Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ куывдтытӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Дӕ куывдтытӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Дӕ куывдтытӕ цӕуыл дзурӕг сты?

«Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр» (ПС. 65:2).

1, 2. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ кӕй хъусы, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

ЙЕГЪОВӔМӔ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куы фӕкувынц, уӕд сӕ алкӕддӕр фехъусы. Ӕмӕ ууыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын. Зӕххыл ын цы милуангай лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдон ӕм уыцыиу рӕстӕг куы фӕкувынц, уӕддӕр дзы алкӕйдӕр фехъусы.

2 Псаломтӕ фыссӕг Давид фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕ кӕй хъусы: «Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр» (Пс. 65:2). Давид Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй йын йӕ куывдтытӕн дзуапп лӕвӕрдта. Уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйыл мӕ ныфс кӕй дарын ӕмӕ мын йӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕ царды сӕйрагдӕр кӕй сты? Мӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ мӕ хӕлар кӕй у?»

Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй кув

3, 4. а) Хуыцаумӕ куыд хъуамӕ кувӕм? ӕ) Уӕззау тӕригъӕды тыххӕй ныл нӕ зӕрдӕ куы худа, уӕд нӕ цы саразын хъӕуы?

3 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕн дзуапп дӕтта, уӕд ӕм хъуамӕ кувӕм сӕрныллӕгӕй (Пс. 138:6). Мах дӕр Давидау хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ йын дзурӕм: «О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон. Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты. Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы, ӕмӕ мӕ ӕнусон фӕндагыл кӕн» (Пс. 139:23, 24). Хуыцаумӕ канд кувгӕ хъуамӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма йын дзурӕм, цӕмӕй-иу нын нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕса ӕмӕ йын йӕ Ныхасы разамындмӕ хъусӕм. Йегъовӕ нӕ кӕндзӕн «ӕнусон фӕндагыл» – ӕххуыс нын кӕндзӕн, ӕнусон цардмӕ нӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл цӕуынӕн.

4 Фӕлӕ, зӕгъӕм, цыдӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам ӕмӕ нын нӕ хъуыдытӕ ӕнцой нӕ дӕттынц, уӕд та куыд? (Бакӕс Псалом 32:1–5.) Нӕ зӕрдӕ ныл куы худа, ӕмӕ йӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд нӕ хъару асӕтдзӕн ӕмӕ баруайдзӕн, сӕрдыгон тӕвды бӕласӕн йӕ сыфтӕр куыд баруайы, афтӕ. Давид тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт нал калд ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, рынчын дӕр фӕци. Фӕлӕ йын куыд тынг фенцон уыдаид, Хуыцауӕн йӕ тӕригъӕд куы раргом кодта, уӕд! Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ йын йӕ фыдракӕнд кӕй ныббарста ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕд кӕй ныххатыр кодта, ууыл куыд тынг цин кодтаид. Адӕймаг йӕ тӕригъӕд Хуыцауӕн куы раргом кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы, фӕлӕ ма йӕ фӕхъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс дӕр, цӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууа (Ӕмб. 28:13; Иак. 5:13–16).

Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕн ӕмӕ йын бузныг дзур

5. Истӕуыл куы тыхсӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

5 Цӕуылдӕр тынг куы тыхсӕм, уӕд нӕ бон у Павелы уынаффӕмӕ байхъусын: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Фил. 4:6). Уӕлдайдӕр исты тӕссаг уавӕры куы бахауӕм кӕнӕ нӕ куы ӕфхӕрой, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ӕмӕ разамынд курӕм.

6, 7. Хуыцауӕн бузныг дзурӕн цӕй тыххӕй ис?

6 Исты нӕ куы хъӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд куы кувӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн? Павел загъта, зӕгъгӕ нӕ цы хъӕуы, уый Хуыцауӕй куы курӕм, уӕд ын хъуамӕ бузныг дӕр дзурӕм. Махӕн дӕр Давидау нӕ бон у бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй Хуыцауӕн арфӕ кӕнын: «Дӕу у, Йегъовӕ, стырад ӕмӕ хъомыс ӕмӕ рӕсугъддзинад ӕмӕ бӕрзонддзинад ӕмӕ кад; уымӕн ӕмӕ цыдӕриддӕр уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл ис, уый дӕр дӕу у. Дӕу у, о Йегъовӕ, паддзахад, ӕмӕ ды алкӕмӕй бӕрзонддӕр дӕ... Нӕ Хуыцау, дӕуӕн арфӕ кӕнӕм ӕмӕ дын дӕ рӕсугъд ном бӕрзонд кӕнӕм» (1 Аз. 29:11–13).

