Аргъ кӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн!
Аргъ кӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн!
ХУЫЦАУЫ адӕм абон сты стыр бинонты хуызӕн. Сӕ истори райдыдта рагзаманты. Уыцы стыр бинонтӕй уыдысты Самуил, Давид, Самсон, Раав, Моисей, Авраам, Саррӕ, Ной ӕмӕ Авел. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ис, хъусӕй чи нӕ хъусы, бирӕ ахӕм адӕм. Зӕгъӕм, Монголийы фыццаг рӕстдзинад чи базыдта, уыдон уыдысты, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм лӕг ӕмӕ ус. Уӕрӕсейы та ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ рӕстӕй кӕй архайынц, уый фӕрцы Европӕйы тӕрхондоны рамбылдтам процесс.
Абон «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» къухӕй амонгӕ ӕвзагыл уадзы публикацитӕ, аразы ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ (Матф. 24:45). Уый стыр ӕххуыс у, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕн *. Фӕлӕ искуы ахъуыды кодтай, ахӕм ӕххуыс сын куы нӕма уыд, уӕд сын ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй истытӕ базонын ӕмӕ уырнындзинады рӕзын куыд зын уыди? Никуы хъуыды кодтай, ахӕм адӕмӕй дӕ алыварс чи цӕры, уыдонӕн дӕ бон баххуыс кӕнын куыд у, ууыл?
Раздӕр куыд уыди
Хорз уаид, ахӕм Ӕвдисӕнтӕй ӕмбырдмӕ рагӕй чи цӕуы, уыдоны бафӕрсын, Хуыцауы куыд базыдтой, уый тыххӕй. Уыдон дын радзурдзысты, Хуыцауӕн ном кӕй ис, уый куы базыдтой, уӕд сӕ цард куыд фӕивта ӕмӕ сын уыцы хабар бирӕ азты дӕргъы куыд ӕххуыс кодта, цалынмӕ къухӕй амонгӕ ӕвзагыл, Библийы арф хъуыдытӕ ӕмбарынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм видеокассетӕтӕ ӕмӕ DVD-тӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Радзурдзысты ма дын, фембӕлдты сӕхи куыд хатыдысты, программӕ къухӕй амонгӕ ӕвзагыл куы нӕма уыди, йе та сын ӕй куы нӕма тӕлмац кодтой, уӕд. Сӕ фарсмӕ-иу чи бадти, уыдон-иу сын ӕххуыс кодтой ӕмӕ-иу сын гӕххӕттыл фыстой, ӕмбырды дзырд цӕуыл цыди, уый. Иу ӕфсымӕрӕн Библийы хабӕрттӕ афтӕ ӕмбарын кодтой авд азы дӕргъы, цалынмӕ се ’мбырды тӕлмацгӕнӕг нӕ фӕзынд, уӕдмӕ.
Хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ ӕмбырдмӕ рагӕй чи цӕуы, уыцы Ӕвдисӕнтӕ сӕ зӕрдыл дарынц, хъусӕй чи хъусы, ахӕм адӕмӕн-иу хорз хабар куыд дзырдтой, уый. Сӕ иу къухы-иу уыд гӕххӕтт ӕмӕ-иу ыл фыст уыд, цӕмӕн ӕрбацыдысты, уый, иннӕ къухы та – «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номыртӕ. Тынг зын ма сын уыди, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмимӕ мыхуыргонд литературӕйы ӕххуысӕй Библи ахуыр кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ-иу фыст ныхӕстӕ кӕронмӕ нӕдӕр сӕхӕдӕг ӕмбӕрстой, нӕдӕр, кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдон. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хъусынгӕнджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, рох нӕу, адӕм-иу сӕ куы нӕ бамбӕрстой ӕмӕ-иу уый тыххӕй дарддӕр сӕ бон Библийы хабӕрттӕ дзурын куы нал уыд, ӕмӕ-иу сӕ ныфс куыд асаст, уый. Уыдон ма хорз зонынц, куыд вӕййы, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзай, фӕлӕ цы базыдтай, уымӕй дӕхи царды спайда кӕнын дӕ бон куы нӕ уа, уӕд. Ӕмӕ-иу афтӕ цӕмӕн уыд? Уымӕн ӕмӕ-иу дызӕрдыг кодтой, цавӕрдӕр хъуыддаг Библимӕ гӕсгӕ раст ӕмбарынц ӕви нӕ, ууыл.
Кӕд нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл не сивтой (Иов 2:3). Уыдон ӕнӕрхъӕцӕй Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты (Пс. 37:7). Ӕмӕ сын Хуыцау абон арфӕ кӕны, сӕ фылдӕр ӕнхъӕл дӕр куыд никуы уыдысты, афтӕ.
