Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕрдиагӕй дӕттӕм

Зӕрдиагӕй дӕттӕм

Зӕрдиагӕй дӕттӕм

АПОСТОЛ Павел лӕвар кӕныны тыххӕй ныффыста: «Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ», ӕмӕ ма стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Кор. 9:7). Йегъовӕ раст динӕн мысайнӕгтӕ тыххӕй никӕмӕн дӕттын кӕны. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн фадат дӕтты, цӕмӕй сӕ бузныгдзинад ӕвдисой барвӕндонӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй. Йӕ адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр зындгонд уыдысты сӕ рӕдаудзинадӕй. Ӕркӕсӕм ӕртӕ цӕвиттонмӕ.

Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй сарӕзтаиккой хӕсгӕ кувӕндоны цатыр. Уымӕн та хъуыди бирӕ ӕрмӕг, ӕмӕ Израилы адӕмӕн загъд уыди, зӕгъгӕ, мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссут. Ӕмӕ? «Йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта», уыдон ӕрбахастой сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕг. Адӕм афтӕ рӕдау разындысты, ӕмӕ ма сын суанг зӕгъгӕ дӕр кодтой, цӕмӕй мацыуал хастаиккой мысайнагӕн (Рац. 35:5, 21; 36:6, 7).

Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ кувӕндон арӕзт куы цыди, уӕд Хуыцауы адӕмӕн ногӕй уыди фадат раст динӕн баххуыс кӕнынӕн. Паддзах Давид йӕхӕдӕг уыцы хъуыддагӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты баххуыс кодта ӕмӕ адӕмӕн дӕр загъта, цӕмӕй йӕ бафӕзмой. Ӕмӕ уыдон дӕр фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты. Уӕд сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй цы ӕрбахастой, уый абоны ӕхцайӕ нымайгӕйӕ у 100 миллиард доллӕрӕй фылдӕр! Адӕм тынг цин кодтой, Йегъовӕйӕн барвӕндонӕй мысайнӕгтӕ кӕй хастой, ууыл (1 Аз. 29:3–9; 2 Аз. 5:1).

Зӕрдиагӕй ма лӕвӕрдтой Йесо Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд райста 3 мин адӕймаджы бӕрц. Бирӕтӕ сӕ Иерусалиммӕ ’рцыдысты дард рӕттӕй. Йӕ къух кӕй нӕ амыдта, уыдон ма цӕмӕй горӕты ӕрлӕууыдаиккой ӕмӕ сӕ ног дины тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ базыдтаиккой, уый тыххӕй чырыстӕттӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕхца. Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ сӕ исбон ауӕй кодтой ӕмӕ ӕхца та бахастой апостолтӕм, цӕмӕй сӕ, ӕххуысхъуаг чи уыди, уыдоныл байуӕрстаиккой. Йегъовӕ куыд цин кодтаид, чырыстӕттӕ сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ уарзондзинад ахӕм хуызы кӕй ӕвдыстой, ууыл! (Ап. хъ. 2:41–47).

Чырыстӕттӕ абон дӕр раст динӕн ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц. Уыдон Хуыцауы хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнынц сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ фӕрӕзтӕ. Дӕлдӕр ма амынд ис, мысайнӕгтӕ нӕ бон дӕттын куыд у, уый.

[Рамкӕ 18, 19 фарсыл]

ИУӔЙ-ИУТӔ МЫСАЙНӔГТӔ КУЫД ДӔТТЫНЦ

МЫСАЙНӔГТӔ ӔППӔТДУНЕОН ХЪУЫДДАГӔН

Бирӕтӕ се ’хцайӕ иу цасдӕр рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй сӕ ныппарой, «Мысайнӕгтӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн» кӕуыл ис фыст, уыцы асыччы (Матф. 24:14).

Алы мӕй дӕр ӕмбырдтӕ уыцы мысайнӕгтӕ ӕрвитынц бынӕттон филиалмӕ. Барвӕндон мысайнӕгтӕ арвитӕн ис, уӕ бӕстӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы филиалмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, мысайнӕгтимӕ ма-иу арвитут гыццыл фыстӕг дӕр, ныффыссут дзы, мысайнӕгтӕ лӕвар кӕй сты.

ЦЫ МА ХАУЫ МЫСАЙНӔГТӔМ

Кӕцыдӕр бӕстӕты ма ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕхцайӕ дарддӕр ӕххуыс кӕнӕн ис, ӕндӕр хуызы дӕр. Иуӕй-иутӕ дзы амынд сты дӕлдӕр.

Исбон. Филиалӕн балӕвар кӕнӕн ис, ауӕй кӕнӕн кӕй ис, ахӕм хӕдзар. Йе та йӕ ис афтӕ балӕвар кӕнӕн, ӕмӕ йӕ чи лӕвар кӕны, уымӕн дзы йӕ бон у цӕрын, цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ. Дӕ хӕдзар филиалӕн куы лӕвар кӕнай, уӕд гӕххӕттытӕ аразыны размӕ фӕдзур кӕнӕ ныффысс филиалмӕ.

Ныстуан. Мулк кӕнӕ ӕхца филиалӕн раттӕн ис ныстуанмӕ (завещание) гӕсгӕ. Гӕххӕтт саразын фӕхъӕуы, закъон куыд домы, уымӕ гӕсгӕ. Уӕ хорзӕхӕй, ныстуаны къопи-иу арвитут филиалмӕ.