7 Йесо Чырысти Хуыцауӕн бузныг дзырдта хӕринаджы тыххӕй. Хицауы ӕхсӕвӕры йӕ разы цы дзул ӕмӕ сӕн уыди, уый тыххӕй дӕр ын бузныг загъта (Матф. 15:36; Лук. 22:18, 19). Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнӕм, «адӕймаджы фырттӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй», «йӕ раст тӕрхӕтты» ӕмӕ йӕ ныхасы тыххӕй, абон Библийы чи ис, уыцы хабары тыххӕй (Пс. 107:15; 119:62, 105).

Иннӕты тыххӕй кув

8, 9. Не ’мчырыстӕтты тыххӕй нӕ цӕмӕн хъӕуы кувын?

8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи тыххӕй фӕкувӕм, фӕлӕ ма нӕ хъӕуы иннӕты тыххӕй дӕр кувын, суанг сӕ нӕмттӕ кӕмӕн нӕ зонӕм, уыцы чырыстӕтты тыххӕй дӕр. Колоссты чи цард, уыцы чырыстӕтты апостол Павел се ’ппӕты нӕ зыдта, фӕлӕ уӕддӕр фыста: «Сымах тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм Хуыцауӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йесо Чырыстийыл куыд тынг ӕууӕндут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты дӕр куыд тынг уарзут, уый тыххӕй» (Кол. 1:3, 4). Павел ма куывта Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕтты тыххӕй дӕр (2 Фес. 1:11, 12). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй куы кувӕм, уӕд уый бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг уыдзӕн нӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый тыххӕй дӕр.

9 Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй ӕмӕ «ӕндӕр фысты» тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, Хуыцауы организацийыл кӕй тыхсӕм (Иоан. 10:16). Павел йе ’муырнджытӕн дзырдта, зӕгъгӕ, мӕн тыххӕй кувут, цӕмӕй «мӕ бон уа ныфсджынӕй хъусын кӕнын, хорз хабары сусӕгдзинад адӕмӕн куыд ӕргом кӕнон» (Еф. 6:17–20). Ды дӕр иннӕ чырыстӕтты тыххӕй афтӕ фӕкувыс?

10. Иннӕты тыххӕй кувын цы пайда у?

10 Иннӕты тыххӕй куы кувӕм, уӕд сӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Адӕймаджы куы нӕ уарзӕм, фӕлӕ уый тыххӕй куы кувӕм, уӕд ӕм ӕндӕр зӕрдӕ дарын райдайдзыстӕм (1 Иоан. 4:20, 21). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд не ’хсӕн уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Уымӕй уӕлдай ма ахӕм куывдтытӕй бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты Йесо Чырыстийау кӕй уарзӕм (Иоан. 13:34, 35). Уарзондзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй иу. Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы Йегъовӕйӕ сыгъдӕг уд курын, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна хъуыддагӕй ӕвдисын уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуылхӕцындзинад (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Уӕд нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн, сыгъдӕг уды коммӕ кӕй кӕсӕм ӕмӕ нын куыд амоны, афтӕ кӕй кӕнӕм. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:16, 25.)

11. Иннӕтӕн цӕмӕн хъӕуы дзурын, цӕмӕй мах тыххӕй кувой?

11 Зӕгъӕм, базыдтам, нӕ сывӕллӕттӕ экзаменты рӕстӕг сусӕгӕй дзуаппытӕ кӕй сфыссынц, уӕд хъуамӕ уыдоны тыххӕй кувӕм ӕмӕ сын Библийӕ уынаффӕ раттӕм, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уой ӕмӕ ӕвзӕрӕй мацы аразой. Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕн загъта: «Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы аразат» (2 Кор. 13:7). Ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй сӕрныллӕгӕй куы кувӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ уый нӕ хорзыл дзурӕг уыдзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:8.) Махӕн дӕр нӕ бон у Павелау иннӕтӕн дзурын, цӕмӕй мах тыххӕй кувой. Павел ныффыста: «Кувут мах тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй худы – мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзут. 13:18).

Нӕ куывдтытӕ ма бирӕ цӕуылдӕртыл дзурӕг сты

12. Сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм?

12 Цымӕ нӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, амондджын ӕмӕ зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм? Нӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, сӕйрагдӕр нын кӕй у, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныны аккаг уӕм, йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, Дун-дунейы хицау кӕй у, уый бӕлвырд кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнӕм? Фыццаджыдӕр ацы хъуыддӕгты тыххӕй кувын кӕй хъӕуы, уый зыны Чырыстийы куывды фыццаг ныхӕстӕй: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9, 10).

13, 14. Нӕ куывдтытӕй ма бӕрӕг цы вӕййы?

