ныффидар ут!»

ИСКУЫ федтай, тыхджын дымгӕ стыр бӕлас куыд тасын кӕны? Бӕлас фӕтасы, фӕлӕ нӕ асӕтты. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ уидӕгтӕ вӕййынц фидар ӕмӕ арф. Махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ ахӕм бӕласы хуызӕн уӕм. Фыдӕвзарӕнты бахаугӕйӕ нӕ бон у фидар фӕлӕууын, уидӕгтӕ куы ауадзӕм ӕмӕ бындурыл куы ныффидар уӕм, уӕд (Еф. 3:14–17). Цавӕр бындурыл?

Хуыцауы Ныхас зӕгъы, зӕгъгӕ, чырыстон ӕмбырды «бындуры сӕйраг дур та у Йесо Чырысти йӕхӕдӕг» (Еф. 2:20; 1 Кор. 3:11). Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй «дарддӕр дӕр йӕ коммӕ кӕсой. Стӕй сӕ куыд сахуыр кодтой, афтӕ йӕ мидӕг уидӕгтӕ ауадзой, ууыл рӕзой ӕмӕ уырнындзинады ӕрфидар уой». Афтӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕраздзыстӕм, суанг нӕ, «хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтыл» чи ӕнцайы, уыцы «рӕсугъд ныхӕстӕй» куы сайой, уӕд дӕр (Кол. 2:4–8).

«Йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф»

Уӕдӕ уырнындзинады уидӕгтӕ куыд ауадзӕм ӕмӕ дзы куыд ӕрфидар уӕм? Уый тыххӕй хъӕуы зӕххы арф уидӕгтӕ ауадзын, ома Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй «ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ иумӕ нӕ бон бамбарын суа, цы у ӕцӕгдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» (Еф. 3:18). Уымӕ гӕсгӕ кӕд чырыстон рӕстдзинады тыххӕй цыдӕртӕ базыдта, уӕддӕр ууыл хъуамӕ ма ӕрлӕууа ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы «абетӕ» зонын фаг у (Дзут. 5:12; 6:1). Махӕй алчи дӕр хъуамӕ йӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕна ӕмӕ архайа, цӕмӕй рӕстдзинад хуыздӕр базона (Ӕмб. 2:1–5).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ цӕмӕй ӕцӕгдзинады уидӕгтӕ ауадзӕм ӕмӕ дзы ӕрфидар уӕм, уый тыххӕй нӕ бирӕ зонындзинӕдты йеддӕмӕ ӕндӕр ницы хъӕуы. Сайтан дӕр хорз зоны, Библийы цы фыст ис, уый. Уӕдӕ мах фылдӕр цыдӕр хъӕуы. Хъуамӕ «базонӕм Чырыстийы уарзт, цыфӕнды зонындзинӕдтӕй дӕр уӕлдӕр чи у», уый (Еф. 3:19). Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас куы фӕахуыр кӕнӕм,– Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ ӕцӕгдзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй – уӕд нӕ зонындзинӕдтӕ фӕкӕнынц фылдӕр ӕмӕ нӕ уырнындзинад та – фидардӕр (Кол. 2:2).

Цы зонут, уый бӕлвырд кӕнут

Ӕвзӕр нӕ уаид, дӕхицӕн куы сбӕлвырд кӕнис, Библийы ахсджиаг ӕцӕгдзинӕдтӕй иуӕй-иутӕ куыд ӕмбарыс, уый. Фӕстӕдӕр дӕ чи зоны бафӕнда Библи ноджы лӕмбынӕгдӕр иртасын. Цӕвиттонӕн бакӕнӕм, апостол Павел Ефесӕгтӕм цы фыстӕг арвыста, уымӕн йӕ фыццаг стихтӕ. (Кӕс фӕлгӕты  «Ефесӕгтӕм фыстӕг».) Бакӕс сӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн: «Ацы скъуыддзаджы курсивӕй фыст ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый ӕмбарын?» Цӕй фӕдфӕдыл сӕ равзарӕм.

