Кӕсджыты фарстатӕ
Кӕсджыты фарстатӕ
Зӕгъӕм, адӕймаг тӕрхондонмӕ курдиат балӕвӕрдта хицӕн кӕныны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕны, Библимӕ гӕсгӕ йӕ бон кӕй у, ӕмӕ йе ’мкъайӕ ахицӕн уа. Цымӕ тӕрхондоны уыцы хъуыддаг цалынмӕ кӕронмӕ нӕ равзарой, уӕдмӕ йӕ бон у ӕндӕр искӕимӕ ӕмбӕлын, йе та архайын, цӕмӕй йӕм ӕндӕр исчи уарзоны цӕстӕй кӕсын райдайа? *
Сӕйраджыдӕр адӕймаг хъуамӕ хорз ӕмбара, Библи хицӕн кӕныны тыххӕй цы дзуры, уый. Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ ус ахицӕн уой ӕмӕ сӕхицӕн ӕндӕр бинонтӕ скӕной, уымӕн бар ӕрмӕстдӕр уӕд ис, ӕмӕ сӕ иу куы хӕта (Матф. 19:9). Йесо афтӕ нӕ загъта, адӕймагӕн хицӕн кӕнӕн кӕй ис, йӕ цардӕмбал ыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уымӕ йӕ зӕрдӕ тынг кӕй ӕхсайы, уый тыххӕй. Уымӕн хъуамӕ уа фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, зӕгъӕм, лӕг кӕнӕ ус йӕхӕдӕг уыцы хъуыддагыл куы басӕтта, йе та куы рабӕрӕг уа, лӕг кӕнӕ ус ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕимӕдӕр иунӕгӕй кӕй уыди (Ӕмб. 5:8–11).
Нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уый куы нӕ рабӕрӕг уа, ӕмӕ дзы афтӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ куы ахицӕн уа, уӕддӕр ын Хуыцау бар нӕ дӕтты, цӕмӕй йӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕна (Марчы 10:9). Лӕг ӕмӕ ус закъонмӕ гӕсгӕ куы ахицӕн уой, фӕлӕ сӕ чидӕр йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уый куы нӕ сбӕлвырд уа, афтӕмӕй ногӕй бинонтӕ куы скӕной, уӕд уыцы хъуыддаг Йегъовӕ нымайдзӕн хӕтындзинадыл. Библийы кӕсӕм: «Йӕ усӕй [хӕтындзинады тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй] чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны ӕмӕ йӕ усы тӕригъӕды цӕуы. Ӕмӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн, ахӕм сылгоймаг ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд уый дӕр хӕтгӕ кӕны» (Марчы 10:11, 12; абар Матфейы 19:9).
Адӕймагӕн Библимӕ гӕсгӕ хицӕн кӕныны бар куы уа, фӕлӕ тӕрхондоны йӕ хъуыддаг кӕронмӕ скъуыддзаг куы не ’рцӕуа, уӕд йӕ бон нӕу ӕндӕр адӕймагимӕ ӕмбӕлын. Уый нырма нымад цӕуы бинонджыныл. Хицӕн кӕныны закъӕттӕ алы бӕстӕты алыхуызон сты. Иуӕй-иу бӕстӕты лӕг ӕмӕ усы уайтагъд ахицӕн кӕнынц. Иннӕ бӕстӕты та тӕрхондоны уынаффӕ йӕ тыхы бацӕуы ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ. Кӕмдӕр та – дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ, зӕгъӕм, тӕрхондоны рӕстӕгмӕ уынаффӕ куы рахӕссынц, уымӕй иу азы фӕстӕ.
Ахӕм уавӕры адӕймаг хъуамӕ ӕмбара, сӕрибар кӕй нӕу ӕмӕ йӕ бон нӕу, ӕмкъай кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймагау искӕимӕ ӕмбӕлын, цӕмӕй стӕй сӕ цард баиу кӕной. Адӕймаг йӕхи афтӕ куы дара, уӕд йӕ уавӕр тӕрхондоны фӕфыддӕр кӕндзӕн, стӕй Хуыцауы зӕрдӕхудты дӕр бацӕудзӕн (Дзут. 13:4). Адӕймагӕн йӕ бон искӕимӕ ӕмбӕлын ӕмӕ ногӕй бинонтӕ скӕнын у, тӕрхондоны хицӕн кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ ӕвзӕрст куы ’рцӕуа ӕмӕ фӕстаг уынаффӕ (кӕд ӕй закъон домы, уӕд) куы рахӕссой, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ.
Йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уый закъонмӕ гӕсгӕ дӕр ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕр сӕрибар куы уа, ӕмӕ ногӕй бинонтӕ скӕныныл куы хъуыды кӕна, фӕлӕ йӕ Хуыцауы фӕхъыг кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, Йегъовӕ ӕмкъайады тыххӕй цы амындтӕ радта, уыдон. Хуыцау-иу йӕ адӕмы фӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ӕцӕг чырыстонӕн бар ма лӕвӕрдтаиккой, Хуыцауӕн йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм адӕймагимӕ йӕ цард баиу кӕнын (Дык. з. 7:3; Неем. 10:30). Адӕймаг йӕ цард ӕнӕуырнӕгимӕ куы баиу кӕна, уӕд уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Израилы паддзах Соломонӕн дӕр йӕ хабар раст афтӕ рауад (1 Пад. 11:4, 9). Библийы фыст ис, ӕцӕг чырыстон йӕ цард кӕй хъуамӕ баиу кӕна, «Хицауыл чи ӕууӕнды», ӕрмӕст ахӕм адӕймагимӕ, ома ӕрмӕстдӕр ӕцӕг чырыстонимӕ (1 Кор. 7:39). Ацы уагӕвӕрдӕй куыд зыны, афтӕмӕй чырыстонӕн йӕ бон нӕу алкӕимӕ ӕмбӕлын. Фӕлӕ Хуыцауы амындмӕ куы хъуса, уӕд ын фадат уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрынӕн, уыцы рӕстӕг та тынг тагъд уыдзӕн.
Уӕдӕ, йӕ цардӕмбалӕй чи хицӕн кӕны, уый хъуамӕ йӕхимӕ лӕмбынӕг кӕса, цӕмӕй, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаджы йӕхицӕн ма садджын кӕна. Фӕлӕ йӕ цардӕмбалӕй куы ахицӕн уа, ӕмӕ йӕ ногӕй ус ракурын кӕнӕ смой кӕнын куы бафӕнда, уӕддӕр йӕхицӕн хъуамӕ ӕмбалӕн агура, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕймаджы. Афтӕмӕй арфӕгонд ӕрцӕудзӕн (Ӕмб. 10:22).
[Фиппаинаг]
^ 2 абз. Ист у 1968 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, англ.