13 Нӕ куывдтытӕй Хуыцау базоны нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ. Йегъовӕ зоны, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Ӕмбисӕндты 17:3 фыст ис: «Тайынгӕнӕн мигӕнӕн у ӕвзистӕн, пец – сызгъӕринӕн, зӕрдӕтӕм та кӕсы Йегъовӕ». Хуыцау уыны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (1 Сам. 16:7). Стӕй зоны, ӕмбырдтӕм, уацамындмӕ ӕмӕ нӕ хотӕм ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый. Йегъовӕ ма зоны, Чырыстийы «ӕфсымӕрты» тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм, уый дӕр (Матф. 25:40). Фӕзоны йӕ, цы дзы фӕкурӕм, уый нӕ ӕцӕгдӕр хъӕуы ӕви нӕ, кӕнӕ кувгӕйӕ уыцыиу ныхӕстӕ кӕй фӕкӕнӕм. Йесо загъта: «Ӕрмӕст куы кувай, уӕд-иу ацы дунейы адӕмау уыцы иу ныхӕстӕ ма дзур – уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ бирӕ куы дзурой, уӕд сӕ куывд фехъуысдзӕн» (Матф. 6:7).

14 Нӕ куывдтытӕй ма бӕрӕг вӕййы, нӕ ныфс Хуыцауыл куыд тынг дарӕм, уый дӕр. Давид загъта: «Ды [Йегъовӕ] уыдтӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ фидар мӕсыг знаджы раз. Ды мӕ ӕнустӕм суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры. Ӕз бамбӕхсдзынӕн дӕ базырты бын» (Пс. 61:3, 4). Хуыцау нын нӕ сӕрмӕ йӕ «цатыр» куы айтындзы, уӕд нӕ фӕхъахъхъӕны ӕмӕ нын тӕссаг ницӕмӕй вӕййы (Рарг. 7:15). Фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй вӕййы ӕмӕ нӕ фарс кӕй ӕрбалӕууы, уый нын стыр удӕнцой хӕссы! (Бакӕс Псалом 118:5–9.)

15, 16. Ӕмбырды нӕ фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын цӕмӕн фӕнды, уый бамбарынӕн нын куывд куыд баххуыс кӕндзӕн?

15 Нӕ зӕрдӕйы фӕндты тыххӕй Йегъовӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы кувӕм, уӕд бамбардзыстӕм, нӕ фӕндтӕ раст сты ӕви нӕ. Зӕгъӕм, цӕмӕн нӕ фӕнды Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цӕстдарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын? Цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, уацамынды ӕмӕ ӕмбырды фылдӕр аразӕм ӕви цӕмӕй «фыццаг уӕм», кӕнӕ иннӕтӕн нӕхи «ӕлдӕрттӕ кӕнӕм»? Ахӕм хъуыддӕгтӕн Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн бынат нӕй. (Бакӕс 3 Иоанны 9, 10; Лукайы 22:24–27.) Кӕд нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ ис, уӕд Йегъовӕ Хуыцаумӕ сӕрныллӕгӕй кувӕм, цӕмӕй сӕ раргом кӕна ӕмӕ нын сӕ нӕ зӕрдӕйӕ стонынӕн баххуыс кӕна, цалынмӕ дзы нӕ ныффидар сты, уӕдмӕ.

16 Чи зоны, хотӕй кӕйдӕр тынг фӕнда, цӕмӕй йӕ лӕг кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй, фӕстӕдӕр та хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕна. Уыцы хотӕн сӕхи бон у уый тыххӕй кувын ӕмӕ архайын, цӕмӕй фӕзминаг уой. Уый ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕрӕн йӕ бинонтӕн сӕ ныхас ӕмӕ се ’гъдауӕй кӕнгӕ у, ӕмбырды йын цы ном ис, уый.

Иннӕты номӕй кувын

17. Хибар ран кувын хорз цӕмӕй у?

17 Йесо-иу арӕх хибар ранмӕ ацыд, цӕмӕй-иу йӕ Фыдмӕ скуывтаид (Матф. 14:13; Лук. 5:16; 6:12). Мах дӕр фӕхъӕуы хибар ранмӕ ацӕуын, цӕмӕй нӕ кувын мачи хъыгдара. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ рахӕссын. Фӕлӕ ма Йесо куывта адӕмы раз дӕр, уымӕ гӕсгӕ ӕркӕсӕм, иннӕты номӕй кувын куыд хъӕуы, уымӕ.