Равзӕрста сӕ, «дуне куы нӕма уыд», уымӕй бирӕ раздӕр

Павел йе ’муырнджытӕм фыста: «[Хуыцауы] фӕндон куыд уыд, афтӕ нӕ бирӕ раздӕр равзӕрста, цӕмӕй нӕ Йесо Чырыстийы уылты йӕхицӕн фырттӕ скӕна». Ӕцӕгӕйдӕр, Йегъовӕйы бафӕндыд кӕмӕйдӕртӕй йӕхицӕн фырттӕ скӕнын ӕмӕ сӕ йӕ ӕххӕст уӕларвон бинонтӕм райсын. Хуыцауы кӕнгӕ фырттӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Ром. 8:19–23; Рарг. 5:9, 10). Сайтан Йегъовӕйы хицаудзинад куы сдзырддаг кодта, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы фӕлдыст адӕммӕ цыдӕр хъӕндзинад ис. Уӕдӕ раст у, Йегъовӕ зӕххон адӕмӕй кӕйдӕрты кӕй равзӕрста, цӕмӕй Дун-дуне ссыгъдӕг кӕной фыддзинадӕй, уыимӕ ӕвзӕрдзинад кӕмӕй цӕуы, уымӕй дӕр – Сайтан Хӕйрӕгӕй! Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ кӕнгӕ фыртты рагацау номхуындӕй нӕ равзӕрста. Уый аскъуыддзаг кодта, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ адӕмы къорд кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн (Рарг. 14:3, 4).

Павел йе ’мчырыстӕттӕм фыста, зӕгъгӕ, куыд къорд, афтӕ ӕвзӕрст ӕрцыдыстут, «дуне куы нӕма уыд», уымӕй раздӕр. Цымӕ цавӕр «дунейы» кой кодта? Йӕ хъуыдыйы нӕ уыди, Хуыцау зӕхх йе та адӕмы куы нӕма сфӕлдыста, уыцы рӕстӕг. Уый уыдаид рӕстдзинады сӕйраг уагӕвӕрды ныхмӕ. Адам ӕмӕ Евӕ кӕй фӕрӕдийдзысты, уый Хуыцау развӕлгъау куы загътаид, уӕд сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп куыд хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой? Уӕдӕ Йегъовӕ кӕд аскъуыддзаг кодта, Адам ӕмӕ Евӕ Сайтаны фарс кӕй рахӕцыдысты ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уыцы уавӕр куыд сраст кӕндзӕн, уый? Йегъовӕ уый аскъуыддзаг кодта, нӕ рагфыдӕлтӕ Хуыцауы ныхмӕ куы растадысты, уый фӕстӕ, фӕлӕ цалынмӕ ӕнӕххӕст адӕмы дуне нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Ӕнӕххӕст адӕмӕн та уый фадат ис, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуой.

Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ

Павел Ефесӕгтӕм фыстӕджы фыццаг стихты цы хорздзинӕдты кой кӕны, уыдонӕй афтӕ цӕмӕн загъта, Хуыцауы «стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ» фӕзындысты, зӕгъгӕ? Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ Хуыцау хӕсджын нӕ уыди, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй балхӕдтаид.

Махӕй иумӕ дӕр ахӕм миниуджытӕ ӕмӕ хорздзинӕдтӕ нӕй, нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ чи балхӕна. Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ бацархайдта, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна. Ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕн нӕ бон фервӕзын у Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ.

Хуыцауы фӕндоны сусӕгдзинад

Хуыцау ӕвиппайды нӕ раргом кодта, Сайтан цы фыддзинад ракодта, уый куыд сраст кӕндзӕн, уыцы хабар. Уый уыди «сусӕгдзинад» (Еф. 3:4, 5). Фӕстӕдӕр чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд Йегъовӕ лӕмбынӕгдӕр бамбарын кодта, куыд сӕххӕст кӕндзӕн йӕ фӕнд зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ «афон куы ’рцыд», уӕд Хуыцау «хъуыддӕгтӕм ӕркаст» – бацархайдта, цӕмӕй йын уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр чи ис, уыдоны иумӕ ӕрӕмбырд кодтаид.

Уыцы хъуыддаг райдыдта нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицӕуттӕ чи уыдзӕн, уыдоны Йегъовӕ ӕмбырд кӕнын куы райдыдта, уӕд (Ап. хъ. 1:13–15; 2:1–4). Хуыцау ӕмбырд кӕныны хъуыддаг адарддӕр кодта, Мессийӕйы Паддзахады дӕлбар зӕххыл дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмы ӕмбырд кӕнын куы райдыдта, уӕд (Рарг. 7:14–17; 21:1–5). Дзырдбаст «хъуыддӕгтӕм ӕркаст» Мессийӕйы Паддзахадмӕ нӕ хауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыцы Паддзахад сфидар кодта ӕрмӕстдӕр 1914 азы. Уыцы дзырдбаст фылдӕр хауы, Хуыцау йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ – йӕ фӕндон та уый мидӕг ис, цӕмӕй Дун-дуне фӕстӕмӕ иудзинадмӕ ӕркӕна.

Ӕмбаргӕдзинадӕй ут «стыр адӕймӕгты хуызӕн»

Дзырд дӕр ыл нӕй, Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнай, уӕд кӕй бамбардзынӕ, «цы у ӕцӕгдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф». Фӕлӕ абон цард дугъон бӕхӕй уӕлдай нӕу ӕмӕ рӕстӕг алцӕмӕн нӕ фӕфаг кӕны. Уымӕ гӕсгӕ Сайтан уымӕй фӕпайда кӕны, цӕмӕй нӕ хъыгдара Библи иудадзыг ахуыр кӕнын, йе та нӕ уыцы хъуыддаджы бынтондӕр бакъуылымпы кӕна. Ма йын дӕтт уыцы бар. Хуыцау дӕ цы «ӕмбарындзинадӕй» схайджын кодта, уымӕй пайда кӕн, цӕмӕй «стыр адӕймаджы хуызӕн» ӕмбаргӕйӕ архайай (1 Иоан. 5:20; 1 Кор. 14:20). Ӕдзух бӕлвырд кӕн, цӕуылдӕр цӕмӕн ӕууӕндыс, уый кӕй ӕмбарыс, стӕй дӕ «дӕ ныфсы тыххӕй... чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттын» дӕ бон кӕй у, уый (1 Пет. 3:15).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ды дӕр хъуыстай, Павелы фыстӕг фыццаг хатт Ефесы куы кастысты, уымӕ. Уыцы ныхӕстӕ дӕ не сразӕнгард кодтаиккой, «Хуыцауы Фырт чи у, уый бӕлвырд» базонынмӕ? (Еф. 4:13, 14) Куыннӕ ма! Уӕдӕ Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон дӕ абон дӕр уымӕ разӕнгард кӕнӕнт! Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзай ӕмӕ дӕм йӕ Ныхасӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ куы уа, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй арф уидӕгтӕ ауадзай ӕмӕ бындурыл ныффидар уай, уыцы бындур та у Чырысти. Афтӕмӕй фидар фӕлӕудзынӕ Сайтаны ныхмӕ – цалынмӕ ацы фыддуне йӕ кӕронмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ дын цыфӕнды ма ӕвзарын кӕна, уӕддӕр (Пс. 1:1–3; Йер. 17:7, 8).

[Рамкӕ/Ныв 27 фарсыл]

 «Ефесӕгтӕм фыстӕг»

«Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн. Уый нӕ йӕ сыгъдӕг удӕй уӕлӕрвты Чырыстиимӕ иумӕ алы хорздзинадӕй схайджын кодта, ӕмӕ цӕмӕй Чырыстиимӕ иудзинады уӕм, уый тыххӕй нӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд равзӕрста, кӕй йӕ уарзӕм, уый номыл йӕ разы сыгъдӕг куыд уӕм ӕмӕ нӕм фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа. Йӕ фӕндон куыд уыд, афтӕ нӕ бирӕ раздӕр равзӕрста, цӕмӕй нӕ Йесо Чырыстийы уылты йӕхицӕн фырттӕ скӕна, цӕмӕй йӕ иууылдӕр кадджын кӕной, йӕ уарзон Фырты руаджы нын цӕстуарзонӕй кӕмӕй бахай кодта, йӕ уыцы диссаджы стыр хорзӕхы тыххӕй. Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, уый фӕрцы нын ӕрцыдысты хатыргонд нӕ тӕригъӕдтӕ, йе стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы стыр хорзӕхӕй нӕ рӕдауӕй схайджын кодта, ӕмӕ нын йемӕ иумӕ радта зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад дӕр: раргом нын кодта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад. Уыцы сусӕгдзинад у йӕ хорз фӕндонмӕ гӕсгӕ, афтӕ сфӕнд кодта йӕхӕдӕг йӕхимидӕг, цӕмӕй, афон куы ’рцӕуа, уӕд хъуыддӕгтӕм ӕркӕса, бӕлвырдӕй та: уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрбамбырд кӕна. О, уый фӕрцы» (Еф. 1:3–10).