Ӕркӕсӕм, хъусӕй чи нӕ хъусы, иу ахӕм ӕфсымӕры цӕвиттонмӕ. Уый-иу бирӕ хъарутӕ хъуыд, цӕмӕй-иу йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кодтаид. Афтӕ уыди, цалынмӕ къухӕй амонгӕ ӕвзагыл видеокассетӕтӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Йӕ фырт дзуры: «Нӕ фыдӕн немӕ Библи ахуыр кӕнын уыди тынг зын, уымӕн ӕмӕ-иу нӕ ахуыр кодта мыхуыр публикациты ӕххуысӕй. Арӕх-иу йӕхӕдӕг текст
кӕронмӕ не ’мбӕрста. Стӕй ма-иу ын цӕлхдуртӕ ӕвӕрдтам мах дӕр – сывӕллӕттӕ. Исты-иу нын раст куы нӕ амыдта, уӕд-иу ын ӕй уайтагъд загътам. Фӕлӕ-иу мӕ фыд йӕ къухтӕ никуы ауагъта – иудадзыг немӕ Библи ахуыр кодта. Сӕйрагдӕр ын уыди махӕн Йегъовӕйы тыххӕй истытӕ бацамонын. Ӕмӕ кӕд англисаг ӕвзаг хорз нӕ зыдта ӕмӕ-иу хатт рӕдийгӕ дӕр фӕкодта, уӕддӕр-иу зӕрдиагӕй архайдта».Ӕркӕсӕм-ма ноджы иу цӕвиттонмӕ. 70-аздзыд ӕфсымӕр Ричард цӕры Бруклины (Нью-Йорк, АИШ). Уый хъусӕй дӕр нӕ хъусы ӕмӕ цӕстӕй дӕр нӕ уыны. Ричард фембӕлдтӕ никуы фӕцух кӕны. Уый Падзахады залмӕ метройы йӕхӕдӕг фӕцӕуы. Ричард банымайы, электричкӕ цал станцӕйы ӕрлӕууы, уый, ӕмӕ афтӕмӕй базоны, кӕм ӕй хъӕуы ахизын. Иухатт зымӕджы ахӕм тыхдымгӕ сыстад, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмбырды фембӕлд ӕндӕр бонмӕ аргъӕвтой. Уый тыххӕй ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр загътой, фӕлӕ сӕ Ричарды бафӕдзӕхсын та айрох ис. Ӕфсымӕртӕ уый куы фӕхъуыды кодтой, уӕд ӕй агурынмӕ фесты, ӕмӕ йӕ Паддзахады залы раз лӕугӕйӕ баййӕфтой. Уый фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, дуар кӕд байгом кӕндзысты, уымӕ. Куы йӕ бафарстой, ахӕм дымгӕйы цӕмӕн рацыд, уӕд сын загъта: «Ӕз Йегъовӕйы бирӕ уарзын».
Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын?
Цымӕ кӕм цӕрыс, уым, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕм цӕры? Дӕ бон нӕ уаид, къухӕй амонгӕ ӕвзаг иугыццыл сахуыр кӕнын, цӕмӕй-иу семӕ аныхас кӕнай? Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон иннӕтимӕ тынг фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ вӕййынц, се ’взагыл сӕ куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд. Ахӕм адӕмыл гӕнӕн ис, ӕмӕ фембӕлай хъусын кӕнгӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ. Дӕ бон цы у аразын? Архай семӕ ныхас кӕныныл. Уый тыххӕй-иу сын къухӕй истытӕ амон, гӕххӕттыл-иу сын исты ныффысс йе та нынныв кӕн, кӕнӕ та-иу ӕппӕт адӕттӕй иумӕ пайда кӕн. Адӕймаг дын куы бамбарын кӕна, Библийы хабӕрттӕ базонын ӕй кӕй нӕ фӕнды, уӕддӕр-иу уый тыххӕй зӕгъ, хъусӕй чи нӕ хъусы, кӕнӕ та къухӕй амонгӕ ӕвзаг чи зоны, ахӕм чырыстонӕн, цӕмӕй уыцы адӕймаджы бабӕрӕг кӕна. Гӕнӕн ис, хорз хабар къухӕй амонгӕ ӕвзагыл куы фехъуса, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъара.
Чи зоны, къухӕй амонгӕ ӕвзаг ахуыр кӕныс ӕмӕ йыл кӕм дзурынц, уыцы ӕмбырдмӕ цӕуыс. Цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй йыл хуыздӕр дзурай ӕмӕ йӕ хуыздӕр ӕмбарай? Кӕд уе ’мбырды, хъусӕй чи хъусы, ахӕм чырыстӕттӕ ис, уӕддӕр хорз уаид, «дӕ хъӕлӕс куы бамыр кӕнис». Афтӕмӕй дӕ бон суыдзӕн уыцы ӕвзагыл хъуыды кӕнын. Чи зоны-иу дӕ хатт бафӕнда, ӕнцондӕр дын куыд у, афтӕ бакӕнын – дзыхӕй сдзурын. Фӕлӕ адӕймаг ӕндӕр ӕвзаг куы фӕахуыр кӕны, уӕд ӕй фӕхъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Раст афтӕ хъуамӕ фыдӕбон кӕнай ды дӕр, цӕмӕй къухӕй амонгӕ ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурын сахуыр уай.