18. Ӕмбырды номӕй чи кувы, уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

18 Иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды фӕкувынц иннӕты номӕй (1 Тим. 2:8). Ӕмӕ сӕм чи фӕхъусы, уыдонӕн хъуамӕ сӕ бон уа сӕ куывды кӕрон «аммен» зӕгъын, ома «афтӕ уӕд». Фӕлӕ цӕмӕй «аммен» зӕгъой, уый тыххӕй сын хъуамӕ разы уой сӕ ныхӕстимӕ. Йесо кувын куы амыдта, уӕд, адӕймагӕн йӕ хъуын арц цӕмӕй слӕууыдаид кӕнӕ йӕм хъыг цы фӕкастаид, ахӕмӕй ницы загъта (Лук. 11:2–4). Йӕ разы чи уыди, уыцы адӕм цӕуыл тыхстысты кӕнӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдон се ’ппӕт нӕ ранымадта. Адӕймаг цӕуыл тыхсы, уыдӕтты тыххӕй иннӕты раз кувын нӕ хъӕуы, фӕлӕ хибарӕй. Иннӕты номӕй куы кувӕм, уӕд сусӕг хъуыддӕгты тыххӕй дӕр дзурын нӕ хъӕуы.

19. Иннӕты номӕй исчи куы фӕкувы, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

19 Иннӕты номӕй исчи куы фӕкувы, уӕд, нӕхи куыд дарӕм, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый (1 Пет. 2:17). Ӕндӕр ран кӕнӕ ӕндӕр уавӕрты нӕхи куыд фӕдарӕм, уый ӕмбырды рӕсугъд нӕ вӕййы (Еккл. 3:1). Зӕгъӕм, куывды рӕстӕг исчи куы зӕгъид, цӕмӕй иууылдӕр кӕрӕдзийы къухтыл ныххӕцой. Нӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдонмӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕм уый, гӕнӕн ис, хъыг фӕкӕса кӕнӕ тыхсгӕ дӕр скӕной. Куывды рӕстӕг ус ӕмӕ лӕгӕн сӕ бон у кӕрӕдзийы къухтыл аивӕй хӕцын, фӕлӕ кӕрӕдзи куы ӕрбахъӕбыс кӕной, уӕд сӕ чи фена, уыдонӕн уый, чи зоны, къуылымпыйы хос суа. Чи зоны, ахъуыды кӕной, зӕгъгӕ, адонӕн сӕйрагдӕр Йегъовӕйӕн кад кӕнын нӕу, фӕлӕ се ’нкъарӕнтӕ. Йегъовӕйӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд «алцыдӕр араздзыстӕм Хуыцауы кадӕн» ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй иннӕты ма фефсӕрмы кӕнӕм, дисы сӕ ма бафтауӕм кӕнӕ сын къуылымпыйы хос ма суӕм (1 Кор. 10:31, 32; 2 Кор. 6:3).

Цӕуыл ис кувӕн?

20. Куыд бамбарын кӕндзынӕ Ромӕгтӕм 8:26, 27?

20 Чи зоны, иуӕй-иу хатт нӕ фӕзонӕм, кувгӕйӕ цы зӕгъӕм, уый. Павел ныффыста: «Кувын нӕ куы фӕхъӕуы ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ нӕхимидӕг куы фӕтыхсӕм, уӕд сыгъдӕг уд йӕхӕдӕг фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты. Зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый [Хуыцау] та зоны, сыгъдӕг уды цы зӕгъын фӕфӕнды, уый» (Ром. 8:26, 27). Йегъовӕ Библийы бирӕ куывдтытӕ ныффыссын кодта. Уыцы куывдтыты ныхӕстӕ куы фӕдзурӕм, уӕд сӕм фӕхъусы, раст цыма нӕхи сты, афтӕ ӕмӕ сӕ сӕххӕст кӕны. Хуыцау мах дӕр зоны ӕмӕ, йӕ сыгъдӕг уды уылты Библийы цы ныффыссын кодта, уый дӕр. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ фехъусы, йӕ сыгъдӕг уд ын мах тыххӕй куы «фӕлӕгъстӕ кӕны», уӕд. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас хорз куы зонӕм, уӕд-иу кувгӕйӕ нӕ хъуыдымӕ ӕрцӕудзӕн, цы зӕгъӕм, уый.

21. Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

21 Куыд федтам, афтӕмӕй нӕ куывдтытӕ бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг сты нӕхи тыххӕй. Зӕгъӕм, бӕрӕг вӕййы, Хуыцаумӕ куыд ӕввахс стӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас цас хорз зонӕм, уый (Иак. 4:8). Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ иуӕй-иу куывдтытӕ ӕмӕ куывды ныхӕстӕм. Уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн Хуыцаумӕ кувынӕн?

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцаумӕ куыд хъуамӕ кувӕм?

• Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

• Нӕ куывдтытӕй нӕхи тыххӕй ӕмӕ нӕ фӕндты тыххӕй бӕрӕг цы вӕййы?

• Иннӕты номӕй исчи куы фӕкувы, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 4 фарсыл]

Йегъовӕмӕ фӕкувыс ӕмӕ йын бузныг фӕдзурыс?

[Ныв 6 фарсыл]

Куывды рӕстӕг нӕхи куыд фӕдарӕм, уымӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм