Ӕртӕ конгрессы мын мӕ цард куыд фӕивтой
Ӕртӕ конгрессы мын мӕ цард куыд фӕивтой
Радзырдта йӕ Джордж Варенчук
ИСКУЫ дӕ дӕ цард цӕхгӕр фӕивын бафӕндыд, конгрессы цы фехъуыстай, уый дӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй бахъардта, уый тыххӕй? Ахӕм хабар ӕрцыд мӕныл. Фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ ӕмбарын, мӕ цардыл мын сӕйраджыдӕр ӕртӕ конгрессы кӕй бандӕвтой. Фыццаг конгресс мын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕнӕуӕндаг мауал уыдаин; дыккаг мын баххуыс кодта, цӕмӕй разы уыдаин, цы мын уыд, уымӕй; ӕртыккаг та – цӕмӕй фылдӕр тыхстаин иннӕты хӕрзӕбоныл. Фӕлӕ уал уын цалынмӕ уыцы ивындзинӕдты тыххӕй дзурон, уӕдмӕ уал мӕ фӕнды, уыцы конгрессты размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон радзурын, стӕй ма мӕ сабибонты хабӕрттӕ дӕр.
Ӕз райгуырдтӕн 1928 азы. Уыди мын дыууӕ хистӕр хойы, Марджи ӕмӕ Ольга. Мах схъомыл стӕм Саут-Баунд-Брукы (штат Нью-Джерси, АИШ). Уӕд уый уыди гыццыл горӕт ӕмӕ дзы цард 2 мин адӕймаджы бӕрц. Кӕд мӕгуыр цардыстӕм, уӕддӕр нӕ мад уыди къӕбӕрдӕттон. Йӕ къух-иу ӕй куы амыдта ӕмӕ-иу исты адджын хӕринӕгтӕ куы скодта, уӕд-иу дзы нӕ сыхӕгтӕм ӕнӕбадӕтгӕ нӕ фӕци. Фараст азы мыл куы цыди, уӕд нӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый мӕ мадӕн Библийы хабӕрттӕ ракодта венгриаг ӕвзагыл, мӕ мады мадӕлон ӕвзагыл, ӕмӕ йӕм мӕ мад дӕр байхъуыста. Фӕстӕдӕр мӕ мадимӕ Библи ахуыр кодта хо Берта, цыдаид ыл 20 азы бӕрц, ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суыдаид.
Мӕ мадӕй уӕлдай ӕз мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыдтӕн ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ ӕнӕныфсхаст. Уыимӕ ма-иу мӕ мад мемӕ ӕппынӕдзух загъд кодта. Иухатт ӕй кӕугӕйӕ бафарстон: «Ӕдзух мӕ уайдзӕфты бын цы фӕкӕныс?» Уый мын загъта, бирӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй къулбадӕг уон. Мӕ мады ме ’взӕр нӕ фӕндыд, фӕлӕ-иу мӕ кӕй никуы ӕппӕлыд, уымӕ гӕсгӕ мӕхимӕ ницы кастӕн.
Нӕ сыхаг устытӕй мӕм иу хорз зӕрдӕ дардта. Ӕмӕ мын иухатт загъта, зӕгъгӕ дӕ нӕ фӕнды мӕ фырттимӕ аргъуаны Хуыцаубоны скъоламӕ ацӕуын. Ӕз ӕй зыдтон, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕхудты кӕй бацӕудзынӕн, фӕлӕ мӕ нӕ фӕндыд нӕ хӕларзӕрдӕ сыхаджы дӕр фӕхъыг кӕнын. Цалдӕр мӕйы дӕргъы цыдтӕн аргъуанмӕ, кӕд мын ме ’фсарм ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, уӕддӕр. Адӕмӕй кӕй тарстӕн, уый аххосӕй скъолайы дӕр кодтон, мӕ цӕсгом мын бар цӕмӕн нӕ лӕвӕрдта, уый. Не скъолайы директор уыди тызмӕг лӕг ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй домдта, цӕмӕй алы сывӕллон дӕр тырысайӕн табу кодтаид. Ӕмӕ-иу ӕз дӕр скъолайы фӕтк нӕ хӕлдтон. Афӕдзы дӕргъы тырысайӕн табу кодтон.
Ахуыр кӕнын хъӕбатырдзинадыл
1939 азы нӕ хӕдзары ӕфсымӕр Бен Мешкальски, ӕрыгон пионер, уадзын райдыдта чиныгахуыр. Мах ӕй схуыдтам Биг Бен, ӕмӕ йыл уыцы ном фидаугӕ дӕр кодта. Афтӕ мӕм касти, цыма нӕ хӕдзары ӕрбахизӕн дуарыйас у – бӕрзонд, бӕзӕрхыг. Кӕд фидӕрттӕ арӕзт уыд, уӕддӕр уыди фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ мын йӕ фӕлмӕн мидбылхудтӕй мӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардта. Бен мӕ йемӕ хъусын кӕнынмӕ куы фӕхуыдта, уӕд ӕнӕзивӕгӕй сразы дӕн. Мах балымӕн стӕм. Мӕ чемыл-иу куы нӕ уыдтӕн, уӕд-иу мемӕ ныхас кодта ӕнувыд хистӕр ӕфсымӕрау. Ахӕм зӕрдӕ мӕм кӕй дардта, уый мын мӕ ныфсыл
ныфс ӕфтыдта, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр мӕ удыйас бауарзтон.1941 азы нын Бен загъта, цӕмӕй йемӕ йӕ машинӕйыл конгресмӕ ацӕуӕм Сент-Луисмӕ (штат Миссури). Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыди! Ӕз нӕ хӕдзарӕй 80 километрӕй дарддӕр никуы уыдтӕн, ныр та хъуамӕ ацыдаиккам 1 500 километры бӕрц! Фӕлӕ Сент-Луисы хабӕрттӕ бынтон хорз нӕ уыдысты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ горӕты цӕрджытӕй бирӕтимӕ рагацау баныхас кодтой цӕрӕнбынӕттыл. Фӕлӕ сауджынтӕ, сӕ аргъуанмӕ чи цыди, уыдонӕн загътой, цӕмӕй уыцы бадзырдтӕ фехӕлдтаиккой. Бирӕтӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕм байхъуыстой. Мах кӕмӕ хъуамӕ ӕрлӕууыдаиккам, уыцы бинонтӕм дӕр бартхъирӕн кодтой. Фӕлӕ нӕ уыдон уӕддӕр суазӕг кодтой ӕмӕ нын загътой, зӕгъгӕ, мах ныхас радтам ӕмӕ йӕ нӕ фӕсайдзыстӕм. Сӕ хъӕбатырдзинад мӕ дисы бафтыдта.
Уыцы конгрессы мӕ дыууӕ хойы дӕр райстой донаргъуыд. Уыцы бон ӕфсымӕр Рутерфордӕн, Бруклины Вефилӕй, уыди диссаджы раныхас. Йӕ раныхасы загъта, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдон сыстӕнт. Уӕлӕмӕ сыстад иу-15 мин сывӕллоны. Ӕз дӕр сыстадтӕн. Уый фӕстӕ та загъта, зӕгъгӕ, уацамындон хъуыддаджы, йӕ бон цы у, уый аразын кӕй фӕнды, уый «о» зӕгъӕд. Иннӕ сывӕллӕттимӕ ӕз дӕр хъӕрӕй загътон: «О!» Алырдыгӕй райхъуыст тыхджын къухӕмдзӕгъд. Мӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъд.
Конгрессы фӕстӕ уазӕгуаты ацыдыстӕм иу ӕфсымӕрмӕ Хурныгуылӕн Виргинимӕ. Уый нын радзырдта иу цау. Иу бон уацамынды куы уыди, уӕд ыл знӕт адӕм амбырд сты, саунад ӕй фӕкодтой, стӕй йыл писи рауагътой ӕмӕ йыл бумбулитӕ бакалдтой. Йӕ ныхӕстӕм ын джихӕй хъуыстон. «Фӕлӕ ӕз уӕддӕр мӕ хъуыддаг нӕ ныууадздзынӕн»,– загъта уыцы ’фсымӕр. Уырдыгӕй куы рацыдыстӕм, уӕд мӕхи Давидау хатыдтӕн. Ӕз цӕттӕ уыдтӕн Голиафимӕ – ме скъолайы директоримӕ – фембӕлынмӕ.
Скъоламӕ куы бацыдтӕн, уӕд комкоммӕ директормӕ бараст дӕн. Уый мӕм мӕсты каст ӕрбакодта. Мӕхинымӕр Йегъовӕмӕ скуывтон, ӕмӕ директорӕн афтӕ бакодтон: «Ӕз уыдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессы ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ ӕз тырысайӕн нал табу кӕндзынӕн!» Иуцасдӕр мӕм ницы сдзырдта. Уый фӕстӕ сындӕггай сыстад ӕмӕ мӕнырдӕм рацыд. Йӕ цӕсгом фырмӕстӕй схъулӕттӕ ӕмӕ мыл уыцыиу хъӕр фӕкодта: «Уӕдӕ ма тырысайӕн ма бакув, кӕддӕра дӕ скъолайӕ нӕ асурон!» Фӕлӕ ацы хатт Хуыцауы раз нал фӕрӕдыдтӕн. Мӕ зӕрдӕ мӕ риуы фырцинӕй кафыди, мӕхи афтӕ амондджын никуы хатыдтӕн.
Мӕхицӕн бынат дӕр нал ардтон, хабӕрттӕ Бенӕн куыд радзырдтаин, ууыл уыдтӕн. Паддзахады залы йӕ куы федтон, уӕд ын хъӕлдзӕгӕй афтӕ бакодтон: «Скъолайӕ мӕ расырдтой! Ӕз тырысайӕн нӕ бакуывтон!» Бен мын ахъӕбыс кодта, бахудт мӕм ӕмӕ загъта: «Бауырнӕд дӕ, Йегъовӕ дӕ бирӕ уарзы» (Дык. з. 31:6). Уыцы ныхӕстӕ мыл базыртӕ басагътой! 1942 азы 15 июны донаргъуыд райстон.
Ахуыр кӕнын хуымӕтӕг цард кӕнын
Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ нӕ бӕстӕйы экономикон уавӕр зынгӕ фӕхуыздӕр ис ӕмӕ адӕм мулк ӕмбырд кӕнынмӕ фесты. Мӕнӕн дӕр уыд хорз куыст ӕмӕ мӕ бон уыди, уӕдмӕ хъуыды дӕр кӕуыл никуы акодтаин, ахӕм дзаумӕттӕ ӕлхӕнын. Ме ’мбӕлттӕй иу мотоцикл балхӕдта, иннӕ йӕ хӕдзар сцалцӕг кодта, ӕз та дзыхъхъынног машинӕ балхӕдтон. Мӕ сӕйраг мӕт мӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕй сси, уый тыххӕй мӕ цасдӕры фӕстӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕм нал ӕвдӕлд. Ӕмбӕрстон ӕй, раст фӕндагыл кӕй нӕ цӕуын. Мӕ амондӕн мын, 1950 азы Нью-Йорчы цы конгресс уыд, уый баххуыс кодта мӕ зондахаст ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнынӕн.