Къухӕй амонгӕ ӕвзаг ахуыр кӕныныл куы архайай, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уарзыс ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕныс. Ахъуыды-ма кӕн, ахӕм адӕймагӕн йӕ ныфс куыд асӕтты, йӕ бон кӕй нӕ вӕййы, куысты кӕнӕ скъолайы адӕм цы дзурынц, уый бамбарын. «Алы бон дӕр ӕмбӕлын, дзургӕ чи кӕны, ахӕм адӕмыл,– зӕгъы, хъусӕй чи нӕ хъусы, иу ахӕм ӕфсымӕр.– Арӕх мӕхи иунӕг фӕхатын, Иоан. 13:34, 35).
афтӕ мӕм фӕкӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуын ӕмӕ уӕд тынг стыхсын, суанг ма мӕсты кӕнын дӕр райдайын. Хатт мӕхи афтӕ ӕвзӕр фӕхатын, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕмбырд хъуамӕ уа, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕм исой, иннӕтӕ сӕм хорз цӕстӕй кӕм кӕсой ӕмӕ сын ӕввахс ӕмбӕлттӕ кӕм уа, ахӕм бынат (Рох кӕнын нӕ хъӕуы, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм Ӕвдисӕнты къордтӕ бирӕ кӕй ис ӕнӕуи ӕмбырдты дӕр. Уым сын программӕ фӕтӕлмац кӕнынц къухӕй амонгӕ ӕвзагмӕ. Фембӕлдты дзырд цӕуыл цӕуы, уый цӕмӕй ӕмбарой, уый тыххӕй Паддзахады залы разӕй сбадынц. Афтӕмӕй хорз фӕуынынц тӕлмацгӕнӕджы дӕр ӕмӕ, ныхасы чи рацӕуы, уый дӕр. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй ӕмбырды иннӕ хъусынгӕнджытӕ тагъд сахуыр вӕййынц уыцы ӕгъдауыл ӕмӕ сӕ уый нал фӕхъыгдары хъусын. Ахӕм ӕгъдау ма вӕййы, къухӕй амонгӕ ӕвзагмӕ кӕм фӕтӕлмац кӕнынц, уыцы конгрессты дӕр. Ӕмбырды цы тӕлмацгӕнджытӕ ис, уыдон сты раппӕлинаг. Уымӕн ӕмӕ программӕ фӕтӕлмац кӕнынц хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй – хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон ӕй сӕхӕдӕг куыд бамбарын кӕниккой, раст афтӕ.
Чи зоны, уе ’мбырды ис, къухӕй амонгӕ ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм къорд кӕнӕ та, ацы ӕвзагмӕ кӕмӕн тӕлмац кӕнынц, цалдӕр ахӕм адӕймаджы. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй семӕ хуыздӕр базонгӕ уай? Уазӕгуаты-иу сӕ фӕхон. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд къухӕй амонгӕ ӕвзагыл истытӕ сахуыр кӕн. Ма тӕрс, кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат, уымӕй. Дӕ бон суыдзӕн семӕ аныхас кӕнын ӕмӕ дӕхицӕн дӕр ӕхсызгон уыдзӕн, уарзондзинад сӕм кӕй равдыстай, уый (1 Иоан. 4:8). Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзыстӕм. Уыдон дӕсны сты исты хабӕрттӕ дзурынмӕ, сты арфуынӕг ӕмӕ тынг хъӕлдзӕг. Йӕ ныййарджытӕ хъусӕй кӕмӕн нӕ хъусынц, иу ахӕм ӕфсымӕр дзуры: «Мӕхи цы хъуыды кӕнын, уӕдӕй нырмӕ дӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уыдон мын цас радтой, мӕнӕн мӕ бон уыйбӕрц раттын никуы суыдзӕн. Ацы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты нӕ бон бирӕ хъуыддӕгты у бафӕзмын».
Йегъовӕ бирӕ уарзы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, уыдонимӕ хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны дӕр. Ахӕм Ӕвдисӕнты уырнындзинад ӕмӕ фидардзинад Йегъовӕйы организацийӕн кад хӕссы. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн!
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Кӕс 2009 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статья «Йегъовӕйы цӕсгомы рухс сӕм кӕлы».
[Ныв 31 фарсыл]
Хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕймаг Паддзахады хабар къухӕй амонгӕ ӕвзагыл куы фехъуса, уӕд чи зоны йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъара
[Нывтӕ 32 фарсыл]
Нӕ фембӕлдтӕ хъуамӕ нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ныфсыл ныфс ӕфтауой