Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнут, цӕмӕй фервӕзат

Уӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнут, цӕмӕй фервӕзат

Уӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнут, цӕмӕй фервӕзат

ИСКУЫ ахъуыды кодтай, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст» куыд тӕссаг уыдзӕн, ууыл? (Рарг. 16:14). Уыцы боны тыххӕй пехуымпар Михей та ныффыста: «Хӕхтӕ... атайдзысты ӕмӕ дӕлвӕзтӕ дыууӕ дихы фӕуыдзысты, мыдадз арты куыд атайы ӕмӕ дон айнӕг къӕдзӕхӕй бынмӕ куыд фӕкӕлы, афтӕ» (Мих. 1:4). Цымӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон цы фӕуыдзысты? Хуыцауы Ныхас дзуры: «Уыцы бон, Йегъовӕ цы адӕмы ныццӕгъда, уыдоны мӕрдтӕй зӕххы цъарыл къах ӕрӕвӕрӕн дӕр нал уыдзӕн» (Йер. 25:33).

Хуыцау нӕ афтӕ кӕй фӕдзӕхсы, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид бинонты хистӕртӕ – йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уый дӕр – куы ахъуыды кӕниккой, сӕ сывӕллӕттӕй йӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын кӕмӕн у, уыдоныл: «Мӕ сывӕллӕттӕ Армагеддоны фервӕздзысты?» Библи фидарӕй зӕгъы, кӕй фервӕздзысты, сӕ кармӕ гӕсгӕ сын Йегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ куы уа, уӕд (Матф. 24:21).

Снысан кӕнут рӕстӕг бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн

Ныййарджытӕ, ахъуыды-ма кӕнут, уӕ сывӕллӕтты ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ хъомыл кӕнут ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут? (Еф. 6:4). Сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнын тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ дӕр уой Филипты цӕрӕг чырыстӕтты хуызӕн. Павел сӕ ӕппӕлыд, Йегъовӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй хъуыстой, уый тыххӕй: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, алкӕддӕр куыд коммӕгӕс уыдыстут – уемӕ куы уыдтӕн, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ уӕлдайдӕр ныр, уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд,– афтӕ дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл» (Фил. 2:12).

Цымӕ уӕ сывӕллӕтты цур куы нӕ вӕййут, уӕд дӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ феххӕст кӕнынц? Скъолайы сӕхи куыд дарынц? Цы у уӕ бон саразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ бамбарой, Йегъовӕйы закъӕттӕ пайда кӕй сты ӕмӕ семӕ куы нӕ уат, уӕд дӕр сӕ ма рох кӕной?

Цӕмӕй сывӕллон Йегъовӕйыл ӕууӕнда ӕмӕ йӕ коммӕ кӕса, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъуамӕ Библи иумӕ ахуыр кӕнат. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, бинонтӕ Библи иумӕ ахуыр кӕнгӕйӕ цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы уыдзысты ӕнтыстджын.

Архайут, цӕмӕй уӕ ахуыр ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуа

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы уӕларвон фырттӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты бӕлвырд рӕстӕджы (Иов 1:6). Уӕ сывӕллӕттӕн дӕр уӕд бӕлвырд рӕстӕг. Уӕ бинонтимӕ Библи кӕд ахуыр кӕндзыстут, уымӕн снысан кӕнут бон ӕмӕ рӕстӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайут. Хатт афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ адӕймаг цыдӕр спълан кӕны, фӕлӕ цӕйдӕр аххосӕй уый йӕ къухы нӕ бафты. Уый тыххӕй та хорз уаид рагацау ӕндӕр рӕстӕг снысан кӕнын.

Лӕмбынӕг ут, цӕмӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын ма райдайат. Рох уӕ ма уӕд: Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕй ӕппӕты тынгдӕр хъус дарын хъӕуы уӕ сывӕллӕттӕм. Фӕлӕ Сайтаны фӕнды, цӕмӕй йӕ амӕттаг фӕуой (1 Пет. 5:8). Бинонты ахуырӕн цы рӕстӕг рахицӕн кодтат, уый телевизормӕ кӕсыныл йе та ӕндӕр хъуыддагыл куы цӕуа, уӕд Сайтан фӕуӕлахиз уыдзӕн (Еф. 5:15, 16; 6:12; Фил. 1:10).

Ӕвзарут, царды уын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг

Бинонтимӕ Библи куы ахуыр кӕнат, уӕд ӕрмӕст истытӕ базоныныл ма архайут, фӕлӕ цы базонат, уымӕй царды куыд спайда кӕндзыстут, ууыл дӕр. Куыд? Хаттӕй-хатт уӕ бон у ныхас кӕнын, уӕ сывӕллон цалдӕр боны фӕстӕ йе та цалдӕр къуырийы фӕстӕ цавӕрдӕр уавӕрты йӕхи куыд дардзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, уӕ бон у уӕхи уацамындмӕ цӕттӕ кӕнын. Сывӕллонӕн хорз цы фӕуайы, уый ӕхсызгонӕй фӕкӕны. Уацамынды уӕ ныхас куыд райдайдзыстут, уый куы фӕлварат, стӕй уӕ ныхмӕ куы дзурой, уӕд цавӕр дзуапп ратдзыстут, уыдӕттыл куы ныхас кӕнат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ ныфсджындӕрӕй хъусын кӕндзысты (2 Тим. 2:15).

Уӕ бон ма у уӕ сывӕллӕттимӕ ӕндӕр уавӕртыл дӕр ӕрныхас кӕнын. Зӕгъӕм, се ’мгӕрттӕ сын исты ӕвзӕр хъуыддаг куы аразын кӕной, уӕд сӕхи куыд дардзысты. Уымӕн уын баххуыс кӕндзӕн чиныг «Вопросы молодежи. Практические советы», 2 том, 15 сӕр. Чиныджы 132 ӕмӕ 133 фӕрстыл схемӕйы «Мои действия в условиях прессинга» ис хорз уынаффӕтӕ. Уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ уӕ сывӕллонӕн йӕ бон у рагацау ахъуыды кӕнын, ахӕм уавӕрты йӕхӕдӕг куыд бакӕндзӕн, ууыл. 133 фарсыл бынӕй ис ахӕм ныхӕстӕ: «Отрепетируй свои ответы с родителем или зрелым другом». Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уый уӕ бон у уӕ ахуыры рӕстӕджы афӕлварын.

Ахуыры рӕстӕджы ма ныййарджытӕн хорз фадат вӕййы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕной, куыд ахсджиаг у Хуыцауы хъуыддӕгты раст нысӕнттӕ ӕвӕрын. Уый фӕдыл хорз ӕрмӕг ис чиныг «Вопросы молодежи»-йы, 2 том, 38 сӕр «Чему посвятить свою жизнь?». Ацы сӕр куы ӕвзарат, уӕд уӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнут, царды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. Уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй йӕ бафӕнда лӕггад кӕнын ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, Вефилы, йе та тырна Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъоламӕ кӕнӕ ӕндӕр хуызы лӕггад кӕнынмӕ

Фӕлӕ ут къӕрцхъус! Иуӕй-иу ныййарджытӕн сӕйрагдӕр свӕййы, сӕ сывӕллон фидӕны Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕндзӕн, уый, ӕмӕ сӕ ферох вӕййы сӕ сывӕллонӕй ӕппӕлын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕ сывӕллӕтты Вефилы кӕнӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ куы разӕнгард кӕнат, уӕд уый хорз у, фӕлӕ архайут, цӕмӕй уӕ сывӕллоны ма мӕсты кӕнат, ӕмӕ йӕхимӕ ма ныхъхъуса (Кол. 3:21). Рох уӕ ма уӕд, сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы сӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ уарзой, сымах афтӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ (Матф. 22:37). Уымӕ гӕсгӕ уӕ сывӕллоны хъӕндзинӕдтӕм ма кӕсут, фӕлӕ дзы ӕппӕлут, хорз ын цы уайы, уый тыххӕй. Ӕргом ӕвдисут ӕмӕ дзурут, Йегъовӕйӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй бузныг кӕй стут, уый. Ӕмӕ уӕд уӕ сывӕллон дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинады тыххӕй аргъ кӕнын.

Циндзинад уын хӕссӕд

Хорз ахуырӕн ма цы ӕххуыс кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕртыккаг у бинонтимӕ Библи афтӕ ахуыр кӕнын, цӕмӕй уе ’ппӕтӕн дӕр циндзинад хӕсса. Уымӕн уын цы баххуыс кӕндзӕн? Зӕгъӕм, уӕ бон у рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хъусын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд аудиодрамӕтӕм, стӕй кӕсын ӕмӕ ныхас кӕнын видеофильмтыл. Афтӕ ма уӕ бон у Библийӕ скъуыддзӕгтӕ кӕсын рольтӕм гӕсгӕ дӕр.

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы дӕр хорз статьятӕ вӕййы ӕмӕ уыдоныл дӕр ис ныхас кӕнӕн бинонтимӕ. Зӕгъӕм, ис пайда кӕнӕн, «Райхъал ут!»-ы алы номыры дӕр 31 фарсыл цы викторинӕ вӕййы, уымӕй. Уацамынды кӕй парахат кӕнӕм, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы иуӕй-иу номырты вӕййы хӕслӕвӕрдтӕ рубрикӕйы «Нӕ кӕстӕртӕн». Иннӕ номырты та сабитӕн вӕййы статьятӕ рубрикӕйы, «Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут», зӕгъгӕ.

Йӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары кӕмӕн сты, уыцы ныййарджытӕн та цымыдисаг уыдзысты «Райхъал ут!»-ы рубрикӕ «Вопросы молодежи»-йы цы статьятӕ вӕййы, уыдон, стӕй ма чиныг «Вопросы молодежи», 2 том. Ацы чиныджы алы сӕры дӕр кӕронӕй ис фӕлгӕт «Как по-твоему?», ӕмӕ-иу ыл ӕнӕмӕнгӕй ӕрныхас кӕнут. Уыцы фӕлгӕт ӕрмӕст уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Уым цы фарстатӕ ис, уыдоныл уӕ бон у бинонты ахуыры рӕстӕджы иумӕ аныхас кӕнын.

Фӕлӕ уӕ зӕрдыл дарут, бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ уӕ сывӕллӕтты хынцфарст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Зӕгъӕм, сывӕллонӕн хъӕрӕй ма кӕсын кӕнут, «Мой дневник»-ы цы ныффыста, йе та чиныджы ӕндӕр рӕтты йӕ хъуыды кӕм ныффыста, уыцы фӕрстӕ. 3 фарсыл ныййарджытӕн ис ахӕм уынаффӕ: «Цӕмӕй уӕ сывӕллон йӕ хъуыдытӕ ӕргом фысса, уый тыххӕй йын йӕ чиныг ӕнӕбафӕрсгӕйӕ ма исут ӕмӕ йӕм ма кӕсут. Чи зоны йӕхи искуы бафӕнда, ӕмӕ уын йӕхӕдӕг радзура, цы дзы ныффыста, уый».

Уӕ бинонтимӕ Библи ӕдзух куы ахуыр кӕнат, царды уын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг куы ӕвзарат ӕмӕ уыцы хъуыддаг уе ’ппӕтӕн дӕр циндзинад куы хӕсса, уӕд уӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕндзӕн. Уыцы ахсджиаг хъуыддагӕн уӕ бинонтӕ рӕстӕг куы арой, уӕд уыдзысты фидар ӕмӕ сын Йегъовӕимӕ уыдзӕн ӕнгом ахастытӕ.

[Рамкӕ 31 фарсыл]

Цы ис саразӕн

«Нӕ бинонтимӕ-иу Библи куы ахуыр кодтам, уӕд-иу мӕ лӕгимӕ нӕхи цӕттӕ кодтам ӕмбырдтӕм, нӕ гыццыл чызджытӕ та-иу хъуамӕ нынныв кодтаиккой, нӕ ахуыры рӕстӕджы цы базыдтам, уый. Ахуыры рӕстӕджы-иу хатт Библийӕ цавӕрдӕр цаутӕй гыццыл равдыстытӕ дӕр скодтам, кӕнӕ фӕлвӕрдтам, уацамынды нӕ ныхас куыд райдайдзыстӕм. Алы хатт дӕр ахӕм ӕрмӕг ӕвзӕрстам, цӕмӕй йӕ нӕ чызджытӕн сӕ бон бамбарын уыдаид, стӕй архайдтам, цӕмӕй уыцы рӕстӕг нӕ чызджытимӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстаиккам» (Дж. М., Иугонд Штаттӕ).

«Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыцы сылгоймаджы лӕппуйӕн мӕ фӕндыд баххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбӕрстаид, рагзаманты тыхтонтӕй куыд пайда кодтой. Уый тыххӕй йӕ мадимӕ гӕххӕттыл нымыхуыр кодтам Исайы чиныг, фӕлӕ дзы сӕртӕ ӕмӕ стихтӕ нӕ ныффыстам. Стӕй уыцы сыфтӕ кӕрӕдзийыл бандӕгътам ӕмӕ сын сӕ кӕрӕттӕ та дыууӕ трубкӕйыл бафидар кодтам. Уый фӕстӕ лӕппуйы бафӕндыд, Йесо Назареты синагогӕйы куыд бакодта, афтӕ бакӕнын. Лукайы 4:16–21 фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо Исайы чиныджы тыхтон «райхӕлдта ӕмӕ дзы ссардта», цы бынат ӕй хъуыди, уый (Ис. 61:1, 2). Фӕлӕ афтӕ бакӕнын куы афӕлвӕрдта, уӕд ын зын уыди, сӕртӕ ӕмӕ стихтӕ амынд кӕм нӕ уыдысты, уыцы даргъ тыхтоны Исайы чиныджы 61 сӕр ссарын. Йесо тыхтонӕй куыд арӕхстджынӕй пайда кодта, ууыл лӕппу тынг бадис кодта: „Уый дын гъе!“» (Й. Т., Япон).

[Ныв 30 фарсыл]

Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ се ’мгӕртты зондыл ма ацӕуой, уый тыххӕй семӕ алыхуызон уавӕртыл ныхас кӕнут

[Ныв 31 фарсыл]

Уӕ бинонты ахуыр уын циндзинад хӕссӕд