Конгрессы раныхӕстӕ кӕмӕн уыди, уыцы ӕфсымӕртӕ хъусджыты разӕнгард кодтой фылдӕр хъусын кӕнынмӕ. Иу ӕфсымӕр йӕ раныхасы загъта:
«Цыдӕриддӕр уӕ хъыгдары, уыдон иууылдӕр аппарут, ӕмӕ уӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл згъорут». Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма мӕнмӕ дзырдта. Федтон ма, Галаады скъола каст чи фӕци, уыдонӕн куыд арфӕ кодтой, уый дӕр. Ӕмӕ хъуыдыты бафтыдтӕн: «Кӕд ме ’мгӕрттӕ фӕсарӕнты лӕггад кӕныны тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, уӕд мӕн та цы хъыгдары фылдӕр лӕггад кӕнын, цӕуын дӕр мӕ куы никуыдӕм хъӕуы». Конгрессы кӕронмӕ ӕз аскъуыддзаг кодтон, пионерӕй кӕй райдайдзынӕн лӕггад кӕнын.Уыцы рӕстӕг ӕз райдыдтон ӕмбӕлын Эвелин Мондакимӕ. Уый уыди зынгзӕрдӕ хо ме ’мбырдӕй. Эвелины мад схъомыл кодта ӕхсӕз сывӕллоны. Тынг хъӕбатыр хо уыди, уарзта хъусын кӕнын уынджы, стыр католикон аргъуаны раз. Кӕд-иу ӕм сауджын арӕх ралӕбурдта, уӕддӕр-иу ын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ’рдардта, йӕ бынаты-иу лӕугӕйӕ баззад. Йӕ мадау Эвелин дӕр адӕмӕй нӕ тарст (Ӕмб. 29:25).
1951 азы Эвелинимӕ нӕ цард баиу кодтам, нӕ куыст ныууагътам ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам. Районон цӕстдарӕг нын загъта, цӕмӕй ацыдаиккам Амагансеттмӕ, Атлантикӕйы былгӕрон иу хъӕумӕ. Нью-Йоркӕй йӕм цӕуын хъуыди 160 километры бӕрц. Фӕлӕ нын ӕмбырдӕй фехъусын кодтой, сӕ бон нын кӕй нӕу цӕрӕнбынат ссарын. Уӕд райдыдтам агурын фургон, фӕлӕ мах цавӕр хъуыди, ахӕмыл нӕ хӕст кодтам. Фӕстагмӕ ссардтам иу зӕронд фургон. Йӕ хицау нӕ ӕркуырдта 900 доллӕры – нӕ чындзӕхсӕвы дӕр нӕм раст уыйбӕрц ӕрӕмбырд. Балхӕдтам ӕй, бацалцӕг ӕй кодтам ӕмӕ йӕ нӕ ног территоримӕ аластам. Фӕлӕ нӕ дзыппы иу капекк дӕр нал баззад, ӕмӕ хъуыды кодтам, пионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цӕмӕй цӕрдзыстӕм, ууыл.
Эвелин кӕмӕдӕрты куыста ӕфснайӕгӕй. Ӕз та куыстон италиаг рестораны, ӕхсӕвыгӕтты дзы ӕфснайдтон. Мӕ хицау мын загъта: «Хӕринӕгтӕй-иу цы баззайа, уый-иу хӕдзармӕ ахӕсс». Ӕхсӕвы дыууӕ сахатыл-иу хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд-иу нӕ фургон байдзаг пиццӕ ӕмӕ макаронты адджын тӕфӕй. Ногӕй-иу сӕ схъарм кодтам ӕмӕ-иу нӕхи дзӕбӕх федтам. Ӕмӕ-иу нын уӕд уыди бӕрӕгбон, уӕлдайдӕр та зымӕджы, нӕ салд фургоны-иу нӕ гӕв-гӕв куы цыди, уӕд. Хаттӕй-хатт-иу нын не ’фсымӕртӕ нӕ фургоны асинтыл ныууагътой стыр кӕсаг. Бирӕ азты дӕргъы Амагансетты нӕ зынаргъ ӕфсымӕртимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй фӕлӕггад кодтам ӕмӕ бамбӕрстам, цы дын ис, уый фагыл куы нымайай, уӕд дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн. Уыцы азтӕ уыдысты тынг амондджын азтӕ.
Бафӕндыд нӕ фылдӕр лӕггад кӕнын
1953 азы мах ацыдыстӕм ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ Нью-Йоркмӕ. Уым фембӕлдыстӕм, алы рӕттӕй чи ӕрцыд, сӕдӕгай ахӕм миссионертыл. Уыдон радзырдтой бирӕ цымыдисаг цаутӕ. Мах дӕр сын сӕ циныл цин кодтам. Уымӕй уӕлдай ма докладгӕнджытӕй иу афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, бирӕ бӕстӕты адӕм нырма Паддзахады хабар нӕ фехъуыстой, уӕд бамбӕрстам, цы аразын нӕ хъӕуы, уый – нӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ фылдӕр лӕггад кӕнын. Конгрессы байдзаг кодтам анкетӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынӕн. Уыцы аз нӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 23 къласмӕ. Ахуыр кӕнын та райдыдтам 1954 азы февралы. Цӕй стыр кад нӕм ӕрхауд!
Бразилимӕ нӕ кӕй снысан кодтой, уый куы базыдтам, уӕд цин дӕр кодтам ӕмӕ тыхсгӕ дӕр. Вефилы мын иу бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕр загъта: «Уемӕ Бразилимӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ ацӕудзысты фараст ӕнӕцыд хойы. Дӕ хъус-иу сӕм фӕдар!» Бразилимӕ ацыдыстӕм науыл, фӕндагыл бахъуыдыстӕм дыууӕ къуыри. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, наутӕрджытӕ фырдисӕй куыд кастаиккой, наумӕ мӕ фӕдыл дӕс ӕрыгон сылгоймаджы схизгӕ куы федтой, уӕд! Фӕлӕ хотӕ уымӕй ӕппындӕр не ’фсӕрмы кодтой. Куыд мын фенцондӕр ис, Бразилийы зӕхмӕ ӕнӕ фыдбылызӕй куы ’рхызтыстӕм, уӕд.
Португайлаг ӕвзаг куы сахуыр кодтон, уӕд мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй штат Риу-Гранде-ду-Сулмӕ, Бразилийы хуссар хаймӕ. Мӕ размӕ дзы чи лӕггад кодта, уыцы цӕстдарӕгӕн ус нӕ уыди. Уый нын Эвелинимӕ загъта: «Диссаг мӕм кӕсы, ардӕм усджын ӕфсымӕры кӕй ӕрӕрвыстой, уый. Ам тынг зын у». Ӕмбырдтӕ уыдысты алы рӕтты, кӕрӕдзийӕ дард. Иуӕй-иутӕм дзы бахауӕн уыди ӕрмӕстдӕр уӕзласӕн машинӕйыл. Кӕд-иу шофырӕн хӕринаг балхӕдтам, уӕд-иу нӕ бауагъта гуыффӕмӕ сбырын. Гуыффӕйы-иу самадтой алыхуызон тыхтонтӕ, ӕмӕ-иу цӕмӕй ма ракалдаиккой, уый тыххӕй-иу сӕ уӕлейӕ бӕндӕнтӕй гуыффӕмӕ бабастой. Уыцы тыхтонтыл-иу бӕхбадт скодтам ӕмӕ-иу бӕндӕнтыл хӕцыдыстӕм дыууӕ къухӕй. Машинӕ-иу фӕзилӕны цӕхгӕр куы фӕзылд ӕмӕ-иу иуырдӕм куы акъул, уӕд-иу бӕндӕнтыл фидардӕр ныххӕцыдыстӕм. Нӕ уд-иу ныллӕууыд, тыхтонты цъуппӕй-иу бынмӕ кӕмтӕм куы акастыстӕм, уӕд. Фӕлӕ-иу бынатыл куы сӕмбӕлдыстӕм ӕмӕ-иу нӕм чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы ӕфсымӕрты рухс цӕсгӕмттӕ куы федтам, уӕд-иу нӕ нӕ фыдӕбӕттӕ ферох сты.
Мах-иу ӕрлӕууыдыстӕм не ’фсымӕртӕм. Кӕд тынг мӕгуыр цардысты, уӕддӕр сӕ рӕдаудзинадӕн ӕмбал нӕ уыди. Иу дард хъӕуы ’фсымӕртӕ иууылдӕр куыстой дзидзайы комбинаты. Тынг гыццыл мызд кӕй истой, уымӕ гӕсгӕ бон иу хатт йеддӕмӕ кӕрдзын нӕ хордтой. Куы нӕ-иу куыстой, уӕд-иу сын мызд дӕр нӕ бафыстой. Фӕлӕ-иу сын се ’мбырд куы бӕрӕг кодтам, уӕд-иу сӕхи куыстӕй дыууӕ боны ракуырдтой, цӕмӕй-иу ӕмбырды хъуыддӕгты хайад райстаиккой. Уыдон сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйыл. Уыцы сӕрныллӕг ӕфсымӕртӕй мах сахуыр стӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй удуӕлдайӕ архайын куыд хъӕуы, ууыл. Сӕ цӕвиттон сын никуы ферох кӕндзыстӕм. Уыдонимӕ цӕргӕйӕ цӕуыл сахуыр стӕм, уыдӕттыл иу скъолайы дӕр нӕ сахуыр уыдаиккам. Абон дӕр сӕ куы ӕрымысын, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ суынгӕг вӕййы.
1976 азы мах фӕстӕмӕ Иугонд Штаттӕм ӕрыздӕхтыстӕм, цӕмӕй мӕ рынчын мадмӕ зылдаиккам. Бразилийӕ рацӕуын нын ӕнцон нӕ уыди. Фӕлӕ нын тынг ӕхсызгон уыди, уыцы бӕстӕйы Паддзахады хъусынгӕнджыты нымӕц кӕй фӕфылдӕр, уый нӕхи цӕстӕй кӕй федтам. Бразилийӕ фыстӕджытӕ куы райсӕм, уӕд ӕхсызгонӕй фӕмысӕм, уым цы диссаджы рӕстӕг арвыстам, уый.
Нӕ адджын адӕмимӕ та ногӕй фембӕлдыстӕм
Мӕ мадмӕ куы кастыстӕм, уӕд лӕггад кодтам пионертӕй ӕмӕ куыстам ӕфснайджытӕй. 1980 азы мӕ мад амарди, Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад. Уый фӕстӕ мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй Иугонд Штатты. 1990 азы мӕ цардӕмбалимӕ штат Коннектикуты ӕмбырдтӕй иу куы бӕрӕг кодтам, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ касти иу ӕхсызгон хабар. Уыцы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг разынд Бен – 50 азы размӕ мын Йегъовӕйы фарс слӕууынӕн чи баххуыс кодта, уыцы Бен. Нӕ кӕрӕдзийыл бирӕ фӕцин кодтам!
1996 азӕй мах стӕм сӕрмагонд пионертӕ, фӕлӕ нын сахӕтты нормӕ нӕй. Лӕггад кӕнӕм португайлаг ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды горӕт Элизабеты (штат Нью-Джерси). Ме ’нӕниздзинад фӕцудыдта, фӕлӕ мӕ уарзон цардӕмбалы фӕрцы, уацамынды мӕ бон цы у, уый аразын. Эвелин ма ӕххуыс кӕны нӕ ацӕргӕ сыхагӕн дӕр, йӕ ном хуыйны Берта. О, уый у, 70 азы размӕ мӕ мадӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн чи баххуыс кодта, уыцы Берта. Нӕ бинонтӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй дзы бузныг стӕм. Ӕмӕ нын уый равдисынӕн ахӕм фадат кӕй ис, уый нын тынг ӕхсызгон у.
Ӕз тынг амондджын дӕн, уыцы конгресстӕ мын рӕстдзинады фарс слӕууынӕн, мӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнынӕн ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнынӕн кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй. О, уыцы конгресстӕ мын мӕ цард фӕивтой.
[Ныв 23 фарсыл]
Эвелины мад (галиуырдыгӕй) ӕмӕ мӕ мад
[Ныв 23 фарсыл]
Мӕ хӕлар Бен
[Ныв 24 фарсыл]
Бразилийы
[Ныв 25 фарсыл]
Эвелинимӕ абон